Ссар ӕдасдзинад Хуыцауы адӕмы ’хсӕн
Сӕр 17
Ссар ӕдасдзинад Хуыцауы адӕмы ’хсӕн
1, 2. Цы ис ӕмхуызонӕй адӕймагады уавӕр ӕмӕ тыхджын дымгӕ бавзарӕг адӕмы уавӕры?
АХЪУЫДЫ ма кӕн, зӕгъӕм, кӕм цӕрыс, уым сыстад тыхджын дымгӕ ӕмӕ ныппырх кодта цӕрӕгджын бынӕттӕ. Дӕ хӕдзар ныппырх ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр уыд, уыдон фесӕфтысты. Бахӕринаг дӕр дын ницыуал ис. Уавӕр дӕм тынг уӕззау фӕкӕсдзӕн. Уый фӕстӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд материалон ӕххуыс. Ӕрластой тынг бирӕ продукттӕ ӕмӕ дарӕс. Амайынц дын ног хӕдзар. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ды ӕнӕкӕрон бузныг уыдзынӕ, ахӕм ӕххуыс чи бакӕна, уыдонӕй.
2 Ахӕм цыдӕр абон дӕр цӕуы. Уыцы тыхджын дымгӕйы хуызӕн уыд Адам ӕмӕ Евӕйы растад дӕр, кӕцы ракодта адӕймагадӕн стыр знаггӕдтӕ. Адӕймагады хӕдзар — Дзӕнӕт — фесӕфт. Уӕдӕй нырмӕ адӕймагады хицауӕдты бон нӕу адӕмы бахъахъхъӕнын хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ ӕмӕ ӕнӕрастдзинӕдтӕй. Мӕнг дины аххосӕй милуангай адӕмӕйгтӕ сты ӕххормаг пайдаджын духовон хӕринагӕй. Фӕлӕ нын Иегъовӕ Хуыцау дӕтты духовон хӕринаг, дарӕс ӕмӕ ӕдас бынат. Цы хуызы?
«ӔУУӔНКДЖЫН ӔМӔ ЗОНДДЖЫН ЦАГЪАР»
3. Цы хуызы дӕтты Иегъовӕ адӕмӕн духовон хӕринаг ӕмӕ уый цавӕр цӕвиттонтӕй бӕрӕг у?
3 Материалон ӕххуыс, арӕх, адӕмӕн лӕвӕрд фӕцӕуы организацигонд каналы уылты, ӕмӕ Иегъовӕ дӕр ахӕм хуызы дӕтты йӕ адӕмӕн духовон хӕринаг. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ уыдысты 1 500 азы бӕрц «Хицауы ӕмбырд». Иегъовӕ сын се ’хсӕнӕй снысан кодта ахӕм адӕймӕгты, кӕцытӕ йын йӕ адӕмы ахуыр кодтой Закъоныл (1 Паралипоменон 28:8; 2 Паралипоменон 17:7—9). Н. э. фыццӕгӕм ӕнусы Иегъовӕ сарӕзта чырыстӕтты организаци. Арӕзт ӕрцыдысты ӕмбырдтӕ, кӕцытӕ архайдтой советы разамындӕй, советы сконды уыдысты апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ (Куыстытӕ 15:22—31). Афтӕ абон дӕр Иегъовӕ къухдариуӕг кӕны йӕ адӕмыл организацигонд арӕзты уылты. Кӕцӕй йӕ зонӕм?
4. Нӕ рӕстӕджы чи разынд «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмӕ куыд исӕм Хуыцауӕй духовон хӕринаг?
