Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 СӔР

Йесо ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг цӕмӕн уыди?

Йесо ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг цӕмӕн уыди?

ИУ-ДЫУУӔ мин азы размӕ зӕххыл райгуырди диссаджы сывӕллон. Рацыд рӕстӕг, ӕмӕ сывӕллон сыстыр. Зӕххыл уый хуызӕн адӕймаг никуы цард. Уыцы рӕстӕг нӕма уыди самолеттӕ, машинӕтӕ, телевизортӕ, компьютертӕ ӕмӕ телефонтӕ.

Уыцы сывӕллоны схуыдтой Йесо. Зӕххыл уымӕй зондджындӕр адӕймаг нӕ уыд. Стӕй ма сси ӕппӕты хуыздӕр ахуыргӕнӕг дӕр. Адӕймагӕн-иу зынӕмбарӕн цы уыд, уый-иу ын ахӕм ныхӕстӕй радзырдта, ӕмӕ-иу ӕй ӕнцонтӕй бамбӕрста.

Йесо адӕмимӕ ныхас кодта алы ран дӕр. Ахуыр сӕ кодта денджызы был, стӕй лодкӕйы бадгӕйӕ, хӕдзӕртты ӕмӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ. Йесомӕ нӕ уыди машинӕ, стӕй нӕ цыди автобустӕ ӕмӕ поездтыл дӕр. Уый иу ранӕй иннӕ ранмӕ цыди къахӕй ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта.

Адӕймаг иннӕтӕй бирӕ цыдӕртӕ базоны. Фӕлӕ нӕ ӕппӕты тынгдӕр цы хъӕуы, уый базонӕн ис Йесойӕ – ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгӕй. Йӕ ныхӕстӕ фыст сты Библийы. Уыцы ныхӕстӕм куы фӕхъусӕм, уӕд уый афтӕ вӕййы, цыма немӕ Йесо фӕдзуры.

Йесо ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг цӕмӕн уыди? Уымӕн ӕмӕ йӕхицӕн дӕр уыди ахуыргӕнӕг. Ӕмӕ уый зыдта, ахуыргӕнӕгмӕ хъусын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ-иу Йесо кӕмӕ хъуыста? Чи уыди йӕ ахуыргӕнӕг? ~ Йӕ Фыд. Йесойы Фыд та у Хуыцау.

Йесо зӕхмӕ куы нӕма ’рцыд, уӕд цард уӕлӕрвты Хуыцауимӕ. Уымӕ гӕсгӕ Йесо нӕ уыди иннӕ адӕмы хуызӕн. Зӕххыл цы адӕм цард, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр Йесо царди йӕ райгуырды размӕ уӕлӕрвты. Йесо йӕ Фыдӕн уыд коммӕгӕс Фырт, алкӕддӕр ӕм хъуыста. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ Фыд ын цы бацамыдта, уыдӕттӕ йӕ бон уыди адӕмӕн амонын. Ды дӕр дӕ фыд ӕмӕ дӕ мадмӕ куы хъусай, уӕд уыдзынӕ Йесойы хуызӕн.

Йесо ма ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг уымӕн уыди, ӕмӕ уарзта адӕмы. Уый сын ӕххуыс кодта Хуыцауы базонынӕн. Йесо уарзта стырты дӕр ӕмӕ гыццылты дӕр. Ӕмӕ йын йӕхи дӕр сывӕллӕттӕ бирӕ уарзтой, уымӕн ӕмӕ-иу семӕ ныхас кодта ӕмӕ йын цы дзырдтой, уымӕ лӕмбынӕг хъуыста.

Сывӕллӕттӕ Йесойы цӕмӕн уарзтой?

