Йесо Чырысти — Хуыцауы базонынады дӕгъӕл
Сӕр 4
Йесо Чырысти — Хуыцауы базонынады дӕгъӕл
1, 2. Куыд фехӕлдтой дунейы динтӕ Хуыцауы базонынадмӕ кӕнӕг дӕгъӕл?
ДӔ ХӔДЗАРЫ дуары раз лӕууыс ӕмӕ архайыс дӕгъӕлтимӕ. Ӕддейӕ у уазал ӕмӕ талынг, ӕмӕ дӕ тагъддӕр фӕнды хӕдзармӕ бацӕуын — дуар никуыд конды кӕны. Куыд зыны, афтӕмӕй ссардтай хъӕуӕг дӕгъӕл, фӕлӕ гуыдыр нӕ кӕны. Ӕбуалгъ мӕстаг ӕнкъарӕн! Ногӕй та ӕркастӕ дӕ дӕгъӕлтӕм. Цымӕ уыцы дӕгъӕл равзӕрстай? Чи зоны йӕ исчи асаста?
2 Ацы цӕвиттон нын хорз ӕвдисы, ацы дунейы динтӕ Хуыцауы базонынадмӕ цы хӕццӕдзинад бахастой, уый. Ӕцӕгдӕр, бирӕтӕ фехӕлдтой ацы базонынады дӕгъӕл, Йесо Чырыстийы ахадындзинад сзыгъуыммӕгӕнгӕйӕ. Иуӕй-иу динон къордтӕ, Йесойы ӕппындӕр ницӕмӕ ӕрдаргӕйӕ, аппӕрстой уыцы дӕгъӕл. Иннӕтӕ та Йесойы ахадындзинад сзыгъуыммӕ кодтой ӕмӕ йын кувынц куыд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн. Куыд фӕнды ма уа, уӕддӕр Йесо Чырыстийӕн цы стыр ахадындзинад ис, уый куы нӕ равзарӕм, уӕд нын Хуыцауы базонынад баззайдзӕн ӕхгӕдӕй.
3. Цӕмӕн ис схонӕн Йесойы Хуыцауы базонынады дӕгъӕл?
3 Чи зоны, ды хъуыды кӕныс Йесойы ныхӕстӕ: «Ӕнусон цард та уый у, цӕмӕй зоной Дӕу,— иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3, НФ). Ацы ныхӕстӕ дзургӕйӕ, Йесо ӕппӕлгӕ нӕ кодта. Библи Чырыстийы тыххӕй дырыс зонындзинӕдты ахадындзинад иу ӕмӕ дыууӕ хатт нӕ уӕлӕргом кодта (2 Петры 1:8; 2:20; Ефесӕгтӕм 4:13; Колоссӕгтӕм 2:2). «Уый, [Йесо Чырыстийы] тыххӕй пехуымпартӕ се ’ппӕт ӕвдисӕн лӕууынц»,— банысан кодта апостол Петр (Куыстытӕ 10:43). Апостол Павел та фыста: «Кӕцыйы мидӕг ӕмбӕхст сты ӕппӕт уӕлзонды ӕмӕ ӕмбарыны хӕзнатӕ» (Колоссӕгтӕм 2:3). Уымӕй уӕлдай ма Павел загъта, Иегъовӕ Йесойы уылты кӕй сӕххӕст кӕндзӕн йӕ фӕндӕттӕ иуылдӕр (2 Коринфӕгтӕм 1:20). Уӕдӕ Йесо Чырысти у Хуыцауы базонынады дӕгъӕл. Йесойы тыххӕй нӕ зонындзинӕдтӕ ма хъуамӕ уой зыгъуыммӕгонд: куыд йӕ уӕвынады, афтӕ Хуыцауы фӕндӕтты ахадындзинадыл дӕр. Фӕлӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ цӕмӕн нымайынц уый Хуыцауы фӕндӕтты сӕйрагдӕр фигурӕйыл?
