Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард куыд хӕссы амонд
Сӕр 13
Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард куыд хӕссы амонд
1. Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, Иегъовӕйы фӕндӕгтыл цӕугӕйӕ, амонд кӕй ссардзыстӕм?
ИЕГЪОВӔ у «амондджын Хуыцау», ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ды дӕр цин кӕнай цардыл (1 Тимофеймӕ 1:11). Йӕ фӕндагыл куы слӕууай, уӕд ссардзынӕ фарн ӕмӕ банкъардзынӕ ӕнӕкӕрон цӕугӕдонау арф ӕмӕ дӕргъвӕтин ӕнцойад. Хуыцауы фӕндагыл куы цӕуай, уӕд алкӕддӕр разӕнгард кӕндзынӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ аразынмӕ, кӕцытӕ сты ӕнӕнцайгӕ ‘денджызы уылӕнты’ хуызӕн. Уый та дзаг кӕны ӕцӕг амондӕй (Исай 48:17, 18).
2. Кӕд чырыстӕттӕм иуӕй-иу хатт ӕвзӕр ахаст дарынц, уӕддӕр цӕмӕн сты амондджын?
2 Иуӕй-иутӕ гӕнӕн ис ма сразы уой, иуӕй-иу хатт адӕм хорз хъуыддӕгты тыххӕй дӕр ӕфхӕрд кӕй ӕрцӕуынц. Уый раст у, афтӕ-иу ӕрцыд Йесойы апостолтимӕ дӕр. Кӕд сӕ ’фхӕрдтой, уӕддӕр уыдон цин кодтой ӕмӕ дарддӕр «хорз уацхъуыд хъусын кодтой Йесо Чырыстийы тыххӕй» (Куыстытӕ 5:40—42). Нӕ бон у уымӕй ахсджиаг уроктӕ райсын. Сӕ иу — Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард нын нӕ дӕтты уый гаранти, алкӕддӕр нӕм хорз ахаст кӕй дардзысты. Апостол Павел фыста: «Ӕмӕ иуылдӕр, кӕй фӕнды хорз намысимӕ цӕрын Йесо Чырыстийы мидӕг, уыдзысты сырд» (2 Тимофеймӕ 3:12). Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цӕрыныл чи архайы, уыдон ныхмӕ Сайтан ӕмӕ йӕ дуне кӕй сты (Иоанны 15:18, 19; 1 Петры 5:8). Фӕлӕ ӕцӕг амонд ӕддагон уавӕртыл баст нӕу. Арӕхдӕр уый ӕрцӕуы, раст кӕй архайӕм ӕмӕ нӕ Хуыцау уый тыххӕй хорзыл кӕй нымайы, уый ӕмбарынадимӕ (Матфейы 5:10—12; Иаковы 1:2, 3; 1 Петры 4:13, 14).
3. Куыд хъуамӕ ӕндава Иегъовӕйӕн кувынад адӕймаджы цардыл?
3 Ис ахӕм адӕймӕгтӕ, кӕцытӕ хъуыды кӕнынц, Хуыцауы ӕппӕлынад райсынӕн фаг кӕй у стӕм хатт иузӕрдиондзинад ӕвдисын, уый фӕстӕ та гӕнӕн ис Хуыцауы хъуыды дӕр ма кӕнай. Фӕлӕ ӕцӕг кувынад Иегъовӕ Хуыцауӕн ӕндӕр хуызон у. Уый ӕндавы адӕймаджы уагахастыл бонӕй-бонмӕ, азӕй-азмӕ. Уымӕн хуыйны «фӕндаг» дӕр (Куыстытӕ 19:9; Исай 30:21). Растдӕр нӕ Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард хӕсджын кӕны, цӕмӕй цӕрӕм ӕмӕ дзурӕм Хуыцауы Ныхасимӕ разыйӕ.
4. Цы пайда у ивындзинӕдтӕ саразын Хицауы фӕндӕгтимӕ разыйӕ цӕрынӕн?
4 Библи ахуыр кӕнын чи райдайы, уыдон куы фенынц, Иегъовӕ сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы бӕрӕг ивындзинӕдтӕ саразынмӕ, уӕд сӕ бафӕнды базонын: ӕцӕгдӕр ӕмбӕлы Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕйӕ цӕрын ӕви нӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбӕлы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ «Хуыцау у уарзондзинад» ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ ахъаз сты нӕ амондӕн (1 Иоанны 4:8). Хуыцау ма у зондджын, ӕмӕ уый зоны хуыздӕр нын цы у, уый. Иегъовӕ ӕппӕтхъомысджын Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у мах афтӕ бафидар кӕнын, цӕмӕй нӕ бон уа аивын ӕмӕ не ’взӕр ахуыртӕ ныууадзын (Филиппӕгтӕм 4:13). Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цардимӕ баст иуӕй-иу принциптӕ равзаргӕйӕ, фендзыстӕм уыдонӕй пайда кӕнын амонд куыд хӕссы.
