Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 СӔР

Ис, махӕй тыхджындӕр чи у, уый

Ис, махӕй тыхджындӕр чи у, уый

КУЫД хъуыды кӕныс, дӕуӕй дӕр ӕмӕ мӕнӕй дӕр тыхджындӕр чи у? ~ Йегъовӕ Хуыцау. Йӕ Фырт, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг та? Уый дӕр махӕй тыхджындӕр у? ~ О, уый дӕр махӕй тыхджындӕр у.

Йесо Хуыцауимӕ цард уӕлӕрвты ӕмӕ уыди зӕд. Йесо уыди Хуыцауы Фырт. Хуыцау ма ӕндӕр зӕдты дӕр сфӕлдыста? ~ О, тынг бирӕ зӕдтӕ. Ӕмӕ уыдон дӕр махӕй тыхджындӕр сты (Данел 7:10; Дзуттӕгтӕм 1:7).

Хъуыды ма кӕныс, Марийӕимӕ чи ныхас кодта, уыцы зӕды ном? ~ Йӕ ном хуынди Гавриил. Уый Марийӕйӕн загъта, сывӕллон ын кӕй райгуырдзӕн ӕмӕ уыцы сывӕллон Хуыцауы Фырт кӕй уыдзӕн. Хуыцау йӕ Фырты цард Марийӕйы гуыбынмӕ рахаста, цӕмӕй Йесо зӕххыл райгуырдаид (Лукайы 1:26, 27).

Марийӕ ӕмӕ Иосиф Йесойӕн цы радзырдтой?

Дӕу уыцы диссаг уырны? Уырны дӕ, Йесо уӕлӕрвты Хуыцауимӕ кӕй цард? ~ Йесо йӕхӕдӕг загъта, уый афтӕ кӕй уыд. Ӕмӕ йӕ Йесо кӕцӕй базыдта? Гыццыл ма куы уыди, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, Марийӕ радзырдта Гавриилы ныхӕстӕ. Иосиф дӕр ын, ӕвӕццӕгӕн, загъта, йе ’цӕг Фыд Хуыцау кӕй у.

Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Хуыцау арвӕй ӕрдзырдта: «Ай у мӕ Фырт» (Матфейы 3:17). Ӕмӕ Йесо та йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв афтӕ куывта: «Мӕ Фыд, скадджын мӕ кӕн, ратт мын уый бар, цӕмӕй дӕ фарсмӕ уон ӕмӕ, дуне куы нӕма уыд, уӕд мын цы кад уыди, уыцы кад мын уа» (Иоанны 17:5). О, Йесо куывта, цӕмӕй йӕ Хуыцау фӕстӕмӕ уӕларвмӕ акодтаид. Куыд уыди уымӕн гӕнӕн? ~ Уый тыххӕй Йегъовӕ хъуамӕ афтӕ бакодтаид, цӕмӕй Йесо фӕстӕмӕ суыдаид зӕд.

Ныр дӕ хъуамӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕрсон. Куыд хъуыды кӕныс, зӕдтӕ иууылдӕр хорз сты? ~ Раздӕр иууылдӕр хорз уыдысты. Хорз та уымӕн уыдысты, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ сфӕлдыста. Ӕмӕ Йегъовӕ цы сфӕлдисы, уый алы хатт дӕр хорз вӕййы. Фӕлӕ фӕстӕдӕр зӕдтӕй иу сси тынг ӕвзӕр. Цӕмӕн?

Цӕмӕй йӕ базонӕм, уый тыххӕй-ма ӕркӕсӕм, Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усы, Адам ӕмӕ Евӕйы, куы сфӕлдыста, уыцы хабармӕ. Иуӕй-иутӕ дзурынц, уый, дам, аргъау у. Фӕлӕ ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг зыдта, уый ӕцӕг хабар кӕй уыд.

Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд сӕ ӕрцӕрын кодта рӕсугъд цӕхӕрадоны. Уыцы цӕхӕрадон уыди дзӕнӕт ӕмӕ хуынди Едем. Адам ӕмӕ Евӕйӕн хъуамӕ райгуырдаид бирӕ сывӕллӕттӕ, ӕмӕ стыр бинонтӕй уыцы Дзӕнӕты цардаиккой ӕнустӕм. Фӕлӕ иу хъуыддаг хъуамӕ хорз ӕмбӕрстаиккой. Уый тыххӕй дзырдтам амӕй размӕ дӕр. Ӕрхъуыды-ма йӕ кӕнӕм.

Цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ ӕнустӕм Дзӕнӕты цардаиккой, уый тыххӕй сӕ цы хъуыди аразын?

Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, сӕ бон кӕй у цӕхӕрадоны алы бӕласы дыргътӕй дӕр хӕрын, цас сӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ сын иу бӕласы дыргътӕй хӕрӕн нӕ уыд. Хуыцау сын загъта: «Куы дзы бахӕрат, уӕд амӕлдзыстут» (Райдиан 2:17). Уӕдӕ Адам ӕмӕ Евӕ цы хъуамӕ ӕмбӕрстаиккой? ~

Хъуамӕ ӕмбӕрстаиккой, кӕй сӕ хъӕуы Хуыцаумӕ хъусын. О, адӕймаг Йегъовӕмӕ куы хъуса, уӕд цӕрдзӕн! Кӕд Адам ӕмӕ Евӕ афтӕ дзырдтой, мах Хуыцаумӕ хъусӕм, зӕгъгӕ, уӕддӕр уый фаг нӕ уыди. Хуыцаумӕ кӕй хъуыстой, уый хъуамӕ бӕрӕг уыдаид сӕ хъуыддӕгтӕй. Куы йӕм хъуыстаиккой, уӕд уымӕй ӕвдыстаиккой, кӕй йӕ уарзынц ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй сын амона, цӕрын сӕ куыд хъӕуы, уый. Уӕд сӕ бон уыдаид ӕнустӕм Дзӕнӕты цӕрын. Фӕлӕ уыцы бӕласӕй куы бахордтаиккой, уӕд уый цӕуыл дзурӕг уыдаид? ~

Уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ сын Хуыцау цы радта, уымӕй бузныг нӕ уыдысты. Ды дӕр уым куы уыдаис, уӕд Йегъовӕмӕ байхъуыстаис? ~ Райдианы Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ хъуыстой. Фӕлӕ сӕхицӕй тыхджындӕр чи уыд, уый Евӕйы асайдта. Уый афтӕ бакодта, ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыста. Зоныс ӕй, чи уыд? ~

Афтӕ чи бакодта, цӕмӕй калм Евӕимӕ дзура?