Иухатт Йесомӕ ӕрбакодтой гыццыл сывӕллӕтты. Фӕлӕ Йесойы ӕмбӕлттӕм афтӕ касти, ӕмӕ сӕ Ахуыргӕнӕгӕн уыйбӕрц рӕстӕг нӕй, цӕмӕй сывӕллӕттимӕ ныхӕстӕ кӕна. Ӕмӕ сӕ Йесомӕ нӕ уагътой. Фӕлӕ Йесо йе ’мбӕлттӕн цы загъта? ~ Уый сын загъта: «Ӕрбауадзут мӕм сывӕллӕтты. Ма сӕ хъыгдарут». О, Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕм гыццыл сывӕллӕттӕ цыдаиккой. Ӕмӕ кӕд тынг зондджын уыди ӕмӕ йӕ бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр хъуыди аразын, уӕддӕр-иу сывӕллӕтты ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг ссардта (Марчы 10:13, 14).

Зоныс ӕй, Йесо сывӕллӕтты цӕмӕн ахуыр кодта ӕмӕ йын цы дзырдтой, уымӕ лӕмбынӕг цӕмӕн хъуыста? Уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уыдаиккой амондджын ӕмӕ хъӕлдзӕг. Ӕмӕ-иу сын дзырдта Хуыцауы тыххӕй, йӕ уӕларвон Фыды тыххӕй. Дӕуӕн та дӕ бон цы у бакӕнын, цӕмӕй адӕм амондджын ӕмӕ хъӕлдзӕг уой? ~ Дзур сын, Хуыцауы тыххӕй цы базыдтай, уый.

Иухатт Йесойы фӕндыд йе ’мбӕлтты цӕуылдӕр сахуыр кӕнын. Уый фӕдзырдта иу гыццыл сывӕллонмӕ ӕмӕ йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты раз ӕрлӕууын кодта. Уый фӕстӕ уыцы стыр лӕгтӕн загъта, цӕмӕй сӕ зонд аивой ӕмӕ суой уыцы сывӕллоны хуызӕн.

Стыртӕ ӕмӕ, дӕуӕй хистӕр чи у, уыцы сывӕллӕттӕ гыццыл сывӕллонӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц?

Йесо сын афтӕ цӕмӕн загъта? Стыртӕ ӕмӕ, дӕуӕй хистӕр чи у, уыцы сывӕллӕттӕ куыд хъуамӕ суой гыццыл сывӕллоны хуызӕн? ~ Гыццыл сывӕллон, стыртӕ цас зонынц, уыйбӕрц нӕ фӕзоны, ӕмӕ йӕ фӕфӕнды фылдӕр базонын. Ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй сӕ фӕнда гыццыл сывӕллӕттау фылдӕр базонын, истӕуыл ахуыр кӕнын. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, нӕ бон у иннӕ адӕмӕй бирӕ цыдӕртӕ базонын. Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъуамӕ ӕмбарӕм: нӕхӕдӕг цы зонӕм, уый хорз у, фӕлӕ сӕйрагдӕр у, Йесо нын цы дзуры, уый (Матфейы 18:1–5).

Йесо ма ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг уыди ноджыдӕр иу цӕйдӕр тыххӕй. Уый-иу афтӕ дзырдта, ӕмӕ йӕм адӕм хъусынӕй не ’фсӕстысты. Йӕ ныхас уыд хуымӕтӕг, ӕнцонӕмбарӕн. Цӕмӕй адӕм Хуыцауы хуыздӕр базыдтаиккой, уый тыххӕй сын дзырдта цъиуты, дидинджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы уыдтой, уыдӕтты тыххӕй.

Иухатт Йесо хохыл куы уыд, уӕд ӕм ӕрбацыд бирӕ адӕм. Йесо ӕрбадт ӕмӕ семӕ ныхас кӕнын райдыдта. Ӕркӕс-ма мӕнӕ ацы нывмӕ. Уый загъта: «Акӕсут-ма цъиутӕм. Уыдон садзгӕ ницы кӕнынц. Сӕхицӕн хӕринаг никуы ӕмбырд кӕнынц. Фӕлӕ сӕ Хуыцау ӕфсады. Ӕмӕ уӕд сымах цъиутӕй зынаргъдӕр не стут?»

Йесо цъиуты ӕмӕ дидинджыты тыххӕй цӕмӕн дзырдта?