ЗӔРДӔВӔРД МЕССИА
4, 5. Цавӕр ныфсытӕ уыд ӕвӕрд Мессиайыл ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕуыл нымадтой сӕ ахуыргӕнӕджы?
4 Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, Авелӕй абоны онг, нӕхъӕцгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты Иегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд Мыггагмӕ (Уӕвынад 3:15; 4:1—8; Дзуттытӕм 11:4). Хуыцау раргом кодта, Йӕ фӕндӕтты Мыггаг кӕй ӕххӕст кӕндзӕн Мессиайы хӕс, кӕцы нысан кӕны «Сӕрст». Мессиа «тӕригъӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн» ӕмӕ Псаломты дӕр рагзагъд уыд йӕ Паддзахады стырад (Данелы 9:24—26, БГТ; Псалом 71:1—20). Чи разынд уыцы Мессиа?
5 Ахъуыды ма кӕн, цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕртыхст ӕвзонг дзуттагыл, йӕ ном Андрей, Назаретаг Йесойы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ. Андрей алыгъд йе ’фсымӕр Симон Петрмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам Мессиайы» (Иоанны 1:41). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ бӕлвырдӕй зыдтой, уый кӕй у ныфсӕвӕрд Мессиа (Матфейы 16:16). Ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕ зондахасты тыххӕй уыдысты цӕттӕ сӕ цард раттынмӕ, растдӕр Йесо кӕй уыд рагзагъд Мессиа, кӕнӕ Чырысти. Цавӕр бындуртӕ сын уыд ахӕм уырнындзинадӕн? Цӕй ӕркӕсӕм Йесойы мессианондзинады ӕртӕ сӕйраг бӕлвырдгӕнӕнмӕ.
ЙЕСОЙЫ МЕССИАНОНДЗИНАДЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ
6. а) Цавӕр генеалогон хаххӕй хъуамӕ равзӕрдаид зӕрдӕвӕрд Мыггаг ӕмӕ йӕ кӕцӕй зонӕм, Йесо ацы мыггагӕй кӕй рацыд? ӕ) Н. э. 70 азы фӕстӕ цӕуылнӕ у искӕй бон сфидар кӕнын йӕ мӕссианондзинад?
6 Йесойы генеалоги — фыццаг бӕлвырдгӕнӕн йӕ мессианондзинадӕн. Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Авраамӕн загъта, зӕрдӕвӕрд Мыггаг кӕй равзӕрдзӕн йӕ бинонтӕй. Ахӕм зӕрдӕвӕрдтӕ райстой Авраамы фырт Исаахъ, Исаахъы фырт Иаков, ӕмӕ ма Иаковы фырт Иудӕ (Уӕвынад 22:18; 26:2—5; 28:12—5; 49:10). Мессиайы генеалогон хахх сӕдӕазтӕ фӕстӕдӕр ӕркодта Давид паддзахмӕ, кӕцыйӕн загъд уыд, рагӕй ӕнхъӕлмӕкаст Мыггаг кӕй равзӕрдзӕн йӕ цӕуӕтӕй (Псалом 131:11; Исай 11:1, 10). Матфей ӕмӕ Лукайы Евангелиты хъусинӕгтӕ бӕлвырд кӕнынц, Йесо растдӕр ацы мыггагон хаххӕй кӕй равзӕрд (Матфейы 1:1—16; Лукайы 3:23—38). Кӕд Йесойӕн бирӕ знӕгтӕ уыд, уӕддӕр ын йӕ дардыл хъуыстгонд генеалогон азгайфыст уыдонӕй ничи сдзырддаг кодта (Матфейы 21:9, 15). Бӕрӕг у, йӕ генеалогийы тыххӕй кӕй ницы дызӕрдыгдзинӕдтӕ уыд. Фӕлӕ н. э. 70 азы ромӕгтӕ Иерусалим куы бацахстой, уӕд дзуттӕгты генеалогон тыхтонтӕ куынӕггонд ӕрцыдысты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ никӕй бон у сфидар кӕнын йӕ мӕссианондзинад.
