Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

26 СӔР

Хорз хъуыддӕгтӕ аразын зын цӕмӕн у?

Хорз хъуыддӕгтӕ аразын зын цӕмӕн у?

ЗӔГЪ-МА, Савл-иу исты ӕвзӕр хъуыддаг куы сарӕзта, уӕд-иу чи цин кодта? ~ Сайтан Хӕйрӕг. Цин ма кодтой дзуттӕгты хицӕуттӕ дӕр. Фӕлӕ Савл Йесойы ахуыргӕнинаг ӕмӕ йӕ апостол куы сси, уӕд уыцы хицӕуттӕн сси се знаг. Уӕдӕ йӕ ӕмбарыс, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн хорз хъуыддӕгтӕ аразын зын цӕмӕн у? ~

Павел хорз хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта, уый тыххӕй цы зындзинӕдтӕ бавзӕрста?

Павел Йесойы ахуыргӕнинаг куы сси, уӕд бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Иухатт ӕм хистӕр сауджын Анани афтӕ смӕсты, ӕмӕ йӕ адӕмӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ былтӕ цӕвой. Хъавыдис ма йӕ ахӕстоны сбадын кӕнынмӕ дӕр. Уый фӕстӕ йӕ ӕвзӕр адӕм цалдӕр хатты фӕнадтой, стӕй ма йӕ хъавыдысты дуртӕй марынмӕ дӕр (Хъуыддӕгтӕ 23:1, 2; 2 Коринфӕгтӕм 11:24, 25).

Махӕн дӕр бирӕтӕ аразын кӕндзысты, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын: хорздзинад бирӕ уарзын? Иннӕтӕ мӕ уый тыххӕй куы нӕ уарзой, уӕддӕр хорз хъуыддӕгтӕ араздзынӕн? Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ адӕмӕй ма тӕрсай, афтӕ нӕу? ~

Фӕлӕ, чи зоны, зӕгъай: «Хорз хъуыддӕгтӕ куы аразӕм. Уӕд нӕ цӕуылнӕ хъуамӕ уарзой? Хъуамӕ цин ма кӕной?» Ӕмӕ уый раст у. Йесо хорз хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта, уый тыххӕй йӕ бирӕтӕ уарзтой. Иухатт иу кӕмӕдӕр куы ’рлӕууыд, уӕд горӕты цӕрджытӕ иууылдӕр сӕ дуармӕ ӕрӕмбырд сты. Цӕугӕ та уымӕн ӕрбакодтой, ӕмӕ фехъуыстой, Йесо рынчынты кӕй дзӕбӕх кӕны (Марчы 1:33).

Фӕлӕ Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уый кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ цыди. Кӕд алы хатт дӕр, хорз цы у, уый амыдта, уӕддӕр ӕй нӕ уарзтой. Ӕмӕ рӕстдзинад кӕй дзырдта, уый тыххӕй йӕм иуӕй-иутӕ тынг мӕсты кодтой. Ахӕм хабар ыл ӕрцыд Назареты, кӕм схъомыл, уыцы горӕты. Уый бацыд ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Уырдӕм-иу дзуттӕгтӕ цыдысты Хуыцауӕн кувынмӕ.

Йесо ӕмбырдгӕнӕны адӕмӕн Хуыцауы Ныхасӕй радзырдта диссаджы хъуыдытӕ. Фыццаг йӕ ныхӕстӕ адӕмы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты. Дис кодтой, цы хорз ныхӕстӕ дзырдта, уыдоныл. Нӕ сӕ уырныдта, уыцы лӕппу сӕ горӕты кӕй схъомыл, уый.

Фӕлӕ уый фӕстӕ загъта, зӕгъгӕ-иу уыди афтӕ дӕр, ӕмӕ Хуыцау ӕххуыс кодта, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕн. Ӕмбырдгӕнӕны цы адӕм уыди, уыдон уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд тынг смӕсты сты. Зоныс, цӕмӕн? ~ Афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Хуыцау ӕрмӕстдӕр дзуттӕгты уарзы, ӕмӕ сӕхи иннӕ адӕмӕй хуыздӕр хуыдтой. Уымӕ гӕсгӕ Йесомӕ фырмӕстӕй фӕцӕйтыдтой. Ӕмӕ йын цы бакӕнынмӕ хъавыдысты, уый зоныс? ~

Библийы фыст ис: «Уыдон Йесойыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ йӕ горӕтӕй ӕддӕмӕ ракодтой. Ӕрлӕууын ӕй кодтой хохы былыл, цӕмӕй йӕ уырдыгӕй раппӕрстаиккой ӕмӕ йӕ амардтаиккой. Фӕлӕ Йесо йӕхи сӕ къухтӕй атыдта ӕмӕ уырдыгӕй ацыди» (Лукайы 4:16–30).

Ацы адӕм Йесойы марынмӕ цӕмӕн хъавынц?

Дӕуӕн афтӕ куы бакодтаиккой, уӕд ма уыцы адӕммӕ ногӕй ӕрбацыдаис ӕмӕ сын Хуыцауы тыххӕй дзырдтаис? ~ Уый тыххӕй хъуамӕ адӕмӕй ма тӕрсай, афтӕ нӕу? ~ Йесо та иу азы фӕстӕ ногӕй ӕрцыд Назаретмӕ. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «уым ӕмбырдгӕнӕны ахуыр кодта адӕмы». Йесо уӕддӕр адӕмӕн рӕстдзинад дзырдта. Хуыцауы чи нӕ уарзта, уыдонӕй нӕ фӕтарст (Матфейы 13:54).

