Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныййарджытӕ!

Ныййарджытӕ!

Уӕ сывӕллӕттӕн цавӕр лӕвар у уӕ бон скӕнын, цӕмӕй афтӕ зӕгъӕн уа, ӕмӕ уымӕй хуыздӕр лӕвар нӕй? Сывӕллӕтты бирӕ цыдӕртӕ фӕхъӕуы, зӕгъӕм, цӕмӕй сӕ уарзат, зонд сын амонат ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнат. Фӕлӕ ӕппӕты зынаргъдӕр лӕвар та у, Йегъовӕйы тыххӕй сын куы дзурат ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый сын куы ӕмбарын кӕнат (Иоанны 17:3). Уый фӕрцы уӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы бауарздзысты ӕмӕ йын суанг сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕндзысты (Матфейы 21:16).

Ныййарджытӕй бирӕтӕ бафиппайдтой, сывӕллӕттӕ цыбыр уроктӕ ӕмӕ хъӕзтытӕ кӕй уарзынц. Ӕмӕ уый тыххӕй рауагътам брошюрӕ «Ӕз ахуыр кӕнын Библи». Алы урочы фӕрцы дӕр сывӕллӕттӕн хуымӕтӕгӕй бамбарын кӕнӕн ис кӕцыдӕр ахсджиаг хъуыды Библийӕ. Цы нывтӕ ӕмӕ дзы цы ӕмдзӕвгӕтӕ ис, уыдон сты, ӕртӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цӕуы, ахӕм сывӕллӕттӕн. Ис ма дзы хӕслӕвӕрдтӕ дӕр. Брошюрӕ «Ӕз ахуыр кӕнын Библи» уый тыххӕй нӕу, цӕмӕй дзы уӕ сывӕллӕттӕ хъазой, фӕлӕ сын ӕй цӕмӕй кӕсат ӕмӕ семӕ ныхас кӕнат.

Ныфс нӕ ис, ацы брошюрӕ уын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн «сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ» Библийы рӕстдзинад амонат (2 Тимофеймӕ 3:14, 15).

Уе ’фсымӕртӕ,

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет