10 СӔР
Йесо хӕйрӕджытӕй тыхджындӕр у
ХУЫЦАУЫ зӕдтӕй иу Сайтан Хӕйрӕг цӕмӕн сси, уый ма хъуыды кӕныс? ~ Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыд – фӕндыдис ӕй, цӕмӕй иууылдӕр уымӕн кувой. Цымӕ иннӕ зӕдтӕй дӕр исчи йӕ фӕдыл ацыд? ~ О. Уыдоны Библи хоны Сайтаны зӕдтӕ, кӕнӕ хӕйрӕджытӕ (Раргомад 12:9).
Цымӕ уыцы ӕвзӕр зӕдты, кӕнӕ хӕйрӕджыты, Хуыцау уырны? ~ О, уыдоны уырны, Хуыцау кӕй ис, ӕмӕ уый тыххӕй фыст ис Библийы (Иаковы 2:19). Фӕлӕ дзы ныр тӕрсгӕ кӕнынц. Уыдон ӕй зонынц, Хуыцау сӕ се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй кӕй фесафдзӕн. Фӕлӕ ӕвзӕрӕй цы сарӕзтой? ~
Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уыцы зӕдтӕ уӕлӕрвты сӕ цӕрӕнбынат ныууагътой, ӕрцыдысты зӕхмӕ ӕмӕ систы адӕймӕгтӕ. Уыдоны фӕндыдис, цӕмӕй зӕххыл рӕсугъд чызджытимӕ ӕмуат ӕрцыдаиккой, семӕ лӕг ӕмӕ усы цард кодтаиккой (Райдиан 6:1, 2; Иудӕйы 6). Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй исты зоныс? ~
Лӕг ӕмӕ ус куы баиу вӕййынц, уӕд арӕх мады гуыбыны райдайы гыццыл сывӕллон рӕзын. Фӕлӕ зӕдтӕн уый бар нӕй, цӕмӕй сылгоймӕгтимӕ цӕрой. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй-иу афтӕ баиу уой ӕрмӕстдӕр лӕг ӕмӕ ус. Ӕмӕ сын сывӕллон дӕр куы райгуыра, уӕд ӕм сӕ бон уыдзӕн кӕсын, хъомыл ӕй кӕнын.
Зӕдтӕ сӕхицӕн адӕймаджы буӕрттӕ куы скодтой ӕмӕ зӕххыл сылгоймӕгтимӕ куы бацардысты, уӕд сын райгуырд сывӕллӕттӕ. Уыцы сывӕллӕттӕ-иу систы уӕйгуыты хуызӕн стыр. Уыдон уыдысты тынг фыдзӕрдӕ ӕмӕ адӕмӕн фыдмитӕ кодтой. Цӕмӕй Хуыцау уыцы уӕйгуыты ӕмӕ ӕвзӕр адӕмы фесӕфтаид, уый тыххӕй зӕххыл тынг бирӕ дон рауагъта. Фӕлӕ Нойӕн саразын кодта стыр нау – ковчег, цӕмӕй, хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыцы цалдӕр адӕймаджы фервӕзтаиккой. Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг дзырдта, цӕмӕй, Доны хъаймӕты рӕстӕг цы ’рцыд, уый ма рох кӕнӕм (Райдиан 6:3, 4, 13, 14; Лукайы 17:26, 27).
Зоныс ӕй, Доны хъаймӕт куы райдыдта, уӕд ӕвзӕр зӕдтӕ цы фесты? ~ Сӕ
зӕххон буӕрттӕ ныууагътой ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕларвмӕ ацыдысты. Фӕлӕ сын уый бар нал уыди, цӕмӕй Хуыцауы зӕдтӕ уыдаиккой. Уыдон систы Сайтаны зӕдтӕ, кӕнӕ хӕйрӕджытӕ. Сӕ сывӕллӕттӕ та, ома уӕйгуытӕ, цы фесты? ~ Уыдон Доны хъаймӕты амардысты. Амардысты ма, Хуыцаумӕ чи нӕ хъуыста, уыцы адӕм дӕр.Доны хъаймӕты фӕстӕ Хуыцау хӕйрӕджытӕн уый бар нал дӕтты, цӕмӕй сӕхицӕн адӕймаджы буӕрттӕ кӕной. Ӕмӕ сӕ кӕд нӕ уынӕм, уӕддӕр адӕмы ардауынц тынг ӕвзӕр хъуыддӕгтыл. Хӕйрӕджытӕ абон адӕмӕн уыйбӕрц зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕнынц, ӕмӕ диссаг! Афтӕ та уымӕн кӕнынц, ӕмӕ сӕ уӕларвӕй зӕхмӕ раппӕрстой.
Зоныс ӕй, хӕйрӕджыты нӕ бон уынын цӕуылнӕ у? ~ Уымӕн ӕмӕ сын адӕймаджы хуызӕн буӕрттӕ нӕй. Фӕлӕ уыдон ӕцӕгдӕр сты. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Сайтан «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр сайы», ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы хӕйрӕджытӕ ӕххуыс кӕнынц (Раргомад 12:9, 12).
Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕн сӕ бон у мах дӕр фӕсайын? ~ Нӕхи сӕ куы нӕ хъахъхъӕнӕм, уӕд о. Фӕлӕ сӕ тӕрсын нӕ хъӕуы. Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг афтӕ загъта: «Мӕныл Хӕйрӕджы бар нӕ цӕуы». Хуыцау нӕ Хӕлар куы уа, уӕд нӕ уый Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕй бахъахъхъӕндзӕн (Иоанны 14:30).
