Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 ХАЙ

Нӕ бон куыд у Хуыцаумӕ хъусын?

Нӕ бон куыд у Хуыцаумӕ хъусын?

Хуыцау немӕ дзуры Библийы уылты (2 Тимофеймӕ 3:16).

Ӕцӕг Хуыцау адӕмӕн бабар кодта, цӕмӕй йын йӕ хъуыдытӕ иу чиныджы ныффыстаиккой. Уыцы чиныг хуыйны Библи. Библийы фыст ис ахсджиаг хабӕрттӕ, ӕмӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сӕ зонай.

Амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый Хуыцауӕй хуыздӕр ничи зоны. Хуыцау у стыр зонды хицау. Ӕмӕ йӕм куы хъусай, уӕд бирӕ цыдӕртӕ базондзынӕ (Ӕмбисӕндтӕ 1:5).

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй адӕм иууылдӕр Библи кӕсой. Абон Библи бирӕ ӕвзӕгтыл ис.

Кӕд дӕ фӕнды Хуыцаумӕ хъусын, уӕд хъуамӕ Библи кӕсай ӕмӕ йӕ ӕмбарай.

Адӕм алы ран дӕр архайынц Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базоныныл (Матфейы 28:19).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Библи хуыздӕр бамбарай.

Уыдон ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн дзурынц ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй.

Цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонай, уый тыххӕй дӕ ӕхца фидын нӕ хъӕуы. Хуыцауы тыххӕй ма дӕ бон у базонын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты дӕр.