4 Йесо загъта, паддзахы хицауады рӕстӕджы кӕй уыдзӕн «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар», кӕцы йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕтдзӕн «афоныл хӕринаг» (Матфейы 24:45—47). Йесо 1914 азы паддзахы бадӕныл куы сбадт, уӕд уыцы «цагъар» чи разынд? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстон дунейы сауджынтӕ нӕ разындысты. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕджы сауджынты фылдӕр хай сӕ хизӕнуаты адӕмы «ӕфсӕстой» пропогандӕйӕ, кӕцы сын сӕ национ хицауӕдты сӕрыл хӕцыд. Фӕлӕ пайдаджын ӕмӕ йӕ афоныл духовон хӕринаг лӕвӕрдта ӕцӕг чырыстӕтты къорд, кӕцытӕ уыдысты сӕрст Хуыцауы сыгъдӕг удӕй ӕмӕ хаудысты, Йесо «гыццыл дзуг» кӕй схуыдта, уыдон нымӕцмӕ (Лукайы 12:32). Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ хъусын кодтой адӕймагон хицауӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ, ӕцӕг дины сӕрст «цагъары» цур ӕрбалӕууыдысты милуангай растзӕрдӕ «ӕндӕр фыстӕ» (Иоанны 10:16). «Ӕууӕнкджын цагъар» ӕмӕ «цагъары» Разамонӕг советы ӕххуысӕй Хуыцау ӕвдисы йӕ организацигонд адӕмӕн, куыд уарын хъӕуы духовон хӕринаг, дарӕс ӕмӕ ӕдас бынат кӕй фӕнды райсын, уый.
«АФОНЫЛ ХӔРИНАГ»
5. Ныртӕккӕ дуне цавӕр духовон уавӕры ис ӕмӕ уый тыххӕй Иегъовӕ цы аразы?
5 Йесо загъта: «Ӕрмӕст дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй» (Матфейы 4:4). Хъыгагӕн, адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы ныхасмӕ сӕ хъус нӕ дарынц. Иегъовӕйы пехуымпар Амос куыд срагзагъд кодта, уымӕ гӕсгӕ ӕрлӕууыдысты ‘кӕрдзын ӕмӕ донӕй ӕххормагдзинады нӕ, фӕлӕ Хуыцауы ныхӕстӕ хъусыны ӕххормагдзинады’ бонтӕ (Амос 8:11). Духовон ӕххормагдзинад ма ис зӕрдӕбынӕй дингӕнӕг адӕмы ’хсӕн дӕр. Фӕлӕ Иегъовӕйы фӕнды, «цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой ӕмӕ бахӕццӕ уой ӕцӕгдзинад базонынмӕ» (1 Тимофеймӕ 2:3, 4). Уымӕ гӕсгӕ нын уый духовон хӕринаг бӕркадджынӕй дӕтты. Фӕлӕ йӕ кӕм ис ссарӕн?
6. Ивгъуыд рӕстӕджы Иегъовӕ куыд ифтонг кодта йӕ адӕмы духовон хӕринагӕй?
6 Ӕнӕхъӕн историйы дӕргъы Иегъовӕ йӕ адӕмӕн, куыд къордӕн, духовон хӕринаг лӕвӕрдта (Исай 65:13). Зӕгъӕм, Израилы сауджынтӕ, цӕмӕй адӕмы Хуыцауы Закъоныл сахуыр кодтаиккой, уый тыххӕй иумӕ ӕмбырд кодтой нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты (Дыккаг закъон 31:9, 12). Цӕмӕй алчидӕр зондамынд ӕмӕ ныфсӕвӕрд райстаид, уый тыххӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ уӕды рӕстӕджы Разамонӕг советы разамындӕй арӕзтой ӕмбырдтӕ ӕмӕ уагътой иумӕйаг фембӕлдтӕ (Ромӕгтӕм 16:5; Филимонмӕ 1, 2). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сын фӕзмынынц сӕ цӕвиттон. Дӕу дӕр зӕрдӕбынӕй хонынц, цӕмӕй цӕуай алы фембӕлдмӕ дӕр.
7. Куыд баст у чырыстон фембӕлдты регулярон уӕвынад базонынад ӕмӕ уырнындзинадимӕ?
