Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахад хицауиуӕг кӕны

Хуыцауы Паддзахад хицауиуӕг кӕны

Сӕр 10

Хуыцауы Паддзахад хицауиуӕг кӕны

1, 2. Цӕмӕй бӕрӕг у адӕймагон хицауӕдты ӕвӕрӕздзинад?

 ЧИ ЗОНЫ дыл ахӕм хабар ӕрцыд: цавӕрдӕр прибор балхӕдтай, фӕлӕ не скуыста. Зӕгъӕм, фӕдзырдтай мастермӕ. Уый сахъат «бацарӕзта», фӕлӕ чысыл рӕстӕджы фӕстӕ прибор ногӕй фехӕлд. Куыд зын у!

2 Ацы хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны адӕймагон хицауӕдты. Адӕймагады кӕддӕриддӕр фӕндыд, цӕмӕй йын уыдаид хицауад, кӕцы раттаид сабырдзинад ӕмӕ амонды ныфс. Фӕлӕ ӕхсӕнады хъӕндзинӕдтӕ аиуварс кӕныны тырнындзинӕдтӕ разындысты уӕгъды. Бирӕ бадзырдтӕ арӕзт уыд сабырдзинадыл ӕмӕ фехӕлдысты уый фӕстӕ. Уымӕй уӕлдай, кӕцы хицауады бон сси аиуварс кӕнын: фырмӕгуырдзинад, ӕнӕрастдзинад, фыдракӕнддзинад, низтӕ ӕмӕ экологон проблемӕтӕ? Адӕймагон хицауӕдты бон уый нӕу. Ӕгӕрыстӕмӕй, зондджын израилаг паддзах Соломон дӕр бафарста: «Адӕймаг та куыд базона йӕ фӕндаг?» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 20:24).

3. а) Цы уыд Йесойы уацамынды темӕ? ӕ) Куыд ӕмбарынц иуӕй-иу адӕймӕгтӕ Хуыцауы Паддзахад?

3 Дӕ ныфс ма фесаф! Ӕнӕцудгӕ дунеон хицауад ӕрмӕст бӕллиц нӕу. Ууыл амыдта Йесо. Уый йӕ схуыдта «Хуыцауы Паддзахад» ӕмӕ йыл йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта кувын (Лукайы 11:2; 21:31). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы Паддзахады кой иуӕй-иу хатт уырнӕг адӕмы ’хсӕн дӕр фӕкӕнынц. Милуангай адӕймӕгтӕ ма йыл ӕрвылбон кувгӕ дӕр кӕнынц, Хицауы куывд фӕлхатгӕнгӕйӕ (кӕцы ма хуыйны куывд «мах Фыд» кӕнӕ дӕнцон куывд). Фӕлӕ адӕмы куы бафӕрсынц: «Цы у Хуыцауы Паддзахад?», уӕд сӕ дзуаппытӕ алыхуызон вӕййынц. Иуӕй-иутӕ зӕгъынц: «Уый ис зӕрдӕйы». Иннӕтӕ та Паддзахад хонынц уӕлӕрвтӕ. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй Библи ацы фарстӕн бӕлвырд дзуапп дӕтты.

ПАДДЗАХАД БӔРӔГ НЫСАНӔН

4, 5. Цӕмӕн аскъуыддзаг кодта Иегъовӕ йӕ хицауиуӕгад ӕндӕрхуызы равдисын ӕмӕ цы уыдзӕн йӕ фӕстиуӕг?

4 Иегъовӕ Хуыцау алкӕддӕр уыд Паддзах, кӕнӕ Дун-дунейы ӕххӕстбар Хицау. Уый йӕ бармӕ гӕсгӕ ахсы ацы ахадгӕ бынат, куыд ӕппӕты Сфӕлдисӕг (1 Паралипоменон 29:11; Псалом 102:19; Куыстытӕ 4:24). Фӕлӕ Йесо цы Паддзахады тыххӕй амыдта, уымӕн Хуыцауы хицауиуӕгады ис ӕххуысгӕнӕн, кӕнӕ фӕрсаг ахадындзинад. Уыцы мессианон Паддзахадӕн ис сӕрмагонд роль — цавӕр?

