Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы базонынадӕй зӕхх куы байдзаг уа

Хуыцауы базонынадӕй зӕхх куы байдзаг уа

Сӕр 19

Хуыцауы базонынадӕй зӕхх куы байдзаг уа

1, 2. Куыд «фехӕлд» Иегъовӕйы сфӕлдыстад?

 ЗӔГЪӔМ, дӕсны нывгӕнӕг фӕци конд диссаджы ныв. Ныв рауад тынг хорз, ӕцӕг шедевр! Фӕлӕ йӕ хӕлӕггӕнӕг адӕймаг ӕхсӕвы фехӕлдта. Ӕмбӕрстгонд у, нывгӕнӕгӕн уый куыд зын у. Куыд тынг ӕй фӕнды, цӕмӕй уыцы фыдгӕнӕджы ӕрцахсой! Ахъуыды ма кӕн, куыд тынг ӕй фӕнды, цы сфӕлдыста, уый рӕсугъддзинад ногӕй рацаразын.

2 Уыцы нывгӕнӕгау, Иегъовӕ сфӕлдыста диссаджы шедевр — Зӕхх ӕмӕ йыл ӕрцӕрын кодта адӕмы. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы куы сфӕлдыста, уӕд уый фӕстӕ йӕ куыстӕн зӕххыл ахӕм хатдзӕг скодта: «Иттӕг хорз у» (Уӕвынад 1:31). Адам ӕмӕ Евӕ уыдысты Хуыцауы сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ уый уарзта. Уый сын снысан кодта диссаджы амондджын фидӕн. Кӕд сӕ Сайтан йӕ ныхмӕ растын кодта, уӕддӕр Хуыцауы диссаджы фӕлдисондыл уыйбӕрц зиан не ’рцыд, цӕмӕй йын срастгӕнӕн мауал уыдаид (Уӕвынад 3:23, 24; 6:11, 12).

3. Цы у «ӕцӕг цард»?

3 Хуыцау аскъуыддзаг кодта хъуыддаг сраст кӕнын. Уый тынг фӕнды, цӕмӕй райдианы куыд сфӕнд кодта, афтӕ цӕрӕм. Нӕ цыбыр ӕмӕ тыхст цардӕн ницы ис иумӕйагӕй Иегъовӕйы хъуыдыйы уӕвӕг «ӕцӕг цардимӕ». Иегъовӕйы цы «ӕцӕг цард» фӕнды раттын, уый у «ӕнусон цард» ӕххӕст уавӕрты (1 Тимофеймӕ 6:12, 19, НТ).

4, 5. а) Цӕй руаджы сӕххӕст уыдзӕн Дзӕнӕты царды ныфс? ӕ) Цӕмӕн нӕ хъӕуы фидӕны ныфсыл хъуыды кӕнын?

4 Хуыцауы базонынӕдтӕ баст сты Иегъовӕйы раз бӕрндзинадимӕ (Иаковы 4:17). Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн, цы арфӕдзинӕдтӕ дын уыдзӕн, уыцы зонындзинӕдтӕй куы пайда кӕнай ӕмӕ ӕнусон цардмӕ куы тырнай. Иегъовӕ Хуыцау йӕ Ныхас, Библийы ратта диссаджы ныв, тагъд рӕстӕджы цы цард ралӕудзӕн дзӕнӕтон зӕххыл, уымӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах, Иегъовӕ Хуыцауы адӕм, уымӕн ӕрмӕст хорзӕхы тыххӕй нӕ лӕггад кӕнӕм. Мах Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм уымӕн, ӕмӕ йӕ уарзӕм (Маркы 12:29, 30). Уымӕй уӕлдай ма, нӕ бон нӕу Иегъовӕмӕ ӕнусон царды аккаг суӕвын. Ӕнусон цард Хуыцауы лӕвар у (Ромӕгтӕм 6:23). Хорз у уыцы цардыл хъуыды кӕнын, уымӕн ӕмӕ Дзӕнӕты ныфс зӕрдыл лӕууын кӕны, Иегъовӕ Хуыцау уарзӕгойӕ кӕй ‘дӕтты Йӕ агурджытӕн’ (Дзуттытӕм 11:6). Нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ныфс ис, уый нын баххуыс кӕндзӕн ацы сайтанон дунейы зындзинӕдтыл уӕлахиз кӕнынӕн (Иереми 23:20).

