Дӕ бон куыд у Хуыцаумӕ баввахс уын
Сӕр 16
Дӕ бон куыд у Хуыцаумӕ баввахс уын
1. Цавӕр ӕмхуызондзинӕдтӕ ис бирӕ динты?
ИУ ТУРИСТ, скӕсӕйнаг бӕстӕйы уӕвгӕйӕ, дисы бахауд динон ритуалтӕй, кӕцытӕ арӕзтой буддистон аргъуаны. Кӕд ӕмӕ уым цы хуызтӕ уыд, уыдон Мариа ӕмӕ Чырыстийы хуызты хуызӕн нӕ уыдысты, уӕддӕр бирӕ ритуалтӕ аргъуаны ритуалты хуызӕн уыдысты, кӕцытӕ йӕ бӕстӕйы аргъуан арӕзта. Зӕгъӕм, уый бафиппайдта фӕрдгуытӕй кӕй пайда кодтой ӕмӕ куывтытӕ зарӕджы хуызы кӕй дзырдтой. Ахӕм ӕмхуызондзинӕдтӕ ма ӕндӕртӕ дӕр бафиппайдтой. Куыд Скӕсӕны, афтӕ Ныгуылӕны дӕр уырнӕг адӕм цы мадзӕлттӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй баввахс уой Хуыцаумӕ кӕнӕ сӕ табугӕнӕн предметтӕм, уыдон сты тынг ӕмхуызон.
2. Цы нысан кӕны куывд ӕмӕ цӕмӕ кувынц бирӕ адӕймӕгтӕ?
2 Бирӕтӕ цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уой, уый тыххӕй тынгдӕр архайынц кувыныл. Ирон адӕмы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ, куывд у — Хуыцау ӕмӕ йе сконд зӕдтӕм, дауджытӕм кувын-дзурын (Кӕс «Ирон фарн» 1996 аз, 272-ӕм фарс). Фӕлӕ иуӕй-иутӕ Хуыцаумӕ фӕкувынц, исты райсын сӕ куы фӕфӕнды, уӕд. Зӕгъӕм, иухатт иу нӕлгоймаг бафарста Иегъовӕйы Ӕвдисӕны: «Ды мӕн тыххӕй куы акувай, уӕд мӕ бинонты ’хсӕн уӕвӕг зындзинӕдтӕ, куыст ӕмӕ ӕнӕниздзинадимӕ баст проблемӕтӕ аиуварс уыдзысты?» Ӕвӕццӕгӕн, уыцы нӕлгоймаг ууыл йӕ ныфс дардта, фӕлӕ бирӕтӕ кувынц, проблемӕтӕ та баззайынц. Уымӕ гӕсгӕ сӕвзӕры фарст: цӕмӕн нӕ хъӕуы Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын?
ЦӔМӔН ХЪУАМӔ БАВВАХС УӔМ ХУЫЦАУМӔ
3. Кӕмӕ хъуамӕ уой здӕхт нӕ куывтытӕ ӕмӕ цӕмӕн?
3 Куывд ӕнӕсӕрфат ӕгъдау нӕу ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрмӕст исты райсыны амал дӕр нӕу. Хуыцаумӕ ӕввахс кӕныны сӕйрагдӕр аххосӕгтӕй иу — йемӕ ӕнгом ахастыты уӕвын. Уымӕ гӕсгӕ нӕ куывтытӕ хъуамӕ здӕхт уой Иегъовӕ Хуыцаумӕ. «Хӕстӕг у Хицау Уымӕ дзурджытӕм сеппӕтмӕ»,— фыста псаломзарӕггӕнӕг Давид (Псалом 144:18). Иегъовӕ нӕ хоны, цӕмӕй нын йемӕ уа хорз ахастытӕ (Исай 1:18). Ацы курдиатӕн чи дзуапп кӕны, уый разы у псаломзарӕггӕнӕгимӕ, кӕцы загъта: «Мӕнӕн та хорз у ӕрхӕстӕг уӕвын Хуыцаумӕ!» Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцаумӕ баввахс уӕвджытӕ ссардзысты ӕцӕг амонд ӕмӕ удӕнцой (Псалом 72:28).