7. а) Йесо Мессиа кӕй уыд, уымӕн йӕ дыккаг бӕлвырдгӕнӕн цавӕр у? ӕ) Михейы 5:2-ы пехуымпарад Йесойыл куыд сӕххӕст?
7 Пехуымпарӕдты сӕххӕст — дыккаг бӕлвырдгӕнӕн. Дзуттаг Фыстыты бирӕнымӕц пехуымпарӕдтӕ раргом кодтой Мессиайы царды хицӕн фӕрстӕ. Н. э. агъоммӕ VIII ӕнусы пехуымпар Михей срагзагъд кодта, номдзыд хицауиуӕггӕнӕг кӕй райгуырдзӕн чысыл горӕт Вифлеемы. Израилы уыд дыууӕ Вифлеемы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ пехуымпарад конкретонӕй бацамыдта сӕ иумӕ: Давид паддзах кӕм райгуырд уыцы Вифлеем — Ефрафӕмӕ (Михей 5:2). Йесойы ныййарджытӕ, Йосиф ӕмӕ Мариа, цардысты Назареты, Вифлеемӕй цӕгатырдӕм иу-150 километры дарддӕр. Мариа сывӕрджын куы уыд, уыцы рӕстӕджы ромаг император Цезарь Август бардзырд ратта, чи кӕцы горӕты райгуырд, уым сфыст рацӕуынӕн a. Уымӕ гӕсгӕ Йосифы йӕ сывӕрджын бинойнагимӕ бахъуыд ацӕуын Вифлееммӕ, цыран райгуырд Йесо дӕр (Лукайы 2:1—7).
8. а) Кӕд ӕмӕ цавӕр цауӕй райдыдтой 69 «къуырийы»? ӕ) Цас ахастой 69 «къуырийы» ӕмӕ цы ’рцыд, уыцы рӕстӕг куы фӕци?
8 Н. э. агъоммӕ VI ӕнусы, пехуымпар Данел срагзагъд кодта, зӕгъгӕ, Иерусалимы рацарӕзты тыххӕй бардзырд куы рацӕуа, уӕд 69 «къуыри» (НТ) фӕстӕдӕр «Чырысти Бардарӕг» фӕзындзӕн (Данелы 9:24, 25, БГТ). Ацы «къуыритӕй» алкӕцыдӕр ӕмбӕр у авд азмӕ b. Библион ӕмӕ дунеон историмӕ гӕсгӕ Иерусалимы рацарӕзты бардзырд рацыд н. э. агъоммӕ 455 азы (Нееми 2:1—8). Уымӕ гӕсгӕ Мессиа хъуамӕ фӕзындаид н. э. агъоммӕ 455 азӕй 483 азы (69×7) куы рацыдаид, уӕд. Ацы нымад нӕ ӕркодта н. э. 29 азмӕ, Иегъовӕ Йесойы сыгъдӕг удӕй куы байсӕрста, растдӕр уыцы азмӕ. Афтӕ Йесо сси «Чырысти» (кӕцы нысан кӕны «Сӕрст»), кӕнӕ Мессиа (Лукайы 3:15, 16, 21, 22).
9. а) Куыд сӕххӕст Псалом 2:2? ӕ) Цавӕр ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ ма сӕххӕст сты Йесойыл? (Кӕс таблицӕмӕ.)