5 Ацы чиныджы 6-ӕм сӕр куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй фыццаг адӕймагон къай Хуыцауы хицауиуӕгады ныхмӕ растад. Дайуаг фарстыты тыххӕй Иегъовӕ стӕрхон кодта йӕ хицауиуӕгад ӕндӕрхуызонӕй равдисын. Хуыцау фехъусын кодта йӕ фӕндон «мыггаджы» равзӕрды тыххӕй, кӕцы ныцъцъӕл кӕндзӕн Калмы, Сайтаны, ӕмӕ аиуварс кӕндзӕн адӕймагады туджы рахӕсгӕ тӕригъӕды фӕстиуджытӕ. Сӕйраг «мыггаг» разынд Йесо Чырысти, ӕмӕ «Хуыцауы Паддзахад» та у, Сайтаны кӕй ӕххуысӕй бассӕтдзӕн, уыцы бындурон инструмент. Уыцы Паддзахады уылты Йесо Чырысти зӕххыл ногӕй сфидар кӕндзӕн Иегъовӕйы хицауиуӕгад ӕмӕ ӕнустӕм Хуыцауы рӕстаг хицауиуӕгдзинад сраст кӕндзӕн (Уӕвынад 3:15; Псалом 2:2—9).

6, 7. а) Кӕм ис Паддзахад, чи у йӕ Паддзах ӕмӕ чи сты йӕ ӕмхицауиуӕггӕнджытӕ? ӕ) Чи сты Паддзахады ӕмбӕстӕгтӕ?

6 Фыдзӕрдӕ фарисейтӕн Йесо цы ныхӕстӕ загъта, уыдон Библийы иронау хъуысынц афтӕ: «Хуыцауы Паддзахад уӕ мидӕг ис» (Лукайы 17:21). Йесойы хъуыдыйы уыд, Паддзахад уыцы фыдзӕрдӕ, ӕнӕууӕнк адӕймӕгты зӕрдӕты кӕй уыд? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Ам оригиналы грекъаг ӕвзагӕй растдӕр тӕлмац хъусын кӕны: «Хуыцауы Паддзахад уе ’хсӕн ис» («Ног тӕлмацы» сноскӕ стихмӕ). Йесо се ’хсӕн уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бацамыдта йӕхимӕ, куыд фидӕны Паддзахмӕ. Хуыцауы Паддзахад у реалон, архайгӕ хицауад, кӕцыйӕн ис йӕхи хицау ӕмӕ ӕмбӕстӕгтӕ, ӕмӕ адӕймаджы зӕрдӕйы цыдӕр мӕнг нӕу. «Уӕларвон Паддзахад» ӕмӕ «Хуыцауы Паддзахад» кӕй хуыйны, уымӕ гӕсгӕ уый у уӕларвон хицауад (Матфейы 13:11; Лукайы 8:10). Пехуымпар Данелмӕ цӕстылуайӕны фӕзынд ацы Паддзахады Хицау, кӕцы уыд «адӕймаджы Фырты хуызӕн»; ацы Хицауы бакодтой Ӕппӕтхъомысджын Хуыцаумӕ, ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд «хицауады тых, стырад ӕмӕ паддзахдзинад, ӕмӕ адӕмтӕ, дзыллӕтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ иуылдӕр Уымӕн куыстой [лӕггад кодтой]» (Данелы 7:13, 14). Чи у уыцы Паддзах? Библи «Адӕймаджы Фырт» хоны Йесо Чырыстийы (Матфейы 12:40; Лукайы 17:26). О, Иегъовӕ йӕ Фырт, Йесо Чырыстийы снысан кодта Паддзахӕй.