ӔУУӔНКДЗИНАД ХӔССЫ АМОНД
5. Цы дзырдӕуы Библийы сайын ӕмӕ къӕрныхдзинады тыххӕй?
5 Иегъовӕ у «ӕцӕгады Хуыцау» (Псалом 30:6). Дӕу, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыдаид йӕ цӕвиттон фӕзмынын ӕмӕ раст адӕймӕгты нымӕцмӕ хауын. Ӕууӕнкдзинад хӕссы сӕрмагонд кад ӕмӕ ӕнцойады ӕнкъарӕн. Фӕлӕ ацы тӕригъӕдджын дунейы парахат кӕй у ӕнӕууӕнкдзинад, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у, цӕмӕй сӕ зӕрдыл дарой: «Дзурут ӕцӕгдзинад алчи йӕхионӕн... Чи давта, амӕй фӕстӕмӕ мауал дав, фӕлӕ фыдӕбон кӕн... цӕмӕй дӕ бон уа хъуаг чи у, уымӕн хай бакӕнын» (Ефесӕгтӕм 4:25, 28). Чырыстӕттӕ намысджынӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ ӕрвылбонон куыст. Ӕмӕ куыстдӕттӕджы дзаумӕттӕ ӕнӕбарлӕвӕрдӕй нӕ исынц. Куысты уа, скъолайы кӕнӕ хӕдзары, Иегъовӕмӕ кувӕг йӕхи хъуамӕ ‘алцӕмӕй дӕр ӕууӕнкджын дара’ (Дзуттытӕм 13:18). Фӕлӕ сайын ӕмӕ давын чи райдайы, уымӕн йӕ бон нӕу Хуыцауы хорзӕх райсын (Дыккаг закъон 5:19; Раргомад 21:8).
6. Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ адӕймаджы ӕууӕнкджындзинад куыд кадджын кӕны Иегъовӕйы?
6 Ӕууӕнкдзинад хӕссы бирӕ арфӕдзинӕдтӕ. Селинӕ, мӕгуыр идӕдз сылгоймаг Африкӕйӕ, уарзы Иегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ раст принциптӕ. Иухатт ссардта чумӕдан, цыран уыд ӕфснайӕн книжкӕ ӕмӕ бирӕ ӕхца. Телефоны бӕрӕгуатмӕ гӕсгӕ сын ссардта сӕ хицауы — уый разынд дуканийы хицау, кӕцыйы адавтой. Нӕлгоймаджы уырнгӕ дӕр нӕ кодта, тынг рынчын сылгоймаг уӕвгӕйӕ йӕм Селинӕ уӕддӕр кӕй ӕрбацыд ӕмӕ йын йӕ чумӕданы цыдӕриддӕр уыд, уыдон хорз ӕвӕрдӕй кӕй ратта. «Ахӕм ӕууӕнкдзинад схорзӕхджын кӕнын хъӕуы»,— загъта уый ӕмӕ йын ратта ӕхцатӕй. Фӕлӕ ахсджиагдӕр уый у, уыцы нӕлгоймаг Селинӕйы динӕй кӕй раппӕлыд. О, намыс рӕсугъд кӕны Библийы ахуырад, кад кӕны Иегъовӕ Хуыцауӕн ӕмӕ амонд хӕссы намысджын кувджытӕн (Титмӕ 2:10; 1 Петры 2:12).
РӔДАУДЗИНАД ХӔССЫ АМОНД
7. Цы ис ӕвзӕрӕй азартон хъӕзтыты?
7 Рӕдау адӕймаг ӕвзары циндзинад, кӕд ӕмӕ «гӕртамхортӕ», ома зыдгӕнӕг адӕм «Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:10). Зыддзинады арӕхӕмбӕлгӕдӕр хуыз у азартон хъӕзтытӕм тырнындзинад, цыран адӕм архайынц искӕй фембылдӕй пайда райсыныл. Иегъовӕ хорзыл нӕ нымайы «зыдгӕнӕг» адӕмы (1 Тимофеймӕ 3:8). Ӕгӕрыстӕмӕй, закъонӕй барлӕвӕрд кӕм ис азартон хъӕзтытӕн ӕмӕ адӕймаг хи ӕхсызгондзинадӕн кӕм хъазы, уым дӕр тӕссаг у, фырӕмхицдзинадмӕ йӕ куы ӕркӕна ӕмӕ бирӕ адӕмты сафӕг хъуыддагӕн ахъаз уӕвынӕй. Азартон хъӕзтытӕ арӕх бирӕ зындзинӕдтӕ ӕрхӕссынц хъазӕджы бинонтӕн, кӕцымӕ, гӕнӕн ис, чысыл ӕхца баззайа, цӕмӕй дзы спайда кӕна — продукттӕ ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕн — куы йӕ бахъӕуа, уӕд (1 Тимофеймӕ 6:10).
8. Цавӕр диссаджы цӕвиттон равдыста Йесо рӕдаудзинадӕн ӕмӕ куыд у нӕ бон рӕдау уӕвын?
