Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ

Ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ ис ссарӕн Библийы. Сывӕллӕттӕ ахуыр кӕнынц, иуӕй-иутӕ цы дзурынц, уымӕй нӕ, фӕлӕ сӕ уӕларвон Фыд цы дзуры, уымӕй.

Сывӕллоны цы хъӕуы

Ацы чиныг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ сывӕллӕтимӕ чи кӕса, уыдонӕн ӕххуыс кӕндзӕн семӕ ахсджиаг фарстатыл ныхас кӕнынӕн.

1 СӔР

Йесо ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг цӕмӕн уыди?

Йесо адӕмы цӕуыл ахуыр кодта? Ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнӕг чи уыд?

2 СӔР

Уарзӕгой Хуыцауы писмо

Хуыцауы писмо, Библи, у диссаджы чиныг, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн чиныг нӕй.

3 СӔР

Алцыдӕр чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау

Чи сфӕлдыста цъиуты ӕмӕ сӕ зарын чи сахуыр кодта? Чи скодта цъӕх кӕрдӕг? Ӕмӕ дӕу та чи скодта?

4 СӔР

Хуыцауӕн ис ном

Махӕн алкӕмӕн дӕр ис ном. Хуыцауы ном зоныс? Цӕмӕн хъӕуы Хуыцауы ном зонын?

5 СӔР

«Ай у мӕ Фырт»

Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йесо иннӕ адӕмы хуызӕн нӕ уыд?

6 СӔР

Йесо лӕггад кодта иннӕтӕн

Исчи дын хорзӕй исты куы саразы, уӕд уый дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуы? Уый алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕуы, ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг уый зыдта.

7 СӔР

Хъусын хорз цӕмӕн у?

Ӕрыгӕттӕн сӕ бон у хистӕртӕй ахуыр кӕнын. Ӕмӕ нын Хуыцау цыдӕр куы фӕзӕгъы, уӕд уый алкӕддӕр вӕййы раст.

8 СӔР

Ис, махӕй тыхджындӕр чи у, уый

Махӕй тыхджындӕр чи у, уыдонӕй чидӕртӕ сты хорз, чидӕртӕ та ӕвзӕр.

9 СӔР

Мачи дӕ фӕрӕдийын кӕнӕд

Исчи дын ӕвзӕр исты куы аразын кӕна, уӕд куыд бакӕндзынӕ?

10 СӔР

Йесо хӕйрӕджытӕй тыхджындӕр у

Хӕйрӕджытӕй тӕрсын нӕ хъӕуы, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ уӕм лӕмбынӕг, цӕмӕй нӕ ма асайой.

11 СӔР

Хуыцауы зӕдтӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

Зӕдтӕ феххуыс кӕнынц, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн.

12 СӔР

Йесо ахуыр кӕны кувын

Хуыцауимӕ дӕ бон у фӕнды ӕхсӕвыгон, фӕнды боныгон ныхас кӕнын – кӕдфӕнды дӕр дӕ хъусы.

13 СӔР

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ

Цавӕр адӕймӕгтӕ уыдысты?

14 СӔР

Хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Цӕмӕй уый хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй Йесо радзырдта иу хабар.

15 СӔР

Иннӕтӕн хорздзинад араз

Самариаг лӕджы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 СӔР

Царды сӕйрагдӕр цы у?

Хуыцауы цӕсты хъӕздыг цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

17 СӔР

Амондджын чи у?

Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг уый фӕдыл иу ахсджиаг хъуыддаг раргом кодта.

18 СӔР

Бузныг зӕгъын дӕ нӕ ферох вӕййы?

Дӕс хъотырджын лӕджы хабар нын зондзонӕн куыд у?

19 СӔР

Хыл кӕнын хорз у?

Хъуыддаг хылмӕ куы цӕуа, уӕд цы ис саразӕн?

20 СӔР

Уарзыс, цӕмӕй алкӕддӕр фыццаг уай?

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уый тыххӕй куы сбыцӕу сты, уӕд сын цы загъта?

21 СӔР

Ӕппӕлын хорз у?

Йесо фарисейы ӕмӕ хъалонисӕджы тыххӕй иу хабар радзырдта.

22 СӔР

Сайӕн цӕуылнӕ ис?

Йегъовӕ Анани ӕмӕ Сапфирӕйӕн куыд бакодта.

23 СӔР

Адӕм цӕмӕн рынчын кӕнынц?

Цымӕ искуы ахӕм рӕстӕг ралӕудзӕн, ӕмӕ адӕм нал рынчын кӕндзысты?

24 СӔР

Давӕг дӕ макуы рауайӕд!

Ӕркӕс, кӕйдӕр цы уыд, уый йӕхи чи бакодта, цыппар ахӕм адӕймаджы цӕвиттонмӕ.

25 СӔР

Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон фӕивын у?