4, 5. а) Цӕмӕн у ахсджиаг Хуыцаумӕ кувын? ӕ) Цавӕр ахастытӕ нын уыдзӕн Хуыцауимӕ куывды руаджы?
4 Цӕмӕн нӕ хъӕуы Хуыцаумӕ кувын, кӕд ӕмӕ ‘зоны Уымӕй ракурыны размӕ хъуаг цӕмӕй стӕм, уый’? (Матфейы 6:8; Псалом 138:4). Нӕ куывд ӕвдисӕн кӕны, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ кӕй нымайӕм «алкӕцы хорз лӕвар ӕмӕ алкӕцы ӕххӕст лӕвар» Раттӕгыл (Иаковы 1:17; Дзуттытӕм 11:6). Иегъовӕ нын цингӕнгӕйӕ исы нӕ куывтытӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 15:8). Фыдӕн йӕ сывӕллоны бузныджы ныхӕстӕ куыд ӕхсызгон вӕййынц, афтӕ ӕхсызгон вӕййынц уымӕн дӕр нӕ зӕрдӕбын бузныгдзинады ӕмӕ ӕппӕлынады ныхӕстӕ (Псалом 118:108). Фыд ӕмӕ фырты ’хсӕн хорз ахастытӕ куы вӕййы, уӕд сӕ ныхӕстӕ дӕр зӕрдӕбын вӕййынц. Цы сывӕллоны уарзынц, уый алыхатт дӕр фӕфӕнды йӕ фыдимӕ ныхас кӕнын. Раст афтӕ зӕгъӕн ис Хуыцауимӕ ӕмахастыты тыххӕй дӕр. Кӕд ӕцӕгдӕр аргъ кӕнӕм, Иегъовӕйы тыххӕй цы базонӕм ӕмӕ нӕм цы уарзондзинад ӕвдисы, уымӕн, уӕд нӕм уыдзӕн не ’нкъарӕнтӕ куывды уылты ӕвдисыны стыр тырнындзинад (1 Иоанны 4:16—18).
5 Ӕппӕтбӕрзонд Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд хъуамӕ уӕм аргъуыцгӕнаг, фӕлӕ нӕ ныхӕстӕ цас раст сты, ууыл ӕгӕр ма хъуамӕ тыхсӕм (Дзуттытӕм 4:16). Иегъовӕмӕ кувын нӕ бон у алкӕддӕр. Куыд стыр уӕлидзинад у куывды мидӕг «нӕ зӕрдӕтӕ хъарын Уый раз»! (Псалом 61:9). Иегъовӕйӕн аргъкӕнынад кӕны уыимӕ хорз ахастытӕм, ахӕм ахастытӕм, кӕцыйӕ ӕхцондзинад иста иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраам, куыд «Хуыцауы хӕлар» (Иаковы 2:23). Фӕлӕ, Дун-дунейы Бардарӕгмӕ кувгӕйӕ, хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм бӕрӕг домӕнтӕ.
ХУЫЦАУМӔ БАВВАХС УӔВЫНЫ ДОМӔНТӔ
6, 7. Кӕд Хуыцау куывтытӕм байхъусыны тыххӕй ӕхца нӕ домы, уӕддӕр кувгӕйӕ, цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы махӕй?
6 Хуыцаумӕ кувыны тыххӕй ӕхца хъӕуы? Бирӕ адӕймӕгтӕ бафидынц ӕхца сауджынтӕн, цӕмӕй уыдон тыххӕй Хуыцаумӕ скувой. Ӕгӕрыстӕмӕй, иуӕй-иуты уырны, зӕгъгӕ, цас фылдӕр уа дӕ мысайнаг, уыйас тагъддӕр фехъуысдзысты дӕ куывтытӕ. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас нӕ дзуры, Иегъовӕмӕ скувынӕн ӕхца фидын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Уый нӕ ницы домы, куывды руаджы нын цы духовон ӕххуыс ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ ис, уыдон тыххӕй (Исай 55:1, 2).
