Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

33 СӔР

Йесо нӕ куыд хъахъхъӕны?

Йесо нӕ куыд хъахъхъӕны?

Куыд хъуыды кӕныс, Йесо ныр тыхджын Паддзах у ӕви гыццыл сывӕллон?

КУЫД хъуыды кӕныс, Йесо куы сыстыр ӕмӕ куы базыдта, Йегъовӕ йӕ гыццылӕй куыд хъахъхъӕдта, уӕд ӕм не скуывта ӕмӕ йын бузныг нӕ загъта? ~ Ӕмӕ Марийӕ ӕмӕ Иосиф Египетмӕ куыд алыгъдысты ӕмӕ йӕ куыд аирвӕзын кодтой, уый тыххӕй куы базыдта, уӕд уыдонӕн та цымӕ бузныг нӕ загъта? ~

Ныртӕккӕ Йесо гыццыл сывӕллон нал у. Зӕххыл дӕр нал цӕры. Фӕлӕ абон иуӕй-иу адӕм Йесойы тыххӕй куы фехъусынц, уӕд сӕ цӕстытыл ауайы, кӕвдӕсы чи хуыссы, ахӕм гыццыл сывӕллон. Цыппурсы (Рождествойы) рӕстӕг бирӕ бӕстӕты фенӕн вӕййы Йесойы нывтӕ, ӕмӕ дзы сныв кӕнынц гыццыл сабийы.

Уырны дӕ, кӕд Йесо зӕххыл нал цӕры, уӕддӕр удӕгас кӕй у? ~ Йесо мӕрдтӕй райгас ӕмӕ ныр цӕры уӕлӕрвты. Уый у тыхджын Паддзах. Куыд хъуыды кӕныс, чи йын лӕггад кӕны, уыдоны йӕ бон куыд у бахъахъхъӕнын? ~ Зӕххыл куы цард, уӕд равдыста, чи йӕ уарзы, уыдоны йӕ бон бахъахъхъӕнын кӕй у, уый. Ӕркӕсӕм-ма, иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ лодкӕйы куы фӕцӕйленк кодта, уӕд сӕ куыд фервӕзын кодта, уымӕ.

Хабар уыди афтӕ. Йесо ӕнӕхъӕн бон адӕмы фӕахуыр кодта Галилейы денджызы был. Галилейы денджыз у стыр цад (озеро), иуырдӕм у иу-20 километры, иннӕрдӕм та – иу-12 километры. Изӕрӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ахизӕм цады фаллаг фарсмӕ». Уӕд лодкӕйы сбадтысты ӕмӕ аленк кодтой. Йесо уыди тынг фӕллад, ӕмӕ лодкӕйы фӕстӕрдыгӕй йӕ сӕр базыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ уайтагъд афынӕй.

Йесо дымгӕ ӕмӕ уылӕнтӕн цы загъта?

Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фынӕй нӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыди лодкӕ тӕрын. Раздӕр алцыдӕр уыди хорз. Фӕлӕ стӕй тыхджын дымгӕ радымдта. Дымгӕ кодта тынгӕй-тынгдӕр, денджызы уылӕнтӕ та стырӕй-стырдӕр. Уылӕнтӕ сӕхи лодкӕйыл цавтой, ӕмӕ лодкӕ донӕй дзаг кӕнын райдыдта.

Ахуыргӕнинӕгтӕ тынг фӕтарстысты, куы аныгъуылой, уымӕй. Фӕлӕ Йесо нӕ тарст. Уый уӕддӕр фынӕй кодта. Фӕстагмӕ йӕ райхъал кодтой ӕмӕ йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, Ахуыргӕнӕг, сӕфӕм! Фервӕзын нӕ кӕн!» Уӕд Йесо сыстад ӕмӕ дымгӕйӕн, стӕй денджызӕн загъта: «Банцай! Ныссабыр у!»

Дымгӕ уайтагъд банцади, ӕмӕ денджыз дӕр ныссабыр. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ тынг бадис кодтой, уымӕн ӕмӕ ахӕм цыдӕр никуыма федтой. Ӕмӕ райдыдтой кӕрӕдзийӕн дзурын: «Ай чи у, дымгӕ ӕмӕ дон дӕр йӕ коммӕ кӕмӕн кӕсынц?» (Лукайы 8:22–25; Марчы 4:35–41).

Ды та йӕ зоныс, Йесо чи у? ~ Ахӕм стыр тых ӕм кӕцӕй уыд? ~ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ фарсмӕ хъуамӕ мацӕмӕй тарстаиккой, уымӕн ӕмӕ ӕнӕуи адӕймаг нӕ уыди. Йӕ бон уыди, иу адӕймаг дӕр кӕй нӕ сарӕзтаид, ахӕм диссӕгтӕ аразын. Йесо ма ноджыдӕр иухатт сарӕзта иу диссаг, денджызы тыхджын дымгӕ куы сыстад, уӕд.

