19 СӔР
Хыл кӕнын хорз у?
ЗОНЫС ахӕм лӕппуты ӕмӕ чызджыты, фыдуаг чи у кӕнӕ хыл кӕнын чи уарзы? ~ Де ’мбӕлттӕ ахӕмтӕ сты? Ӕви сабыр чи у ӕмӕ иннӕтимӕ чи нӕ хыл кӕны, ахӕмтӕ? ~ Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг афтӕ загъта: «Амондджын сты, иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдон, уымӕн ӕмӕ сӕ схондзысты Хуыцауы фырттӕ» (Матфейы 5:9).
Фӕлӕ нӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт иннӕтӕ смӕсты кӕнынц, афтӕ нӕу? ~ Ӕмӕ нӕ уӕд фӕфӕнды, цӕмӕй сын мах дӕр смаст кӕнӕм. Иухатт Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр тынг смӕсты сты, Йесоимӕ Иерусалиммӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд. Уыцы хабар куыд уыди, уымӕ-ма байхъус.
Фӕндагыл иуцасдӕр куы рацыдысты, уӕд Йесо цалдӕр ахуыргӕнинаджы йӕ разӕй арвыста самариаг хъӕумӕ. Хъуамӕ ссардтаиккой, ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдаиккой, ахӕм бынат. Фӕлӕ сӕ хъӕуы цӕрджытӕ нӕ бауагътой, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн уыди ӕндӕр дин. Стӕй самариӕгтӕ нӕ
уарзтой, Иерусалиммӕ Хуыцауӕн кувынмӕ чи цыди, уыцы адӕмы.Ахӕм хабар дӕуыл куы ’рцыдаид, уӕд цы сарӕзтаис? Смӕсты уыдаис? Дӕ маст райсын дӕ бафӕндыдаид? ~ Иаков ӕмӕ Иоанны бафӕндыд сӕ маст райсын. Ӕмӕ Йесойӕн загътой: «Фӕнды дӕ, уӕд зӕгъӕм, ӕмӕ арвӕй зынг ӕрцӕуа ӕмӕ сӕ фесафа?» Йесо сӕ уый тыххӕй схуыдта «арвнӕрды фырттӕ». Фӕлӕ сын загъта, афтӕ бакӕнын хорз кӕй нӕ уыдзӕн (Лукайы 9:51–56; Марчы 3:17).
Вӕййы афтӕ, ӕмӕ нын чидӕр ӕвзӕрӕй цыдӕр саразы. Чи зоны дӕ иннӕ сывӕллӕттӕ ма уадзой семӕ хъазын ӕмӕ дын дзурой: «Ацу ардыгӕй. Мах демӕ нӕ хъазӕм». Афтӕ дын куы дзурой, уӕд дын хъыг нӕ уыдзӕн? Чи зоны дӕ бафӕнда, цӕмӕй сын ӕвзӕрӕй исты саразай. Фӕлӕ уый хорз уыдзӕн? ~
Библи уый тыххӕй цы дзуры, уымӕ-ма ӕркӕсӕм. Байгом-ма кӕн Ӕмбисӕндты чиныг, 24-ӕм сӕр, 29-ӕм стих. Уым фыст ис: «Афтӕ ма дзур: „Уый мын куыд бакодта, ӕз дӕр ын афтӕ бакӕндзынӕн. Кӕмӕн цы ’мбӕлы, уый йын бакӕндзынӕн“».
Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбарыс? ~ Ома нын кӕд исчи исты ӕвзӕрдзинад сарӕзта, уӕд ын мах хъуамӕ ӕвзӕрӕй мацы саразӕм. Фӕлӕ исчи хыл куы къаха, уӕд та? Зӕгъӕм, ӕвзӕр ныхӕстӕ дын дзуры, цӕмӕй смӕсты уай. Кӕнӕ дӕ хынджылӕг кӕны, худы дыл ӕмӕ дын дзуры, зӕгъгӕ мӕ ды тӕрсгӕ кӕныс. Уӕд куыд бакӕндзынӕ? Йемӕ хыл кӕнын райдайдзынӕ? ~
Уый тыххӕй дӕр та ӕркӕсӕм Библимӕ. Байгом-ма кӕн Матфейы 5-ӕм сӕр, 39-ӕм стих. Уым фыст сты Йесойы ныхӕстӕ: «Ӕвзӕр адӕймагӕн йӕ ныхмӕ ма цу, фӕлӕ дын дӕ рахиз рус чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр». Куыд хъуыды кӕныс, Йесо уымӕй цы зӕгъынмӕ хъавыд? Ома дын дӕ иу рус тымбылкъухӕй чи ныццӕва, уымӕ дӕ иннӕ рус дӕр хъуамӕ бадарай? ~
Нӕ, Йесо афтӕ зӕгъынмӕ нӕ хъавыд. Рус ныццӕвын тымбылкъухӕй ныццӕвыны хуызӕн нӕу. Рус ныццӕвын у, исчи дӕ куыд атъӕпп кӕна, уый хуызӕн. Афтӕ та уымӕн бакӕндзӕн, цӕмӕй дӕ смӕсты кӕна ӕмӕ хыл ракъаха. Ӕмӕ куы смӕсты уай ӕмӕ йӕ ды дӕр куы атъӕпп кӕнай, уӕд цы ’рцӕудзӕн? ~ Хыл райдайдзӕн.