7 Уӕдӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг та цы у? Ахсджиаг у раст зӕрдӕйы ахаст (2 Паралипоменон 6:29, 30; Фӕсномыг ныхӕстӕ 15:11). Мах ӕппӕт зӕрдӕйӕ хъуамӕ уырна, Иегъовӕ Хуыцау ‘куывтытӕм кӕй хъусы’ ӕмӕ ‘Йӕ агурджытӕн кӕй дӕтты’ (Псалом 64:3; Дзуттытӕм 11:6). Мах хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг (4 Паддзахӕдты 22:19; Псалом 50:19). Иу фӕсномыг ныхасы Йесо Чырысти равдыста, сӕрныллӕгӕй Хуыцаумӕ цы хъалонисӕг куывта, уый сӕрбӕрзонд фарисейӕ растдӕр кӕй разынд (Лукайы 18:10—14). Хуыцаумӕ кувгӕйӕ, хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, «алкӕцы ӕнӕрвӕссон адӕймаг Хицауы раз ӕлгъаг» кӕй у (Фӕсномыг ныхӕстӕ 16:5).
8. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывтытӕм хъуса, уӕд цӕмӕй хъуамӕ ссыгъдӕг кӕнӕм нӕхи?
8 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывтытӕн дзуапп кӕна, уӕд хъуамӕ нӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм. Ахуыргӕнинаг Иаков иннӕты куы разӕнгард кодта Хуыцаумӕ баввахс уӕвынмӕ, уӕд загъта: «Уӕ къухтӕ ссыгъдӕг кӕнут, тӕригъӕдджынтӕ, сраст кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ» (Иаковы 4:8). Ӕгӕрыстӕмӕй, тӕригъӕдджынтӕн дӕр сӕ бон у Иегъовӕимӕ хорз ӕмахастыты уӕвын, куы ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сӕ раздӕры ӕнӕраст цард куы ныууадзой, уӕд (Фӕсномыг ныхӕстӕ 28:13). Иегъовӕ нӕм йӕ хъус не ’рдардзӕн, ӕрмӕст ӕфсон куы кӕнӕм, зӕгъгӕ, нӕ фӕндӕгтӕ сраст кодтам. «Хицауы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм ӕмӕ Йӕ хъустӕ сӕ куывдмӕ, фӕлӕ Хицауы цӕсгом у фыдгӕнджыты ныхмӕ»,— дзырдӕуы Хуыыцауы Ныхасы (1 Петры 3:12)
9. Кӕй уылты хъуамӕ кувӕм Хуыцаумӕ ӕмӕ цӕмӕн?
9 Библи дзуры: «Нӕй рӕстаг адӕймаг зӕххыл, кӕцы хорздзинад аразид ӕмӕ тӕригъӕд ма ракӕнид» (Екклесиаст 7:20). Уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, дӕттыс фарст: уӕд Иегъовӕ Хуыцаумӕ куыд ис кувӕн? Библи дзуапп кӕны: «Исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд махӕн ис Минӕвар Фыды раз, Йесо Чырысти, Рӕстгӕнӕг» (1 Иоанны 2:1). Кӕд тӕригъӕдджын стӕм, уӕддӕр нӕ бон у сӕрибарӕй Хуыцаумӕ баввахс уӕвын Йесо Чырыстийы уылты, кӕцы мах тыххӕй амард (Матфейы 20:28). Ӕрмӕстдӕр уый уылты у нӕ бон Иегъовӕ Хуыцаумӕ баввахс уӕвын (Иоанны 14:6). Рӕузонд ахаст нын ма хъуамӕ уа Йесойы ӕлхӕнӕг нывондмӕ ӕмӕ барӕй ма хъуамӕ аразӕм тӕригъӕд (Дзуттытӕм 10:26). Фӕлӕ ӕппӕт тыхтӕй архайгӕйӕ нӕхи куы хизӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй ӕмӕ ма рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уӕддӕр куы рӕдийӕм, уӕд нӕ бон у ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ Хуыцауӕй хатырдзинад ракурын. Ӕмӕ йӕм кӕд сӕрныллӕгӕй кувӕм, уӕд нӕ фехъусдзӕн (Лукайы 11:4).