7 Иесо иунӕгӕй нӕ хицауиуӕг кӕны. «Зӕххӕй ӕлхӕдтытӕ» сты 144 000 адӕймаджы, цӕмӕй йемӕ уой паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Раргомад 5:9, 10; 14:1, 3; Лукайы 22:28—30). Хуыцауы Паддзахады ӕмбӕстӕгтӕ уыдзысты Чырыстийы хицауиуӕгадӕн дӕлбаруӕвӕг адӕймӕгтӕй конд ӕппӕтдунеон бинонтӕ (Псалом 71:7, 8). Фӕлӕ нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Паддзахады бон кӕй суыдзӕн Хуыцауы хицауиуӕгад сраст кӕнын ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕтон уавӕртӕ ногӕй рацаразын?

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ РЕАЛОНДЗИНАД

8, 9. а) Цӕимӕ ис абарӕн Паддзахады тыххӕй Хуыцауы ныфсӕвӕрдты ӕууӕнкджындзинад? ӕ) Цӕмӕн нӕ хъуамӕ уырна Паддзахады реалондзинад?

8 Зӕгъӕм, дӕ хӕдзар басыгъд. Ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фӕрӕзтӕ кӕмӕ ис, уыцы ӕмгар дын ныфс ӕвӕры дӕ хӕдзар ногӕй саразынӕн баххуыс кӕнын, уымӕй уӕлдай ма, дӕ бинонты хӕринагӕй бафсадыны ныфс дӕр. Кӕд дын уый алкӕддӕр дзырдта рӕстдзинад, уӕд ыл ацы хатт нал баууӕнддзынӕ? Зӕгъӕм, дыккаг бон куыстӕй ӕрбацыдтӕ ӕмӕ уыныс кусджыты, кӕцытӕ цъӕлтӕ сыгъдӕг кӕнынц, чидӕр та дын дӕ бинонтӕн хӕринаг ӕрбахаста. Бӕгуыдӕр дын уый бафидар кӕнид дӕ ныфс, рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ алцыдӕр ӕрмӕст цалцӕггонд кӕй не ’рцӕудзӕн, фӕлӕ ма цы уыдис, уымӕй хуыздӕр кӕй уыдзӕн.

9 Ахӕм хуызы нӕ Иегъовӕ ӕууӕндын кӕны Паддзахады реалондзинадыл. Библийы Дзуттытӕм ӕрвысты куыд ӕвдыст у, уымӕ гӕсгӕ Закъоны бирӕ хӕйттӕ Паддзахады арӕзты аууон уыдысты (Дзуттытӕм 10:1). Израилы зӕххон паддзахад дӕр ма уыд Хуыцауы Паддзахады рагхуыз. Уый нӕ уыд арӕхӕмбӕлгӕ паддзахад, уымӕн ӕмӕ йӕ хицауиуӕггӕнджытӕ бадтысты «Хицауы паддзахы бадӕныл» (1 Паралипоменон 29:23). Уымӕй уӕлдай ма рагзагъд уыд: «Цалынмӕ Фидауынгӕнӕг [«Шило» a, НТ сноскӕйы], не ’рцӕуа, уӕдмӕ Иудӕйы фӕлтӕрӕй ист не ’рцӕудзӕн паддзахы лӕдзӕг ӕмӕ хицауиуӕгады нысан алкӕддӕр уыдзӕн йӕ бинонтыл, кӕцыйӕн [Фидауынгӕнӕгӕн] дзыллӕтӕ райдайдзысты коммӕ кӕсын ӕмӕ лӕггад кӕнын» (Уӕвынад 49:10). О, Хуыцауы хицауады ӕнӕивгӕ Паддзах, Йесо, хъуамӕ равзӕрдаид Иудӕйы генеалогон хаххӕй (Лукайы 1:32, 33).