Фӕлӕ Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хыл кӕной. Ӕмӕ уый тыххӕй загъта, цӕмӕй нӕ исчи куы ныццӕва, уӕд ӕй мах ма ныццӕвӕм. Хъуамӕ-иу ма смӕсты уӕм ӕмӕ-иу йемӕ ма фӕхыл уӕм. Науӕд, хыл кӕнын чи райдыдта, уымӕй хуыздӕр нӕ уыдзыстӕм.
Исчи дӕм къухӕй куы бавнала, уӕд дӕ цы саразын хъӕуы? ~ Хуыздӕр уыдзӕн, ӕмӕ куы ацӕуис. Чи зоны ма дӕ цалдӕр хатты атъӕпп кӕна. Фӕлӕ ма дын ӕндӕр исты бакӕндзӕн? Ӕвӕццӕгӕн, ницы. Куы ацӕуай, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ
уыдзӕн, ӕмӕ фӕтарстӕ кӕнӕ лӕмӕгъ дӕ. Уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ тыхджын дӕ ӕмӕ, раст цы у, уый аразыс.Фӕлӕ дӕ чи смӕсты кодта, уыимӕ хыл кӕнын куы райдайай ӕмӕ йӕ куы фӕнӕмай, уӕд цы ’рцӕудзӕн? ~ Уый ацӕудзӕн ӕмӕ йе ’мбӕлтты ӕрбакӕндзӕн. Ӕмӕ дӕ, гӕнӕн ис, лӕдзӕгӕй кӕнӕ кардӕй дӕр ныццӕвой. Уӕдӕ йӕ ныр ӕмбарыс, Йесойы цӕуылнӕ фӕндыд, цӕмӕй искӕимӕ хыл кӕнӕм? ~
Ӕмӕ искӕй хылгӕнгӕ куы фенӕм, уӕд та куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Искӕй сӕрыл дзы хъуамӕ рахӕцӕм? ~ Куыд бакӕнын хъӕуы, уый фыст ис Библийы. Байгом-ма кӕн Ӕмбисӕндты чиныг, 26-ӕм сӕр, 17-ӕм стих. Уым фыст ис: «Искӕй хылы йӕхи чи тъыссы, уый куыдзы йӕ хъустӕй ахсы».
Куыдзы йӕ хъустӕй куы ’рцахсай, уӕд цы уыдзӕн? Йӕ хъустӕ фӕрисдзысты ӕмӕ дӕм фӕхӕпп кӕндзӕн. Ӕмӕ йӕхи цас тынгдӕр тона, уыйас ын тынгдӕр хъӕудзӕн йӕ хъустыл хӕцын. Фӕлӕ уӕд ноджы тынгдӕр мӕсты кӕндзӕн. Ӕмӕ йӕ куы суадзай, уӕд дыл фӕхӕцдзӕн. Фӕлӕ афтӕ дӕр цас лӕудзынӕ? Куыдзӕн йӕ хъустыл ӕхсӕвӕй-бонӕй хӕцдзынӕ? ~
Ахӕм хабар ӕрцӕуы, йӕхи искӕй хылы чи фӕтъыссы, ууыл. Зӕгъӕм, мах ӕй нӕ зонӕм, хыл чи ракъахта ӕмӕ цӕмӕн хыл кӕнынц. Уӕдта ма, кӕй нӕмынц, уый цыдӕр радавта. Ӕмӕ йӕ сӕрыл куы рахӕцӕм, уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ давӕгӕн ӕххуыс кӕнӕм. Ӕмӕ уый раст уаид?
Уӕдӕ искӕй хылгӕнгӕ куы фенӕм, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм? ~ Скъолайы куы хыл кӕной, уӕд дӕ бон у ахуыргӕнӕгмӕ фӕдзурын. Ӕндӕр искуы куы уа, уӕд та фӕдзур дӕ ныййарджытӕм кӕнӕ милицӕмӕ. О, иннӕтӕ куы хыл кӕной, уӕддӕр мах хъуамӕ макӕимӕ хыл кӕнӕм.
Йесойы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ, сӕ бон цы у, уый аразынц, цӕмӕй макӕимӕ хыл кӕной. Афтӕмӕй ӕвдисынц, тыхджын кӕй сты ӕмӕ, раст цы у, уый кӕй аразынц. Библийы дӕр афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, Йесойы ахуыргӕнинаг «хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн» (2 Тимофеймӕ 2:24).
Цӕмӕй иннӕтимӕ ма хыл кӕнӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй ма ноджыдӕр хорз хъуыдытӕ ис Ромӕгтӕм 12:17–21 ӕмӕ 1 Петры 3:10, 11.