9 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алчи нӕ айста Йесойы куыд зӕрдӕвӕрд Мессиайы ӕмӕ уый тыххӕй Дзуттаг Фыстыты рагзагъд уыд. Давид паддзах Хуыцауы удцырынӕй Псалмы 2:2-ы рагзагъд скодта: «Зӕххы паддзӕхтӕ сыстынц, ӕмӕ ӕлдӕрттӕ иумӕ уынаффӕ кӕнынц Хицауы ныхмӕ ӕмӕ Йӕ Байсӕрсты ныхмӕ». Ацы пехуымпарад амыдта, зӕгъгӕ, бирӕ паддзахӕдты хицӕуттӕ баиу уыдзысты, цӕмӕй балӕбурой Иегъовӕйы Сӕрстмӕ, кӕнӕ Мессиамӕ. Растдӕр афтӕ ӕрцыд. Иудейаг динон къухдариуӕггӕнджытӕ, Ирод паддзах ӕмӕ ромаг хицауиуӕггӕнӕг Понтий Пилат Йесойы мӕлӕтӕн ахъаз уыдысты. Уыцы рӕстӕджы фыдызнӕгтӕ, Ирод ӕмӕ Пилат, ӕнӕнхъӕлӕджы систы ӕввахс ӕмгӕрттӕ (Матфейы 27:1, 2; Лукайы 23:10—12; Куыстытӕ 4:25—28). Цӕмӕй Йесойы мессианондзинады дарддӕры бӕлвырдгӕнӕнтӕ райсай, уый тыххӕй кӕс «Иуӕй-иу зынгӕдӕр мессианон пехуымпарӕдты» таблицӕмӕ.
10. Цавӕр ӕвдисӕйнад ратта Иегъовӕ, Йесо йӕ зӕрдӕвӕрд Сӕрст кӕй уыд?
10 Иегъовӕ Хуыцауы ӕвдисӕйнад — ӕртыккаг бӕлвырдгӕнӕн, кӕцы фидар кӕны Йесойы мессианондзинад. Иегъовӕ зӕдты арвыста, цӕмӕй адӕмӕн фехъусын кодтаиккой, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессиа кӕй уыд (Лукайы 2:10—14). Уымӕй дарддӕр ма, Йесо зӕххыл куы цард, уӕд Иегъовӕ уӕлӕрвтӕй йӕхӕдӕг дзырдта ӕмӕ йӕм равдыста йӕ аргъуыц (Матфейы 3:16, 17; 17:1—5). Иегъовӕ Хуыцау ратта Йесойӕн тых диссӕгтӕ ӕвдисынӕн. Ацы диссӕгтӕй алкӕцыдӕр уыд Йесойы мессианондзинадӕн Хуыцауы бӕлвырдгӕнӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау цӕстфӕлдахджытӕн никуы лӕвӕрдта тых диссӕгтӕ ӕвдисынӕн. Иегъовӕ ма спайда кодта сыгъдӕг тыхӕй, цӕмӕй удцырын кодтаид Евангелиты фыст, афтӕмӕй Йесойы мессианондзинады бӕлвырдгӕнӕнтӕ систы Библийы, историйы ӕппӕты арӕхӕмбӕлгӕдӕр ӕмӕ ӕппӕты фылдӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмацгонд чиныджы хай (Иоанны 4:25, 26).
11. Цавӕр факттӕ бӕлвырд кӕнынц, Йесо Мессиа кӕй уыд?
11 Уыцы бындурон бӕлвырдгӕнӕнты ис сӕдӕгай факттӕ, кӕцытӕ фидар кӕнынц, Йесо ныфсӕвӕрд Месси кӕй уыд. Бӕрӕг у, ӕцӕг чырыстӕттӕн кӕй ис бындур, Йесойы нымайын ууыл, кӕй тыххӕй «пехуымпартӕ се ’ппӕтдӕр ӕвдисӕн лӕууынц», о, чырыстӕттӕ нымайынц уый Хуыцауы базонынады дӕгъӕлыл (Куыстытӕ 10:43). Ацы факттӕй уӕлдай ма, Йесо Чырысти Мессиа кӕй у, уый тыххӕй ис фылдӕр базонӕн. Цы йын зонӕм йӕ равзӕрды тыххӕй? Чи уыд?
ЙЕСОЙЫ УӔВЫНАД АДӔЙМАГ СУӔВЫНЫ АГЪОММӔ
12, 13. а) Кӕцӕй зонӕм, зӕхмӕ ӕрацӕуыны размӕ уал Йесо уӕларвыл кӕй цард? ӕ) Чи у «Дзырд» ӕмӕ адӕймаг суӕвыны размӕ цы арӕзта?