10. а) Кӕд ӕрцыд ӕвӕрд Хуыцауы мессианон Паддзахады бындур? ӕ) Цавӕр хъуыддаг хъуамӕ ӕххӕст кӕной ӕппӕт зӕххыл Йесойы фидӕны ӕмхицауиуӕггӕнджытӕ?

10 Хуыцауы мессианон Паддзахады бындур ӕвӕрд ӕрцыд Йесойы апостолты равзӕрстӕй (Ефесӕгтӕм 2:19, 20; Раргомад 21:14). Уыдон уыдысты 144 000-ӕй фыццӕгтӕ, кӕцытӕ уӕларвыл хицауиуӕг кӕндзысты куыд Йесо Чырыстийы ӕмпаддзӕхтӕ. Цалынмӕ Йесойы фидӕны ӕмхицауиуӕггӕнджытӕ зӕххыл цӕрынц, уӕдмӕ уыдон йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ӕвдисӕйнады уӕрӕх компани уадзынц: «Ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй» (Матфейы 28:19).

11. Куыд цӕуы абон Паддзахады уацамынд ӕмӕ йын цы бантыст?

11 Абон ӕнахуыр масштабы ӕххӕст кӕны ӕппӕт дзыллӕты сахуыр кӕныны фӕдзӕхст. Йесойы пехуымпарадон ныхӕстимӕ разыйӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц Паддзахады цины хабар ӕппӕт зӕххыл: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Паддзахады тыххӕй амынды хъуыддаджы хӕйттӕй иу у уӕрӕх ахуырадон программӕ. Хуыцауы Паддзахады принциптӕн ӕмӕ закъӕттӕн дӕлбаруӕвӕг адӕймӕгтӕ нырид ӕвзарынц сабырдзинад ӕмӕ иудзинад, кӕцы не ’фты адӕймагон хицауӕдты къухы. Уыдон иуылдӕр дзурӕг сты Хуыцауы Паддзахады реалондзинадыл!

12. а) Цӕмӕн у ӕмбӕлон Паддзахад хъусынгӕнджыты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хонын? ӕ) Цӕмӕй хицӕн кӕны Хуыцауы Паддзахад адӕймагон хицауӕдтӕй?

12 Иегъовӕ израилӕгтӕн загъта: «Ме ’вдисӕнтӕ... сымах ӕмӕ Мӕ цагъар» (Исай 43:10—12). Йесо, «раст ӕвдисӕн», Паддзахады цины хабар ӕнувыдӕй хъусын кодта (Раргомад 1:5; Матфейы 4:17). Уымӕ гӕсгӕ ӕмбӕлон у, Паддзахады нырыккон хъусынгӕнджытӕ кӕй хӕссынц Хуыцауы лӕвӕрд ном — Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Хуыцауы Паддзахадыл иннӕтимӕ дзургӕйӕ, Ӕвдисӕнтӕ уыйбӕрц рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ цӕмӕн хардз кӕнынц? Уыдон афтӕ уымӕн аразынц, ӕмӕ адӕймагады иунӕг ныфс у — Паддзахад. Адӕймагон хицауӕдтӕ абон уа, сом уа, ӕрцӕуынц сӕ кӕронмӕ, Хуыцауы Паддзахадӕн та кӕрон никуы уыдзӕн. Исайы 9:6, 7-ы ацы Паддзахады хицау, Йесо, хуыйны «дунейы Ӕлдар», уымӕй уӕлдай ма, уым дзырдӕуы: «Йӕ хицаудзинады ӕмӕ сабырдзинады рӕзтӕн нӕй кӕрон». Хуыцауы Паддзахад нӕу адӕймагон хицауӕдты хуызӕн, кӕцытӕ аивгъуыйынц. Данелы 2:44 (БГТ), дзырдӕуы: «Уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад; ӕмӕ йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ рард [лӕвӕрд] нӕ фӕуыдзӕн; уый... ныллӕудзӕн ӕнусмӕ».