5 Ныр та нӕ хъус ӕрдарӕм библион зӕрдӕвӕрдмӕ фидӕны зӕххон Дзӕнӕты ӕнусон царды тыххӕй. Хуыцауы базонынадӕй зӕхх куы байдзаг уа, уӕд цавӕр цард уыдзӕн?

АРМАГЕДДОНЫ ФӔСТӔ — ДЗӔНӔТОН ЗӔХХ

6. Цы у Армагеддон ӕмӕ цы нысан кӕны адӕмӕн?

6 Куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцау тагъд рӕстӕджы скуынӕг кӕндзӕн ацы фыдцардыуагон системӕ. Дуне фӕдисонау тындзы Библи Армагеддон кӕй хоны, уымӕ. Уыцы дзырд фехъусгӕйӕ, бирӕтӕ ахъуыды кӕнынц ныхмӕлӕууӕг бӕстытӕй расайд ядерон катастрофӕйыл, фӕлӕ Армагеддоны тыххӕй уый раст цӕстӕнгас нӕу. Раргомады 16:14—16-ы куыд дзырдӕуы, уымӕ гӕсгӕ Армагеддон у «Ӕппӕтылхӕцӕг, Хуыцауы уыцы стыр бон». Уыцы хӕсты хайад исдзысты «зӕххон паддзӕхтӕ» кӕнӕ ӕппӕт адӕмтӕ. Иегъовӕ Хуыцауы Фырт, нысангонд Паддзах, тагъд рӕстӕджы райдайдзӕн уыцы хӕст. Йӕ кӕрон бӕрӕг у ныридӕгӕн. Куынӕг ӕрцӕудзысты Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ чи лӕууы, ӕмӕ ма Сайтаны фыдцардыуагон системӕйы хай чи у, уыдон се ’ппӕт дӕр. Удӕгас баззайдзысты ӕрмӕст Иегъовӕйыл сӕруӕлдай иузӕрдион адӕм (Раргомад 7:9, 14; 19:11—21).

7. Кӕм уыдзысты Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы ӕмӕ уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн адӕймагадӕн?

7 Зӕгъӕм, ды уыцы тӕссаг уавӕры фервӕзтӕ. Цы хуызӕн уыдзӕн цард Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ног дунейы? (2 Петры 3:13). Мах нӕ хъӕуы хъуыды кӕнын уыцы рӕстӕгыл, уымӕн ӕмӕ йыл Библи йӕхӕдӕг дзуры, ӕмӕ цы дзуры, уый диссаг у. Мах базыдтам, Йесо Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы, Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕй ист кӕй ӕрцӕудзысты ӕппӕт бартӕ ӕмӕ кӕй ӕрцӕудзысты конд ӕнӕархайд ӕнӕбын арфы. Нал уыдзӕн ӕдзӕсгом ӕмӕ фыдзӕрдӕ гоймӕгтӕ, кӕцытӕ фӕсаууонӕй змӕнтынц ӕмӕ тырнынц, цӕмӕй нӕ Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ сразӕнгард кӕной. Цы диссаджы сӕрибардзинад у! (Раргомад 20:1—3).

8, 9. Цы ӕрцӕудзӕн ног дунейы ӕнкъарддзинад, низтӕ ӕмӕ зӕронддзинадыл?

8 Йӕ рӕстӕджы адӕм фервӕздзысты ӕппӕт низтӕй (Исай 33:24). Къуылыхты бон суыдзӕн слӕууын ӕмӕ цӕуын, лидзын ӕмӕ кафын. Ӕгуыппӕг дунейы цӕргӕйӕ, бирӕ азты фӕстӕ къуырматӕ фехъусдзысты сӕ алыварс аив зӕлты симфони. Куырмытӕ цингӕнгӕйӕ бакӕндзысты сӕхицӕн хуызтӕ ӕмӕ формӕты хъӕздыг дуне (Исай 35:5, 6). Ӕмӕ ӕппын фӕстаг, уыдон фендзысты сӕ зӕрдиаг адӕймӕгты цӕсгӕмттӕ! Уӕд, гӕнӕн ис, цыдӕр момент сӕ цӕстытӕ атар уой цины цӕссыгтӕй.

