Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 СӔР

Хуыцауӕн ис ном

Хуыцауӕн ис ном

АДӔЙМАГИМӔ куы фӕзонгӕ кӕныс, уӕд ӕй ӕппӕты раздӕр цӕмӕй бафӕрсыс? ~ О, бафӕрсыс ӕй, дӕ ном куыд у, зӕгъгӕ. Махӕй алкӕмӕн дӕр ис ном. Хуыцау фыццаг адӕймагӕн дӕр радта ном. Схуыдта йӕ Адам. Адамы ус та хуынди Евӕ.

Фӕлӕ нӕмттӕ ӕрмӕст адӕмӕн нӕй. Ахъуыды-ма кӕн, нӕмттӕ ма кӕмӕн раттынц. Исчи дын кукла, къӕбыла кӕнӕ гӕдыйы лӕппын куы балӕвар кӕны, уӕд ыл ном нӕ сӕвӕрыс? ~ Алкӕмӕн дӕр хъуамӕ уа ном.

Ӕхсӕвыгон арвмӕ куы скӕсай, уӕд дзы фендзынӕ тынг бирӕ стъалытӕ. Куыд хъуыды кӕныс, стъалытӕн нӕмттӕ ис? ~ Ис. Хуыцау алы стъалыйӕн дӕр радта ном. Библийы фыст ис: «Уый банымайы стъалытӕ; алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй» (Псалом 147:4).

Зыдтай йӕ, алы стъалыйӕн дӕр ном кӕй ис?

Зӕгъ-ма, дун-дунейы хицау чи у? ~ Хуыцау. Куыд хъуыды кӕныс, ном ын ис? ~ Йесо дӕр загъта, Хуыцауӕн кӕй ис ном. Иухатт Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд загъта: «Ӕз дын дӕ ном мӕ ахуыргӕнинӕгтӕн раргом кодтон» (Иоанны 17:26). Ды та Хуыцауы ном зоныс? ~ Хуыцау нын йӕхӕдӕг зӕгъы йӕ ном: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном». Уӕдӕ Хуыцауы ном у ЙЕГЪОВӔ (Исай 42:8).

Исчи дын дӕ ном куы фӕзоны ӕмӕ дӕм дӕ номӕй куы фӕдзуры, уӕд нӕ фӕцин кӕныс? ~ Ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй йын адӕм йӕ ном зоной. Уӕдӕ адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ӕй хъуамӕ йӕ номӕй хонӕм. Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг дӕр адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд Йегъовӕйы хуыдта йӕ номӕй. Иухатт Йесо загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ» (Марчы 12:30).

Йесо ӕмбӕрста, Хуыцауы ном алчидӕр кӕй хъуамӕ зона. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта, цӕмӕй Хуыцауы йӕ номӕй хоной. Ахуыр ма сӕ кодта, цӕмӕй кувгӕйӕ дӕр Хуыцауы ном дзурой. Йесо зыдта, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм иууылдӕр зоной, йӕ ном Йегъовӕ кӕй у.

Иухатт Хуыцау Моисейӕн бамбарын кодта, йӕ ном ын алчидӕр кӕй хъуамӕ зона, уый. Уыцы хабар ӕрцыд тынг раджы. Моисей уыд израилаг. Израилӕгтӕ та уыцы рӕстӕг цардысты Египеты. Уыцы бӕстӕйы чи цард, уыдоны хуыдтой египетӕгтӕ. Уыдон израилӕгтӕй скодтой цагъартӕ ӕмӕ сӕ тынг хъыгдардтой. Моисей куы сыстыр, уӕд йӕ адӕмӕй иу лӕджы сӕрыл рахӕцыд. Фараон, Египеты паддзах, уый куы базыдта, уӕд тынг смӕсты. Ӕмӕ хъавыд Моисейы амарынмӕ. Уӕд Моисей Египетӕй алыгъди.

Моисей ӕрцард ӕндӕр бӕстӕйы. Уыцы бӕстӕ хуынди Мадиам. Уым Моисей ракуырдта ус ӕмӕ йын райгуырд сывӕллӕттӕ. Моисей уыди фыййау. Иу бон хохы цур йӕ фысты куы хызта, уӕд федта стыр диссаг. Ахъуыды-ма кӕн: сындзы къутӕр судзгӕ кодта, фӕлӕ нӕ басыгъд! Моисей йӕм хӕстӕгдӕр бацыд, цӕмӕй йӕ хуыздӕр федтаид.

Зоныс ӕй, дарддӕр цы ’рцыд? ~ Моисеймӕ судзгӕ къутӕрӕй чидӕр радзырдта: «Моисей! Моисей!» Цымӕ йӕм чи дзырдта? ~ Уый уыди Хуыцау! Уыцы бон Хуыцау Моисейӕн радта стыр куыст. Уый йын загъта: «Ӕз дӕ ӕрвитын фараонмӕ, Египеты паддзахмӕ, ӕмӕ мын мӕ адӕмы, израилӕгты, Египетӕй ракӕн». Хуыцау Моисейӕн загъта, зӕгъгӕ дын ӕз баххуыс кӕндзынӕн.

Судзгӕ къутӕры раз Моисей цы базыдта?

Фӕлӕ Моисей Хуыцауӕн загъта: «Зӕгъӕм, ӕз израилӕгтӕм Египетмӕ ӕрцыдтӕн ӕмӕ сын загътон: „Хуыцау мӕ рарвыста сымахмӕ“. Ӕмӕ мӕ куы бафӕрсой: „Йӕ ном куыд у?“ Уӕд сын цы зӕгъдзынӕн?» Хуыцау Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа афтӕ: «Йегъовӕ мӕ рарвыста сымахмӕ ӕмӕ мын загъта, зӕгъгӕ, мӕ ном алкӕддӕр уыдзӕн Йегъовӕ» (Рацыд 3:1–15). О, Хуыцау йӕ ном никуы аивдзӕн. Уый фӕнды, цӕмӕй йӕ алкӕддӕр хоной Йегъовӕ.