Уыцы хабар ӕрцыд фӕстӕдӕр. Иу изӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй лодкӕйы сбадой ӕмӕ денджызы иннӕ фарсмӕ ацӕуой. Йӕхӕдӕг та ссыд хохмӕ. Уым уыд сабыр, ӕмӕ йӕ бон уыди йӕ Фыдмӕ, Йегъовӕ Хуыцаумӕ, скувын.

Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ лодкӕйы сбадтысты ӕмӕ аленк кодтой. Фӕлӕ райдыдта дымгӕ дымын ӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр кодта. Уӕдмӕ тынг баизӕр. Ахуыргӕнинӕгтӕ наупӕлӕзтӕ (парустӕ) ӕруагътой ӕмӕ сӕхӕдӕг райдыдтой лодкӕ тӕрын. Фӕлӕ сӕ бон дард аленк кӕнын не сси, уымӕн ӕмӕ сӕ дымгӕ размӕ нӕ уагъта. Стыр уылӕнтӕ лодкӕ раппар-баппар кодтой, ӕмӕ йӕ хуылфмӕ дон кӕлын райдыдта. Ахуыргӕнинӕгтӕ тынг архайдтой, цӕмӕй былмӕ бахӕццӕ уыдаиккой, фӕлӕ сын ницы уади.

Уыцы рӕстӕг Йесо нырма хохыл уыди. Уым бирӕ фӕци. Фӕлӕ уӕдмӕ ауыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тӕссаг уавӕры кӕй сты, стыр уылӕнтӕ сӕ кӕй раппар-баппар кӕнынц. Уӕд хохӕй денджызы былмӕ ӕрхызт. Йесо хъуамӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн баххуыс кодтаид, ӕмӕ сӕм денджызыл къахӕй ацыд!

Зӕгъ-ма, ды доныл афтӕ куы бацӕуис, уӕд цы ’рцӕуид? ~ Ӕвӕццӕгӕн, аныгъуылис. Фӕлӕ Йесо нӕ аныгъуылд, уымӕн ӕмӕ йӕм уыди стыр тых. Уый бахъуыди бирӕ цӕуын, цӕмӕй лодкӕмӕ бахӕццӕ уыдаид. Доныл сӕм кӕй ӕрбацӕуы, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ федтой, куы ’рбабон, уӕд. Фӕлӕ сӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ уый сӕ цӕстытыл уайы. Иууылдӕр тынг фӕтарстысты ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой. Уӕд сын Йесо загъта: «Цӕмӕй фӕтарстыстут? Уый ӕз дӕн. Ма тӕрсут».

Йесо диссӕгтӕ цӕмӕн арӕзта?

Куыддӕр Йесо лодкӕмӕ бахызт, афтӕ дымгӕ банцад. Ахуыргӕнинӕгтӕ та ногӕй бадис кодтой. Ӕмӕ Йесойы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ йын загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ» (Матфейы 14:22–33; Иоанны 6:16–21).

Хорз нӕ уыдаид, уыцы рӕстӕджы куы цардаис ӕмӕ, Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон дӕхи цӕстӕй куы уыдтаис? ~ Зоныс ӕй, Йесо уыцы диссӕгтӕ цӕмӕн арӕзта? ~ Уымӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты бирӕ уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыди уыдонӕн баххуыс кӕнын. Стӕй ма Йесойы фӕндыди равдисын, кӕй йӕм ис стыр тых ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы суа, уӕд уыцы тыхы фӕрцы цы араздзӕн, уый.

Абон Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд хъахъхъӕны?

Йесо абон дӕр йӕ тыхы фӕрцы хъахъхъӕны йӕ ахуыргӕнинӕгты, цӕмӕй сӕ Хӕйрӕг ма хъыгдара Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын. Фӕлӕ сӕ ныртӕккӕ низтӕй нӕ хъахъхъӕны ӕмӕ сӕ рынчын чи у, уыдоны нӕ дзӕбӕх кӕны. Фӕстагмӕ йӕ апостолтӕ дӕр иууылдӕр амардысты. Зӕгъӕм, Иоанны ӕфсымӕр Иаковы маргӕ акодтой, Иоаннӕн йӕхи та ахӕстоны сбадын кодтой (Хъуыддӕгтӕ 12:2; Раргомад 1:9).

Абон дӕр афтӕ у. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр рынчын кӕнынц ӕмӕ мӕлынц. Фӕлӕ тагъд Йесо зӕххӕн дӕр Паддзах куы суа, уӕд афтӕ нал уыдзӕн. Иу адӕймаг дӕр ницӕмӕйуал тӕрсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Йесо коммӕгӕс адӕмӕн йӕ тыхы фӕрцы араздзӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ (Исай 9:6, 7).

Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах Йесомӕ стыр тых кӕй ис, уый тыххӕй ма ноджыдӕр бакӕсӕн ис Данелы 7:13, 14; Матфейы 28:18 ӕмӕ Ефесӕгтӕм 1:20–22.