9 Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн! Нал бахъӕудзысты кӕсӕнцӕстытӕ, костилтӕ, ӕнцойгӕнӕн лӕдзгуытӕ, хостӕ, стомотологон поликлиникӕтӕ ӕмӕ рынчындӕттӕ! Никуыуал байсдзысты адӕмы циндзинад психикон низтӕ ӕмӕ депресси. Сывӕллӕттӕн низтӕ зиан нал хӕсдзысты. Адӕм зӕронддзинадӕй фӕстӕмӕ ӕвзонгадмӕ раздӕхдзысты (Иов 33:25). Мах суыдзыстӕм ӕнӕниздӕр ӕмӕ тыхджындӕр. Сатӕг ӕхсӕвы фӕстӕ-иу алы райсом райхъал уыдзыстӕм ног тыхтимӕ ӕмӕ цингӕнгӕйӕ, ӕмбӕлдзыстӕм ӕхсидгӕ царды ног бон ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ куыстыл.

10. Армагеддоны чи фервӕза, уыдон цавӕр куысты исдзысты хайад?

10 Армагеддоны чи фервӕза, уыдонӕн уыдзӕн бирӕ цымыдисаг куыст. Уыдон рацараздзысты зӕхх дзӕнӕтмӕ. Чъизи зӕронд системӕйы уӕлдӕйттӕ иуварсгонд ӕрцӕудзысты. Заууат ӕмӕ хӕлддзаг бынӕтты дидин рафтаудзысты дыргъдӕттӕ ӕмӕ парктӕ. Алкӕмӕндӕр уыдзӕн аив хӕдзар (Исай 65:21). Цадӕггай зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт ӕмӕ ӕнӕхъӕн планетӕ ӕмбӕлон уыдзӕн рӕсугъдзинады стандарттӕн, кӕцытӕ Сфӕлдисӕг сфидар кодта Едемы дыргъдоны. Куыд ӕхсызгон уыдзӕн уыцы цалцӕггӕнӕн куысты хайад исын!

11. Цавӕр ахаст уыдзӕн адӕмӕн ӕрдзмӕ ӕмӕ цӕрӕгойты дунемӕ?

11 Хуыцауы къухдариуӕгадӕй уый афтӕ ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ӕрдз нӕ бахъыгдардзӕн. Адӕм цӕрӕгойтимӕ цӕрдзысты хӕларӕй. Уыдон ӕмбаргӕйӕ хицауиуӕг кӕндзысты зӕххыл, ӕмӕ цӕрӕгойты ӕгъатырӕй марыны бӕсты уыдоныл ауддзысты уарзондзинадӕй. Ахъуыды ма кӕн: бирӕгътӕ ӕмӕ уӕрыччытӕ, домбайтӕ ӕмӕ рӕуӕдтӕ цӕрынц иумӕ — уӕд хӕдзарон фос уыдзысты ӕдасдзинады. Ӕгӕрыстӕмӕй ма, сабитӕ дӕр нал тӕрсдзысты хъӕддаг сырдтӕй, ног дунейы сабырдзинад хъыгдард нал цӕудзӕн дурзӕрдӕ ӕмӕ ӕгъатыр адӕмӕй (Исай 11:6—8). Куыд сабыр цард уыдзӕн!

ИВЫНДЗИНӔДТӔ АДӔЙМАГАДОН ӔХСӔНАДЫ

12. Куыд ӕххӕст кӕнынц Исай 11:9-ы ныхӕстӕ абон ӕмӕ ацы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты Дзӕнӕты?

