Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 СӔР

Уарзӕгой Хуыцауы писмо

Уарзӕгой Хуыцауы писмо

ЗӔГЪ-МА, ӕппӕты тынгдӕр цавӕр чиныг уарзыс? ~ Иуӕй-иу сывӕллӕттӕ уарзынц чингуытӕ цӕрӕгойты тыххӕй. Иннӕты зӕрдӕмӕ та цӕуынц, бирӕ нывтӕ кӕм ис, ахӕм чингуытӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, ахӕм чингуытӕ кӕсынӕй адӕймаг нӕ фефсӕды.

Фӕлӕ ӕппӕты хуыздӕр чингуытӕ сты, Хуыцауы тыххӕй фыст кӕм ис, уыдон. Уыцы чингуытӕй иу у ахӕм, ӕмӕ уый хуызӕн нӕй. Зоныс ӕй, цавӕр чиныг у? ~ Уый у Библи.

Библи ахӕм диссаджы чиныг цӕмӕн у? ~ Уымӕн ӕмӕ нын ӕй радта Хуыцау. Уым фыст ис Хуыцауӕн йӕхи тыххӕй ӕмӕ нын цы хорздзинӕдтӕ скӕндзӕн, уыдоны тыххӕй. Фыст ма дзы ис, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ цӕуынц, уый тыххӕй дӕр. Библи схонӕн ис Хуыцауы писмо.

Хуыцауӕн йӕ бон уыди Библи ӕнӕхъӕнӕй дӕр уӕлӕрвты ныффыссын ӕмӕ йӕ стӕй адӕмӕн раттын. Фӕлӕ уый афтӕ нӕ бакодта. Хуыцау Библи ныффыссын кодта йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕн. Ӕмӕ дзы уыдон сӕхи хъуыдытӕ нӕ фыстой, фӕлӕ Хуыцауы хъуыдытӕ.

Хуыцау йӕ хъуыдытӕ адӕмӕн куыд дзырдта, уый зоныс? ~ Ахъуыды-ма йыл кӕнӕм. Радиойӕ искӕй хъӕлӕс куы фехъусӕм, уӕд ӕй фӕзонӕм, уыцы адӕймаг ӕндӕр ран кӕй ис, чи зоны, дард кӕмдӕр. Кӕнӕ телевизоры фӕуынӕм, ӕндӕр бӕстӕйы чи цӕры, уыцы адӕмы ӕмӕ сын сӕ ныхас дӕр фӕхъусӕм.

Адӕймагӕн ма йӕ бон у Мӕймӕ дӕр атӕхын ӕмӕ уырдыгӕй Зӕхмӕ исты хабӕрттӕ ӕрвитын. Ды уый зыдтай? ~ Уӕдӕ кӕд уый адӕймагӕн у йӕ бон, уӕд Хуыцауӕн йӕ бон нӕу уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ хабӕрттӕ ӕрвитын? ~ Куыннӕ! Ӕмӕ Хуыцау афтӕ бакодта, адӕймаг радио ӕмӕ телевизор куы ӕрхъуыды кодта, уымӕй бирӕ раздӕр.

Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцауӕн йӕ бон адӕмимӕ дард ранӕй дзурын кӕй у, уый?

Хуыцау кӕимӕ ныхас кодта, уыдонӕй иу уыд Моисей. Моисей Хуыцауы уынгӕ нӕ кодта, фӕлӕ йын хъуыста йӕ хъӕлӕс. Иухатт Хуыцау Моисеимӕ куы дзырдта, уӕд ма йын ноджыдӕр бирӕтӕ фехъуыстой йӕ хъӕлӕс. Уыцы бон Хуыцау хох базмӕлын кодта, арв нӕрын ӕмӕ ӕрттивын райдыдта. Адӕм зыдтой, уый Хуыцау кӕй дзуры. Фӕлӕ уыдон тынг фӕтарстысты ӕмӕ Моисейӕн загътой: «Хуыцау ма дзурӕд немӕ, науӕд амӕлдзыстӕм». Фӕстӕдӕр Моисей ныффыста, Хуыцау ын цы дзырдта, уый. Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ фыст сты Библийы (Рацыд 20:18–21).

Моисей ныффыста Библийы фыццаг фондз чиныджы. Фӕлӕ Библи ӕрмӕст уый нӕ фыста. Хуыцау ӕй ныффыссын кодта иу-40 адӕймагӕн. Уыцы адӕм цардысты тынг раджы. Ӕмӕ Библи фыссынӕн бахъуыд бирӕ рӕстӕг – 1 600 азы бӕрц! Диссаг уый у, ӕмӕ уыцы адӕмӕй иуӕй-иутӕ кӕрӕдзи никуы федтой. Афтӕмӕй та, цы ныффыстой, уый у, цыма йӕ иу адӕймаг ныффыста, уый хуызӕн.

Библийы фысджытӕй ам нывты чи ис?

Хуыцау Библи кӕмӕн ныффыссын кодта, уыдонӕй чидӕртӕ уыдысты стыр хицӕуттӕ. Моисей раздӕр уыди фыййау, фӕлӕ уый фӕстӕ сси израилаг адӕмы хицау. Соломон уыд паддзах, зӕххыл ӕппӕты зондджындӕр ӕмӕ хъӕздыгдӕр адӕймаг. Фӕлӕ Библийы фысджытӕй уыди хуымӕтӕг адӕм дӕр. Зӕгъӕм, Амос зылди, легъуитӕ кӕуыл зайы, ахӕм бӕлӕстӕм.