12 Йесойы цард адихгӕнӕн ис ӕртӕ периодыл. Фыццаг период райдыдта зӕххыл йӕ райгуырдӕй бирӕ раздӕр. Михейы 5:2 стихы дзырдӕуы, Мессиа кӕй уӕвы «райдианӕй, ӕнусон бонтӕй». Йесо ӕргомӕй загъта, уый кӕй ӕрцыд «уӕллӕгтӕй», ома уӕларвӕй (Иоанны 8:23; 16:28). Цалынмӕ зӕхмӕ ӕрцыд, уӕдмӕ цас рӕстӕг цард уӕларвыл?
13 Йесойы схуыдтой Хуыцауы иунӕггуырд фырт, уымӕн ӕмӕ йӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг сфӕлдыста (Иоанны 3:16). Фӕстӕдӕр Иегъовӕ спайда кодта Йесойӕ куыд «сфӕлдыстыты райдайӕнӕй» ӕппӕт иннӕты сфӕлдисынӕн (Колоссӕгтӕм 1:15; Раргомад 3:14). Иоанны 1:1-ы дзырдӕуы, зӕгъгӕ «Дзырд» «райдайӕны» (Йесо адӕймаг суӕвыны агъоммӕ) уыд Хуыцаумӕ. Уымӕ гӕсгӕ Дзырд уыд Иегъовӕмӕ «арв ӕмӕ зӕхх» куы сфӕлдыста, уӕд. Хуыцау дзырдта Дзырдмӕ, куы загъта: «Сфӕлдисӕм адӕймаджы Нӕхимӕ гӕсгӕ» (Уӕвынад 1:1, 26). Уымӕй уӕлдай Дзырд хъуамӕ уыдаид, Фӕсномыг ныхӕсты 8:22—31-мӕ куыд фыстӕуы, зондджындзинады фӕлгонц, Хуыцауы «нывгӕнӕг [«дӕсны ӕххуысгӕнӕг», НТ]», кӕцы архайдта Иегъовӕйы къухдариуӕгӕй ӕппӕт уӕвынады. Дзырд йе сфӕлдисынӕй, цалынмӕ зӕххыл адӕймаг сси, уӕдмӕ уӕларвыл Хуыцауимӕ бирӕ рӕстӕг арвыста.
14. Цӕмӕн схуыдтой Йесойы «ӕнӕуынгӕ Хуыцауы фӕлгонц»?
14 Диссаг нӕу, Колоссӕгтӕм 1:15-ы Йесойы кӕй схуыдтой «ӕнӕуынгӕ Хуыцауы фӕлгонц»! Бирӕ сӕдӕазты ӕнгом бастдзинады уӕвгӕйӕ, коммӕгӕс Фырт тынг сси йӕ Фыд Иегъовӕйы хуызӕн. Уый у дыккаг аххосаг, Йесо Хуыцауы царддӕттӕг базонынады дӕгъӕл кӕй у, уымӕн. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд цыдӕриддӕр арӕзта, уыдон сты растдӕр Иегъовӕ йӕхӕдӕг цы сарӕзтаид. Афтӕмӕй, Йесоимӕ хуыздӕр зонгӕ кӕнын нысан кӕны кӕй уӕрӕх кӕнӕм нӕ базонынад Иегъовӕйы тыххӕй (Иоанны 8:28; 14:8—10). Уӕдӕ бӕрӕг у, фылдӕр зонын кӕй хъӕуы Йесо Чырыстийы тыххӕй.
ЙЕСОЙЫ ЦАРД ЗӔХХЫЛ
15. Цӕмӕн райгуырд Йесо ӕххӕст адӕймагӕй?
