20 СӔР
Уарзыс, цӕмӕй алкӕддӕр фыццаг уай?
АЛКӔДДӔР фыццаг уа, уый чи уарзы, ахӕм адӕмы зоныс? ~ Уыдон алы ран дӕр фӕархайынц, цӕмӕй се ’ппӕты разӕй фӕуой. Иухатт ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг федта, стыртӕ дӕр афтӕ кӕй кодтой. Архайдтой, цӕмӕй хуыздӕр бынӕтты сбадтаиккой. Ӕмӕ уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыди. Уый куыд уыди, уымӕ-ма байхъус.
Библийы фыст ис, иухатт Йесойы иу фарисей куывдмӕ кӕй фӕхуыдта. Уыцы фарисей уыди хицау. Йесо куы ’рбацыди, уӕд сбадт ӕмӕ каст, уазджытӕй чи цыди, уыдон сӕхицӕн хуыздӕр бынӕттӕ куыд агуырдтой, уымӕ. Ӕмӕ сын уӕд ракодта иу хабар. Радзурон дын ӕй? ~
Йесо загъта: «Исчи дӕ чындзӕхсӕвмӕ куы фӕхона, уӕд-иу ма архай хуыздӕр бынаты сбадыныл». Зоныс ӕй, афтӕ цӕмӕн загъта? ~ Уӕдта ма, дам, чындзӕхсӕвмӕ дӕуӕй кадджындӕр адӕймаджы фӕхуыдтой. Ӕмӕ уӕд, мӕнӕ ам нывыл куыд уынӕм, афтӕмӕй, хӕдзары хицау ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Мӕнӕ-ма ацы адӕймаджы ам дӕ бынаты бауадз, дӕхӕдӕг та уӕртӕ уым сбад». Куыд хъуыды кӕныс, афтӕ кӕмӕн зӕгъа, уымӕ хорз фӕкӕсдзӕн? ~ Худинаг ӕм ӕркӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ иннӕ уазджытӕ иууылдӕр фендзысты, дӕлдӕр бынаты йӕ куыд сбадын кодтой, уый.
Йесо бамбарын кодта, адӕймаг хуыздӕр бынаты сбадыныл куы архайа, уӕд уый раст кӕй нӕу. Ӕмӕ уый фӕстӕ загъта: «Чындзӕхсӕвмӕ дӕ куы фӕхоной, уӕд-иу ацу ӕмӕ-иу се ’ппӕтӕй дӕлдӕр сбад. Уӕд дӕм, чи дӕ фӕхуыдта, уый бацӕудзӕн ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Ме ’фсымӕр, уӕлдӕр-ма сбад“. Ӕмӕ хуыздӕр бынаты куы сбадай, уӕд дын иннӕ уазджыты цӕсты уыдзӕн стыр кад» (Лукайы 14:1, 7–11).
Бамбӕрстай йӕ, Йесо уыцы хабар цӕмӕн радзырдта? ~ Цӕмӕй йӕ бамбарай, уый тыххӕй дын ӕрхӕсдзынӕн ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, ӕнхъӕлмӕ кӕсыс автобусмӕ. Куы ’рбацыди, уӕд кӕсыс, ӕмӕ адӕмӕй у йӕ тӕккӕ дзаг. Куыд бакӕндзынӕ: архайдзынӕ се ’ппӕты разӕй бахизыныл, цӕмӕй хуыздӕр бынаты сбадай, дӕ разы хистӕртӕй исчи куы лӕууа, уӕддӕр? ~ Ӕмӕ афтӕ куы бакӕнис, уӕд уый Йесойы зӕрдӕмӕ фӕцӕуид? ~
Чи зоны, исчи зӕгъа, ӕз цы аразын, уый та Йесойӕн цы уӕлдай у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у, куыд хъуыды кӕныс? ~ Йесо фарисеймӕ хӕдзары куы уыди, уӕд лӕмбынӕг касти, уазджытӕ сӕхицӕн цавӕр бынӕттӕ ӕвзарынц, уымӕ. Ӕмӕ
уӕд абон, мах цы аразӕм, уымӕ нӕ кӕсы? ~ О, ныртӕккӕ Йесо ис уӕлӕрвты, ӕмӕ нӕ уырдыгӕй хорз уыны.Исчи куы фӕархайы, цӕмӕй фыццаг уа, уӕд дзы хорзӕй ницы рауайы. Уый тыххӕй адӕм фӕхыл вӕййынц кӕнӕ кӕрӕдзимӕ смӕсты вӕййынц. Иуӕй-иу хатт афтӕ рауайы, сывӕллӕттӕ иумӕ искуыдӕм автобусыл куы фӕцӕуынц, уӕд. Куыддӕр автобусы дуӕрттӕ байгом вӕййынц, афтӕ алчидӕр фӕархайы, цӕмӕй иннӕты разӕй багӕпп кӕна ӕмӕ хуыздӕр бынаты сбада, рудзынджы раз. Ӕмӕ уый фӕстӕ цы ’рцӕуы? ~ Раст зӕгъыс, кӕрӕдзимӕ смӕсты вӕййынц кӕнӕ фӕхыл вӕййынц.