Библийы фысджытӕй иу уыд дохтыр. Йӕ ном ын зоныс? ~ Йӕ ном уыд Лука. Иу та дзы уыди хъалонисӕг. Хуынди Матфей. Иннӕ та уыд юрист ӕмӕ хорз зыдта дзуттаг дины закъӕттӕ. Уый Библийы чингуытӕй бирӕ ныффыста, се ’ппӕтӕй фылдӕр. Зоныс, йӕ ном куыд у? ~ Павел. Библи ма фыстой Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Петр ӕмӕ Иоанн дӕр. Уыдон та уыдысты кӕсагахсджытӕ.

Ацы адӕмӕй бирӕтӕ фыстой, Хуыцау фидӕны цы сараздзӕн, уый тыххӕй. Фӕлӕ-иу ӕй кӕцӕй базыдтой? ~ Хуыцау сын ӕй йӕхӕдӕг дзырдта.

Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд Библийӕн йӕ фылдӕр хай фыст уыд. Хъуыды ма йӕ кӕныс, Йесо уый размӕ уӕлӕрвты кӕй цард? Йесо уыдта, Хуыцау цы арӕзта, уыдон иууылдӕр. Ӕмӕ йӕ цымӕ уырныдта, Библи Хуыцауӕй кӕй у? ~ О, уырныдта йӕ.

Йесо адӕмӕн Хуыцауы хъуыддӕгты тыххӕй куы дзырдта, уӕд-иу сын каст Библийӕ. Иуӕй-иу хатт, Библийы цы фыст ис, уый-иу сын ӕнӕ кӕсгӕйӕ дӕр радзырдта. Йесо ма нын Хуыцауӕй ӕрхаста бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр. Уый загъта: «Ӕз уымӕй цы фехъуыстон, уый дзурын дунейӕн» (Иоанны 8:26). Йесо Хуыцауӕй бирӕ цыдӕртӕ фехъуыста, уымӕн ӕмӕ уӕлӕрвты йемӕ цард. Ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕ та кӕм ис бакӕсӕн? ~ Библийы. Уыдон фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕ нӕ бон кӕсын уа.

Хуыцау Библи кӕмӕн фыссын кодта, уыдон ӕй фыстой, цы ӕвзагыл дзырдтой, ууыл. Ӕмӕ Библийӕн йӕ фылдӕр хай фыст ӕрцыд дзуттаг ӕвзагыл, иу гыццыл хай – арамейаг, иннӕ хай та – грекъаг. Абон бирӕтӕ уыцы ӕвзӕгтыл кӕсын кӕй нӕ зонынц, уымӕ гӕсгӕ Библи ратӕлмац кодтой ӕндӕр ӕвзӕгтӕм. Библийӕн йӕ иуӕй-иу чингуытӕ бакӕсӕн ис 2 300 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Ахъуыды-ма кӕн, куыд бирӕ сты уыцы ӕвзӕгтӕ! Библи у Хуыцауы писмо ӕмӕ фыст у зӕххыл ӕппӕт адӕммӕ дӕр. Ӕмӕ йӕ кӕд бирӕ ӕвзӕгтӕм ратӕлмац кодтой, уӕддӕр у Хуыцауӕй.

Библийы цы фыст ис, уый хъуамӕ ӕнӕмӕнг зонӕм. Уыцы чиныг ныффыстой тынг раджы. Фӕлӕ дзы дзырд цӕуы, абон цытӕ цӕуы, ууыл. Фыст ма дзы ис, Хуыцау тагъд цы сараздзӕн, уый тыххӕй дӕр. Цас хорз цыдӕртӕ дзы ис! Библийы фыст ис, кӕй нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы тынг хорз цард.

Библи куы кӕсай, уӕд цы базондзынӕ?

Мах хъуамӕ цӕрӕм, Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ. Ӕмӕ Библийы уый тыххӕй дӕр ис фыст. Ӕмбарын нын кӕны, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Ӕмӕ уый хъуамӕ алчидӕр зона: ды дӕр ӕмӕ ӕз дӕр. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, ӕвзӕр митӕ чи кодта, уыдоны тыххӕй. Уыдоныл-иу цы ’рцыд, уый куы зонӕм, уӕд нӕхи хъахъхъӕндзыстӕм. Хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон та-иу цин кодтой. О, Библийы цы ис фыст, уыдон нын тынг пайда сты.

Фӕлӕ нын цӕмӕй Библи баххуыс кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм, Библи нын чи радта, уый. Ды куыд хъуыды кӕныс, чи нын ӕй радта? ~ О, Библи нын радта Хуыцау. Ӕмӕ зондджын кӕй стӕм, уый куыд равдисдзыстӕм? ~ Хъуамӕ Хуыцаумӕ хъусӕм ӕмӕ нын цы дзуры, уый аразӕм.

Уӕдӕ-иу хъуамӕ рӕстӕг ссарӕм, цӕмӕй Библи иумӕ кӕсӕм. Бирӕ кӕй уарзӕм, ахӕм адӕймагӕй писмо куы райсӕм, уӕд ӕй цалдӕр хатты дӕр бакӕсӕм. Ахӕм писмо нын тынг зынаргъ вӕййы. Библи дӕр нын хъуамӕ афтӕ зынаргъ уа, уымӕн ӕмӕ у, бирӕ нӕ чи уарзы, уыцы Хуыцауӕй. Уый у йӕ писмо.

Ныр та бакӕс мӕнӕ ацы стихтӕ: Ромӕгтӕм 15:4; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17 ӕмӕ 2 Петры 1:20, 21. Уыдон нын ӕвдисынц, Библи кӕй у Хуыцауы Ныхас ӕмӕ фыст у нӕ пайдайӕн.