13. а) Цавӕр проблемӕтӕ райхалдзӕн ӕнтыстджынӕй Хуыцауы Паддзахад? ӕ) Цӕмӕн у нӕ бон ӕууӕндын, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты?

13 Цымӕ кӕцы адӕймагон паддзахы бон у ӕрлӕууын кӕнын: хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ, низтӕ ӕмӕ аиуварс кӕнын ӕххормагдзинад ӕмӕ ӕнӕхӕдзардзинады проблемӕ райхалын? Ноджыдӕр ма: кӕцы зӕххон хицауы бон у амӕлджыты райгас кӕнын? Уыдон иуылдӕр йӕ Паддзахы сӕргълӕудӕй йӕ бон у саразын Хуыцауы Паддзахадӕн. Паддзахад нӕ разындзӕн цыбырдугон, ӕппынӕдзух аразинаг приборау. Нӕ, Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ Хуыцауы Паддзахад уыдзӕн ӕнтыстджын: «Мӕ Ныхас, кӕцы ацӕуы Мӕ дзыхӕй,— не ’рбаздӕхы Мӕнмӕ уӕгъды, фӕлӕ ӕххӕст кӕны, Мӕнӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цы у, ӕмӕ ӕххӕст кӕны Ӕз ӕй цӕй тыххӕй арвыстон, уый» (Исай 55:11). Хуыцауы фӕндон ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн; фӕлӕ Паддзахад йӕ хицауиуӕгад кӕд райдайдзӕн?

ПАДДЗАХАДОН ХИЦАУИУӔГАД — КӔД?

14. Цы не ’мбӕрстой Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Паддзахады тыххӕй ӕмӕ цы зыдта Йесо йӕ хицауиуӕгады тыххӕй?

14 «Хицау, ацы рӕстӕджы нӕ аразыс Ды Израилы паддзахад?» Йесойы ахуыргӕнинӕгты фарст ӕвдисы, уыдон кӕй нӕ зыдтой Хуыцауы Паддзахады снысаны тыххӕй, ӕмӕ ма, йӕ хицауиуӕгад кӕд райдайдзӕн, уый тыххӕй дӕр. Йесо сӕ рагацау бафӕдзӕхста, цӕмӕй ацы хъуыддаджы тыххӕй ӕнхъӕлцау ма уой ӕмӕ загъта: «Сымах хъуыддаг нӕу рӕстӕджытӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ зонын, кӕцыты Фыд Сӕвӕрдта Йӕхи хицауады». Йесо зыдта, йӕ раудгасӕй ӕмӕ уӕларвмӕ йе ссӕуынӕй бирӕ азтӕ куы рацӕуа, уӕд кӕй райдайдзӕн зӕххыл хицауиуӕгад (Куыстытӕ 1:6—11; Лукайы 19:11, 12, 15). Библийы афтӕ уыд рагзагъд. Уый тыххӕй цы дзуры?

15. Цы дзырдӕуы Псалмы 109:1-ы Йесойы хицауиуӕгады райдианы тыххӕй?

15 Давид паддзах, пехуымпарадон хуызы Йесойы тыххӕй дзургӕйӕ ӕмӕ йӕ «Хицау» хонгӕйӕ, загъта: «Иегъовӕ загъта мӕ Хицауӕн: ӕрбад Мӕ рахизфарсмӕ, цалынмӕ Ӕз сбадын кӕнон Де ’знӕгты Дӕ къӕхты бын» (Псалом 109:1, СПб; абар Куыстытӕ 2:34—36). Уыцы пехуымпарад амоны, Йесо уӕларвмӕ ссӕугӕйӕ уайтагъд кӕй нӕ райдыдта хицауиуӕг кӕнын. Уый Хуыцауы рахизфарс хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кастаид (Дзуттытӕм 10:12, 13). Цас рӕстӕг хъуамӕ банхъӕлмӕ кастаид? Кӕд райдыдта йӕ хицауиуӕгад? Библи нын ӕххуыс кӕны ацы фарстытӕн дзуаппытӕ ссарынӕн.