8 Уарзондзинадӕй ӕххӕст рӕдаудзинады фӕрцы чырыстӕттӕ арынц циндзинад, иннӕтӕн куы баххуыс кӕнынц, уӕлдайдӕр та се ’мдинон хъуагӕййафӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн (Иаковы 2:15, 16). Цалынмӕ Йесо зӕхмӕ ӕрцыдаид, уӕдмӕ уый йӕ хъус дардта Хуыцауы рӕдаудзинадмӕ адӕммӕ (Куыстытӕ 14:16, 17). Йесо йӕхӕдӕг дӕр ӕрмӕст йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ курдиӕттӕ нӕ рауӕлдай кодта, фӕлӕ ма адӕймагады тыххӕй йӕ цард дӕр ӕрхаста. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон фидарӕй уыд зӕгъын: «Райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» (Куыстытӕ 20:35). Афтӕ зӕрдӕбынӕй ма Йесо раппӕлыди мӕгуыр, идӕдз сылгоймагӕй дӕр, кӕцы ӕппӕт зӕрдӕйӕ аргъуаны хӕзнадоны нывӕрдта дыууӕ лептӕйы, уымӕн ӕмӕ уый ратта «хойрагӕн ӕм цы уыд, уыдон» (Маркы 12:41—44). Рагон израилӕгтӕ ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ махӕн ныууагътой циндзинад ӕмӕ рӕдаудзинады цӕвиттон ӕмбырдӕн ӕмӕ Паддзахады хъуыддагӕн материалон ӕгъдауӕй ӕххуысгӕнгӕйӕ (1 Паралипоменон 29:9; 2 Коринфӕгтӕм 9:11—14). Нырыккон чырыстӕттӕ Хуыцауӕн ӕхсызгонӕй кад кӕнынц ӕрмӕст материалон мысайнӕгтӕй нӕ, фӕлӕ ма сӕ цард дӕр нывонд кӕнынц уымӕн лӕггад кӕнынӕн (Ромӕгтӕм 12:1; Дзуттытӕм 13:15). Уыдон дӕттынц сӕ рӕстӕг, сӕ тыхтӕ ӕмӕ сӕ алыхуызон фӕрӕзтӕ, уыдон нымӕцы ма ӕхца дӕр, цӕмӕй баххуыс кӕной ӕцӕг кувынад ӕмӕ Паддзахады цины хабары ӕппӕтдунеон уацамынды хъуыддагӕн, уый тыххӕй сын Иегъовӕ арфӕ кӕны (Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:9, 10).
АМОНДӔН АХЪАЗ ФАКТОРТӔ
9. Цы ис ӕвзӕрӕй карз нозтытӕй фыднуӕзт кӕныны?
9 Амондджын уӕвынӕн чырыстӕттӕ хъуамӕ «уой ӕмбаргӕ» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 5:1, 2). Уый домы Хуыцауы Ныхас ӕмӕ пайдаджын библион литературӕ кӕсын, ӕмӕ цы бакӕсай, ууыл хъуыды кӕнын. Фӕлӕ ис ахӕм цыдӕр, кӕцыйӕ дӕ хъӕуы хи бахизын. Цӕвиттонӕн, карз нозтытӕй фыдархайд куы кӕнай, уӕд дӕ уый, гӕнӕн ис, ӕркӕна дӕ зондахастыл контрол фесафынмӕ. Ахӕм уавӕры бирӕ адӕймӕгтӕ фӕкӕнынц ӕнӕгъдау митӕ, тыхми ӕмӕ ма искӕй мӕлӕты дӕр аххосджын свӕййынц. Ӕмбӕрст у Библи цӕмӕн дзуры, расыггӕнджытӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты! (1 Коринфӕгтӕм 6:10). Ӕцӕг чырыстӕтты фӕнды «ӕнӕхӕлд» уӕвын, ӕмӕ уый тыххӕй сӕхи хизынц расыгдзинадӕй, ӕмӕ уый ахъаз у се ’хсӕн уӕвӕг амондӕн (Титмӕ 2:2—6).
10. а) Цӕуылнӕ дымынц чырыстӕттӕ тамако? ӕ) Цӕвӕр пайда ис райсӕн ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзгӕйӕ?
10 Буары сыгъдӕгдзинад дӕр у ахъаз амондӕн. Уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, бирӕтӕ фӕцайдагъ вӕййынц зианхӕссӕг буаргъӕдтыл. Зӕгъӕм, тамако. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнӕг ӕппӕтдунеон организаци хъусын кӕны, зӕгъгӕ, тамако дымынӕй «ӕрвылаз дӕр амӕлы ӕртӕ милуан адӕймаджы». Тамако дымыны ахуыр зын ныууадзӕн у, ахуыр сафыны рӕстӕгмӕйы симптомты аххосӕй. Фӕлӕ раздӕр тамако чи дымдта, уыдонӕй бирӕтӕ бамбӕрстой се ’нӕниздзинад кӕй фӕхуыздӕр ӕмӕ фылдӕр ӕхца кӕй зайы бинонтӕн. О, тамако кӕнӕ ӕндӕр зианхӕссӕг буаргъӕдмӕ фырӕмхицдзинадыл куы фӕуӕлахиз уай, уӕд сыгъдӕгдӕр уыдзӕн дӕ буар, дӕ намыс, ӕмӕ ма ӕцӕг уыдзынӕ амондджындӕр (2 Коринфӕгтӕм 7:1).