12 Исайы 11:9-ы загъд у, зӕххыл фыддзинад цӕуылнӕ уал уыдзӕн, уый. Уым дзырдӕуы: «Дӕттӕ денджыз куыд байдзаг кӕнынц, афтӕ байдзаг уыдзӕн зӕхх Хицауы ӕмбарынадӕй [«Иегъовӕйы базонынадӕй», НД]». Уыцы ныхӕстӕ хауынц ӕрмӕст адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ инстинкттӕй къухдариуӕггӕнӕг цӕрӕгойты бон нӕу «Иегъовӕйы базонынад» исын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ивын. Фӕлӕ Сфӕлдисӕджы зонындзинӕдтӕ ивынц адӕмы. Дызӕрдыгаг нӕу, Хуыцауы зонындзинӕдтӕй пайдагӕнгӕйӕ, царды цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ кӕй скодтай. Афтӕ аразынц милуангай адӕймӕгтӕ. Уӕдӕ, Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдоныл пехуымпарад ныридӕгӕн ӕххӕст кӕны. Фӕлӕ ма уым ӕргом здӕхт цӕуы рӕстӕгмӕ, ӕппӕт дунейы адӕм куы ссӕрибар уой ӕвзӕр тырнындзинӕдтӕй, тыхмийы ӕмхицдзинадӕй ӕмӕ ӕнустӕм сабырдзинадуарзӕг куы суой.

13. Цавӕр ахуырадон программӕ уыдзӕн зӕххыл?

13 Куыд хорз уыдзӕн Хуыцауы базонынадӕй ӕнӕхъӕн зӕхх куы байдзаг уа! Уӕд Паддзах Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ 144 000 ӕмхицауиуӕггӕнӕджы къухдариуӕгӕй уагъд цӕудзӕн ахуырады уӕрӕх программӕ. Уым пайда кӕндзысты ног «чингуытӕй». Ӕвӕццӕгӕн, уыдон сты Хуыцауы фыст амындтӕ, кӕцытӕ суыдзысты зӕххы цӕрджыты сахуыр кӕныны бындур (Раргомад 20:12). Адӕм ахуыр кӕндзысты хӕцын нӕ, фӕлӕ сабыр цардыл. Ӕнустӕм фесӕфдзӕн мӕлӕтхӕссӕг хӕцӕнгарз (Псалом 45:10). Ног дунейы цӕрджытӕ сахуыр уыдзысты кӕрӕдзи уарзын, кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнын ӕмӕ кад кӕнын.

14. Куыд фӕивдзӕн дуне, адӕймагад иу ӕнгом бинонтау суӕвгӕйӕ?

14 Адӕймагад суыдзӕн ӕнгом бинонтау. Уым иудзинад ӕмӕ ӕфсымӕрадӕн нал уыдзӕн цӕлхдуртӕ (Псалом 132:1—3). Иу хӕдзар дӕр нал хъӕудзӕн къӕрныхтӕй ӕхгӕнын. Фарн уыдзӕн алы зӕрдӕйы, алы хӕдзар ӕмӕ зӕххы алы къуымы (Михей 4:4).

ЦИНЫ РАЙГАСДЗИНАД

15. Цавӕр дыууӕ къорд райгас уыдзысты зӕххыл?

15 Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы уыдзӕн райгасдзинад. Хуыцауы сыгъдӕг уды, йӕ архайӕг тыхы ныхмӕ тӕригъӕдтӕ барӕй чи арӕзта, ӕмӕ Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ ӕвӕсмонӕй чи архайдта, уыдон нӕ райгас уыдзысты (Матфейы 23:15, 33; Дзуттытӕм 6:4—6). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау йӕхӕдӕг тӕрхон кӕндзӕн сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд чи сарӕзта, ӕмӕ чи нӕ сарӕзта. Фӕлӕ райгас уыдзысты дыууӕ къорды — «рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджытӕ» (Куыстытӕ 24:15). Райгасдзинады рӕстӕджы цыдӕр фӕтк кӕй хъуамӕ уа, уымӕ гӕсгӕ раст уаид хъуыды кӕнын, раздӕр цардмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты рӕстгӕнджытӕ,— Иегъовӕйӕн ӕууӕнкджынӕй чи лӕггад кодта, уыдон (Дзуттытӕм 11:35—39).