7 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библийы сӕрмагонд ахуыры ӕххуысӕй ды бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр дӕ. Ӕвӕццӕгӕн дын чидӕр баххуыс кодта (Куыстытӕ 8:30—35). Фӕлӕ дӕ уырнындзинадӕн абарӕн ис зайӕгоимӕ, кӕцымӕ хорз зылд куы нӕ уа, уӕд хус кӕнын райдайдзӕн ӕмӕ фӕстагмӕ амӕлдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ дын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у ӕмбӕлон духовон хӕринаг исын (1 Тимофеймӕ 4:6). Чырыстон фембӕлдты лӕвӕрд цӕуы ахуыры бирӕрӕстӕгон программӕ, кӕцы дӕ духовон ӕгъдауӕй ӕфсаддзӕн, ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй дӕ базонынӕдтӕ куыд фылдӕр кӕной, афтӕ рӕздзынӕ уырнындзинады (Колоссӕгтӕм 1:9, 10).
8. Цӕмӕн хъӕуы мах цӕуын Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды фембӕлдтӕм?
8 Ӕмбырды фембӕлдтӕ ма ӕххуыс сты иу ахсджиаг нысанӕн. Павел фыста: «Уыдзыстӕм лӕмбынӕг кӕрӕдзимӕ, уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгардгӕнгӕйӕ; нӕ ӕмбырдтӕ нӕ уадздзыстӕм» (Дзуттытӕм 10:24, 25). Грекъаг дзырд «разӕнгард кӕнын» ма нысан кӕны «цыргъ кӕнын» дӕр. Библийы фӕсномыг ныхасы дзырдӕуы: «Ӕфсӕйнаг ӕфсӕйнаджы цыргъ кӕны, адӕймаг та цыргъ кӕны йе ’мгары цӕстӕнгас» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:17). Махӕй алкӕй дӕр ӕппынӕдзух хъӕуы «цыргъ кӕнын». Дунейы ӕрвылбонон ӕндӕвдад нын гӕнӕн ис нӕ уырнындзинад «скъуымых кӕна». Чырыстон фембӕлдты уӕвгӕйӕ, кӕрӕдзи ныфсджын кӕнӕм (Ромӕгтӕм 1:11, 12). Ӕмбырды уӕнгтӕ сӕхимӕ исынц апостол Павелы сидт ‘кӕрӕдзи ныфсджын кӕнын ӕмӕ духовон ӕгъдауӕй фидар кӕнын’, уымӕн ӕмӕ нын уый «цыргъ кӕны» нӕ уырнындзинад (1 Фессалоникӕгтӕм 5:11, НТ). Чырыстон ӕмбырды фембӕлдтӕм регуляронӕй цӕуын ӕвдисы, Хуыцауы кӕй уарзӕм, ӕмӕ нын кӕй дӕтты фадат, цӕмӕй йӕ кадджын кӕнӕм (Псалом 34:18).
«СФӔЛЫНДУТ УАРЗОНДЗИНАДЫ»
9. Цавӕр цӕвиттон ратта Иегъовӕ уарзондзинады тыххӕй?
9 Павел фыста: «Сфӕлындут уарзондзинады, кӕцы у ӕххӕстдзинады ӕмдзыгуыр» (Колоссӕгтӕм 3:14). Иегъовӕ нын хатыргӕнгӕйӕ лӕвар кӕны ахӕм дарӕс. Цы хуызы? Чырыстӕттӕ ӕвдисынц уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад у Хуыцауы лӕвар, Иегъовӕйы сыгъдӕг уды дыргътӕй сӕ иу (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Иегъовӕ йӕхӕдӕг равдыста иуыл стырдӕр уарзондзинад ӕмӕ йӕ иунӕггуырд Фырты рарвыста ӕнусон цард раттынӕн (Иоанны 3:16). Ахӕм уарзондзинад равдисгӕйӕ, Хуыцау ратта ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон фӕзмынынӕн. «Кӕд Хуыцау афтӕ бауарзта мах, уӕд мах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийы уарзӕм»,— фыста апостол Иоанн (1 Иоанны 4:11).
10. Цы пайда райсдзыстӕм «ӕфсымӕрдзинадимӕ» бастдзинадӕй?