Иу сабатбон Йесо ӕрбацыди ӕмбырдгӕнӕнмӕ ӕмӕ дзы федта, йӕ къух хус кӕмӕн уыди, ахӕм лӕджы. Йесомӕ Хуыцауӕй уыди ахӕм тых, цӕмӕй уыцы лӕджы сдзӕбӕх кодтаид. Фӕлӕ йӕ чидӕртӕ хъавыдысты бахъыгдарынмӕ. Зоныс, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг цы сарӕзта? ~ Раздӕр уал сӕ бафарста: «Искӕмӕ уӕ иу фыс куы уа ӕмӕ йын сабаты дзыхъхъы куы ныххауа, уӕд ӕй уырдыгӕй нӕ сисдзӕн?»

Уыдонӕй алчидӕр йӕ фысы систаид, кӕд Закъонмӕ гӕсгӕ сабаты хъуамӕ улӕфгӕ кодтаиккой, уӕддӕр. Ӕмӕ сын Йесо загъта: «Уӕдӕ сабатбон адӕймагӕн баххуыс кӕнын хуыздӕр нӕу? Адӕймаг фысӕй зынаргъдӕр куы у!» Уыцы лӕгӕн баххуыс кӕнын кӕй хъуыди, уый сын куыд хорз бамбарын кодта!

Стӕй уыцы лӕгӕн загъта, цӕмӕй йӕм йӕ къух ӕрбадара. Куыддӕр ӕм ӕй бадардта, афтӕ йын адзӕбӕх. Ахъуыды-ма кӕн, уыцы лӕг куыд тынг цин кодтаид! Фӕлӕ иннӕтӕ та? Уыдон дӕр цин кодтой? ~ Нӕ, уыдон нӕ цин кодтой. Йесомӕ ноджы тынгдӕр смӕсты сты. Ӕмӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй рацыдысты ӕмӕ дзурын райдыдтой, куыд ӕй амарой, ууыл! (Матфейы 12:9–14).

Абон дӕр афтӕ у. Цыфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр нӕ хъуыддӕгтӕ алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ цӕудзысты. Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъуамӕ зонӕм, кӕй зӕрдӕ нӕ фӕнды барухс кӕнын. Кӕд Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы зӕрдӕ, уӕд хъуамӕ алкӕддӕр аразӕм, цы нын дзурынц, уый. Фӕлӕ нӕм уӕд тынг чи мӕсты кӕндзӕн? Чи нӕ хъыгдардзӕн хорз хъуыддӕгтӕ аразын? ~

Сайтан Хӕйрӕг. Фӕлӕ ма ноджыдӕр чи? ~ Хӕйрӕг кӕй сайы ӕмӕ, раст цы нӕу, уыдӕттӕ кӕй уырнынц, уыдон дӕр. Иухатт Йесо дзуттӕгты хицӕуттӕн загъта: «Сымахӕн уӕ фыд Хӕйрӕг у, ӕмӕ уӕ фӕнды, уый цы дзуры, уыдӕттӕ аразын» (Иоанны 8:44).

Хӕйрӕджы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм адӕм бирӕ ис. Йесо сӕ схуыдта «ацы дуне». Куыд хъуыды кӕныс, цы у «ацы дуне»? ~ Ӕркӕсӕм-ма Иоанны 15-ӕм сӕры 19-ӕм стихмӕ. Уым фыст сты Йесойы ныхӕстӕ: «Ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне уарзид, куыд йӕхиуӕтты, афтӕ. Сымах та ацы дунейӕ кӕй не стут, фӕлӕ уӕ ӕз кӕй равзӕрстон ацы дунейӕ, уымӕ гӕсгӕ уӕ ацы дуне йе сӕфт уыны».

Уӕдӕ, Йесойы ахуыргӕнинӕгты цы дуне нӕ уарзы, уымӕ хауынц, Йесомӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕм иууылдӕр. Фӕлӕ ацы дуне Йесойы ахуыргӕнинӕгты цӕуылнӕ уарзы? ~ Ахъуыды-ма йыл кӕнӕм. Ацы дунейы хицау чи у? ~ Библийы афтӕ фыст ис: «Ӕгас дуне ис Фыдбылызы къухы». Фыдбылыз та у Сайтан Хӕйрӕг (1 Иоанны 5:19).

Ныр ӕй ӕмбарыс, хорз хъуыддӕгтӕ аразын нын зын цӕмӕн у? ~ Хӕйрӕг ӕмӕ нӕ ацы дунейы адӕм хъыгдарынц. Фӕлӕ ма нӕ ноджыдӕр иу цыдӕр нӕ уадзы. Хъуыды ма йӕ кӕныс, цы у? ~ 23-ӕм сӕрӕй базыдтам, иууылдӕр тӕригъӕдджынӕй кӕй райгуырӕм. Уӕдӕ тӕригъӕд, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне куы нал уой, уӕд хорз нӕ уыдзӕн? ~

Ацы дуне куы фесӕфа, уӕд, хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдон цы фӕуыдзысты?

Библийы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне фӕивгъуыйы». Ома, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ чи нӕ хъусы, уыдон иууылдӕр фесӕфдзысты. Хуыцау сын ӕнусон цард нӕ ратдзӕн. Зоныс ӕй, ӕнустӕм чи цӕрдзӕн? ~ Библийы дарддӕр фыст ис: «Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоанны 2:17). О, хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, «Хуыцауы фӕндон» чи ӕххӕст кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдон цӕрдзысты ӕнустӕм Хуыцауы ног дунейы. Уӕдӕ нын цыфӕнды зын ма уа, уӕддӕр хорз хъуыддӕгтӕ араздзыстӕм, афтӕ нӕу? ~

Хорз хъуыддӕгтӕ аразын ӕнцон цӕуылнӕ у, уый тыххӕй-ма иумӕ бакӕсӕм Матфейы 7:13, 14; Лукайы 13:23, 24 ӕмӕ Хъуыддӕгты 14:21, 22.