АМОНД ӔМКЪАЙАДЫ
11. Цы у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг, цӕмӕй ӕмкъайад уа закъонон, фидар ӕмӕ ӕууӕнкджын?
11 Иумӕ цы нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цӕрынц, уыдон хъуамӕ бацархайой, цӕмӕй се ’мкъайад регистрацигонд уа граждайнаг хицауадӕй (Маркы 12:17). Се ’мкъайадмӕ дӕр сын хъуамӕ уа серьезон ахаст. Ӕцӕг, хаттӕй-хатт, гӕнӕн ис, ӕнӕмӕнгъӕуӕг уа ӕмкъайты хицӕн цард, хъуыддаг куы ӕрцӕуы бинонты ифтонг кӕнынадыл нӕ разы кӕнынмӕ, ӕгъатыр ахаст кӕнӕ духовон ӕнӕниздзинадӕн ӕцӕг тӕссагдзинадмӕ (1 Тимофеймӕ 5:8; Галатӕгтӕм 5:19—21). Фӕлӕ апостол Павелы ныхӕстӕ 1 Коринфӕгтӕм 7:10—17-мӕ лӕг ӕмӕ усы разӕнгард кӕнынц иумӕ баззайыныл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕцӕг амонды сӕраппонд уыдон кӕрӕдзийыл хъуамӕ иузӕрдион уой. Павел фыста: «Уӕ къайад уӕд ӕууӕнкджын ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ӕнаипп; хӕтӕгтӕ ӕмӕ хъахбайтӕн та тӕрхон кӕны Хуыцау» (Дзуттытӕм 13:4). Дзырд «хуыссӕнуат» амоны ӕрдон ахастытӕм закъонон ӕмкъайады чи ис, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ’хсӕн. Ӕндӕр ницавӕр ӕрдон ахастытӕ, куыд зӕгъӕм, ӕмкъайады дыууӕ кӕнӕ фылдӕр сылгоймагимӕ, нӕ цӕуынц нымад «ӕууӕнкджыныл». Уымӕй уӕлдай, Библи тӕрхон кӕны ӕмкъайады агъоммӕ ӕрдон ахастытӕ ӕмӕ гомосексуализмыл (Ромӕгтӕм 1:26, 27; 1 Коринфӕгтӕм 6:18).
12. Хӕтындзинад цӕвӕр кӕуинаг фӕстиуджытӕм ӕркӕны?
12 Хӕтындзинад, гӕнӕн ис, ӕрхӕсса физикон ӕхцондзинад цалдӕр минуты, фӕлӕ уый не ’рхӕсдзӕн ӕцӕг амонд. Уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, ӕмӕ уый фӕстӕ ахӕм адӕймаг, гӕнӕн ис, фӕсмойнаг дӕр фӕуа (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3—5). Ӕмкъайады бацӕуыны агъоммӕ ӕрдон ахастыты кӕуинаг фӕстиуӕг гӕнӕн ис уа СИДС (СПИД) ӕмӕ ӕндӕр низтӕ, кӕцытӕ лӕвӕрд цӕуынц ӕрдон ӕгъдауӕй. «Ӕрвылаз ӕгас дунейы гонореййӕ кӕй фӕрынчын вӕййы 250 милуанӕй фылдӕр адӕймаджы ӕмӕ 50 милуаны бӕрц та — сифилисӕй»,— дзырдӕуы иу медицинон хъусинаджы. Афтӕ ма фӕзыны ӕвӕндон сывӕрджындзинӕдты проблемӕтӕ дӕр. Гуырынады контролы ӕхсӕнадӕмон федераци хъусын кӕны, дунейы ӕрвылаз 15—19-аздзыд чызджытӕй 15 милуанӕй фылдӕр кӕй басывӕрджын вӕййы ӕмӕ се ’ртыккаг хай кӕй аразынц аборттӕ. Иртасӕн куыд равдыста, уымӕ гӕсгӕ иу африкӕйаг бӕстӕйы ӕнахъом чызджытӕн сӕ 72 процент амӕлынц аборты фӕстиуӕгӕн сӕвзӕргӕ низты фӕкарздзинӕдтӕй. Хӕтгӕ чи кӕны, уыдон иуылдӕр нӕ фӕрынчын вӕййынц кӕнӕ нӕ басывӕрджын вӕййынц, фӕлӕ ӕнӕмӕнгӕй бавзарынц зӕрдӕйы рис. Бирӕтӕ фесафынц сӕ сӕрмагонд кады ӕнкъарӕн ӕмӕ ма суанг сӕхицӕн ӕнӕуынон дӕр свӕййынц.
