Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

48 СӔР

Дӕ бон у, ӕмӕ цӕрай Хуыцауы диссаджы ног дунейы!

Дӕ бон у, ӕмӕ цӕрай Хуыцауы диссаджы ног дунейы!

ХУЫЦАУ Адам ӕмӕ Евӕйы ӕрцӕрын кодта Едемы цӕхӕрадоны. Ӕмӕ йӕм кӕд нӕ байхъуыстой ӕмӕ амардысты, уӕддӕр Хуыцау афтӕ бакодта, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн, ома адӕмӕн, сӕ бон уа ӕнустӕм Дзӕнӕты цӕрын. Библийы афтӕ фыст ис: «Зӕхх лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн рӕстгӕнджытӕн ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29).

Библийы фыст ис «ног арв» ӕмӕ «ног зӕххы» тыххӕй (Исай 65:17; 2 Петры 3:13). Абоны «арв» ӕвдисы, ныртӕккӕ адӕмӕн цы хицауӕдтӕ ис, уыдон. «Ног арв» та ӕвдисы Йесо Чырыстийы ӕмӕ, йемӕ уӕларвон хицауады чи уыдзӕн, уыдоны. Ахъуыды-ма кӕн, ӕнӕхъӕн зӕххы сӕрмӕ «ног арв», ома Хуыцауы хицауад, куы уа ӕмӕ сабырдзинад куы ’рхӕсса, уӕд куыд хорз уыдзӕн!

«Ног зӕхх» та цы ’вдисы? ~ Ног зӕхх ӕвдисы, Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы хорз адӕмы, уымӕн ӕмӕ Библийы иуӕй-иу рӕтты дзырд «зӕхх» февдисы, зӕххыл чи цӕры, уыцы адӕмы (Райдиан 11:1; Псалом 66:4; 96:1). Уӕдӕ «ног зӕхх» цы адӕмы ӕвдисы, уыдон цӕрдзысты ам зӕххыл.

Ацы ӕвзӕр дуне ӕмӕ ӕвзӕр адӕм та фесӕфдзысты. Хъуыды ма йӕ кӕныс, Нойы рӕстӕджы цы ӕвзӕр адӕм цард, уыдон цы фесты? Доны хъаймӕты амардысты. Базыдтам ма, ацы ӕвзӕр дуне та Армагеддоны кӕй фесӕфдзӕн. Ныр та аныхас кӕнӕм, Армагеддоны фӕстӕ Хуыцауы ног дунейы адӕм куыд цӕрдзысты, ууыл.

Зӕгъ-ма, фӕнды дӕ Дзӕнӕты, Хуыцауы ног дунейы, ӕнустӕм цӕрын? ~ Иу дохтыры бон дӕр нӕу афтӕ саразын, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм. Нӕй ахӕм хостӕ, ӕмӕ сӕ бануазӕм, ӕмӕ макуы амӕлӕм. Уымӕн ис ӕрмӕстдӕр иу хос – хъуамӕ суӕм Хуыцауы хӕлӕрттӕ. Ӕмӕ уымӕн цы хъӕуы, уый нын ӕмбарын кӕны ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг.

Байгом-ма кӕн дӕ Библи ӕмӕ дзы ссар Иоанны чиныджы 17-ӕм сӕр, 3-аг стих. Уым ис ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы ныхӕстӕ: «Ӕнусон цард та уымӕй кӕнгӕ у, цӕмӕй базоной дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы».

Уӕдӕ нӕ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм? ~ Уый тыххӕй нӕ фыццаджыдӕр базонын хъӕуы нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы, йӕ цард мах тыххӕй чи радта, уый. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы Библи ахуыр кӕнын. Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн ацы чиныг дӕр – «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ».

Фӕлӕ Йегъовӕйы куы базонӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм? ~ Алы бон дӕр нӕ хӕрын куыд хъӕуы, афтӕ нӕ алы бон дӕр хъӕуы Йегъовӕйы тыххӕй исты базонын. Библийы афтӕ ис фыст: «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй» (Матфейы 4:4).

Хъуамӕ ма базонӕм Йесо Чырыстийы дӕр, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕ Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдӕй фервӕзын кӕна. Библийы иу ран афтӕ ис фыст: «Ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы фервӕздзыстӕм». Ӕндӕр ран та фыст ис: «Фыртыл чи ӕууӕнды, уымӕн ис ӕнусон цард» (Хъуыддӕгтӕ 4:12; Иоанны 3:36). Уӕдӕ нӕ Йесо ӕцӕгдӕр уырны ӕмӕ йӕ ’мбарӕм, ӕнӕ уымӕй нӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн ӕнустӕм цӕрын? ~ Кӕд о, уӕд алы бон дӕр ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ хъусдзыстӕм ӕмӕ нын цы дзуры, уый араздзыстӕм.

Уымӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн? Ацы чиныг ӕдзух кӕс ӕмӕ дзы цы нывтӕ ис, уыдоныл хъуыды кӕн. Нывтӕм цы фарстытӕ ис, уыдонӕн-иу дзуапп ратт. Хорз ма уаид, ацы чиныг дӕ мадимӕ кӕнӕ дӕ фыдимӕ дӕр куы кӕсис. Кӕд уымӕн гӕнӕн нӕй, уӕд та йӕ кӕс стыртӕй кӕнӕ сывӕллӕттӕй ӕндӕр искӕимӕ. Дӕ бон у иннӕтӕн дӕр, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг цы дзуры, уый амонын. Афтӕмӕй базондзысты, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Хуыцауы ног дунейы цӕрой. Хорз нӕ уаид, искӕмӕн куы баххуыс кӕнис, уӕд? ~

Библийы афтӕ ис фыст: «Дуне йӕ кӕронмӕ фӕцӕуы». Фӕлӕ дзы ацы ныхӕсты фӕстӕ фыст ис, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм цӕрӕм: «Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоанны 2:17). Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм? ~ О, хъуамӕ базонӕм Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ уарзон Фырт Йесо Чырыстийы. Фӕлӕ ма хъуамӕ, цы базонӕм, уый аразгӕ дӕр кӕнӕм. Ӕмӕ дын нӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй дын ацы чиныг баххуыс кӕна.