10 Паддзахады Залы фембӕлдты уӕвгӕйӕ дын ис уарзондзинад ӕвдисынӕн диссаджы фадат. Ды ӕмбӕлыс алыхуызон адӕймӕгтимӕ. Дызӕрдыггаг нӕу, бирӕтӕ дзы уайтагъд дӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕцӕудзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн дӕр ис алыхуызон адӕймӕгтӕ. Гӕнӕн ис, раздӕр дӕхи хызтай уыцы адӕймӕгтӕй, кӕцытӕ дӕуӕй хицӕн кодтой сӕ интерестӕ ӕмӕ сӕ характерӕй. Фӕлӕ чырыстӕтты хъӕуы ‘ӕфсымӕрдзинад уарзын’ (1 Петры 2:17). Уымӕ гӕсгӕ дӕ разы сӕвӕр нысан, цӕмӕй Паддзахады Залмӕ чи цӕуы, уыдонӕй алкӕимӕ дӕр базонгӕ уай, ӕгӕрыстӕмӕй, дӕ карӕн чи нӕу, йӕ характер, йӕ буары хуыз ӕмӕ йӕ ахуырадӕй дӕуӕй чи хицӕн кӕны, уыдонимӕ дӕр. Дӕ бон у алкӕмӕдӕр ссарай цавӕрдӕр диссаджы миниуджытӕ.
11. Цӕуылнӕ дын хъуамӕ уа цӕлхдур, Иегъовӕйы адӕмы ӕхсӕн алыхуызон адӕймӕгтӕ кӕй ис?
11 Ӕмбырды ис алыхуызон адӕймӕгтӕ, фӕлӕ дын уый цӕлхдур ма хъуамӕ уа. Зӕгъӕм, цӕуыс машинӕтӕй дзаг фӕндагыл. Машинӕтӕ иуылдӕр ӕмхуызон тагъдадӕй нӕ цӕуынц ӕмӕ иуылдӕр хорз уавӕры не сты. Сӕ иуӕй-иутӕ бирӕ километртӕ алыгъдысты, иннӕтӕ та дӕ машинӕйау, ныртӕккӕ райдыдтой лидзын. Фӕлӕ уыцы хицӕндзинӕдтӕм нӕкӕсгӕйӕ, уыдон иуылдӕр цӕуынц иу фӕндагыл. Уый зӕрдыл лӕууын кӕны ӕмбырды адӕмы. Иуыл ӕмхуызон тагъд нӕ райсынц чырыстон миниуджытӕ. Уымӕй уӕлдай ма хицӕн кӕнӕм нӕ физикон ӕмӕ эмоциалон уавӕрӕй дӕр. Иуӕй-иутӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц бирӕ азты дӕргъы, иннӕтӕ та сӕм ӕрбаиу сты ӕрӕджы. Уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, мах иуылдӕр цӕуӕм ӕнусон цардмӕ кӕнӕг фӕндагыл ӕмӕ стӕм «иугонд... иу уды ӕмӕ иу хъуыдыты мидӕг» (1 Коринфӕгтӕм 1:10). Уымӕ гӕсгӕ дӕ хъус дар, ӕмбырдмӕ цӕуджытӕн сӕ хъӕндзинӕдтӕм нӕ, фӕлӕ сӕ хорз миниуджытӕм. Уый дын ӕрхӕсдзӕн циндзинад, уымӕн ӕмӕ фендзынӕ Хуыцау ӕцӕгдӕр семӕ кӕй ис. Нӕ дӕ фӕнды се ’хсӕн уын? (1 Коринфӕгтӕм 14:25).
12, 13. а) Ӕмбырды дӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд цы хъӕуы аразын? ӕ) Цӕмӕн у ахсджиаг, маст нӕ хӕссын?
