Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауӕн кадгӕнӕг бинонты сконд

Хуыцауӕн кадгӕнӕг бинонты сконд

Сӕр 15

Хуыцауӕн кадгӕнӕг бинонты сконд

1—3. Цӕуылнӕ у иуӕй-иу адӕймӕгтӕн сӕ бон аиуварс кӕнын ӕмкъайад ӕмӕ сывӕллӕтты хъомыладимӕ баст проблемӕтӕ, ӕмӕ уымӕн Библи куыд ӕххуыс кӕны?

 ЗӔГЪӔМ, сфӕнд кодтай хӕдзар амайын. Фыццаг уал балхӕндзынӕ зӕхх. Дӕ цӕстытыл ауайын кӕндзынӕ дӕ ног хӕдзары хуыз. Фӕлӕ дӕм куы нӕ уа кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ амайынӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фӕлтӕрддзинӕдтӕ? Куыд уӕгъды уыдзысты дӕ тырнындзинӕдтӕ!

2 Амондджын бинонтӕ скӕныны ныфсимӕ ӕмкъайады бацӕуӕг къӕйттӕй бирӕтӕм нӕ вӕййы нӕдӕр ӕнӕмӕнгхъӕуӕг «кусӕнгӕрзтӕ», нӕдӕр фӕлтӕрддзинӕдтӕ. Чындзӕхсӕвӕй бирӕ нӕ рацӕуы, афтӕ рабӕрӕг вӕййынц ӕвзӕр манерӕтӕ. Хыл ӕмӕ хъӕлӕба свӕййынц ӕрвылбонон. Сывӕллӕттӕ куы райгуырынц, уӕд ӕвзонг ныййарджытӕ бамбарынц, ныййарджыты хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн сын кӕй нӕ фаг кӕны зонындзинӕдтӕ, афтӕ ма сын кӕй нӕ фаг кӕны зонындзинӕдтӕ сӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн дӕр.

3 Фӕлӕ нӕ амондӕн, Библийӕн йӕ бон у баххуыс кӕнын. Йӕ принциптӕ сты кусӕнгӕрзты хуызӕн, се ’ххуысӕй скӕнӕн ис амондджын бинонтӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 24:3). Цӕй ӕркӕсӕм куыд.

«КУСӔНГӔРЗТӔ» АМОНДДЖЫН БИНОНТӔ СКӔНЫНӔН

4. Цӕмӕн фӕзыны ӕмкъайады проблемӕтӕ ӕмӕ цавӕр уынаффӕтӕ ис Библийы?

4 Лӕг ӕмӕ ус куыдфӕнды ма фидауой, уӕддӕр хицӕн кӕндзысты эмоционалон ӕгъдауӕй, сабийы бонтӕй ӕмӕ бинонты скондӕй. Уымӕ гӕсгӕ чындзӕхсӕвы фӕстӕ, гӕнӕн ис, фӕзыной иуӕй-иу проблемӕтӕ. Куыд сӕ хъӕуы аиуварс кӕнын? Хӕдзар амайгӕйӕ амайджытӕ фӕкусынц архитектурон пъланмӕ гӕсгӕ. Уыдон хӕсджын сты, цӕмӕй архитекторы амындтӕ ӕххӕст кӕной. Библийы лӕвӕрд сты Хуыцауы амындтӕ амондджын бинонты цардӕн. Цӕй иу-цалдӕрмӕ дзы ӕркӕсӕм.

5. Куыд бахахх кодта Библи иузӕрдиондзинады ахсджиагдзинад?

5 Иузӕрдиондзинад. Йесо загъта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» a (Матфейы 19:6). Апостол Павел ныффыста: «Уӕ къайад уӕд ӕууӕнкджын ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ӕнаипп; хӕтӕгтӕ ӕмӕ хъахбайтӕн та тӕрхон кӕны Хуыцау» (Дзуттытӕм 13:4). Афтӕмӕй ӕмкъайады уӕвӕг адӕймӕгтӕ хъуамӕ Хуыцауы раз бӕрндзинад ӕнкъарой ӕмӕ уой иузӕрдион се ’мкъайады (Уӕвынад 39:7—9).