КӔД ӔМБӔЛЫ ХУЫЦАУМӔ КУВЫН
10. Ӕнӕсцухӕй куы кувӕм, уӕд нӕ бон куыд уыдзӕн Йесойы фӕзмынын, ӕмӕ кӕд ӕмбӕлы Хуыцаумӕ сӕрмагондӕй кувын?
10 Йесо стыр аргъ кодта Иегъовӕимӕ ӕмахастытӕн. Уымӕ гӕсгӕ-иу Йесо снысан кодта рӕстӕг сӕрмагонд куывдӕн, Хуыцауимӕ ныхас кӕнынӕн (Маркы 1:35; Лукайы 22:40—46). Мах дӕр хорз араздзыстӕм, Йесойы цӕвиттон куы фӕзмынӕм ӕмӕ ӕнӕсцухӕй Хуыцаумӕ куы кувӕм (Ромӕгтӕм 12:12). Хорз уаид, бон куывдӕй райдайын ӕмӕ фынӕй кӕныны размӕ та Хуыцауӕн бузныг зӕгъын цы бон арвыстам, уый тыххӕй. Хуыцаумӕ кувыныл архай «алы афон» дӕр (Ефесӕгтӕм 6:18). Кувӕн ис хинымӕр дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Иегъовӕ нӕ уӕддӕр кӕй фехъусдзӕн. Хуыцауимӕ нын сӕрмагонд ныхас сфидар кӕндзӕн нӕ ахастытӕ, ӕмӕ нын уымӕй уӕлдай, Иегъовӕмӕ нӕ ӕрвылбонон куывд баххуыс кӕндзӕн уымӕ баввахс уӕвынӕн.
11. а) Цӕмӕн хъӕуы кувын ӕппӕт бинонтӕй? ӕ) Цы нысан кӕны куывды кӕрон дзырд «аминь»?
11 Иегъовӕ ма хъусы къорд адӕмы номӕй загъд куывтытӕм дӕр (3 Паддзахӕдты 8:22—53). Нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын ӕппӕт бинонтӕй, кувгӕ фӕкӕны бинонты хистӕр. Уый фидар кӕны бинонты бастдзинад, ӕмӕ сывӕллӕттӕ куы фӕхъусынц Хуыцаумӕ сӕ ныййарджыты сӕрныллӕг куывдмӕ, уӕд сын Иегъовӕ свӕййы реалон гоймаг. Цы зӕгъӕн ис, исчи къорд адӕмы номӕй куы фӕкувы, зӕгъӕм, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды? Кӕд фембӕлды стӕм, уӕд лӕмбынӕг байхъусӕм куывдмӕ, ӕмӕ йӕ кӕроны ӕппӕт зӕрдӕйӕ зӕгъӕм «аминь», кӕцы нысан кӕны «афтӕ уӕд» (1 Коринфӕгтӕм 14:16).
КУЫВТЫТӔ, КӔЦЫТӔ ХЪУСЫ ИЕГЪОВӔ
12. а) Цӕуылнӕ дзуапп кӕны Хуыцау иуӕй-иу куывтытӕн? ӕ) Куы фӕкувӕм, уӕд ӕрмӕст нӕхи домӕнтыл цӕуылнӕ хъуамӕ дзурӕм?
