Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

36 СӔР

Чи райгас уыдзӕн? Ӕмӕ кӕм цӕрдзысты?

Чи райгас уыдзӕн? Ӕмӕ кӕм цӕрдзысты?

ФӔСТАГ дыууӕ сӕры кастыстӕм, чи райгас, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Хъуыды ма йӕ кӕныс, цал уыдысты? ~ Фондз. Сывӕллӕттӕ та дзы цал уыди? ~ Ӕртӕ. Цыппӕрӕм та уыди ӕрыгон лӕппу. Куыд дӕм кӕсы, уыцы хабӕрттӕй цы ис базонӕн? ~

Базонӕн дзы ис, Йегъовӕ сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгӕтты бирӕ кӕй уарзы. Фӕлӕ Йегъовӕ стыртӕй дӕр бирӕты райгас кӕндзӕн. Цымӕ Хуыцау ӕрмӕстдӕр хорз адӕмы райгас кӕндзӕн? ~ Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц. Фӕлӕ адӕмӕй бирӕтӕ Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы нӕ зыдтой. Ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уымӕн ӕмӕ сӕ хорзыл ничи ахуыр кодта. Куыд хъуыды кӕныс, Йегъовӕ ахӕм адӕмы дӕр райгас кӕндзӕн? ~

Библийы афтӕ фыст ис: «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Фӕлӕ рӕстгӕнӕг чи нӕ уыд, ома раст хъуыддӕгтӕ чи нӕ арӕзта, уыдоны ӕгас кӕнын цӕмӕн хъӕуы? ~ Уымӕн ӕмӕ уыдонӕн Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстыты тыххӕй никуы ничи дзырдта.

Раст хъуыддӕгтӕ чи нӕ арӕзта, уыдоны Хуыцау цӕмӕн райгас кӕндзӕн?

Куыд дӕм кӕсы, мӕрдтӕ кӕд райгас уыдзысты? ~ Хъуыды ма йӕ кӕныс, Лазӕр куы амард, уӕд Йесо Марфӕйӕн афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «де ’фсымӕр райгас уыдзӕн»? Марфӕ та йын загъта: «Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн фӕстаг бон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд» (Иоанны 11:23, 24). Цымӕ Марфӕ цавӕр «фӕстаг боны» кой кодта? ~

Йесо ацы лӕгӕн цы Дзӕнӕты кой кодта, уый кӕм уыдзӕн?

Марфӕ фехъуыста, Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон райгас уыдзысты» (Иоанны 5:28, 29). Уӕдӕ «фӕстаг бон» у, Хуыцауы хъуыдыйы чи ис, уыдон иууылдӕр куы райгас уой, уыцы рӕстӕг. Фӕлӕ уыцы бон 24 сахаты нӕ уыдзӕн. Уый уыдзӕн 1 мин азы. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй уыцы бон Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн. Ӕмӕ тӕрхон кӕндзӕн, чи райгас уа, уыцы адӕмӕн дӕр (Хъуыддӕгтӕ 17:31; 2 Петры 3:8).

Уый цы хорз рӕстӕг уыдзӕн, ууыл-ма ахъуыды кӕн! 1 мин азы дӕргъы райгас уыдзӕн тынг бирӕ адӕм. Ӕмӕ кӕм цӕрдзысты, уыцы бынат Йесо схуыдта Дзӕнӕт. Цымӕ уыцы Дзӕнӕт кӕм уыдзӕн ӕмӕ цыхуызӕн уыдзӕн? Цӕй ӕмӕ уый дӕр базонӕм.

Йесо йӕ мӕлӕтӕй ӕртӕ сахаты раздӕр, йӕ фарсмӕ хъӕдыл цы лӕг уыд ауыгъд, уымӕн ской кодта Дзӕнӕты тыххӕй. Уыцы лӕг цы ’взӕр хъуыддӕгтӕ фӕарӕзта, уыдоны тыххӕй йын рахастой мӕлӕты тӕрхон. Фӕлӕ Йесо цавӕр адӕймаг у, уый куы федта ӕмӕ дзы цы дзурынц, уый куы фехъуыста, уӕд ыл баууӕндыд. Ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн». Йесо та йын загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лукайы 23:42, 43).

Дзӕнӕты тыххӕй куы кӕсай, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕндзынӕ?

Уымӕй Йесойы цы зӕгъын фӕндыд? Дзӕнӕт кӕм хъуамӕ уа? ~ Ахъуыды-ма йыл кӕнӕм. Хуыцау Дзӕнӕт кӕм скодта? ~ Ӕрхъуыды-ма йӕ кӕн: Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усы, Адам ӕмӕ Евӕйы, ӕрцӕрын кодта, зӕххыл цы дзӕнӕт скодта, уым. Уый хуынди Едемы цӕхӕрадон. Уыцы цӕхӕрадоны царди алыхуызон сырдтӕ, фӕлӕ уыдысты сабыр, хӕцгӕ никӕуыл кодтой. Зади дзы, сӕ дыргътӕ адджын кӕмӕн уыдысты, ахӕм бӕлӕстӕ. Уыцы дзӕнӕты ма калди стыр цӕугӕдон дӕр. Цӕрынӕн уымӕй хуыздӕр бынат нӕ уыд! (Райдиан 2:8–10).