6. Куыд ӕххуыс кӕны иузӕрдиондзинад ӕмкъайад бахъахъхъӕнынӕн?

6 Иузӕрдиондзинад хъахъхъӕны ӕмкъайад ӕмӕ йӕ кӕны цытджын. Иузӕрдион лӕг ӕмӕ ус зонынц, цыфӕнды ма ӕрцӕуа, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн кӕй баххуыс кӕндзысты (Екклесиаст 4:9—12). Иузӕрдион лӕг ӕмӕ ус куыд тынг хицӕн кӕнынц, фыццаг ӕнӕнысаниуӕг проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн къайад чи фехалы, уыдонӕй! Уыдон ӕрцӕуынц ахӕм хатдзӕгмӕ, кӕй «фӕрӕдыдысты цардӕмбалы равзӕрсты», кӕй «нал уарзынц кӕрӕдзи», ӕмӕ иунӕг амал — ӕндӕр искӕй ссарын. Фӕлӕ ахӕм хатдзӕг иу ӕмкъайӕн дӕр нӕ дӕтты фадат фӕлтӕрдджын суӕвынӕн. Уый бӕсты мӕнгард лӕг ӕмӕ ус сӕ проблемӕтӕ ног цардӕмбалыл бафтауынц. Адӕймагӕн хорз хӕдзар куы уа, фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы куы базона, кӕй тӕдзы йӕ цар, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бацархайдзӕн йӕ бацаразыныл. Ӕвиппайды ӕндӕр хӕдзармӕ нӕ ацӕудзӕн. Раст афтӕ цардӕмбалы баивын дӕр нӕу бинонты проблемӕтӕ райхалыны амал. Зындзинӕдтӕ куы фӕзына, уӕд ма тагъд кӕн ӕмкъайад фехалыныл, ӕппӕт тыхтӕй бацархай йӕ бахъахъхъӕныныл. Ахӕм иузӕрдиондзинад ӕмкъайад хъахъхъӕны, ӕххуыс ын кӕны ӕмӕ йыл ауды.

7. Арӕх лӕг ӕмӕ усӕн цӕмӕн вӕййы зын кӕрӕдзимӕ ныхас кӕнын, фӕлӕ алцыдӕр куыд фӕивдзӕн ‘ног адӕймаг’ суӕвгӕйӕ?

7 Ныхас кӕнын. «Ӕнӕ уынаффӕйӕ хъуыддӕгтӕ хӕлынц»,— дзырдӕуы иу библион фӕсномыг ныхасы (Фӕсномыг ныхӕстӕ 15:22). Фӕлӕ иуӕй-иу бинонтӕн кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын вӕййы зын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ адӕмӕн ис ныхас кӕныны алыхуызон домӕнтӕ. Уый у факт, кӕцы арӕх ӕркӕны стыр ӕнӕмбарындзинад ӕмӕ фыдӕнхъӕлцмӕ. Йӕ аххосаг гӕнӕн ис уа хъомылад. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ хъомыл кодтой ахӕм бинонты ’хсӕн, цыран ӕппынӕдзух уыдис загъд. Ныр та сӕхицӕн ис бинонтӕ, фӕлӕ нӕ зонынц ӕмкъаимӕ ныхас кӕнын уӕздан ӕмӕ сабырӕй. Уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, дӕ хӕдзар ма хъуамӕ суа «хылы» хӕдзар (Фӕсномыг ныхӕстӕ 17:1). Библи хахх кӕны, «ног адӕймаг» кӕй хъуамӕ суӕм ӕмӕ кӕй хъуамӕ аиуварс кӕнӕм алыхуызон мӕстыгӕрдзинад, хъӕр ӕмӕ хыл (Ефесӕгтӕм 4:22—24, 31).

8. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, ӕмкъаимӕ быцӕу фӕзынгӕйӕ?

