Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сывӕллоны цы хъӕуы

Сывӕллоны цы хъӕуы

СЫВӔЛЛОНЫ райгуырд у, адӕймаджы зонд кӕронмӕ кӕй нӕ ахсы, ахӕм хабар. Дыууӕ адӕймаджы баиу вӕййынц, ӕмӕ сылгоймагӕн йӕ хуылфы сӕвзӕры ног уд, ног адӕймаг. Уӕдӕ сывӕллон куы райгуыры, уӕд ӕй адӕм «стыр диссаг» дӕр уымӕн фӕхонынц.

Бинонты ’хсӕн сывӕллон куы фӕзыны, уӕд ныййарджыты сӕр бахъӕуы. Чысыл саби вӕййы ӕнӕбон, ӕмӕ йӕм фӕхъӕуы зилын. Фӕлӕ куыд стырдӕр кӕны, афтӕ йӕм хъӕуы ноджы тынгдӕр хъус дарын ӕмӕ йын ӕххуыс кӕнын. Сывӕллоны хъӕуы ахуыр кӕнын, зондӕй ӕххӕст, ӕмбаргӕ куыд уа. Хъӕуы йын йӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ ӕвӕрын, цӕмӕй уа ныфсджын, уӕздан ӕмӕ ӕгъдауджын. Стӕй ма йын хъӕуы Хуыцауы бауарзын кӕнын дӕр.

Цӕмӕй сывӕллонӕй хорз адӕймаг рауайа, уый тыххӕй йӕ йӕ ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ уарзтӕй рӕвдауой. Сывӕллонӕн ӕнӕмӕнг хъӕуы дзурын, уарзын дӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уымӕй ахсджиагдӕр та у, цӕмӕй фыд ӕмӕ мад сӕ уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисой. О, ныййарджытӕ сывӕллонӕн хъуамӕ алкӕддӕр ӕмӕ алцӕмӕй дӕр уой фӕзминаг. Хъӕуы йын зонд амонын ӕмӕ йӕ царды раст фӕндагыл аразын. Ӕмӕ йӕ хъомыл кӕнын хъуамӕ райдайат суанг йӕ гыццылӕй, кӕннод байрӕджы кӕндзыстут ӕмӕ стӕй уӕхи фӕсмонӕй хӕрдзыстут.

Сывӕллоны куыд хъомыл кӕнын хъӕуы, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ ис Библийы. Дӕ сывӕллоны Библимӕ гӕсгӕ куы ахуыр кӕнай, уӕд уымӕй хуыздӕр ницы уыдзӕн. Уый фӕрцы сывӕллон бамбардзӕн, цы йын дзурынц, уый йын адӕймаг кӕй нӕ дзуры, фӕлӕ не Сфӕлдисӕг, нӕ уӕларвон Фыд. Ӕмӕ ахӕм ныхӕсты та ис стыр тых.

Библи ныййарджыты разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной ӕмӕ сӕ раст зондыл аразой. Фӕлӕ сывӕллон куы фестырдӕр вӕййы, уӕд фыд ӕмӕ мадӕн фӕзындӕр вӕййы йемӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтыл ныхас кӕнын – афтӕмӕй та сыл дзурын ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы. Ацы чиныг – «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ» – ныййарджытӕй алкӕмӕн дӕр ахӕм уавӕрты тынг баххуыс кӕндзӕн. Ссардзыстут дзы, уӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ уӕ бон кӕсын кӕй уа, ахӕм диссаджы ӕрмӕг. Стӕй, сывӕллонимӕ чиныг чи кӕса, уымӕн ӕнцон уыдзӕн йемӕ ӕргом ныхас кӕнын дӕр.

Чиныг сывӕллӕтты разӕнгард кӕны сӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурынмӕ. Ис дзы бирӕ фарстытӕ. Сӕ фӕстӕ лӕууы ахӕм нысан ~. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы ран хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын ӕмӕ сывӕллоны бауадзын, цӕмӕй дзуапп ратта. Сывӕллӕттӕ тынг уарзынц, сӕхи бон дӕр цыдӕр зӕгъын кӕй вӕййы, уый. Сӕхӕдӕг куы ницы фӕдзурынц, ӕрмӕст хъусгӕ куы фӕкӕнынц, уӕд уайтагъд афӕлмӕцынц.

Ӕппӕты хуыздӕр та уый у, ӕмӕ уыцы фарстыты руаджы базондзыстут, уӕ сывӕллон цы хъуыды кӕны, уый. Чи зоны, сывӕллон цы зӕгъа, уый бынтон раст ма уа. Фӕлӕ дзы алы фарсты фӕстӕ дӕр цы фыст ис, уый фӕрцы-иу сывӕллон раст хъуыдымӕ ӕрцӕудзӕн.

Ацы чиныджы ис 230 нывӕй фылдӕр. Сӕ фылдӕрмӕ дзы ис фарстытӕ, ӕмӕ сывӕллӕтты разӕнгард кӕнынц, цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ хъуыдытӕ дзурынмӕ. Уӕдӕ-иу сывӕллонимӕ нывтӕм лӕмбынӕг ӕркӕсут ӕмӕ-иу сыл аныхас кӕнут. Уыдон дӕр сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй, цы ахсджиаг цыдӕртӕ базыдтой, уыдон сӕ зонды ныффидар уой.

Уӕ сывӕллон кӕсын куы сахуыр уа, уӕд ын дзурут, цӕмӕй ацы чиныг сымахӕн дӕр кӕса ӕмӕ йӕхицӕн дӕр. Цас фылдӕр ӕй кӕса, уыйас тынгдӕр хъардзӕн йӕ зӕрдӕмӕ, ӕндавдзӕн йӕ зондыл. Фӕлӕ уӕ кӕд фӕнды, ӕмӕ уӕ сывӕллонимӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр уат, кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарат, уӕд ацы чиныг иумӕ кӕсут.

Сывӕллӕттӕн царды мидӕг искуы афтӕ тӕссаг уыдзӕн, ууыл адӕймаг цалдӕр азы размӕ хъуыды дӕр нӕ акодтаид. Ардауынц сӕ хӕлд митыл, хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст чи у, ахӕм ирхӕфсӕнтыл ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтыл. Уымӕ гӕсгӕ сӕ хъӕуы ӕххуыс, цӕмӕй сӕхи бахъахъхъӕной. Ӕмӕ сын ацы чиныг баххуыс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгтыл дзуры ӕргом, фӕлӕ аивӕй. Сывӕллӕттӕн фыццаджыдӕр хъӕуы амонын, ӕцӕг зонд нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ Хуыцаумӕ кӕй хъӕуы агурын. Афтӕ алкӕддӕр амыдта ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Йесо Чырысти дӕр. Мах зӕрдиагӕй фӕнды, цӕмӕй ацы чиныг уӕхицӕн дӕр ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕн дӕр баххуыс кӕна уӕ цардӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнынӕн. Ӕмӕ уӕд ӕнустӕм дӕр амондджынӕй цӕрдзыстут!