13. Хъахбайдзинад ма цавӕр проблемӕтӕм ӕркӕны, ӕмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы хӕтӕгтӕ ӕмӕ хъахбайтӕм?
13 Хъахбайдзинадӕн кӕд ныххатыргӕнӕн ис, уӕддӕр ӕнӕаххос ӕмкъайӕн Библийы бындурыл бар ис, цӕмӕй бадӕтта хицӕн кӕнынмӕ (Матфейы 5:32; абар Оси 3:1—5). Кӕд ӕмкъайад ахӕм ӕнӕгъдаудзинады тыххӕй ныппырх, уӕд уый, гӕнӕн ис, арф хъӕдгӕмттӕ ныууадза ӕнаххос ӕмкъай ӕмӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты. Бинонтыл аудгӕйӕ Хуыцауы Ныхас амоны, ӕнӕфӕсмонгӕнӕг хӕтӕгтӕн ӕмӕ хъахбайтӕн карз тӕрхон кӕй уыдзӕн хаст. Уымӕй уӕлдай Библи ӕргом ӕвдисы, сексуалон ахасты ӕнӕгъдау адӕймӕгтӕ «Хуыцауы Паддзахады бындартӕ кӕй нӕ уыдзысты» (Галатӕгтӕм 5:19, 21).
«ДУНЕЙӔ НЕ СТЫ»
14. а) Гуымирытӕн кувыны цавӕр формӕтӕй хъуамӕ хиза йӕхи Хуыцауы тас цы адӕймаджы ис, уый? ӕ) Иоанны 17:14-ы ӕмӕ Исайы 2:4-ы цавӕр разамынд ис?
14 Иегъовӕйӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уӕвын ӕмӕ Паддзахады арфӕдзинӕдтӕй пайда кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ сӕхи хизой гуымирытӕн кувынадӕй. Библи нын ӕвдисы хуызтӕ аразын ӕмӕ уыдонӕн кувын раст кӕй нӕу, сӕ нымӕцы Чырысти кӕнӕ Йесойы мад, Мариайы дӕр (Рацыд 20:4, 5; 1 Иоанны 5:21). Уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ нӕ кувынц нывтӕ, дзуарӕвӕрдтӕ ӕмӕ цыртсурӕттӕн. Уыдон ма сӕхи хизынц гуымыритӕн кувынады ӕмбӕхст формӕтӕй дӕр — тырысатӕн кувынӕй ӕмӕ адӕмы кадджынгӕнӕг зарджытӕй. Ахӕм хъуыддӕгтӕ сын ӕвӕндонӕй куы фӕаразын кӕнынц, уӕд ӕрхъуыды кӕнынц Йесо Сайтанӕн цы ныхӕстӕ загъта: «Дӕ Хицау Хуыцауӕн кув ӕмӕ иунӕг Уымӕн кус» (Матфейы 4:8—10). Йесо загъта, зӕгъгӕ, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ‘дунейӕ кӕй не сты’ (Иоанны 17:14). Уый нысан кӕны, уыдон политикон хъуыддӕгты хайад кӕй нӕ исынц ӕмӕ Исайы 2:4 ныхӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ, сабырӕй кӕй цӕрынц: «Уый [Иегъовӕ Хуыцау] тӕрхон кӕндзӕн адӕмтыл, ӕмӕ раргом кӕндзӕн бирӕ знӕмты; ӕмӕ рацӕгъддзысты сӕ кӕрдтӕ кусӕнгӕрзтӕм, ӕмӕ сӕ ӕрцытӕ — ӕхсырфытӕм; нал сисдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ кард, ӕмӕ никуыуал ахуыр кӕндзысты хӕцын».
15. Цы нысан кӕны стыр Вавилон, ӕмӕ Библи иртасын чи райдыдта, уыдонӕй бирӕтӕ цы аразынц уырдыгӕй рацӕуынӕн?
15 ‘Дунейӕ нӕ уӕвын’ ма нысан кӕны аиуварс кӕнын ӕппӕт бастдзинӕдтӕ «стыр Вавилонимӕ», мӕнгуырнындзинады дунеон паддзахадимӕ. Ӕнӕсыгъдӕг кувынад рапарахат ис рагон Вавилонӕй, цалынмӕ йӕ сафӕг духовон хицауиуӕгады ӕндӕвдады нӕ бахаудысты ӕппӕт зӕххы адӕм, уӕдмӕ. Хуыцауы базонынады ныхмӕ цы динон ахуырӕдтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ сты, уыдон иуылдӕр хауынц «стыр Вавилонмӕ» (Раргомад 17:1, 5, 15). Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй иу дӕр нӕ баиу уыдзӕн ӕндӕр динон змӕлдмӕ, цӕмӕй хайад райса ӕндӕр динон кувынады, кӕнӕ йын уа духовон бастдзинад стыр Вавилоны хаимӕ (Нымӕцтӕ 25:1—9; 2 Коринфӕгтӕм 6:14). Уыцы аххосагмӕ гӕсгӕ Библи иртасын чи райдайы, уыдонӕй бирӕтӕ бадӕттынц, цы динон организацийы уӕнгтӕ вӕййынц, уырдыгӕй рацӕуыны курдиӕттӕ. Уый сӕ баввахс кӕны ӕцӕг Хуыцаумӕ, кӕцы баныфсӕвӕрдта: «Рацӕут уыдоны ӕхсӕнӕй ӕмӕ ахицӕн ут, зӕгъы Хицау, ӕмӕ хӕстӕг ма цӕут ӕнӕсыгъдӕгмӕ, ӕмӕ уӕ Ӕз райсдзынӕн» (2 Коринфӕгтӕм 6:17; Раргомад 18:4, 5). Нӕ дӕ фӕнды цӕмӕй дӕ нӕ уӕларвон Фыд ӕппӕт зӕрдӕйӕ райса?