12 Адӕм иуылдӕр ӕнӕххӕст сты, ӕмӕ ӕмбырды, гӕнӕн ис, исчи дӕу фӕхъыг кӕна йӕ ныхасӕй кӕнӕ йӕ уагахастӕй (Ромӕгтӕм 3:23). Ахуыргӕнинаг Иаков уый ӕмбӕрста, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фыста: «Мах неппӕт дӕр бирӕ тӕригъӕд кӕнӕм. Чи нӕ тӕригъӕд кӕны [«тӕригъӕд чи нӕ аразы», СТ] ныхасӕй, уый ӕххӕст адӕймаг у» (Иаковы 3:2). Цы кӕндзынӕ, исчи дӕ куы фӕхъыг кӕна? Библион фӕсномыг ныхасы дзырдӕуы: «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы, ӕмӕ йын кад у рӕдыдмиты хатыр кӕнын» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 19:11). Ӕмбаргӕдзинад нысан кӕны адӕймаджы бӕрӕг ныхӕстӕ кӕнӕ архайдтыты аххосӕгтӕм лӕмбынӕг ӕркӕсын ӕмӕ сӕ бамбарын. Нӕ фылдӕр хай йӕ рӕдыдтытыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд сын ссары растгӕнӕн аххосӕгтӕ. Цӕуылнӕ ис гӕнӕн ахӕм ӕмбаргӕдзинад ӕвдисын, цӕмӕй иннӕты уавӕры бацӕуӕм ӕмӕ сын сӕ ӕнӕххӕст хъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕнӕм? (Матфейы 7:1—5; Колоссӕгтӕм 3:13).
13 Макуы нӕ хъуамӕ рох кӕна, кӕд нӕ Иегъовӕйы хатырдзинад фӕнды райсын, уӕд нӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн кӕй хъуамӕ хатыр кӕнӕм (Матфейы 6:9, 12, 14, 15). Кӕд ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уӕд хъуамӕ ӕвдисӕм нӕ уарзондзинад (1 Иоанны 1:6, 7; 3:14—16; 4:20, 21). Уымӕ гӕсгӕ дын искӕимӕ проблемӕ куы фӕзына, уӕд маст ма хӕсс. Уарзондзинад цы адӕймагмӕ ис, уый бацархайдзӕн проблемӕ райхалыныл ӕмӕ кӕд искӕй фӕхъыг кодта, уӕд нӕ бафӕстиат кӕндзӕн хатыр ракурын (Матфейы 5:23, 24; 18:15—17).
14. Цавӕр миниуджыты хъуамӕ сфӕлындӕм нӕхи?
14 Нӕ духовон дарӕсы ма хъуамӕ уа уарзондзинадимӕ баст ӕндӕр миниуджытӕ дӕр. Павел фыста: «Сфӕлындут... фӕлмӕн зӕрдӕйы, хорз кӕныны, сабыр зонды, фӕлмасдзинады, бирӕ фӕразондзинады». Куыд уарзондзинад, афтӕ уыцы миниуджытӕ дӕр миниуӕгон сты «ног» адӕймагӕн, кӕцы Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ у (Колоссӕгтӕм 3:10, 12). Дӕ тыхтӕ ратдзынӕ, цӕмӕй «ног» адӕймаг суай? Дӕ духовон дарӕс куы суа ӕфсымӕртӕм уарзондзинад, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй дӕм ис Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты хицӕнгӕнӕг миниуӕг, кӕцы загъта: «Уымӕ гӕсгӕ базондзысты иуылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, куы уа уарзондзинад уе ’хсӕн» (Иоанны 13:35).
ӔДАС БЫНАТ
15. Ӕмбырдӕн цӕмӕн ис абарӕн ӕдас бынатимӕ?