О, алкӕддӕр фыццаг уа, уый кӕй фӕнды, уыцы адӕймаг йӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр бирӕ маст кӕны. Йесойы апостолтӕ дӕр уый тыххӕй смӕсты сты кӕрӕдзимӕ. Ацы чиныджы 6-ӕм сӕры бакастыстӕм, уыдон кӕрӕдзиимӕ мӕстыйӕ кӕй дзырдтой, уӕлдӕр бынат сӕ кӕмӕн ис, ууыл. Уӕд Йесо куыд бакодта? ~ О, бамбарын сын кодта, раст кӕй нӕ кӕнынц. Фӕлӕ та фӕстӕдӕр кӕрӕдзимӕ ногӕй смӕсты сты. Ӕркӕсӕм-ма, афтӕ цӕмӕн рауади.
Апостолтӕ ӕмӕ иннӕ адӕм Йесоимӕ фӕстаг хатт цыдысты Иерусалиммӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уый размӕ бирӕ цыдӕртӕ радзырдта йӕ Паддзахады тыххӕй. Ӕмӕ Иаков ӕмӕ Иоанн хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, куыд хорз уаид, мах дӕр йемӕ паддзӕхтӕ куы уаиккам. Уый тыххӕй загътой сӕ мадӕн дӕр – Саломийӕн (Матфейы 27:56; Марчы 15:40). Ӕмӕ фӕндагыл Саломи бацыди Йесомӕ, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыди ӕмӕ йын загъта, иу хорздзинад-ма мын сараз, зӕгъгӕ.
Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» Саломи йын дзуапп радта: «Куыд тынг мӕ фӕнды, дӕ Паддзахады мӕ ацы дыууӕ фырты дӕ разы куы ӕрбадиккой: иу дӕ рахиз фарс, иннӕ та дӕ галиу фарс».
Иннӕ дӕс апостолы уый куы базыдтой, уӕд цы загътой? Куыд хъуыды кӕныс? ~О, уыдон Иаков ӕмӕ Иоанмӕ тынг смӕсты сты. Ӕмӕ уӕд Йесо йӕ апостолтӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта ахӕм хорз ныхӕстӕ: «Хицӕуттӕ уарзынц, цӕмӕй стыр бынӕттӕ ахсой ӕмӕ сын адӕм кад кӕной. Фӕнды сӕ, цӕмӕй иууылдӕр сӕ коммӕ кӕсой. Фӕлӕ мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ афтӕ ма кӕной». Ӕмӕ сын фӕстагмӕ загъта: «Сымахӕй кӕй фӕнды, цӕмӕй уа фыццаг, уый уын хъуамӕ уа цагъар». Ахъуыды-ма кӕн, куыд сын загъта! (Матфейы 20:20–28).
Зоныс ӕй, цагъар цытӕ фӕкусы? ~ Уый лӕггад кӕны иннӕтӕн ӕмӕ уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй йын йӕхицӕн исчи балӕггад кӕна. Уый фынгыл уӕлейӕ, хуыздӕр бынаты, не сбады, фӕлӕ ӕппӕты дӕлдӕр. Йӕхи афтӕ никуы фӕдары, цыма хицау у. Ӕмӕ Йесо куыд загъта? Кӕй, дам, фӕнды, цӕмӕй фыццаг уа, уый, дам, хъуамӕ иннӕтӕн уа цагъар.
Махмӕ та ацы ныхӕстӕ куыд хауынц? ~ Цымӕ цагъар йӕ хицауӕн фӕамоны, хуыздӕр бынаты сӕ чи хъуамӕ сбада кӕнӕ раздӕр чи хъуамӕ бахӕра, уый? Куыд хъуыды кӕныс? ~ Йесо загъта, цагъар алкӕддӕр йӕ хицауы йӕхицӕй уӕлдӕр кӕй сӕвӕры (Лукайы 17:7–10).
Уӕдӕ мах та нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм? ~ О, хъуамӕ иннӕтӕн уӕм цагъартӕ. Ома иннӕты ӕвӕрӕм нӕхицӕй уӕлдӕр. Зӕгъ-ма, цавӕр хъуыддӕгты у дӕ бон иннӕты дӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрын? ~ Иу хатт-ма ӕркӕсӕм 40-ӕм ӕмӕ 41-ӕм фӕрстӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, нӕ бон иннӕтӕн лӕггад кӕнын куыд у, ууыл.
Ӕвӕццӕгӕн ӕй хъуыды кӕныс, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг алкӕддӕр иннӕты йӕхицӕй уӕлдӕр кӕй ӕвӕрдта ӕмӕ сын кӕй лӕггад кодта. Йӕ апостолтимӕ фӕстаг изӕр куы уыди, уӕд ма сын сӕ къӕхтӕ дӕр ныхсадта. Мах дӕр иннӕты нӕхицӕй уӕлдӕр куы ӕвӕрӕм ӕмӕ сын куы лӕггад кӕнӕм, уӕд ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг ӕмӕ йӕ Фыд, Йегъовӕ Хуыцау, тынг цин кӕндзысты.
Иннӕты нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕн куыд ис, уый тыххӕй ма бакӕсӕн ис Лукайы 9:48; Ромӕгтӕм 12:3 ӕмӕ Филиппӕгтӕм 2:3, 4.