15 Йесо йӕ царды дыккаг период арвыста зӕххыл. Уый ӕнӕзивӕгӕй сразы ис, цӕмӕй йын Хуыцау йӕ цард уӕлӕрвтӕй рахастаид иузӕрдион иудейаг чызг Мариайы хуылфмӕ. Иегъовӕйы хъомысджын сыгъдӕг уд кӕнӕ йӕ архайгӕ тых, «ӕраууон кодта» Мариайы, уый басывӕрджын ӕмӕ ныййардта ӕххӕст сывӕллон (Лукайы 1:34, 35). Йесо ӕнӕххӕстдзинад йӕ туджы нӕ рахаста, уымӕн ӕмӕ йӕ цард ӕххӕст Ратӕдзӕнӕй райста. Уый хъомыл кодта хӕдӕфсарм бинонты ’хсӕн ӕмӕ уыд хъӕддӕсны Иосифы кӕнгӕ фырт — йӕ сывӕллӕттӕй фыццаг (Исай 7:14; Матфейы 1:22, 23; Маркы 6:3).
16, 17. а) Кӕцӕй райста Йесо тых диссӕгтӕ ӕвдисынӕн ӕмӕ цавӕр сты сӕ иуӕй-иутӕ? ӕ) Цавӕр миниуджытӕ ӕвдыста Йесо?
16 Йесойы сӕруӕлдай иузӕрдыгдзинад Иегъовӕ Хуыцаумӕ рабӕрӕг 12-аздзыдӕй (Лукайы 2:41—49). Йесо схъомыл ӕмӕ 30-аздзыдӕй йӕ лӕггаддзинад райдыдта, адӕммӕ арф уарзондзинад ӕвдыста. Хуыцауы сыгъдӕг уд ын куы ратта диссӕгтӕ ӕвдисыны хъомыс, уӕд уый тӕригъӕдгӕнгӕйӕ ӕнӕниз кодта рынчынты, къуылыхты, гомыгты, куырмыты, къуырматы ӕмӕ хъотырджынты (Матфейы 8:2—4; 15:30). Йесо ӕфсӕста мингай ӕххормаг адӕмы (Матфейы 15:35—38). Иухатт, йе ’мгӕртты фервӕзын кӕныны тыххӕй, уый ныссабыр кодта тыхджын дымгӕ (Маркы 4:37—39). Уымӕй уӕлдай ма Йесо мӕрдты дӕр удӕгас кодта (Иоанны 11:43, 44). Ацы диссӕгтӕ ӕнӕдызӕрдыг историон факттӕ сты. Ӕгӕрыстӕмӕй ма, Йесойы знӕгтӕ дӕр ӕнӕбары басастысты, уый ‘бирӕ диссӕгтӕ кӕй скодта’ ууыл (Иоанны 11:47, 48).
17 Йесо Хуыцауы Паддзахадыл адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ, ӕнӕхъӕн бӕстыл балц кодта (Матфейы 4:17). Уый ма ныууагъта ӕнӕкъӕмӕй быхсын ӕмӕ зондджындзинады цӕвиттон дӕр. Ӕгӕрыстӕмӕй ма, Иесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы фӕсайдтой, уӕддӕр сын фӕлмӕнзӕрдӕйӕ загъта: «Уд цӕрдӕг у, буар та — ӕнӕхъару» (Маркы 14:37, 38). Фӕлӕ уӕддӕр Йесо хъӕбатыр ӕмӕ ӕнӕсӕтгӕ уыд, ӕцӕгадмӕ ӕнӕввӕрсон ахаст чи дардта ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы чи ӕфхӕрдта, уыдонмӕ (Матфейы 23:27—33). Афтӕмӕй ма уый алцӕмӕйдӕр фӕзмыдта йӕ Фыды уарзондзинады цӕвиттон дӕр. Йесо мӕлӕтыл дӕр уыд разы, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕм райстаиккой фидӕны ныфс. Уымӕ гӕсгӕ нын ис ӕппӕт бындуртӕ дӕр Йесойы Хуыцауы базонынады дӕгъӕлыл банымайынӕн! О, уый у удӕгас дӕгъӕл! Фӕлӕ цӕмӕн у удӕгас? Цӕмӕй ацы фарстӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм йӕ царды ӕртыккаг периодмӕ.
ЙЕСО АБОН
18. Цы хуызы хъуамӕ сфӕлгондзӕм нӕхицӕн абон Йесо Чырыстийы?