НӔ АХАСТ ӔРВЫЛАЗОН БӔРӔГБӔТТӔМ
16. Цӕуылнӕ кӕнынц ӕцӕг чырыстӕттӕ Цыппурс?
16 Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард нӕ сӕрибар кӕны дунейы бӕрӕгбӕттӕй, кӕцытӕ арӕх вӕййынц зын хӕссӕн. Зӕгъӕм, Библи нӕ дзуры Йесойы гуырӕнбоны бӕлвырд датӕйы тыххӕй. «Ӕз ӕнхъӕлдтон Йесо 25 декабры райгуырд!» — сӕ бон у зӕгъын иуӕй-иутӕн. Уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ уый амард н. э. 33 азы уалдзӕджы, ӕртын ӕртӕ аз ӕмӕ йыл ’рдӕг куы цыд, уӕд. Уый йеддӕмӕ ма, йӕ райгуырды рӕстӕджы «уыдысты быдыры фыййӕуттӕ, кӕцытӕ хъахъхъӕдтой ӕхсӕвы сӕ дзуджы» (Лукайы 2:8). Израилы декабры кӕрон у уазал ӕмӕ къӕвдаджын рӕстӕг, уӕд фыстӕ ӕхсӕвыгон конд вӕййынц фосдарӕн кӕрты, цӕмӕй сӕ хъызтӕй бахъахъхъӕной. Ӕцӕгдӕр та 25 декабры ромӕгтӕ нысан кодтой Хуры хуыцауы бӕрӕгбон. Йесо зӕххыл куы цард, уӕдӕй нырмӕ аивгъуыдтой сӕдӕазтӕ, ӕмӕ аздӕхӕг чырыстӕттӕ райстой уыцы датӕ куыд Чырыстийы гуырӕнбон. Уымӕ гӕсгӕ, ӕцӕг чырыстӕттӕ нӕ кӕнынц Цыппурс кӕнӕ ӕндӕр бӕрӕгбӕттӕ, кӕцытӕ бындуриуӕг кӕнынц мӕнг динон цӕстӕнгӕстыл. Уыдон ӕрмӕст Иегъовӕйыл кӕй сты ӕнувыд, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕнынц бӕрӕгбӕттӕ, кӕцытӕ табу кӕнынц ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕн кӕнӕ нацитӕн.
17. Хуыцауы тас цы адӕмы ис, уыдон гуырӕнбонтӕ цӕуылнӕ кӕнынц, ӕмӕ цӕмӕн сты уӕддӕр сӕ сывӕллӕттӕ амондджын?
17 Библийы ӕрмӕст дыууӕ гуырӕнбоны кой цӕуы ӕмӕ дыууӕ хатт дӕр бӕрӕгбоны хайад истой Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кодта, ахӕм адӕм (Уӕвынад 40:20—22; Матфейы 14:6—11). Кӕд Фыстад ӕххӕст адӕймаг Йесо Чырыстийы гуырӕнбоны датӕ нӕ амоны, уӕд нын ӕмбӕлы ӕнӕххӕст адӕмы гуырӕнбонтӕм уӕлдай хъусдард ӕвдисын? (Екклесиаст 7:1). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ахӕм ныййарджытӕ цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕм сӕ уарзондзинад равдисой, уый тыххӕй сӕрмагонд бонмӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсынц. Ӕртындӕсаздзыд чырыстон чызг загъта: «Нӕ бинонтӕ сты тынг хъӕлдзӕг... мӕ ныййарджытимӕ мын ис тынг ӕввахс ахастытӕ, ӕмӕ мӕ иннӕ сывӕллӕттӕ куы бафӕрсынц, цӕуылнӕ аразут бӕрӕгбонтӕ, уӕд сын фӕзӕгъын, мӕнӕн алы бон дӕр бӕрӕгбон кӕй вӕййы». Мӕнӕ цы загъта ӕвддӕсаздзыд чырыстон лӕппу: «Нӕ хӕдзары лӕвӕрттӕ кӕнынц афӕдзы дӕргъы». Ӕнӕнхъӕлӕджы лӕвӕрттӕ фылдӕр амонд ӕрхӕссынц.