Уӕдӕ-иу Йесойы ныхӕстӕ куы кӕсӕм, уӕд-иу ӕй хъуамӕ ’мбарӕм, уыцы Дзӕнӕт ам зӕххыл кӕй уыдзӕн. Зӕххыл уыдзӕн тынг рӕсугъд. Фӕлӕ Йесо дӕр уыцы лӕгимӕ зӕххыл цӕрдзӕн? ~ Нӕ, Йесо зӕххыл нӕ цӕрдзӕн. Зоныс, цӕуылнӕ? ~

Йесо зӕххӕн Паддзах куы уа, уӕд йӕхӕдӕг та уыдзӕн уӕлӕрвты. Ӕмӕ уӕд уыцы лӕджы райгас кӕндзӕн ӕмӕ йын ӕххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй уыдзӕн йемӕ. Фӕлӕ йӕ Йесо Дзӕнӕты цӕрын цӕмӕн бауадздзӕн? ~ Иумӕ-ма йыл ахъуыды кӕнӕм.

Цымӕ уыцы фыдгӕнӕг уый размӕ Хуыцауы фӕндты тыххӕй исты зыдта? ~ Ӕппындӕр ницы. Уый Хуыцауы нӕ зыдта, ӕмӕ уый тыххӕй арӕзта ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ. Дзӕнӕты та йын радзурдзысты Хуыцауы фӕндты тыххӕй. Уӕд йӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ уымӕй равдисдзӕн, Хуыцауы ӕцӕгдӕр кӕй уарзы.

Чи райгас уа, уыдон иууылдӕр зӕххыл Дзӕнӕты цӕрдзысты? ~ Нӕ, нӕ цӕрдзысты. Зоныс ӕй, цӕуылнӕ? ~ Уымӕн ӕмӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ цӕрдзысты Йесоимӕ уӕлӕрвты. Уыдон йемӕ зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ. Уый кӕцӕй ис базонӕн, уымӕ-ма ӕркӕсӕм.

Йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Уӕлӕрвты мӕ Фыды хӕдзары бынӕттӕ бирӕ ис. Ӕмӕ ӕз цӕуын, цӕмӕй уын бынат ӕрцӕттӕ кӕнон». Стӕй сын ныфс бавӕрдта: «Ӕз ногӕй ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ мӕхимӕ акӕндзынӕн, цӕмӕй, ӕз кӕм дӕн, сымах дӕр уым уат» (Иоанны 14:2, 3).

Йесо куы райгас, уӕд цы фӕци? ~ О, фӕстӕмӕ йӕ Фыдмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхт (Иоанны 17:4, 5). Уый размӕ та Йесо йӕ апостолтӕн ӕмӕ йӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, кӕй сӕ райгас кӕндзӕн, цӕмӕй йемӕ уӕлӕрвты уой. Фӕлӕ уым цы араздзысты? ~ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй «фыццаг чи райгас уа», уыдон цӕрдзысты уӕлӕрвты ӕмӕ йемӕ мин азы зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ (Раргомад 5:10; 20:5, 6; 2 Тимофеймӕ 2:12).

«Фыццаг чи райгас уыдзӕн» ӕмӕ Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон цал сты? ~ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ загъта: «Ма тӕрс, гыццыл дзуг, уымӕн ӕмӕ уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын» (Лукайы 12:32). Ацы «гыццыл дзугӕн», ома чи райгас уыдзӕн ӕмӕ Йесоимӕ йӕ уӕларвон Паддзахады чи уыдзӕн, уыдонӕн сӕ нымӕц бӕрӕг у. Библийы фыст ис, уыдон кӕй сты «сӕдӕ цыппор цыппар мины» (Раргомад 14:1, 3).

Чи райгас уа, уыдон кӕм цӕрдзысты ӕмӕ цы араздзысты?

Зӕххыл Дзӕнӕты та цал адӕймаджы цӕрдзӕн? ~ Библийы уый фыст нӕй. Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадоны куы цардысты, уӕд сын Хуыцау загъта, цӕмӕй сывӕллӕттӕ рауадзой ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕной. Уыдонӕн сӕ бон не сси йӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ Хуыцау уӕддӕр йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн хорз адӕмӕй (Райдиан 1:28; Исай 45:18; 55:11).

Ахъуыды-ма кӕн, Дзӕнӕты куыд хорз уыдзӕн! Ӕнӕхъӕн зӕхх суыдзӕн рӕсугъд парчы хуызӕн. Уыдзӕн дзы алыхуызон цъиутӕ ӕмӕ сырдтӕ. Зайдзӕн дзы рӕсугъд бӕлӕстӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Уым иу адӕймаг дӕр нал фӕрынчын уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ низтӕ нал уыдзӕн. Мӕлгӕ дӕр ничиуал кӕндзӕн. Адӕм иууылдӕр уыдзысты ӕмбӕлттӕ. Кӕд нӕ фӕнды ӕнустӕм Дзӕнӕты цӕрын, уӕд ныртӕккӕ хъуамӕ райдайӕм нӕхи уыцы цардмӕ цӕттӕ кӕнын.

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый тыххӕй ма ноджыдӕр бакӕсӕн ис Ӕмбисӕндты 2:21, 22; Екклесиасты 1:4 ӕмӕ Исайы 2:4; 11:6–9; 35:5, 6; 65:21–24.