16. а) Чи райгас уыдзӕн «рӕстгӕнджыты» ’хсӕн зӕххыл? ӕ) Раздӕры ӕууӕнкджын лӕггадгӕнджытӕй дӕ тынгдӕр кӕимӕ фӕнды базонгӕ кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

16 Хӕстыты, ӕрдзытыхон азартӕ ӕмӕ амӕлджыты тыххӕй хъусинӕгты бӕсты, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ исдзысты райгасдзинады цины хъусинӕгтӕ. Куыд ӕхсызгон уыдзӕн, ахӕм ӕууӕнкджын нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, куыд: Авель, Енох, Ной, Авраам, Саррӕ, Иов, Моисей, Раав, Руфь, Давид, Илиа, Есфирь,— кӕй райгас уыдзысты, уый базонын. Цас цымыдисаг историон факттӕ суыдзӕн сӕ бон радзурын бирӕ библион цауты тыххӕй! Дызӕрдыггаг нӕу, уыдон ӕмӕ ма рӕстгӕнӕг адӕм, кӕцытӕ ӕрӕджы амардысты, амондджын кӕй уыдзысты, куы базоной Сайтаны системӕйы кӕроны тыххӕй, ӕмӕ ма Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг ном куыд скадджын кодта ӕмӕ йӕ хицауиуӕгад куыд сраст кодта, уый тыххӕй дӕр.

17. Цавӕр ӕххуыс бакӕндзысты Хуыцауы ӕууӕнкджын лӕггадгӕнджытӕ иннӕ райгасуӕвджытӕн?

17 Цӕй стыр ӕххуыс бакӕндзысты уыцы ӕууӕнкджын лӕггадгӕнджытӕ райгасдзинады иннӕ этапы, миллиардгай «ӕнӕрастгӕнджытӕ» куы ссӕрибар уой мӕлӕты къӕпхӕнӕй! Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн никуы уыдис фадат Иегъовӕйы базонынӕн. Сайтан сын «бакуырм кодта сӕ зонд» (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Фӕлӕ Хӕйрӕджы тырнындзинӕдтӕ разындзысты уӕгъды. Ӕнӕрӕстгӕнджытӕ раздӕхдзысты цардмӕ рӕсугъд ӕмӕ сабыр зӕххыл. Сӕ размӕ рацӕудзысты адӕм, кӕцытӕ хорз цӕттӕ сты, цӕмӕй сын амоной Иегъовӕ ӕмӕ йӕ хицауиуӕггӕнӕг Фырт, Йесо Чырыстийы тыххӕй. Миллиардгай райгасуӕвджытӕ куы базоной ӕмӕ куы бауарзой се Сфӕлдисӕджы, уӕд зӕхх ӕнӕфенгӕ масштабы байдзаг уыдзӕн Иегъовӕйы базонынадӕй.

18. Куыд хъуыды кӕныс, цы ӕнкъардзынӕ, райгасуӕвӕг зӕрдиаг адӕймӕгтыл сӕмбӕлгӕйӕ?

18 Цы циндзинад нын ӕрхӕсдзӕн райгасдзинад! Кӕй нӕ бафхӕрдта иумӕйаг знаг — мӕлӕт? Чи нӕ хъынцъым кодта, низ, зӕрондзинад, ӕвирхъау цау кӕнӕ фыдмийы фӕстиуӕгӕн-иу мӕлӕт куы аскъуыдта уарзондзинад ӕмӕ хӕлардзинады бастдзинад ӕмӕ-иу нӕ куы фӕхицӕн кодта нӕ зӕрдиаг адӕймагӕй? Ахъуыды ма кӕн, цы циндзинад бавзардзыстӕм семӕ Дзӕнӕты куы фембӕлӕм, уӕд. Фыдтӕ ӕмӕ мадӕлтӕ, фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ, хӕлӕрттӕ ӕмӕ хиуӕттӕ фырцинӕй худгӕйӕ ӕмӕ кӕугӕйӕ, кӕрӕдзийӕн хъӕбыстӕ кӕндзысты.

ФӔСТАГМӔ — ӔХХӔСТДЗИНАД!

19. Цы диссаг ӕрцӕудзӕн Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы?