18 Кӕд Библи хъусын кӕны Йесойы мӕлӕты тыххӕй, уӕддӕр уый удӕгас у! Н. э. I ӕнусы цӕрӕг сӕдӕгай адӕймӕгтӕ уыдысты йӕ райгасдзинады ӕвдисӕнтӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:3—8). Рагзагъд куыд уыд, уыцы рӕстӕгӕй уый йӕ Фыды рахизварс ӕрбадт ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст уӕларвыл паддзахады бар райсынмӕ (Псалом 109:1; Дзуттытӕм 10:12, 13). Уӕдӕ куыд хъуамӕ сфӕлгондзӕм нӕхицӕн Йесойы? Цымӕ йӕ кӕвдӕсы уӕвӕг ӕгуыдзӕг сывӕллоны хуызы хъуамӕ сфӕлгондзӕм? Кӕнӕ удисӕг адӕймаджы хуызы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Уый у хъомысджын хицауиуӕггӕнӕг Паддзах! Ӕмӕ тынг тагъд уый ӕрӕвӕрдзӕн йӕ хицауиуӕгад ацы ӕнамонд зӕххыл.
19. Цы бакӕндзӕн Йесо ӕввахс фидӕны?
19 Йесо Чырысти Раргомады 19:11—15-мӕ ӕвдыст у куыд фидӕны Паддзах стыр тыхимӕ, йӕ зӕрды ис ӕдзӕсгом адӕмы скуынӕг кӕнын. Куыд тырны уыцы уарзӕгой Хицауиуӕггӕнӕг милуангай адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕнынмӕ! Уый тындзы зӕххыл цы ӕххӕст цӕвиттон ныууагъта, уый чи фӕзмыны, уыдонӕн баххуыс кӕнынмӕ (1 Петры 2:21). Уый фӕнды ацы адӕмы бахъахъхъӕнын фӕдисонау ӕрхӕстӕггӕнӕг «Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы уыцы стыр бон», кӕцыйы арӕх хонынц Армагеддон, цӕмӕй уыдонӕн сӕ бон суа ӕнустӕм цӕрын, куыд Хуыцауы уӕларвон Паддзахады зӕххон ӕмбӕстӕгтӕ (Раргомад 7:9, 14; 16:14, 16).
20. Цы сараздзӕн Йесо адӕймагадӕн йӕ миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы?
20 Йесойы рагзагъд миназон хицауиуӕгады паддзахиуӕг кӕндзӕн сабырдзинад, уый ӕппӕт адӕймагады пайдайӕн диссӕгтӕ араздзӕн (Исай 9:6, 7; 11:1—10; Раргомад 20:6). Йесо ӕппӕт низтӕн дӕр схос кӕндзӕн ӕмӕ ӕрӕвӕрдзӕн кӕрон мӕлӕтӕн. Уый миллиардгай амӕлджыты райгас кӕндзӕн, цӕмӕй уыдон дӕр райсой ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны фадат (Иоанны 5:28, 29). Ӕвӕццӕгӕн ма ацы чиныджы иуӕй-иу сӕртӕй мессианон Паддзахады тыххӕй цы базонай, уый дыл тӕлмӕн скӕндзӕн. Ӕнӕдызӕрдыгӕй: нӕ бон нӕу нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, цы диссаг уыдзӕн нӕ цард Паддзахады хицауиуӕгады рӕстӕджы. Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у фылдӕр базонын Йесо Чырыстийы тыххӕй! О, ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у, цӕмӕй нӕ макуы рох кӕна Йесо — ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынады удӕгас дӕгъӕл кӕй у.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Ацы цӕрӕгады сфыст Ромаг империйӕн лӕвӕрдта фадат хъалон ӕмбырд кӕнынӕн. Фӕлӕ Август йӕхӕдӕг ӕнӕмбаргӕйӕ, баххуыс кодта хицауиуӕгыл пехуымпарад сӕххӕст кӕнынӕн, кӕцы «арвитдзӕн хъалонисӕджы паддзахады фидауцыл». Ацы пехуымпарады ма рагзагъд уыд, «дины ӕлдар», кӕнӕ Мессиа кӕй уыдзӕн «састгонд» хицауиуӕггӕнӕджы фӕдоны рӕстӕджы. Йесойы амардтой, Августы фӕдон, Тиберийы хицауиуӕгады рӕстӕджы (Данелы 11:20—22, БГТ).