12 Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, зӕгъгӕ, кӕд Хуыцаумӕ Чырыстийы уылты кувынц, уӕддӕр сын Иегъовӕ сӕ куывдтытӕн нӕ дзуапп кӕны. Фӕлӕ апостол Иоанн загъта: «Исты куы курӕм Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ, уӕд нӕм Уый хъусы» (1 Иоанны 5:14). Уӕдӕ, хъуамӕ курӕм Хуыцауы фӕндонимӕ разы цы у, уый. Уый нӕ духовон хорздзинадӕй кӕй цымыдис кӕны, уымӕ гӕсгӕ нӕ духовондзинадыл цыдӕриддӕр ӕндавы, ууыл ӕмбӕлы кувын. Хъуамӕ тох кӕнӕм ӕрмӕст нӕ физикон домӕнтыл хъуыды кӕныны тырнындзинадимӕ. Зӕгъӕм, кӕд раст у, рынчын уӕвгӕйӕ ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ фидардзиныдыл кувын, уӕддӕр ӕнӕниздзинады сагъӕс духовон интерестӕй сӕйрагдӕр ма хъуамӕ суа (Псалом 40:2—4). Иу чырыстон сылгоймаг куы бамбӕрста йе ’нӕниздзинадыл ӕгӕр кӕй мӕт кодта, уӕд куывта Иегъовӕмӕ, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид йӕ низмӕ раст цӕстӕнгасӕй кӕсын. Ӕппын фӕстагмӕ йе ’нӕниздзинады проблемӕтыл афтӕ нал мӕт кодта, ӕмӕ «стыр хъару» кӕй райста, уый банкъардта (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Уый ноджы тынгдӕр бафӕндыд иннӕтӕн духовон ӕгъдауӕй ӕххуыс кӕнын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сси Паддзахады ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг.
13. Матфейы 6:9—13-мӕ гӕсгӕ цӕуыл ӕмбӕлы кувын?
13 Цӕуыл хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй Иегъовӕйӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уӕм? Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты сахуыр кодта кувын. Дӕнцон куывды, кӕцы фыст ис Матфейы 6:9—13-ы, уый ранымадта иумӕйагӕй кувын цӕуыл ӕмбӕлы, уыдон. Нӕ куывтыты сӕйраг хъусдард цӕмӕ хъуамӕ уа здӕхт? Фыццаджыдӕр — Иегъовӕ Хуыцауы ном ӕмӕ йӕ Паддзахадмӕ. Раст ма уаид материалон домӕнты тыххӕй дӕр кувын. Уымӕй уӕлдай-ма, ахсджиаг у, нӕ тӕригъӕдты ныххатыр кӕныныл, фӕлварӕнтӕй нӕ фервӕзын кӕныныл ӕмӕ нӕ хинӕйдзаг Сайтан Хӕйрӕгӕй бахизыныл кувын. Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы куывд зарӕгау дзурӕм, кӕнӕ йӕ ӕппынӕдзух фӕлхат кӕнӕм йӕ нысаниуӕгыл ын нӕ ахъуыдыгӕнгӕйӕ (Матфейы 6:7). Уыдон цавӕр ахастытӕ уыдаиккой, сывӕллон йӕ фыдимӕ дзургӕйӕ, алкӕддӕр куы фӕлхатт кодтаид уыцы иу дзырдтӕ, уӕд?
14. Курдиӕтты уӕлдай ма цы хъуамӕ уа нӕ куывдтыты?
14 Лӕгъстӕ кӕныны ӕмӕ зӕрдӕбын курдиӕтты йеддӕмӕ ма нӕ куывды мидӕг хъуамӕ Хуыцауӕн ӕппӕлынад дӕр ӕмӕ нӕ бузныгдзинад дӕр ӕвдисӕм (Псалом 33:2; 91:2; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:18). Нӕ бон у иннӕты тыххӕй дӕр кувын. Нӕ духовон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй ӕнамонд хъуыддаг кӕуыл сӕмбӕлы кӕнӕ сырд чи ӕййафы, уыдон тыххӕй куывтытӕ ӕвдисынц, кӕй сыл аудӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйӕн сты ӕхсызгон (Лукайы 22:32; Иоанны 17:20; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:25). Уымӕ гӕсгӕ апостол Павел ныффыста: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ ӕдзухдӕр куывды мидӕг ӕмӕ курдиаты, арфӕ кӕнгӕйӕ ӕргом кӕнут уӕ фӕндондзинӕдтӕ Хуыцауы раз,— ӕмӕ Хуыцауы фарн, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр, бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъуыдытӕ Йесо Чырыстийы мидӕг» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).