15 Ӕмбырд ма у ахӕм бынат дӕр, цыран гӕнӕн ис дӕхи ӕдасдзинады хатай. Ӕмбырды ды ссардзынӕ ӕргомзӕрдӕ адӕмы, кӕцытӕ тырнынц ӕппынӕдзух ӕппӕт тыхтӕй Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ раст аразынмӕ. Уыдонӕй бирӕтӕ фервӕзтысты ӕвзӕр уагахастӕй кӕнӕ ахуыртӕй, кӕцытимӕ, чи зоны, дӕу нырма хъӕуы тох кӕнын (Титмӕ 3:3). Уыцы адӕмӕн сӕ бон у баххуыс кӕнын, уымӕн ӕмӕ нын загъд у «хӕссут кӕрӕдзийы уӕргътӕ» (Галатӕгтӕм 6:2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ бӕсты ӕнусон цардмӕ кӕнӕг фӕндагыл ничи ацӕудзӕн (Галатӕгтӕм 6:5; Филиппӕгтӕм 2:12). Фӕлӕ Иегъовӕ мах тыххӕй рагхыгъд скодта чырыстӕтты ӕмбырд — диссаджы арӕзт, цыран кӕддӕриддӕр ис ссарӕн ӕххуысс ӕмӕ ӕнцойад. Дӕ проблемӕтӕ цас фӕнды уӕззау ма уой, уӕддӕр дӕуӕн ис стыр ӕххуыс — уарзӕгой ӕмбырд, кӕцы дӕ бафидар кӕндзӕн ӕнамонддзинады кӕнӕ уӕззау рӕстӕджы. (Абар Лукайы 10:29—37; Куыстытӕ 20:35.)
16. Куыд нын ӕххуыс кӕнынц ӕмбырды хистӕртӕ?
16 Ӕххуысмӕ дӕм чи фӕзындзӕн, уыдоны ’хсӕн ӕмбырды нысангонд хистӕртӕ, кӕнӕ «лӕвӕрттӕ адӕмӕйгты хуызы», цӕстдарджытӕ, кӕцытӕ ӕнӕзивӕгӕй хизынц «дзуг» (Ефесӕгтӕм 4:8, 11, 12, НД; Куыстытӕ 20:28; 1 Петры 5:2, 3). Пехуымпар Исай уыдон тыххӕй фыста: «Уыдонӕй алкӕцы дӕр уыдзӕн куыд ӕмбӕрзӕн дымгӕйӕ ӕмӕ ӕмбӕхсӕн хъызтӕй, куыд суадӕттӕ тыгъдбыдыры, куыд бӕрзонд къӕдзӕхы аууон хус зӕххы» (Исай 32:2).
17. а) Цавӕр ӕххуыс фӕндыд бакӕнын, фыццаджыдӕр, Йесойы? ӕ) Хуыцау йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?
17 Хъыгагӕн, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд дины къухдариуӕггӕнджытӕ не ’вдыстой ахӕм уарзӕгой цӕстдард. Адӕмы уавӕр Йесойыл тынг ӕндӕвта ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд уыдонӕн баххуыс кӕнын — фыццаджыдӕр — духовон ахасты. Йесо адӕмӕн тӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ «уыдысты уыдон тыхсаст ӕмӕ хӕлиу, куыд ӕнӕфыййау фыстӕ» (Матфейы 9:36). Куыд хорз ӕвдисынц ацы ныхӕстӕ, абон дӕр алыхуызон проблемӕтӕй чи хъизӕмар кӕны ӕмӕ духовон ӕххуыс ӕмӕ ӕнцойад райсӕн кӕмӕн нӕй, уыцы мингай адӕймӕгӕты кӕуинаг уавӕр! Фӕлӕ Иегъовӕйы адӕмӕн ис ахӕм духовон ӕнцойад, уымӕн ӕмӕ Хуыцау ныфс бавӕрдта: «Сӕвӕрдзӕн сын фыййӕуттӕ, кӕцытӕ сӕ хиздзысты, ӕмӕ уыдон нал тӕрсдзысты ӕмӕ нал сӕфдзысты» (Иереми 23:4).
18. Духовон ӕххуыс нӕ куы хъӕуа, уӕд хистӕртӕн цӕмӕн хъӕуы дзурын?