19 Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы ӕрцӕудзӕн диссаг. Гӕнӕн ис, адӕймагадӕн Чырыстийы миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы уый уа иуыл диссагдӕр цау. Иегъовӕйы разамындӕй йӕ Фырт спайда кӕндзӕн йӕ ӕлхӕнӕг нывонды аргъӕй алы ӕууӕнкджын ӕмӕ коммӕгӕс адӕймаджы пайдайӕн. Уый нысан кӕны: тӕригъӕд иуварсгонд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ адӕймагад ӕххӕстдзинадмӕ кӕй бахӕццӕ уыдзӕн (1 Иоанны 2:2; Раргомад 21:1—4).

20. а) Цы нысан кӕны ӕххӕст уӕвын? ӕ) Армагеддоны чи фервӕза ӕмӕ чи райгас уа, уыдон ӕххӕстӕй кӕд райгас уыдзысты?

20 Ӕххӕстдзинад! Уый та цы у? Уый нысан кӕны Иегъовӕ Хуыцауы ныхмӕ тӕригъӕд ракӕныны размӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы цард уыд, ахӕм цард райсын. Физикон, интеллектон, эмоционалон, моралон, духовон ӕмӕ ӕппӕт ӕндӕр ахастыты, ӕххӕст адӕм цӕрдзысты Хуыцауы нормӕтӕм гӕсгӕ. Фӕлӕ адӕм иуылдӕр ӕмхуызон уыдзысты? Нӕ! Иегъовӕйы сфӕлдыстад: бӕлӕстӕ, дидинджытӕ, цӕрӕгойтӕ — иуылдӕр ӕвдисӕн кӕнынц, Хуыцау алыхуызонад кӕй уарзы. Ӕххӕст адӕмӕй алкӕмӕндӕр уыдзӕн, сфӕлхатгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм характер ӕмӕ курдиӕттӕ. Хуыцау сын цы цард ӕрцӕттӕ кодта, уымӕй иуылдӕр исдзысты ӕхцондзинад. Раргомады 20:5-ы дзырдӕуы: «Иннӕ мӕрдтӕ та нӕ райгас сты, цалынмӕ мин азы фӕуой, уӕдмӕ». Армагеддоны фервӕзӕг тынг бирӕ адӕмау, райгасуӕвӕг адӕм ӕххӕстӕй «райгас уыдзысты» ӕххӕст суӕвгӕйӕ.

21. а) Цы ӕрцӕудзӕн Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады кӕрон? ӕ) Цы ӕрцӕудзӕн Сайтан ӕмӕ йӕ фарс чи хӕцы, уыдоныл?

21 Ӕххӕст адӕймагадмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсы фӕстаг фӕлварӕн. Миназон хицауиуӕгады кӕрон Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ уагъд ӕрцӕудзысты талынгдонӕй цыбыр рӕстӕгмӕ, ӕмӕ сӕ фӕстаг хатт бауадздзысты, цӕмӕй бафӕлварой адӕмы Иегъовӕйӕ акӕнын. Иуӕй-иутӕ ферох кӕндзысты сӕ уарзондзинад Хуыцаумӕ ӕмӕ сӕ сӕфтмӕ кӕнӕг фӕндӕтты фӕдыл ацӕудзысты, фӕлӕ сын сӕ растад ныссӕнддзысты. Иегъовӕ бафхӕрдзӕн хиуарзаг адӕмы, афтӕ ма Сайтаны ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты иуылдӕр. Ӕппӕт фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты ӕнустӕм (Раргомад 20:7—10).

ЦЫ БАКӔНДЗЫНӔ ДЫ?

22. Цы дӕ фӕндид аразын Дзӕнӕты?