ФИДАР У КУЫВДЫ
15. Цы хъӕуы зӕрдыл дарын, куы нӕм кӕса, нӕ куывтытӕн дзуаппытӕ кӕй нӕ исӕм?
15 Кӕд Хуыцауы базонынӕдтӕ исыс, уӕддӕр иуӕй-иу хатт гӕнӕн ис ӕнкъарай, дӕ куывтытӕ кӕй баззайынц ӕнӕдзуаппӕй. Уый, гӕнӕн ис, уымӕн афтӕ у, ӕмӕ Хуыцаумӕ гӕсгӕ бӕрӕг куывдӕн сдзуапп кӕныны рӕстӕг кӕй нӕма ӕрцыд (Екклесиаст 3:1—9). Иегъовӕ гӕнӕн ис бауадза, цӕмӕй цасдӕр рӕстӕг алцыдӕр куыд уыди, афтӕ баззайа, фӕлӕ ӕцӕгӕй та уый дзуапп кӕны куывтытӕн ӕмӕ сын зоны сӕ сӕххӕст кӕнынӕн хуыздӕр рӕстӕг (2 Коринфӕгтӕм 12:7—9).
16. Цӕмӕн хъуамӕ кувӕм ӕмӕ уый куыд бандавдзӕн нӕ ахастытыл Хуыцауимӕ?
16 Куывды нӕ фидардзинад ӕвдисы нӕ зӕрдӕбын цымыдисдзинад, Хуыцауӕн цы дзурӕм, уый тыххӕй (Лукайы 18:1—8). Зӕгъӕм, нӕ бон у Иегъовӕйӕ ракурын ӕххуыс, цӕмӕй исты лӕмӕгъдзинадыл фӕуӕлахиз уӕм. Ӕппынӕдзух кувгӕйӕ ӕмӕ нӕ курдиатмӕ гӕсгӕ архайгӕйӕ, ӕвдисӕм нӕ ӕргомзӕрдӕдзинад. Нӕ курдиӕтты хъуамӕ уӕм конкретон ӕмӕ ӕргом. Уӕлдай тынгдӕр хъӕуы кувын фыдӕвзарӕны бахаугӕйӕ (Матфейы 6:13). Кувгӕйӕ ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын фӕндӕтты ныхмӕ тохгӕнгӕйӕ фендзыстӕм, Иегъовӕйы ӕххуысдзинад. Уый нын бафидар кӕндзӕн нӕ уырнындзинад ӕмӕ нӕ ахастытӕ Хуыцауимӕ (1 Коринфӕгтӕм 10:13; Филиппӕгтӕм 4:13).
17. Кувыны зӕрдӕ нын куы уа, уӕд Хуыцауы лӕггаддзинадӕй цавӕр пайда райсдзыстӕм?
17 Иегъовӕ Хуыцауӕн сыгъдӕг лӕггаддзинады рӕстӕджы, кувыны зӕрдӕимӕ бамбардзыстӕм, нӕ тыхы фӕрцы йын кӕй нӕ лӕггад кӕнӕм. Иегъовӕ нын дӕтты тых, цӕмӕй йын афтӕ лӕггад кӕнӕм (1 Коринфӕгтӕм 4:7). Кӕд уый ӕмбарӕм, уӕд уыдзыстӕм сӕрныллӕг, ӕмӕ ахӕм хуызы йемӕ сфидар кӕндзыстӕм нӕ ахастытӕ (1 Петры 5:5, 6). О, махӕн ис ӕппӕт бындуртӕ дӕр, цӕмӕй хъӕддых уӕм куывды. Нӕ зӕрдӕбын куывтытӕ ӕмӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдмӕ куыд баввахс уӕвӕн ис, уый тыххӕй зынаргъ зонындзинӕдтӕ мах ӕцӕгдӕр самондджын кӕндзысты.
ИЕГЪОВӔИМӔ АХАСТЫТӔ ИУВАРСОН НЕ СТЫ
18. Куыд у нӕ бон Хуыцаумӕ хъусын?