16. Цы ’рцыд н. э. агъоммӕ 607 азы ӕмӕ йын цавӕр ахаст уыд Хуыцауы Паддзахадмӕ?

16 Иегъовӕйы ном ӕппӕт зӕххыл цы иунӕг горӕты уыд, уый уыд Иерусалим (3 Паддзахӕдты 11:36). Уый ма уыд Хуыцауы зӕххон паддзахады сӕйраг горӕт дӕр, кӕцы уыд Хуыцауы уӕларвон Паддзахады рагфӕлгонц. Уымӕ гӕсгӕ н. э. агъоммӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы скуынӕг кодтой, уӕд уый сси ахсджиаг цау. Ацы цауӕй райдыдта дӕргъвӕтин рӕстӕг, кӕцыйы Хуыцау йӕ адӕмыл комкоммӕ нал къухдариуӕг кодта зӕххыл. Хуыцауы хицауиуӕгады фӕурӕды рӕстӕг кӕй дарддӕр кӕны, уый тыххӕй ӕхсӕзсӕдӕ азы фӕстӕ Йесо ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Иерусалим уыдзӕн ссӕст муртаттӕй, цалынмӕ муртатты рӕстӕджытӕ фӕуой, уӕдмӕ» (Лукайы 21:24).

17. а) Цы сты «муртатты рӕстӕджытӕ» ӕмӕ цас ахастой? ӕ) Кӕд райдыдтой ӕмӕ кӕд фесты «муртатты рӕстӕджытӕ»?

17 «Муртатты рӕстӕджытӕ» уыцы дунейы хицауӕдтӕн бар раттой, цӕмӕй Хуыцау хорзыл цы хицауиуӕгад банымадта, уый раппӕрстаиккой. Уыцы период райдыдта н. э. агъоммӕ 607 азы Иерусалим куы скуынӕг кодтой, ӕмӕ Данел загъта, уый кӕй ахӕсдзӕн «авд рӕстӕджы» (Данелы 4:20—22). Цас ахастой уыцы «авд рӕстӕджы»? Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ ӕртӕ «рӕстӕг» ӕмӕ ӕрдӕг сты 1 260 боны (Раргомад 12:6, 14). Афтӕмӕй, дыууӕ ахӕм периоды, кӕнӕ авд рӕстӕджы та сты 2 520 боны. Уыцы цыбыр рӕстӕджы ницы уадиссаг ӕрцыд. Фӕлӕ Данелы пехуымпарадмӕ куы спайда кӕнӕм ацы принцип «иу бон иу азыл» ӕмӕ н. э. агъоммӕ 607 азӕй 2 520 аз куы анымайӕм, уӕд ӕрцӕудзыстӕм н. э. 1914 азмӕ (Нымӕцтӕ 14:34; Иезекиль 4:6).

18. Цы сарӕзта Йесо, куыддӕр паддзахы бар райста, ӕмӕ уый зӕххыл куыд бандӕвта?

18 Йесо уыцы аз райдыдта уӕларвыл хицауиуӕг кӕнын? Иннӕ сӕры ныхас цӕудзӕн библион пехуымпарӕдтыл, кӕцытӕ уый бӕлвырд кӕнынц. Фӕлӕ ӕргом у, Йесойы хицауиуӕджы райдиан зӕххыл ӕвӕстиат сабырдзинад кӕй нӕ нысан кодта. Раргомады 12:7—12-ы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Йесо куыддӕр паддзахы бар райса, афтӕ уӕларвӕй Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты раппардзӕн. Уый зӕххы цӕрджытӕн маст ӕрхастаид, фӕлӕ нын ӕнцойад дӕтты, Хӕйрӕгӕн «бирӕ рӕстӕг» кӕй нал баззад, уый. Тагъд цин кӕндзыстӕм Хуыцауы Паддзахад кӕй хицауиуӕг кӕны ууыл нӕ, фӕлӕ ма уый зӕххӕн ӕмӕ коммӕгӕс адӕймагадӕн цы ӕнӕфенгӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, ууыл дӕр (Псалом 71:7, 8). Кӕцӕй йӕ зонӕм, уый тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн?