Библийы фыст ис, Евӕимӕ кӕй ныхас кодта калм. Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, кӕлмытӕ дзурын нӕ зонынц. Ӕмӕ уӕд куыд дзырдта? ~ Иу зӕд афтӕ бакодта, цыма калм дзуры. Фӕлӕ дзургӕ та кодта уыцы зӕд йӕхӕдӕг. Уымӕн йӕ сӕры фӕзынд ӕвзӕр хъуыды. Бафӕндыд ӕй, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ уымӕн кувой ӕмӕ сын цы дзуры, уый аразой. Уый фӕндыд Хуыцауы бынат бацахсын.

Уыцы ӕвзӕр зӕд Евӕйы сӕры дӕр бауагъта ӕвзӕр хъуыдытӕ. Калмы уылты йын загъта: «Хуыцау уӕ сайгӕ кӕны. Уыцы бӕласӕй куы бахӕрат, уӕд нӕ амӕлдзыстут. Сымах суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн зондджын». Дӕу уыцы ныхӕстӕ бауырныдтаиккой? ~

Евӕйы ӕрхъуыди, Хуыцау ын цы нӕ радта, уый. Хуыцау цы бӕласмӕ нӕ уагъта ӕвналын, уымӕй бахордта. Адам калмы ныхӕстыл нӕ баууӕндыд. Фӕлӕ Евӕйы Хуыцауӕй фылдӕр уарзта, ӕмӕ уый дӕр уыцы бӕласы дыргътӕй бахордта (Райдиан 3:1–6; 1 Тимофеймӕ 2:14).

Уый цӕмӕ ’ркодта? ~ Адам ӕмӕ Евӕ систы ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ, базӕронд сты ӕмӕ амардысты. Ӕмӕ сӕхӕдӕг ӕнӕххӕст кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр райгуырдысты ӕнӕххӕстӕй. Адӕм зӕронд дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнынц. Уӕдӕ Хуыцау сайгӕ нӕ кодта! Цӕмӕй адӕймаг цӕра, уый тыххӕй йӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцаумӕ хъусын (Ромӕгтӕм 5:12). Евӕйы чи асайдта, уыцы зӕды Библи хоны Сайтан Хӕйрӕг. Зӕдтӕй ма ноджыдӕр ӕвзӕр чи сси, уыдон та хуыйнынц хӕйрӕджытӕ (Иаковы 2:19; Раргомад 12:9).

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ куы нӕ байхъуыстой, уӕд сыл цы ’рцыд?

Ныр ӕй ӕмбарыс, Хуыцау цы хорз зӕды скодта, уый ӕвзӕр цӕмӕн сси? ~ Уымӕн ӕмӕ йӕ сӕры фӕзынд ӕвзӕр хъуыды. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр хицау суыдаид. Уыцы зӕд зыдта, Адам ӕмӕ Евӕйӕн Хуыцау кӕй загъта, цӕмӕй сывӕллӕттӕ рауадзой. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уыдон иууылдӕр уымӕн кувой. Хӕйрӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцаумӕ исчи хъуса. Ӕмӕ нын уый тыххӕй нӕ сӕры ӕвзӕр хъуыдытӕ бауадзы (Иаковы 1:13–15).

Хӕйрӕг афтӕ зӕгъы, ӕмӕ Хуыцауы ничи уарзы. Уый дӕуӕй дӕр ӕмӕ мӕнӕй дӕр афтӕ дзуры. Стӕй ма зӕгъы, кӕй нӕ нӕ фӕнды, Хуыцау цы зӕгъы, уый аразын ӕмӕ, нӕхицӕн пайда куы вӕййы, ӕрмӕстдӕр ӕм уӕд кӕй фӕхъусӕм. Фӕлӕ Хӕйрӕг раст зӕгъы? Ӕцӕгдӕр афтӕ у?

Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Хӕйрӕджы схуыдта сайӕгой! Йесо хъуыста Йегъовӕмӕ ӕмӕ уымӕй равдыста, кӕй йӕ уарзы. Уый Хуыцаумӕ алкӕддӕр хъуыста: ӕнцон ын куы уыди, уӕд дӕр ӕмӕ йӕ куы хъыгдардтой, уӕд дӕр. Уый йӕ мӕлӕты онг Йегъовӕйы нӕ ныууагъта. Ӕмӕ йӕ Хуыцау уый тыххӕй райгас кодта ӕмӕ йын ӕнусон цард радта.

Уӕдӕ не стырдӕр знаг чи у? ~ О, уый у Сайтан Хӕйрӕг. Дӕ бон ӕй фенын у? ~ Уый фенӕн нӕй! Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, Хӕйрӕг кӕй ис ӕмӕ махӕй бирӕ тыхджындӕр кӕй у. Фӕлӕ уымӕй тыхджындӕр та чи у? ~ Йегъовӕ Хуыцау. Ӕмӕ йӕ мах зонӕм, Хуыцау нӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн.