Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 СӔР

Хуыцауы зӕдтӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

Хуыцауы зӕдтӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

ИУӔЙ-ИУТӔ дзурынц, зӕгъгӕ, мӕн уырны, цы уынын, ӕрмӕстдӕр уый. Фӕлӕ уый раст у? Мах бирӕ цыдӕртӕ нӕ уынӕм, фӕлӕ ӕцӕгӕй та сты. Куыд хъуыды кӕныс, цӕстӕй цы нӕй фенӕн? ~

Зӕгъӕм, кӕмӕй улӕфӕм, уыцы уӕлдӕф. Уӕлдӕф кӕй ис, уый нӕ бон искуыд у бамбарын? ~ Дӕ къухыл-ма бафу кӕн. Исты бамбӕрстай? ~ Куыннӕ. Фӕлӕ уӕлдӕф фенӕн нӕй, афтӕ нӕу? ~

Амӕй размӕ дзырдтам, кӕй ис, цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, ахӕм чидӕртӕ. Мах базыдтам, уыдонӕй иутӕ кӕй сты хорз, иннӕтӕ та ӕвзӕр. Хорз дзы чи у, уыдоны-ма ранымай. ~ О, уыдон сты Йегъовӕ Хуыцау, Йесо Чырысти ӕмӕ хорз зӕдтӕ. Цымӕ ӕвзӕр зӕдтӕ дӕр ис? ~ Библи зӕгъы, кӕй ис. Радзур-ма мын, уыцы зӕдты тыххӕй цы базыдтай. ~

Мах ӕй зонӕм, хорз зӕдтӕ дӕр ӕмӕ ӕвзӕр зӕдтӕ дӕр махӕй тыхджындӕр кӕй сты. Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг зӕдты тыххӕй бирӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ зӕххыл куы нӕма райгуырд, уӕд йӕхӕдӕг дӕр уыди зӕд. Уый уӕлӕрвты цард иннӕ зӕдтимӕ. Уыдон сты милуантӕ, ӕмӕ сӕ Йесо се ’ппӕты дӕр зыдта. Цымӕ ӕппӕт уыцы зӕдтӕн нӕмттӕ ис? ~

Мах базыдтам, Хуыцау алы стъалыйӕн дӕр ном кӕй радта. Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, зӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕй ис нӕмттӕ. Мах ма зонӕм, зӕдтӕн сӕ бон кӕй у кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын дӕр, уымӕн ӕмӕ Библи дзуры «зӕдты ӕвзаджы» тыххӕй (1 Коринфӕгтӕм 13:1). Куыд хъуыды кӕныс, зӕдтӕ цӕуыл фӕдзурынц? Мыййаг, адӕмы тыххӕй дӕр фӕдзурынц? ~

Мах ӕй зонӕм, Сайтаны зӕдты, ома хӕйрӕджыты, кӕй фӕнды, цӕмӕй мах Йегъовӕмӕ ма хъусӕм. Уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕдзурынц, куыд нӕ фӕрӕдийын кӕной, ууыл. Уыцы зӕдты фӕнды, цӕмӕй сӕхи хуызӕн уӕм ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ма уарза. Хуыцауы чи уарзы, уыцы зӕдтӕ та цӕуыл фӕдзурынц? Куыд хъуыды кӕныс, уыдон дӕр мах тыххӕй фӕдзурынц? ~ О, уый афтӕ у. Уыдоны фӕнды махӕн баххуыс кӕнын. Хъуамӕ дын радзурон, Хуыцауы зӕдтӕ, чи йӕ уарзта ӕмӕ йын чи лӕггад кодта, уыцы адӕмӕн куыд ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй.

Бирӕ азты размӕ горӕт Вавилоны цард иу лӕг, Данел, зӕгъгӕ. Уыцы горӕты цӕрджытӕй бирӕтӕ Йегъовӕйы нӕ уарзтой. Уыдонӕй ма чидӕртӕ ӕрхъуыды кодтой ахӕм закъон дӕр, зӕгъгӕ, Йегъовӕмӕ чи кува, уымӕн хъуамӕ рахӕссой мӕлӕты тӕрхон. Фӕлӕ Данел нӕ фӕтарсти. Уый уӕддӕр Йегъовӕмӕ куывта. Ӕмӕ уый тыххӕй Данелӕн цы бакодтой, уый зоныс? ~

О, ӕвзӕр адӕм Данелы ӕххормаг домбӕйттӕм ныппӕрстой. Зоныс ӕй, дарддӕр цы ’рцыд? ~ «Хуыцау йӕ зӕды рарвыста ӕмӕ домбӕйтты дзыхыл ныххӕцыди»,– загъта Данел. Данелыл ӕппындӕр ницы ’рцыд! Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны тыххӕй зӕдтӕ ахӕм диссӕгтӕ дӕр фӕаразынц (Данел 6:18–23).

Хуыцау Данелы куыд фервӕзын кодта?

Иухатт Петр бахаудта ахӕстонмӕ. Ӕвӕццӕгӕн ма йӕ хъуыды кӕныс, Петр кӕй уыди Йесойы ӕмбал. Кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ цыд, Петр сын афтӕ кӕй дзырдта, зӕгъгӕ, Йесо у Хуыцауы Фырт. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ӕрцахстой. Петры хъахъхъӕдтой ӕфсӕддонтӕ, цӕмӕй ма алыгъдаид. Цымӕ искӕмӕн йӕ бон уыди, цӕмӕй Петрӕн баххуыс кодтаид? ~

Петр фынӕй кодта дыууӕ хъахъхъӕнӕджы ’хсӕн, йӕ къухтыл та уыди рӕхыстӕ. Фӕлӕ Библийы фыст ис: «Ӕвиппайды йӕ разы февзӕрд Йегъовӕйы зӕд, ӕмӕ ахӕстон ныррухс. Зӕд Петрӕн йӕ фарс бакъуырдта, райхъал ӕй кодта ӕмӕ йын загъта: „Рӕвдздӕр сыст!“»

Зӕд Петры ахӕстонӕй куыд ракодта?