18. Цавӕр ӕрвылазон бӕрӕгбон бафӕдзӕхста бӕрӕг кӕнын Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕмӕ нын нӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕны уыцы бӕрӕгбон?
18 Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард чи кӕны, уыдонӕн ис бон, кӕцы нысан кӕнын хъӕуы ӕрвылаз дӕр. Уый у Хицауы Изӕр, хонынц ма йӕ Чырыстийы мӕлӕты ӕрымысӕн Изӕр дӕр. Уыцы бӕрӕгбоны тыххӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Уый кӕнут Мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лукайы 22:19, 20; 1 Коринфӕгтӕм 11:23—25). Йесо н. э. 33 азы 14 нисаны уыцы Изӕр куы сфидар кодта, уӕд спайда кодта ӕнӕнхъызт кӕрдзын ӕмӕ сырх сӕнӕй, кӕцытӕ нысан кодтой йӕ ӕнӕтӕригъӕд адӕймагон буар ӕмӕ йӕ ӕххӕст туг (Матфейы 26:26—29). Уыцы символтӕй исынц Хуыцауы сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ. Уыдон ног цӕдисмӕ ӕмӕ Паддзахады цӕдисмӕ кӕй хауынц, уый тыххӕй сын ис уӕларвон ныфс (Лукайы 12:32; 22:20, 28—30; Ромӕгтӕм 8:16, 17; Раргомад 14:1—5). Фӕлӕ уыцы изӕр, кӕцы рагон дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ вӕййы 14 нисаны, ӕрбацӕуджытӕй алкӕмӕн дӕр вӕййы пайда. Уыцы бон зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы уарзондзинад, тӕригъӕдтӕ ӕлхӕнӕг нывондӕй ӕвдыст, кӕцы дӕтты ӕнустӕм цӕрыны фадат, Хуыцау хӕларзӕрдӕ кӕмӕ у, уыдонӕн (Матфейы 20:28; Иоанны 3:16).
КУЫСТ ӔМӔ ХИИРХӔФСӔНТӔ
19. Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц чырыстӕттӕ кӕрдзыны фаг кусгӕйӕ?
19 Ӕцӕг чырыстӕттӕ хӕсджын сты, цӕмӕй намысджынӕй кусой ӕмӕ сӕхи ифтонг кӕной. Уый бинонты хистӕрӕн хӕссы ӕхсызгондзинад (1 Фессалоникӕгтӕм 4:11, 12). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд чырыстоны куыст Библийы ныхмӕ у, уӕд йӕ бон нӕу амондджын уӕвын. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт чырыстонӕн ӕнцон нӕ вӕййы ахӕм куыст ссарын, кӕцы библион принциптимӕ разыдзинады вӕййы. Зӕгъӕм, иуӕй-иу кусджытӕй домдӕуы, цӕмӕй клиентты сайой. Иннӕрдыгӕй та, бирӕ куыстдӕтджытӕ, кӕцыты ӕууӕнкджын кусӕджы фесафын нӕ фӕфӕнды, бацӕуынц йӕ уавӕры, ӕууӕнкджын кусӕджы намысӕн аргъгӕнгӕйӕ. Куыд фӕнды ма уа, дӕ бон у ныфсджын уай, Хуыцау дын кӕй раарфӕ кӕндзӕн дӕ тырнындзинаддӕн, сыгъдӕг намыс дын кӕм уа, ахӕм куыст ссарынӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:2).
20. Цӕмӕн нӕ хъӕуы ӕвзарын хиирхӕфсӕнтӕ?
20 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ амондджын уой, уый тыххӕй нӕ хъӕуы уӕззау куыст радгай ивын хиирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ улӕфтӕй (Маркы 6:31; Екклесиаст 3:12; 13). Сайтаны дуне хорзыл нымайы, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы ирхӕфсӕнтӕ нӕ цӕуынц, уыдон. Фӕлӕ цӕмӕй Иегъовӕйӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕвзарӕм цавӕр чингуытӕ кӕсӕм, цавӕр радиопрограммӕтӕ ӕмӕ музыкӕмӕ хъусӕм, афтӕ ма цавӕр концерттӕ, фильмтӕ, хъӕзтытӕ, телералӕвӕрдтӕ ӕмӕ видеофильмтӕм кӕсӕм. Ивгъуыд царды цы хиирхӕфсӕнтӕ равзӕрстам, уыдон кӕд сты Дыккаг закъоны 18:10—12-мӕ, Псалмы 10:5-ы ӕмӕ Ефесӕгтӕм 5:3—5-мӕ фыст фӕдзӕхстыты ныхмӕ, уӕд ивындзинӕдтӕ аразгӕйӕ, уыдзыстӕм амондджындӕр ӕмӕ Иегъовӕйӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр.