Мах хъуамӕ зонӕм, хӕйрӕджытӕ адӕмӕн цавӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ фӕаразын кӕнынц, уый. Хъуыды ма йӕ кӕныс, хӕйрӕджытӕ зӕхмӕ куы ’рцыдысты, уӕд цавӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтой? ~ Доны хъаймӕты размӕ уыдон цардысты сылгоймӕгтимӕ. Фӕлӕ сын уый бар нӕ уыди. Абон дӕр хӕйрӕджытӕ фӕцин кӕнынц, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг Хуыцауы закъонмӕ куы нӕ байхъусынц ӕмӕ ӕмуат куы ’рцӕуынц, уӕд. Зӕгъ-ма, ӕмуат ӕрцӕуӕн ӕрмӕстдӕр кӕмӕн ис? ~ Раст у, ӕрмӕстдӕр лӕг ӕмӕ усӕн.
Абон иуӕй-иу гыццыл лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ кӕрӕдзиимӕ ӕмуат ӕрцӕуынц, фӕлӕ уый раст нӕу. Библийы ӕргом фыст ис Дыккаг закъон 23:1). Йегъовӕ уыцы уӕнгтӕ скодта бӕлвырд хъуыддагӕн, ӕмӕ уый хъуамӕ уа ӕрмӕстдӕр лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн. Адӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм митӕ куы фӕкӕнынц, уӕд хӕйрӕджытӕ тынг фӕцин кӕнынц. Зӕгъӕм, лӕппу ӕмӕ чызг кӕрӕдзийы буары ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕй куы фӕхъазынц, уӕд. Мах та нӕ фӕнды, хӕйрӕджытӕн ӕхсызгон цы у, уый аразын, афтӕ нӕу? ~
адӕймаджы буары ӕфсӕрмыйаг уӕнгты тыххӕй (Хӕйрӕджытӕ ма уарзынц иу цыдӕр, фӕлӕ Йегъовӕмӕ уый тынг ӕвзӕр кӕсы. Зоныс ӕй, цы у? ~ Фыдмитӕ кӕнын (Псалом 11:5). Фыдмитӕ чи фӕкӕны, уый вӕййы фыдзӕрдӕ ӕмӕ иннӕтӕн алы ӕвзӕрдзинӕдтӕ фӕаразы. Ӕрхъуыды-ма кӕн, афтӕ кодтой уӕйгуытӕ – ӕвзӕр зӕдты сывӕллӕттӕ.
Хӕйрӕджытӕ ма уарзынц адӕмы тӕрсын кӕнын дӕр. Сӕ бон у, чи амард, уыдоны хъӕлӕсӕй дзурын. Афтӕмӕй адӕмы сайынц, ӕмӕ бирӕты бауырны, адӕймаг мӕлӕты фӕстӕ дӕр кӕй цӕры ӕмӕ йӕ бон кӕй у удӕгӕстимӕ ныхас кӕнын. Ӕмӕ уый тыххӕй мӕрдтӕй тӕрсынц.
2 Коринфӕгтӕм 11:14, 15). Фӕлӕ ӕцӕгӕй та хӕйрӕджытӕ сты ӕвзӕр. Уыдон архайынц, цӕмӕй нӕ сӕхи хуызӕн скӕной. Куыдӕй?
Мах хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй нӕ Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕ ма фӕсайой. Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Сайтан йӕхи афтӕ ӕвдисы, цыма хорз зӕд у. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр сӕхи афтӕ ӕвдисынц» (Зӕгъ-ма, адӕймаг кӕм фены фыдмитӕ, хӕлд митӕ ӕмӕ мӕрдты ныхасгӕнгӕ? ~ Телевизоры, киноты, компьютеры, видеохъӕзтыты, Интернеты, комиксты ӕмӕ алыхуызон чингуыты. Куыд дӕм кӕсы, ӕппӕт уыдӕттӕй кӕмӕ кӕнӕм ӕввахсдӕр, Хуыцаумӕ ӕви Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕм? ~
Куыд хъуыды кӕныс, кӕй фӕнды, цӕмӕй хъусӕм ӕмӕ кӕсӕм, ӕвзӕр цы у, уымӕ? ~ О, Сайтаны ӕмӕ хӕйрӕджыты. Уӕдӕ мӕн ӕмӕ дӕу цы аразын хъӕуы? ~ Хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ хъусӕм, пайда нын цы у ӕмӕ нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн цы ӕххуыс кӕны, уыдӕттӕм. Куыд хъуыды кӕныс, цавӕр чингуытӕ ӕмӕ кинотӕм у нӕ бон кӕсын? ~
Кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразӕм, уӕд нӕ хӕйрӕджытӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Йесо хӕйрӕджытӕй тыхджындӕр у, ӕмӕ дзы уыдон тӕрсгӕ кӕнынц. Иухатт хӕйрӕджытӕ Йесойӕн загътой: «Сафынмӕ нӕм ӕрцыдтӕ?» (Марчы 1:24). Йесо тагъд Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджыты куы фесафа, уӕд тынг нӕ цин кӕндзыстӕм? ~ Фӕлӕ нӕ уӕдмӕ дӕр Йесо хӕйрӕджытӕй хъахъхъӕндзӕн, кӕд ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыд дӕр нӕ хӕлӕрттӕ сты, уӕд.
Нӕхи Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕй куыд бахъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй-ма бакӕсӕм 1 Петры 5:8, 9 ӕмӕ Иаковы 4:7, 8.