Сырх денджызы раз Хуыцау йӕ ном куыд базонын кодта?

Моисей ӕрцыд Египетмӕ. Уыцы рӕстӕг египетӕгтӕ хъуыды кодтой, израилӕгты хуыцау Йегъовӕйӕн сӕ хуыцӕутты раз йӕ бон кӕй ницы у. Ӕнӕхъӕн зӕххы Хуыцау кӕй у, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтой. Уӕд Йегъовӕ Египеты паддзахӕн загъта: «Ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр мын мӕ ном базондзысты» (Рацыд 9:16). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Зоныс ӕй, Йегъовӕ цы сарӕзта? ~

Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй израилӕгты Египетӕй ракӕна. Сырх денджызмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йегъовӕ дон дыууӕ дихы фӕкодта, ӕмӕ денджызы астӕу рауад фӕндаг. Израилӕгтӕ иууылдӕр уыцы фӕндагыл иннӕ фарсмӕ ахызтысты. Фараон та сӕ йе ’фсадимӕ фестейӕ ’рбацӕйсырдта. Фӕлӕ денджызы уыцы фӕндагмӕ куы бахызтысты, уӕд, дыууӕрдыгӕй къулты хуызӕн цы дон лӕууыд, уый ӕркалд, ӕмӕ йӕ быны фесты. Египетӕгтӕ иууылдӕр амардысты.

Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл адӕм базыдтой, Йегъовӕ Сырх денджызы раз цы диссаг сарӕзта, уый тыххӕй. Адӕм иууылдӕр уыцы хабар кӕй фехъуыстой, уый кӕцӕй зонӕм? ~ 40 азы фӕстӕ израилӕгтӕ ӕрцыдысты Ханаанмӕ. Уыцы зӕххы тыххӕй сын Йегъовӕ загъта, кӕй сын ӕй ратдзӕн. Уым иу ӕрыгон сылгоймаг, йӕ ном Раав, дыууӕ израилаг лӕгӕн загъта: «Мах фехъуыстам, Египетӕй куы рацыдыстут, уӕд Йегъовӕ уӕ фӕндагыл Сырх денджызы дон кӕй бахус кодта» (Йесо Навин 2:10).

Абон дӕр бирӕтӕ сты египетӕгты хуызӕн. Нӕ сӕ уырны, Йегъовӕ ӕнӕхъӕн зӕххы Хуыцау кӕй у, уый. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ иннӕтӕн дзурой, чи у, цавӕр Хуыцау у. Йесо дӕр адӕмӕн дзырдта Хуыцауы тыххӕй. Йӕ царды кӕрон Йегъовӕмӕ куы куывта, уӕд загъта: «Ӕз сын дӕ ном раргом кодтон» (Иоанны 17:26).

Йесо адӕмӕн дзырдта Хуыцауы номы тыххӕй. Дӕ бон у Библийы иннӕтӕн Хуыцауы ном равдисын?

Фӕнды дӕ, ӕмӕ ды дӕр Йесойы хуызӕн уай? Уӕд иннӕтӕн дзур, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у. Бирӕтӕ Хуыцауы ном нӕ зонынц. Ӕмӕ сын дӕ бон у Библийӕ Рацыды чиныджы 15-ӕм сӕр, 3-аг стих равдисын. Дӕ Библи-ма байгом кӕн ӕмӕ уыцы стих иумӕ бакӕсӕм. Уым фыст ис: «Йегъовӕ Хуыцау у хъӕбатыр хӕстон. Йегъовӕ у йӕ ном».

Ацы ныхӕстӕй цы ис базонӕн? ~ Йегъовӕйы ном хъуамӕ алчидӕр зона. «Йегъовӕ» у Иунӕг Стыр Хуыцауы ном. Уый у Йесойы Фыд. Алцыдӕр уый скодта. Ӕмӕ-ма ӕрхъуыды кӕн Йесойы ныхӕстӕ. Уый загъта, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй хъуамӕ уарзӕм. Зӕгъ-ма, ды Йегъовӕйы уарзыс? ~

Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый куыд ис равдисӕн? ~ Хуыздӕр ӕй базонӕм, цӕмӕй нӕ Хӕлар суа. Стӕй йын йӕ ном иннӕтӕн дӕр дзурӕм. Нӕ бон сын у Библийы ӕвдисын, йӕ ном Йегъовӕ кӕй у. Нӕ бон ма у, Йегъовӕ цы диссӕгтӕ скодта ӕмӕ нын цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй дзурын. Ууыл Йегъовӕ тынг фӕцин кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм базоной. Ӕмӕ сын нӕ бон у уыдӕттӕ дзурын, афтӕ нӕу? ~

Фӕлӕ Йегъовӕйы тыххӕй куы дзурай, уӕд дӕм алчи нӕ хъусдзӕн. Йесомӕ дӕр, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ, бирӕтӕ нӕ хъуыстой. Фӕлӕ уый уӕддӕр дзырдта Йегъовӕйы тыххӕй.

Цӕй уӕдӕ Йесойау адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурӕм. Афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм, йӕ ном ын кӕй уарзӕм, уый. Ӕмӕ ууыл Йегъовӕ тынг цин кӕндзӕн.

Хуыцауы ном алчидӕр кӕй хъуамӕ зона, уый тыххӕй-ма ноджыдӕр бакӕсӕм цалдӕр стихы: Исай 12:4, 5; Матфейы 6:9; Иоанны 17:6 ӕмӕ Ромӕгтӕм 10:13.