Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 ХАЙ

Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ хъусы?

Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ хъусы?

Хуыцау нын хъусы нӕ куывдтытӕ (1 Петры 3:12).

Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» (Псалом 65:2). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм зӕрдӕйӕ кувӕм.

Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр макӕмӕ кув.

Нӕ бон у бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй кувын (1 Иоанны 5:14).

Кув, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уа зӕххыл дӕр.

Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дӕ бон уа хорз хъуыддӕгтӕ аразын. Дӕ бон ма у кувын хӕринаджы, куысты, хӕдзары ӕмӕ уӕлӕдарӕсы тыххӕй дӕр.

Йесо Чырыстийы номӕй куы кувай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, дӕу тыххӕй цы сарӕзта, уымӕн кӕй аргъ кӕныс.