18 Базонгӕ у ӕмбырды хистӕртимӕ. Уыдонмӕ ис Хуыцауы зонындзинӕдтӕй царды пайда кӕныны стыр фӕлтӕрддзинад, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕмбӕлон сты цӕстдарӕджы библион домӕнтӕн (1 Тимофеймӕ 3:1—7; Титмӕ 1:5—9). Кӕд дын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у духовон ӕххуыс, цӕмӕй фервӕзай Хуыцауы домӕнты ныхмӕлӕууӕг ахуыртӕ ӕмӕ миниуджытӕй, уӕд ма ӕфсӕрмы кӕн хистӕртӕн зӕгъынӕй. Ды фендзынӕ, хистӕртӕ Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕй архайынц: «Рӕвдаут тӕрсӕгты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, ут бирӕ фӕразондзинады ӕппӕтмӕ» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:7, 8; 5:14).
ИЕГЪОВӔЙЫ АДӔМЫ ’ХСӔН ӔХЦОНДЗИНАД ИС ӔДАСДЗИНАДӔЙ
19. Цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хорзӕхджын кӕны Иегъовӕ йӕ организацийы ӕдас бынат чи агуры, уыдоны?
19 Ӕнӕххӕст уавӕрты кӕй цӕрӕм, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ нын Иегъовӕ лӕвар кӕны духовон хӕринаг, дарӕс ӕмӕ ӕдас бынат. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй банкъарӕм физикон дзӕнӕты арфӕдзинӕдтӕ, уый тыххӕй ӕмбӕлы банхъӕлмӕ кӕсын Хуыцауӕй зӕрдӕвӕрд ног дунемӕ. Фӕлӕ Иегъовӕйы организацийы чи ис, уыдон ныртӕккӕ ӕхцондзинад исынц духовон дзӕнӕты ӕдасдзинадӕй. Иезекиль рагзагъд кодта ахӕм адӕмы тыххӕй: «Уыдон цӕрдзысты ӕдасӕй, ӕмӕ сӕ ничиуал тӕрсын кӕндзӕн» (Иезекиль 34:28; Псалом 4:9).
20. Куыд баххӕст кӕндзӕн Иегъовӕ, нывондӕн ын цы хӕссыс, уый?
20 Куыд бузныг хъуамӕ уӕм Иегъовӕйӕ йӕ духовон лӕвӕртты тыххӕй, кӕцытӕ нын дӕтты йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы уылты! Ӕрбаиу у Хуыцауы адӕммӕ. Де ’мгӕрттӕ кӕнӕ дӕ хӕстӕджытӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй тасдзинад дыл фӕстӕмӕ ма фӕхӕцӕд Иегъовӕйы базонынад райсынӕй. Бирӕтӕ дӕм, гӕнӕн ис, хорз цӕстӕй мауал кӕсой, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ дын кӕй ис бастдзинад ӕмӕ Паддзахады Залмӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм кӕй цӕуыс, уый тыххӕй. Фӕлӕ Хуыцауӕн нывондӕн цы хӕссыс, уый дын Иегъовӕ фагӕй фылдӕрӕй баххӕст кӕндзӕн (Малахи 3:10). Уымӕй уӕлдай ма Йесо загъта: «Ахӕм лӕг нӕй, чи ныууадза йӕ хӕдзар, кӕнӕ йӕ ӕфсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххы, Мӕн тыххӕй кӕнӕ Евангелийы тыххӕй. Ӕмӕ ныр, ацы сурын афоны, не ссара фондзыссӕдз хатты фылдӕр хӕдзӕрттӕ, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ фыдтӕ, ӕмӕ мӕдтӕ, ӕмӕ сывӕллӕттӕ, ӕмӕ зӕххытӕ, ӕрцӕуинаг афоны та ӕнусон цард» (Маркы 10:29, 30). О, цыфӕнды ма ныууадзай, цыфӕнды ма бавзарай, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ды ссардзынӕ диссаджы ӕфсымӕрад ӕмӕ духовон ӕдас бынат.
СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ
Чи у «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар»?
Цавӕр арӕзты ӕххуысӕй нын дӕтты Иегъовӕ духовон хӕринаг?
Чырыстон ӕмбырды уӕвджытӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв ӕнӕхъӕнӕй ис 165 фарсыл]