22 Ӕнусон цард уӕрӕх бакӕндзӕн йӕ дуӕрттӕ Иегъовӕ Хуыцауы уарзӕг ӕмӕ дзӕнӕтон зӕххыл цӕрӕг адӕмы раз. Зын бамбарӕн нын у, уым цы циндзинад уыдзӕн, уый; фӕлӕ уыцы адӕмы ’хсӕн дӕ бон у ды дӕр уай. Ӕххӕст адӕмы ӕнтыстдзинӕдтӕ музыкӕ, аивад ӕмӕ ӕндӕр дӕсныйӕдты уыдзысты бирӕ хуыздӕр ацы зӕронд дунейы номдзыд дӕсныты шедевртӕй! Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты ӕххӕст ӕмӕ сын уыдзӕн ӕнӕбӕрц рӕстӕг. Ахъуыды ма кӕн, дӕ бон цы суыдзӕн саразын, ӕххӕст адӕймаг куы суай. Ноджы ма ахъуыды кӕн, куыд бирӕ базондзыстут ды дӕр ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр адӕм дӕр Иегъовӕйы сфӕлдыстады тыххӕй — Дун-дунейы миллиард галактиктӕй лыстӕг субатомон чысыл хӕйтты онг. Адӕймагады ӕнтыстдзинӕдтӕ иуылдӕр нӕ уӕларвон уарзӕгой Фыд Иегъовӕйы зӕрдӕ райын кӕндзысты (Псалом 150:1—6).

23. Цӕуылнӕ уыдзӕн Дзӕнӕты цард ӕрхӕндӕг?

23 Цард ӕрхӕндӕг нӕ уыдзӕн. Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ цард цымыдисдӕр кӕндзӕн. Уӕдӕ ды уыныс, Хуыцауы базонынадӕн кӕрон кӕй нӕй (Ромӕгтӕм 11:33). Ӕнусон царды гом кӕндзысты ног иртасӕн куыстытӕн ӕнӕкӕрон фадӕттӕ (Екклесиаст 3:11). Ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцауы тыххӕй дӕ базонынад фылдӕргӕнгӕйӕ, ды адарддӕр кӕндзынӕ дӕ цард — цалдӕр азмӕ нӕ, фӕлӕ ӕнустӕм! (Псалом 21:27).

24, 25. Цӕмӕн хъуамӕ цӕрай ныртӕккӕ Хуыцауы базонынӕдты разамындӕй?

24 Цымӕ дзӕнӕтон зӕххыл диссаджы фидӕн уый аргъ нӕу, цӕмӕй не ’ппӕт тыхтӕй архайӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, у! Иегъовӕ дын дӕтты диссаджы фидӕны дӕгъӕл. Уыцы дӕгъӕл — Хуыцауы базонынад. Спайда дзы кӕндзынӕ?

25 Кӕд Иегъовӕйы уарзыс, уӕд ын йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнгӕйӕ, ссардзынӕ ӕцӕг циндзинад (1 Иоанны 5:3). Уыцы фӕндагыл куы слӕууай, уӕд дын уыдзӕн диссаджы хорзӕхтӕ! Хуыцауы базонынӕдтӕй пайдагӕнгӕйӕ ма ды амондджындӕр уыдзынӕ ацы проблемӕтӕй дзаг дунейы дӕр. Ӕмӕ фидӕны хорзӕхӕн та аргъ дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы базонынад кӕны ӕнусон цардмӕ! Ныртӕккӕ та у хорз рӕстӕг архайынӕн. Фӕндфидар у Хуыцауы базонынадмӕ гӕсгӕ цӕрыныл. Ӕвдис дӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ. Кад ын кӕн йӕ сыгъдӕг номӕн ӕмӕ бӕлвырд кӕн, Сайтан кӕй у сайӕг. Иегъовӕ Хуыцау та, ӕцӕг зондджындзинад ӕмӕ зонындзинӕдты Суадон, бацин кӕндзӕн дӕу тыххӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ (Иереми 31:3; Софони 3:17). Ӕмӕ дӕ ӕнустӕм уарздзӕн!

СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ

Цы у «ӕцӕг цард»?

Цы ӕрцӕудзӕн зӕххыл Армагеддоны фӕстӕ?

Чи райгас уыдзӕн зӕххыл?

Адӕймагад кӕд суыдзӕн ӕххӕст ӕмӕ фӕстаг хатт куыд ӕрцӕудзӕн фӕлвӕрд?

Дзӕнӕтыл хъуыдыгӕнгӕйӕ цӕмӕ бӕллыс?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 188, 189 фӕрстыл]

Хуыцауы базонынадӕй зӕхх куы байдзаг уа, уӕд дӕ Дзӕнӕты цӕрыны ныфс ис?