Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

31 СӔР

Чи дын баххуыс кӕндзӕн?

Чи дын баххуыс кӕндзӕн?

ИСКУЫ дын ӕнкъард уыди? ~ Искуы дӕм афтӕ касти, ӕмӕ никӕй хъӕуыс, ничи дӕ уарзы? ~ Сывӕллӕттӕй иуӕй-иутӕм вӕййы ахӕм хъуыдытӕ. Фӕлӕ нын Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн» (Исай 49:15). Ахъуыды-ма кӕн, уый куыд хорз у! Йегъовӕ Хуыцау нӕ ӕцӕгдӕр бирӕ уарзы!

Куыд хъуыды кӕныс, ацы гыццыл фыс куы адзӕгъӕл, уӕд нӕ фӕтарсти?

Библи чи фыста, уыдонӕй сӕ иу афтӕ загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мӕ мад куы ныууадзой, уӕддӕр мӕ Йегъовӕ иунӕгӕй нӕ ныууадздзӕн» (Псалом 27:10). Зӕгъ-ма, Йегъовӕ нӕ кӕй никуы ныууадздзӕн, уый дын ӕхсызгон нӕу? ~ Йегъовӕ нын дзуры: «Ма тӕрс, ӕз демӕ дӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (Исай 41:10).

Фӕлӕ иуӕй-иу хатт Йегъовӕ Хӕйрӕджы бауадзы, цӕмӕй нын зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕна. Йегъовӕ ма йӕ бауадзы, цӕмӕй йын йӕ лӕггадгӕнджыты фӕлваргӕ дӕр бакӕна. Иухатт Хӕйрӕг Йесойӕн ахӕм зын бавзарын кодта, ӕмӕ Йесо Йегъовӕйӕн загъта: «Мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?» (Матфейы 27:46). Кӕд Йесойӕн тынг зын уыди, уӕддӕр ӕй зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы (Иоанны 10:17). Фӕлӕ ма Йесо зыдта, Хуыцау кӕй бауадзы Хӕйрӕджы, цӕмӕй йын йӕ лӕггадгӕнджыты фӕлвара ӕмӕ сын зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕна. Хуыцау Хӕйрӕгӕн ахӕм бар цӕмӕн дӕтты, уый базондзыстӕм ӕндӕр сӕрӕй.

Гыццыл сывӕллӕттӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕтӕрсынц. Искуы дыл ахӕм хабар ӕрцыди, ӕмӕ дӕ фыд кӕнӕ дӕ мадимӕ кӕдӕмдӕр ацыдтӕ, ӕмӕ фесӕфтӕ? ~ Зӕгъ-ма, нӕ фӕтарстӕ? ~ Сывӕллӕттӕй бирӕтӕ фӕтарстаиккой. Иухатт ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг радзырдта иу хабар. Уыцы хабар сывӕллоны тыххӕй нӕу, фӕлӕ гыццыл фысы тыххӕй. Уыцы фыс иннӕтӕй фӕхицӕн ӕмӕ адзӕгъӕл.

Ды дӕр цӕмӕйдӕрты ахӕм гыццыл фысы хуызӕн дӕ. Цӕмӕй, уый зоныс? Фыстӕ тынг стыр ӕмӕ тыхджын нӕ вӕййынц. Ӕмӕ сӕм фӕхъӕуы кӕсын ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнын. Фыстӕм чи фӕкӕсы, уый хуыйны фыййау.

Йесо цы хабар радзырдта, уый уыд афтӕ. Иу фыййаумӕ уыди сӕдӕ фысы. Ӕмӕ йын дзы иу фесӕфти. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы фысы фӕндыди фенын, хохы иннӕ фарс цы ис, уый. Фӕлӕ размӕ куыд цыди, афтӕ иннӕ фыстӕй дардӕй-дарддӕр кодта ӕмӕ адзӕгъӕл. Ахъуыды-ма кӕн, уыцы гыццыл фыс йӕ алыварс куы аракӕс-бакӕс кодта ӕмӕ дзы куы никӕй федта, уӕд куыд тынг фӕтарстаид!

Фыййау куы базыдта, ӕмӕ йӕ фыс фесӕфт, уӕд цымӕ куыд бакодта? Мыййаг, йӕхицӕн загъта, зӕгъгӕ, йӕхи аххос уыд ӕмӕ ныр цыфӕнды дӕр кӕнӕд? Ӕви йӕ 99 фысы ӕдас бынаты ныууагъта ӕмӕ уыцы иу фысы агурӕг ацыд? Уыцы фыс уый аргъ уыд, ӕмӕ йӕ фыййау агура? ~ Ды уыцы сӕфт фыс куы уыдаис, уӕд дӕ нӕ фӕндыдаид, цӕмӕй фыййау дӕ агурӕг ацыдаид? ~

Йӕ фысы чи ссардта, уыцы фыййау кӕй хуызӕн у?

Фыййау йӕ фысты се ’ппӕты дӕр бирӕ уарзта. Бирӕ уарзта, чи йын фесӕфт, уыцы фысы дӕр. Ӕмӕ йӕ агурӕг ацыди. Ахъуыды-ма кӕн, уыцы фыс йӕ фыййауы куы федта, уӕд ыл куыд цинтӕ кодтаид! Йесо куыд загъта, афтӕмӕй фыййау дӕр тынг цин кодта. Уый уыцы иу фысыл куыд цин кодта, афтӕ иннӕ 99 фысыл нӕ цин кодта. Зӕгъ-ма, уыцы фыййау кӕй хуызӕн у? Уый йӕ фысты куыд уарзта, афтӕ мах та чи уарзы? ~ Йесо загъта, афтӕ нӕ йӕ уӕларвон Фыд кӕй уарзы. Йӕ Фыд та у Йегъовӕ.