[Фиппаинӕгтӕ]

a Ном Шило нысан кӕны: «Уый кӕй у; Уый кӕмӕ ӕмбӕлы». Рӕстӕджы цыдимӕ раргом ис «Шило» Йесо Чырысти кӕй у, «домбай Иудӕйы фӕлтӕрӕй» (Раргомад 5:5). Иуӕй-иу арамейаг тӕлмӕцты дзырд «Шило» ивд ӕрцыд дзырд «Мессиа»-йӕ кӕнӕ дзырдбаст «мессианон Паддзах»-ӕй.

СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ

Цы у Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ кӕцӕй къухдариуӕг кӕны?

Чи къухдариуӕг кӕны Паддзахадыл ӕмӕ чи сты йе ’мбӕстӕгтӕ?

Куыд нӕ ӕууӕндын кӕны Иегъовӕ йӕ Паддзахады реалондзинадыл?

Кӕд райдыдтой ӕмӕ кӕд фесты «муртатты рӕстӕджытӕ»?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 94 фарсыл]

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДИМӔ БАСТ ИУӔЙ-ИУ АХСДЖИАГ ЦАУТӔ

• Иегъовӕ фехъусын кодта йӕ фӕндон «мыггаг» равзӕрыны тыххӕй, кӕцы Калмы, Сайтан Хӕйрӕджы, сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн (Уӕвынад 3:15).

• Н. э. агъоммӕ 1943 азы Иегъовӕ амоны, «мыггаг» Авраамы байзӕддаг кӕй уыдзӕн (Уӕвынад 12:1—3, 7; 22:18).

• Н. э. агъоммӕ 1513 азы Израилимӕ цы Закъоны цӕдис ӕрцыд фыст, уый сси «ӕрцӕуинаг хорздзинӕдты аууон» (Рацыд 24:6—8; Дзуттытӕм 10:1).

• Н. э. агъоммӕ 1117 азы зӕххон израилы зӕххон паддзахадӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ йыл фӕстӕдӕр Давиды династийӕ хицауиуӕг кодтой паддзӕхтӕ (1Паддзахӕдты 11:15; 2 Паддзахӕдты 7:8, 16).

• Н. э. агъоммӕ 607 азы Иерусалимы скуынӕгӕй райдыдтой «муртатты рӕстӕджытӕ» (4 Паддзахӕдты 25:8—10, 25, 26; Лукайы 21:24).

• Н. э. 29 азы Йесо Паддзахадӕн сӕрст ӕрцыд ӕмӕ райдыдта йӕ зӕххон лӕггаддзинад (Матфейы 3:16, 17; 4:17; 21:9—11).

• Н. э. 33 азы Йесо уӕларвмӕ ссыд ӕмӕ ӕрбадт Хуыцауы рахизфарс йӕ хицауиуӕгады райдианмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ (Куыстытӕ 5:30, 31; Дзуттытӕм 10:12, 13).

• Н. э. 1914 азы «муртатты рӕстӕджытӕ» куы фесты, уӕд Йесо сси уӕларвон Паддзахады паддзах (Раргомад 11:15).

• Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты зӕххы арӕнтӕм ӕмӕ систы адӕмы маст фылдӕр кӕныны аххосджынтӕ (Раргомад 12:9—12, НФ).

• Йесо къухдариуӕг кӕны Хуыцауы Паддзахады цины хабары уацамындыл ӕппӕт дунейы (Матфейы 24:14; 28:19, 20).