Уый базонӕн ис, Савлыл цы ’рцыд, уымӕй ӕмӕ хӕтаг сылгоймаджы хабарӕй.

26 СӔР

Хорз хъуыддӕгтӕ аразын зын цӕмӕн у?

Ӕвзӕр адӕймӕгтӕ дын цы дзурынц, уый куы нӕ саразай, уӕд уый сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн?

27 СӔР

Дӕ Хуыцау чи у?

Адӕм бирӕ алыхуызон хуыцӕуттӕн кувынц. Ды та кӕмӕн хъуамӕ кувай? Ӕртӕ ӕрыгон дзуттаг лӕппуйы цӕвиттонӕй базондзынӕ дзуапп.

28 СӔР

Кӕмӕ хъӕуы хъусын?

«Кесӕры цы у, уый кесӕрӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн».

29 СӔР

Хуыцауы зӕрдӕмӕ алы бӕрӕгбон дӕр цӕуы?

Уый зыдтай ӕмӕ, Библийы цалдӕр бӕрӕгбоны тыххӕй ис фыст? Уыдоны фӕрцы нӕ бон у фенын, Хуыцау бӕрӕгбӕттӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый.

30 СӔР

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма тӕрсӕм?

Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕнцон уыдзӕн. Фӕлӕ нын йӕ бон у баххуыс кӕнын ӕмӕ нын хъӕбатырдзинад дӕр ратдзӕн.

31 СӔР

Чи дын баххуыс кӕндзӕн?

Дӕхимӕ иунӕг куы кӕсай кӕнӕ дын ӕнкъард куы уа, уӕд куыд кӕндзынӕ?

32 СӔР

Хуыцау Йесойы куыд бахъахъхъӕдта?

Йесо гыццыл куы уыд ӕмӕ йӕ марынмӕ куы хъавыдысты, уӕд ӕй Йегъовӕ куыд бахъахъхъӕдта?

33 СӔР

Йесо нӕ куыд хъахъхъӕны?

Зӕххыл куы цард, уӕд равдыста, чи йӕ уарзы, уыдоны йӕ бон бахъахъхъӕнын кӕй у, уый.

34 СӔР

Адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма искуы фӕцӕры?

Цымӕ, мӕлӕтӕй кӕнӕ чи амард, уыдонӕй тӕрсын хъӕуы?

35 СӔР

Чи амард, уыдон та ногӕй цӕрдзысты!

Хуыцау Йесойӕн ахӕм тых радта, цӕмӕй-иу адӕмы, уыимӕ сывӕллӕтты дӕр, райгас кодтаид.

36 СӔР

Чи райгас уыдзӕн? Ӕмӕ кӕм цӕрдзысты?

Йесо ацы фарстатӕн цавӕр дзуапп радта?

37 СӔР

Ма рох кӕнӕм Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырты хорздзинад

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бацамыдта, сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, Йегъовӕ дӕр ӕмӕ сын йӕхӕдӕг дӕр цы сарӕзтой, уый сӕ рох ма уа.

38 СӔР

Йесойы цӕй тыххӕй хъуамӕ уарзӕм?

Уый йӕ цард радта, цӕмӕй махӕн нӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын!

40 СӔР

Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Хуыцау цин кӕна?

Библийы фыст ис: «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн».

41 СӔР

Ацы сывӕллӕттӕ Хуыцауы зӕрдӕйӕн хастой циндзинад

Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнай?

42 СӔР

Кусын цӕмӕн хъӕуы?

Кусын пайда у адӕймагӕн йӕ зондӕн дӕр ӕмӕ йӕ буарӕн дӕр. Цымӕ уый гӕнӕн ис ӕмӕ дын куыст циндзинад хӕсса?

43 СӔР

Чи сты не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ?

Цымӕ уыдонмӕ, нӕ мад ӕмӕ нӕ фыды сывӕллӕттӕ чи не сты, уыдон дӕр хауынц?

44 СӔР

Не ’мбӕлттӕ хъуамӕ уарзой Хуыцауы

«Ма рӕдийут: ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц».

45 СӔР

Цы у Хуыцауы Паддзахад? Йе ’рцыдмӕ йын ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

Зӕххыл бартӕ иууылдӕр Чырстийы къухы куы уой, уӕд бирӕ цыдӕртӕ фӕивдзӕн.

46 СӔР

Рагон дуне доны бын фӕци. Искуы ма ахӕм хабар уыдзӕн?

Хорз адӕм зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты.

47 СӔР

Армагеддон тагъд кӕй уыдзӕн, уый кӕцӕй зонӕм?

Уымӕн абон бирӕ нысӕнттӕ ис.

48 СӔР

Дӕ бон у, ӕмӕ цӕрай Хуыцауы диссаджы ног дунейы!

Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй дзы ӕнустӕм цӕрай?