Йегъовӕ Хуыцау у йӕ адӕмы Фыййау. Уый бирӕ уарзы, чи йын лӕггад кӕны, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Бирӕ уарзы дӕу хуызӕн сывӕллӕтты дӕр. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй ныл исты ’рцӕуа кӕнӕ нӕ исчи фесӕфа. Хуыцау ныл афтӕ кӕй тыхсы, уый куыд хорз у! (Матфейы 18:12–14).

Дӕ фыдыл куыд ӕууӕндыс, Йегъовӕйыл дӕр афтӕ ӕууӕндыс?

Зӕгъ-ма, Йегъовӕ Хуыцауыл ӕцӕгдӕр ӕууӕндыс? ~ Удӕгас Хуыцау кӕй у, уый дӕ уырны? ~ Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн нӕ бон нӕу Йегъовӕйы фенын. Уымӕн ахӕм буар ис, ӕмӕ йӕ цӕстӕй фенӕн нӕй. Фӕлӕ уый удӕгас Хуыцау у ӕмӕ нӕ уыны. Йегъовӕ алы хатт дӕр фӕзоны, ӕххуыс нӕ кӕд фӕхъӕуы, уый. Ӕмӕ кувгӕйӕ нӕ бон у йемӕ ныхас кӕнын, мӕнӕ адӕймагимӕ куыд фӕныхас кӕнӕм, афтӕ. Йегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй йемӕ ныхас кӕнӕм.

Уӕдӕ дын ӕнкъард куы уа кӕнӕ дӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ никӕй хъӕуыс, уӕд дӕ цы саразын хъӕуы? ~ Йегъовӕйӕн ӕй радзур. Уый дын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн. Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕ дӕ бирӕ уарзы, кӕд дӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуыс, уӕддӕр. Бакӕн-ма дӕ Библийы 23-ӕм псалом. 1-аг ӕмӕ 2-аг стихты ис ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ у мӕ фыййау. Ӕз цух ницӕмӕй уыдзынӕн. Уый мӕ акӕны кӕрдӕгджын быдырмӕ, дон кӕм ис, ахӕм рӕттӕм».

Кӕс-ма, дарддӕр 4-ӕм стихы цы ис фыст: «Тынг талынг ран дӕр куы ацӕуон, уӕддӕр ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ды мемӕ дӕ. Дӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уый фӕрцы мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы». Йӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы адӕм афтӕ фӕдзурынц. Зын рӕстӕг сӕ зӕрдӕтӕ вӕййынц сабыр. Зӕгъ-ма, дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ зӕгъын? ~

Хорз фыййау йӕ фыстӕм йӕ хъус куыд дары, афтӕ Йегъовӕ дӕр йӕ хъус дары йӕ адӕммӕ. Ӕвдисы сын раст фӕндаг, ӕмӕ уыдон йӕ фӕдыл цингӕнгӕ цӕуынц. Ӕмӕ исты зындзинадыл куы сӕмбӕлынц, уӕддӕр сӕ тӕрсын ницӕмӕй хъӕуы. Зӕгъӕм, фыййау йӕ лӕдзӕгӕй фӕхъахъхъӕны йӕ фысты хъӕддаг сырдтӕй. Библийы фыст ис, Давид фыййау куы уыди, уӕд йӕ фысты домбай ӕмӕ арсӕй куыд бахъахъхъӕдта, уый тыххӕй (1 Паддзахӕдты 17:34–36). Хуыцауы адӕм дӕр зонынц, Йегъовӕ сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн. Уыдон нӕ тӕрсынц, уымӕн ӕмӕ Хуыцау семӕ ис.

Фыййау йӕ фысты куыд хъахъхъӕны, афтӕ мах та зын рӕстӕг чи хъахъхъӕндзӕн?

Йегъовӕ йӕ фысты бирӕ уарзы ӕмӕ сыл тыхсы. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй афтӕ фыст ис: «Фыййау фысты куыд хиза, афтӕ хиздзӕн йӕ фысты. Уӕрыччыты исдзӕн йӕ хъӕбысмӕ» (Исай 40:11).

Йегъовӕ ахӕм хорз Хуыцау кӕй у, ууыл нӕ цин кӕныс? ~ Зӕгъ-ма, нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй ды дӕр йӕ фыстӕй уай? ~ Фыстӕ фӕхъусынц сӕ фыййауы хъӕлӕсмӕ. Ӕмӕ йӕ разӕй дард никуыдӕм ацӕуынц. Ды та Йегъовӕмӕ фӕхъусыс? ~ Ӕввахс ӕм лӕууыс? ~ Кӕд о, уӕд дӕ тӕрсын ницӕмӕй хъӕуы. Йегъовӕ алкӕддӕр уыдзӕн демӕ.

Йегъовӕ уарзы йӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сыл тыхсы. Бакӕсӕм-ма уый тыххӕй Псаломы 37:25; 55:22 ӕмӕ Лукайы 12:29–31.