Уӕд Петрӕн йӕ рӕхыстӕ йӕ къухтӕй ӕрхаудтой! Ӕмӕ йын зӕд загъта: «Скӕн дӕ дзаумӕттӕ ӕмӕ дӕ дзабыртӕ ӕмӕ мӕ фӕдыл рацу». Хъахъхъӕнджытӕн сӕ бон нӕ уыди Петры бауромын, уымӕн ӕмӕ йын зӕд ӕххуыс кодта. Ӕфсӕйнагӕй конд дуармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд иу диссаг ӕрцыд. Дуар йӕхӕдӕг байгом! Уыцы зӕд Петры ссӕрибар кодта, цӕмӕй Хуыцауы ныхас дарддӕр хъусын кодтаид (Хъуыддӕгтӕ 12:3–11).

Хуыцауы зӕдтӕн сӕ бон у, цӕмӕй махӕн дӕр баххуыс кӕной? ~ О, сӕ бон у. Ӕмӕ нӕ фыдбылызӕй алы хатт дӕр хъахъхъӕндзысты? ~ Ӕнӕзонд митӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ нӕ хъахъхъӕндзысты. Фӕлӕ ӕвзӕрӕй куы ницы аразӕм, уӕд дӕр ныл, гӕнӕн ис, ӕмӕ исты ’рцӕуа. Хуыцау зӕдтӕн афтӕ нӕ загъта, цӕмӕй нӕ алцӕмӕй дӕр хъахъхъӕной. Хуыцау уыдонӕн радта уымӕй ахсджиагдӕр куыст.

Библийы фыст ис иу зӕды тыххӕй. Уый алы ран дӕр адӕмӕн дзуры, цӕмӕй Хуыцауӕн кувой (Раргомад 14:6, 7). Фӕлӕ семӕ куыд дзуры? Мыййаг, арвӕй хъӕр кӕны, цӕмӕй йӕ алчидӕр фехъуса? ~ Нӕ, Хуыцауы тыххӕй адӕмӕн дзурынц Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ, зӕдтӕ та сын амонынц, цы аразын хъӕуы, уый. Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн зӕдтӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй фехъусой. Мах дӕр адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй куы дзурӕм, уӕд нын зӕдтӕ ӕххуыс кӕндзысты.

Фӕлӕ, Хуыцауы чи нӕ уарзы, уыдон нӕ куы хъыгдарой, уӕд та? Зӕгъӕм, ахӕстоны нӕ куы бакӕной, уӕд нӕ зӕдтӕ ссӕрибар кӕндзысты? ~ Уый сӕ бон у. Фӕлӕ алы хатт афтӕ нӕ фӕкӕнынц.

Хуыцауы зӕд Павелӕн цы дзуры?

Иухатт Йесойы ахуыргӕнинаг Павелы ӕрцахстой. Науыл ӕй ӕндӕр горӕтмӕ куы фӕцӕйластой, уӕд денджызыл сыстад тыхджын дымгӕ. Фӕлӕ йӕ зӕдтӕ уыцы рӕстӕг нӕ фервӕзын кодтой, уымӕн ӕмӕ иннӕтӕ дӕр хъуамӕ Хуыцауы тыххӕй фехъуыстаиккой. Ӕмӕ йын зӕд загъта: «Ма тӕрс, Павел. Ды хъуамӕ ӕрлӕууай кесӕры раз». Павелы хъуамӕ ӕрлӕууын кодтаиккой кесӕры, Ромы паддзахы, раз. Ӕмӕ йын Павел хъуамӕ Хуыцауы тыххӕй радзырдтаид. Зӕдтӕ алкӕддӕр зыдтой, Павел кӕм ис, уый, ӕмӕ йын ӕххуыс кодтой. Мах дӕр Хуыцауӕн зӕрдиагӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзысты (Хъуыддӕгтӕ 27:23–25).

Тагъд рӕстӕджы ма зӕдтӕ кӕндзысты ноджыдӕр иу ахсджиаг куыст. Хуыцау ӕвзӕр адӕмы цы бон сафдзӕн, уый тынг хӕстӕг у. Ӕцӕг Хуыцауӕн чи нӕ кувы, уыдон иууылдӕр фесӕфдзысты. Ӕмӕ афтӕ чи зӕгъы, зӕдтӕ мӕ нӕ уырнынц, уымӕн ӕмӕ сӕ мӕ бон фенын нӕу, зӕгъгӕ, уыдон ӕй бамбардзысты, тынг кӕй рӕдыдысты (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–8).

Ӕмӕ уӕд мах та цы кӕнын хъӕуы? ~ Мах дӕр Хуыцауы зӕдты фарс куы уӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзысты. Фӕлӕ сӕ фарс стӕм? ~ Кӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, уӕд сӕ фарс стӕм. Ӕмӕ уӕд иннӕтӕн дӕр дзурӕм, цӕмӕй йын лӕггад кӕной.

Зӕдтӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис мӕнӕ ацы стихтӕй: Псалом 34:7; Матфейы 4:11; 18:10; Лукайы 22:43 ӕмӕ Хъуыддӕгтӕ 8:26–31.