18 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывтытӕм хъуса, уӕд нын цы дзуры, уымӕ хъуамӕ хъусӕм (Захари 7:13). Уый адӕмимӕ нал дзуры удцырын пехуымпарты уылты, ӕмӕ кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, спиритизмӕй дӕр нӕ пайда кӕны (Дыккаг закъон 18:10—12). Фӕлӕ нӕ бон у Хуыцаумӕ хъусын, йӕ Ныхас, Библи ахуыргӕнгӕйӕ (Ромӕгттӕм 15:4; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Хӕрзад хӕринагмӕ нӕ нӕ аппетит сцырын кӕнын куыд хъӕуы, раст нӕ афтӕ бауарзын хъӕуы «сыгъдӕг дзырды ӕхсыр» дӕр. Цырын кӕн дӕ аппетит духовон хӕринагмӕ, ӕрвылбон Хуыцауы Ныхас кӕсгӕйӕ (1 Петры 2:2, 3; Куыстытӕ 17:11).
19. Цы пайда у Библийӕ цы кӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнын?
19 Хъуыды кӕн Библийы цы бакастӕ, ууыл (Псалом 1:1—3; 76:12, 13). Архай цы бакастӕ, уымӕн йӕ хъуыды бамбарыныл. Уый у хӕринаг батайыны хуызӕн. Дӕ бон у духовон хӕринаг тайын кӕнын, цы бакастӕ ӕмӕ цы зоныс, уыдон абаргӕйӕ. Хъуыды кӕн лӕвӕрд ӕрмӕгӕй дӕ царды куыд спайдагӕнӕн ис, кӕнӕ дзы цы дзырдӕуы Иегъовӕйы миниуджытӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Сӕрмагонд ахуыры уылты дӕ бон суыдзӕн, Иегъовӕ цы духовон хӕринаг дӕтты, уый ӕмбарын. Уый дӕ баввахс кӕндзӕн Хуыцаумӕ ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн ӕрвылбонон проблемӕтӕ райхалынӕн.
20. Чырыстон ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын нӕ куыд баввахс кӕндзӕн Хуыцаумӕ?
20 Чырыстон ӕмбырды фембӕлдты, Хуыцауы Ныхасыл уынаффӕмӕ лӕмбынӕг хъусгӕйӕ, дӕ бон у уымӕ баввахс уай израилӕгтау, кӕцытӕ лӕмбынӕг хъуыстой, куы-иу ӕрӕмбырд сты ӕмӕ-иу Хуыцауы Закъон ӕппӕт адӕмӕн куы кастысты, уӕд. Уыцы рӕстӕджы-иу зондамонджытӕ Закъонӕй цы бакастысты, уый ӕмбарын кодтой, цӕмӕй йӕ хъусджытӕ бамбӕрстаиккой ӕмӕ дзы сӕ царды спайда кодтаиккой. Йӕ фӕстиуӕг-иу уыд стыр циндзинад (Нееми 8:8, 12). Уӕдӕ архай Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуыныл (Дзуттытӕм 10:24, 25). Уый дын баххуыс кӕндзӕн Хуыцауы зонындзинӕдтӕ райсынӕн ӕмӕ сӕ царды пайда кӕнынӕн, уый та дын ӕрхӕсдзӕн амонд. Ӕппӕтдунеон чырыстон ӕфсымӕрад дын баххуыс кӕндзӕн дарддӕр дӕр Иегъовӕимӕ хорз ахастыты уӕвынӕн. Ӕмӕ куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй ды Хуыцауы адӕмы ӕхсӕн ссардзынӕ ӕцӕг ӕдасдзинад.
СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ
Цӕмӕн хъӕуы Иегъовӕмӕ баввахс уӕвын?
Цавӕр у Хуыцаумӕ баввахс уӕвыны домӕн?
Цӕуыл ис кувӕн?
Цӕмӕн хъуамӕ уай куывды фидар?
Куыд ис гӕнӕн абон Иегъовӕмӕ хъусын?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв ӕнӕхъӕнӕй ис 157 фарсыл]