Йесо ма сын загъта: «Акӕсут-ма быдыры дидинджытӕм. Уыдон сӕхи ницы хъӕуы аразын, афтӕмӕй рӕзынц. Ӕмӕ куыд рӕсугъд сты! Паддзах Соломон кӕд тынг хъӕздыг уыди, уӕддӕр уыцы дидинджыты хуызӕн рӕсугъд йӕхи никуы сарӕзта. Ӕмӕ кӕд Хуыцау дидинджытӕм афтӕ зилы, уӕд сымахыл нӕ батыхсдзӕн?» (Матфейы 6:25–33).

Ӕмбарыс ӕй, Йесо афтӕ цӕмӕн загъта? ~ Уый нӕ фӕндыди, цӕмӕй хӕринаг ӕмӕ дзаумӕттыл ӕгӕр тыхсӕм. Хуыцау ӕй хорз зоны, уыдӕттӕ нӕ кӕй хъӕуынц. Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ кусын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ уый дзырдта, цӕмӕй нын царды фыццаг бынаты уа Хуыцау. Афтӕ куы уа, уӕд нӕ Хуыцау ӕнӕ хӕринаг ӕмӕ ӕнӕ дзаумӕттӕй никуы ныууадздзӕн. Уырны дӕ уый? ~

Йесойы ныхӕстӕ адӕмы зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? ~ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, дис кодтой, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл. Хъусынӕй йӕм не ’фсӕстысты. Йӕ ныхӕстӕ сын ӕххуыс кодтой, раст цы у, уый аразынӕн (Матфейы 7:28).

Уӕдӕ Йесомӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы хъусын. Ӕмӕ йӕм хъусӕн та куыд ис? ~ Йӕ ныхӕстӕ фыст сты иу чиныджы. Зоныс ӕй, цавӕр чиныг у? ~ Уый у Библи. Ӕмӕ Библи куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн Йесомӕ хъусын. Иухатт Хуыцау йӕхӕдӕг загъта, зӕгъгӕ, Йесомӕ хъусут. Уыцы диссаджы хабар фыст ис Библийы. Ӕркӕсӕм-ма йӕм.

Иу бон куы уыди, уӕд Йесо йе ’мбӕлттӕй ӕртӕйы йемӕ акодта бӕрзонд хохмӕ. Уыдон уыдысты Иаков, Иоанн ӕмӕ Петр. Фӕстӕдӕр уыдоны тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уыдысты йӕ хуыздӕр ӕмбӕлттӕ. Уыцы бон ӕрцыд диссаджы хабар. Йесойы цӕсгом хурау ныррухс, йӕ дзаумӕттӕ та рухсау урс-урсид фестадысты. Дӕ бон ӕй у мӕнӕ ацы нывы фенын.

«Ай у мӕ уарзон Фырт... Хъусут ӕм»

Уый фӕстӕ Йесо ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ фехъуыстой, арвӕй чидӕр афтӕ кӕй ӕрдзырдта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕ дзы рухс кӕны. Хъусут ӕм» (Матфейы 17:1–5). Арвӕй чи ӕрдзырдта, уый зоныс? ~ Уый уыд Хуыцау! О, Хуыцау сын йӕхӕдӕг загъта, цӕмӕй йын йӕ Фыртмӕ хъусой.

Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Хуыцауы коммӕ кӕсдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ Фыртмӕ, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ, хъусдзыстӕм? ~ О, хъуамӕ йӕм иууылдӕр хъусӕм. Хъуыды ма йӕ кӕныс, Йесомӕ хъусӕн куыд ис? ~

Раст зӕгъыс, нӕ бон уыдзӕн Хуыцауы Фыртмӕ хъусын, Библийы йӕ царды тыххӕй куы кӕсӕм, уӕд. Уым нын ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг дзуры бирӕ хорз хабӕрттӕ. Куы сӕ базонай, уӕд дӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцӕудзысты. Стӕй ма сӕ де ’мбӕлттӕн дӕр куы дзурай, уӕд дӕхӕдӕг дӕр тынг цин кӕндзынӕ.

Йесомӕ хъусын хорз кӕй у, уый тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис Иоанны 3:16; 8:28–30 ӕмӕ Хъуыддӕгты 4:12.