b Рагон дзуттӕгты ’хсӕн уыд уӕрӕх цӕстӕнгас азон къуыритӕм. Зӕгъӕм, куыд алы ӕвдӕм бон уыд сабатбон, афтӕ алы ӕвдӕм аз дӕр нымад цыд сабатон азыл (Рацыд 20:8—11; 23:10, 11).
СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ
Куыд бӕлвырд кӕны Йесойы генеалоги, уый Мессиа кӕй у?
Цавӕр мессианон пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты Йесойыл?
Куыд бацамыдта ӕргомӕй Хуыцау, Йесойы уый кӕй байсӕрста?
Цӕмӕн у Йесо Хуыцауы базонынады удӕгас дӕгъӕл?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Таблицӕ 37 фарсыл]
ИУӔЙ-ИУ ЗЫНГӔДӔР МЕССИАНОН ПЕХУЫМПАРӔДТӔ
ПЕХУЫМПАРАД ЦАУ СӔХХӔСТ
ЙӔ ӔВЗОНГ ЦАРД
Исай 7:14 Ӕнӕцыд чызгӕй райгуырд Матфейы 1:18—23
Иереми 31:15 Йӕ райгуырды фӕстӕ марынц сывӕллӕтты Матфейы 2:16—18
ЙӔ ЛӔГГАДДЗИНАД
Исай 61:1, 2 Хуыцау ӕй схайджын кодта ӕххӕст бартӕй Лукайы 4:18—21
Исай 9:1, 2 Йӕ лӕггаддзинады руаджы адӕм федтой стыр рухс Матфейы 4:13—16
Псалом 68:10 Иузӕрдиондзинад Иегъовӕйы хӕдзарыл Иоанны 2:13—17
Исай 53:1 Нӕ йыл ӕууӕндыдысты Иоанны 12:37, 38
Захари 9:9 Псалом 117:26 Иерусалиммӕ бацыд къӕлӕуыл; кад ын кодтой куыд Иегъовӕйы номӕй ӕрцӕуӕг паддзахӕн Матфейы 21:1—9
ГАДЗРАХАТДЗИНАД ӔМӔ МӔЛӔТ
Псалом 40:10; 108:8 Иу апостол разынд мӕнгард, уый гадзрахатӕй рацыд Йесойыл ӕмӕ фӕстӕдӕр ивд ӕрцыд ӕндӕрӕй Куыстытӕ 1:15—20
Захари 11:12 Уӕй ӕрцыд 30 ӕвзист ӕхцайыл Матфейы 26:14, 15
Псалом 26:12 Йӕ ныхмӕ спайда кодтой мӕнг ӕвдисӕнтӕй Матфейы 26:59—61
Псалом 21:19 Хӕлттӕ ӕппӕрстой йӕ дзаумӕттыл Иоанны 19:23, 24
Исай 53:12 Банымадтой йӕ фыдгӕнӕгыл Матфейы 27:38
Псалом 21:8, 9 Мӕлӕты размӕ ӕфхӕрд цыдис Маркы 15:29—32
Псалом 68:22 Лӕвӕрдтой йын дзмари Маркы 15:23, 36
Исай 53:5; Захари 12:10 Рӕхуыст ӕрцыд Иоанны 19:34, 37
Исай 53:9 Ныгӕд ӕрцыд хъӕздыгмӕ Матфейы 27:57—60
Псалом 15:8—11 Райгас нӕ бамбийгӕйӕ Куыстытӕ 2:25—32; 13:34—37
[Ныв 35 фарсыл]
Хуыцау Йесойӕн ратта тых рынчынты дзӕбӕх кӕнынӕн.