ЦАРД ӔМӔ ТУГӔН АРГЪ КӔНЫН
21. Цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый куыд хъуамӕ ӕндава нӕ ахастытыл абортмӕ, афтӕ ма нӕ митӕ ӕмӕ нӕ уагахастыл?
21 Цӕмӕй ӕцӕг амондӕй ӕхцондзинад исӕм, уый тыххӕй Иегъовӕйау мах дӕр адӕймаджы цард хъуамӕ нымайӕм сыгъдӕгыл. Йӕ Ныхас марыны бар нӕ дӕтты (Матфейы 19:16—18). Ӕцӕгдӕр, Израилӕн лӕвӕрд Хуыцауы Закъон ӕвдисы, ӕгӕрыстӕмӕй, гуырдзон уавӕры цы сывӕллон ис, уый цард дӕр Хуыцауӕн зынаргъ кӕй у ӕмӕ йӕ марыны бар кӕй нӕй (Рацыд 21:22, 23). Уыцы аххосагмӕ гӕсгӕ мах ма хъуамӕ кӕсӕм цардмӕ ницӕйаг цӕстӕй, нӕ организм хъӕстӕгӕнгӕйӕ наркотиктӕ, тамако ӕмӕ карз нозтытӕй кӕнӕ ма нӕ цард барӕй тасы ӕппаргӕйӕ. Афтӕ ма хайад ма хъуамӕ исӕм нӕ цардӕн тӕссаг хъуыддӕгты, кӕнӕ ма хъуамӕ уӕм ӕнӕмӕт ӕдасдзинады мадзӕлттӕм, кӕцыты фӕстиуӕгӕн, гӕнӕн ис, искӕй мӕлӕты аххосджын разынӕм (Дыккаг закъон 22:8).
22. а) Цавӕр у Хуыцауы цӕстӕнгас тугмӕ ӕмӕ уымӕй пайда кӕнынмӕ? ӕ) Ӕрмӕстдӕр кӕй туг ирвӕзын кӕны цард?
22 Иегъовӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕн загъта, туг кӕй у уд, кӕнӕ та — цард. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау бафӕдзӕхста, цӕмӕй цыфӕнды тугӕй дӕр ма пайда кодтаиккой хӕринаджы (Уӕвынад 9:3, 4). Мах сӕ байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ уыцы закъон ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у махӕн дӕр. Иегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй туг зӕхмӕ калой ӕмӕ дзы сӕхи тыххӕй ма пайда кӕной (Дыккаг закъон 12:15, 16). Ӕмӕ Хуыцауы закъон туджы тыххӕй ӕрцыд фӕлхатт фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн, куы сӕ бафӕдзӕхста «уӕхи уромут... тугӕй» (Куыстытӕ 15:28, 29). Царды сыгъдӕгдзинадӕн аргъгӕнгӕйӕ, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыцы адӕм туг уадзыныл нӕ разы кӕнынц, ӕгӕрыстӕмӕй сын куы фӕдзурынц сӕ цард фервӕзын кӕныныл, уӕддӕр. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ бон у пайда кӕнын бирӕ хосгӕнӕн методтӕй, кӕцытӕ тынг эффективон сты ӕмӕ адӕймаджы цардӕн не сты тӕссаг тугуадзыны уылты. Чырыстӕттӕ зонынц, ӕцӕгдӕр ӕрмӕст Йесойы ныккалд туг кӕй ирвӕзын кӕны. Уый уырнындзинад дӕтты тӕригъӕдты хатыр ӕмӕ ӕнусон царды ныфс (Ефесӕгтӕм 1:7).
23. Цавӕртӕ сты иуӕй-иу хорзӕхтӕ, кӕцытӕ нын Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард хӕссы?
23 Бӕрӕг у, Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард кӕй домы тырнындзинӕдтӕ. Ахӕм цард гӕнӕн ис хиуӕтты ӕмӕ зонгӕтырдыгӕй расайа хынджылӕг (Матфейы 10:32—39; 1 Петры 4:4). Фӕлӕ цыфӕнды фӕлварӕнтӕй дӕр хорзӕхтӕ бирӕ фылдӕр сты. Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард дӕтты сыгъдӕг намыс ӕмӕ хорз ахастытӕ Иегъовӕйы иннӕ кувджытимӕ (Матфейы 19:27, 29). Ахъуыды ма кӕн, ӕнусон цард Хуыцауы ног рӕстаг дунейы (Исай 65:17, 18). Куыд ӕхсызгон у Библийы уынаффӕтӕй пайда кӕнын ӕмӕ уымӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ райын кӕнын! (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11). Диссаг нӕу, Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард амонд кӕй хӕссы! (Псалом 127:1, 2).
СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ
Цавӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ хӕссы амонд Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард?
Цавӕр ивындзинӕдтӕ бадомдзӕн Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард?
Цӕмӕн дӕ фӕнды Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цардӕй цӕрын?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 124, 125 фӕрстыл]
Духовон хъуыддӕгтӕ улӕфтимӕ ивгӕйӕ, ахъаз сты Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард чи кӕны, уыдоны амондӕн.