8 Цы у дӕ бон быцӕуы рӕстӕджы аразын? Уавӕр куы уӕззау кӕна, уӕд иуыл хуыздӕр уаид Фӕсномыг ныхӕсты 17:14-ы фыст уынаффӕ ӕххӕст кӕнын: «Цалынмӕ хыл нӕ райтынг, уӕдмӕ йӕ ныууадз». О, цалынмӕ уӕ дыууӕ дӕр ӕрсабыр уат, уӕдмӕ хъуамӕ рӕстӕгмӕ ныууадзат уӕ ныхас (Екклесиаст 3:1, 7). Цыфӕнды ма уа, уӕддӕр хъуамӕ архайай, цӕмӕй уай «рӕвдз хъусынмӕ, сындӕг ныхӕстӕм, сындӕг мӕсты кӕнынмӕ» (Иаковы 1:19). Тырн, быцӕуы фӕуӕлахиз уӕвынмӕ нӕ, фӕлӕ хъуыддаг райхалынмӕ (Уӕвынад 13:8, 9). Архай, дӕу ӕмӕ де ’мкъайы цы ӕрсабыр кӕна, ахӕм ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыдытӕ ссарыныл (Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:18; 15:1, 4; 29:11). Маст хӕссыны бӕсты агур Хуыцауы ӕххуыс ӕмӕ сӕрныллӕгӕй кув де ’мкъаимӕ (Ефесӕгтӕм 4:26, 27; 6:18).

9. Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, хорз ныхасы дӕгъӕл зӕрдӕйы кӕй ис?

9 Библион фӕсномыг ныхас зӕгъы: «Зондджыны зӕрдӕ йын йе ’взаг дӕр кӕны зондджын ӕмӕ йын фылдӕр кӕны йӕ зонындзинӕдтӕ йӕ дзыхы» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 16:23). Ӕцӕгдӕр, хорз бастдзинады дӕгъӕл дзыхы нӕ, фӕлӕ зӕрдӕйы ис. Цавӕр ахаст дын ис де ’мкъаймӕ? Библи чырыстӕттӕн уынаффӕ кӕны, цӕмӕй уой «тӕригъӕдгӕнаг» (1 Петры 3:8). Кӕд де ’мкъай истӕуыл тынг мӕт кӕны, уӕд цӕттӕ дӕ афтӕ аразынмӕ? Кӕд о, уӕд дӕ бон суыдзӕн ссарын ӕмбӕлон ныхӕстӕ (Исай 50:4).

10, 11. Куыд у лӕгӕн йӕ бон 1 Петры 3:7-ы уынаффӕйӕ спайда кӕнын?

10 Цыт кӕнын ӕмӕ аргъ кӕнын. Чырыстон лӕгтӕн дзырдӕуы, цӕмӕй сӕ устытӕм сӕ ахаст уа «ӕмбарындзинады, куыд ӕдыхдӕр мигӕнӕнмӕ, цытджын даргӕйӕ уыдоны» (1 Петры 3:7). Усы цытджын дарынмӕ хауы уымӕн аргъ кӕнын. Йӕ усмӕ «ӕмбарындзинады» ахаст цы лӕгӕн ис, уый йын аргъ кӕны йе ’нкъарӕнтӕн, тыхтӕн, йӕ ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ йӕ хорздзинӕдтӕн. Афтӕ ма уый хъуамӕ тырна, цӕмӕй базона, Иегъовӕйӕн цавӕр цӕстӕнгас ис сылгоймагмӕ ӕмӕ Йӕ куыд фӕнды, цӕмӕй йыл иннӕтӕ дӕр аудой.

11 Зӕгъӕм дӕм хӕдзары ис ӕхӕм вазӕ, кӕцы дын тынг зынаргъ у. Йемӕ арӕхсгӕдӕр нӕ архайдзынӕ? Ахӕм хуызы Петр спайда кодта разагъд «ӕдыхдӕр мигӕнӕнӕй»; ацы абарст хъуамӕ сразӕнгард кӕна чырыстон лӕджы йӕ усыл уарзӕгойӕ аудынмӕ.

12. Куыд у усы бон йӕ лӕгӕн кад кӕнын?

12 Фӕлӕ цы уынаффӕ кӕны Библи устытӕн? Павел ныффыста: «Ус та хъуамӕ йӕ мойы цытджын-иу дара» (Ефесӕгтӕм 5:33). Усӕн куыд ахсджиаг у ӕнкъарын, йӕ лӕг ын кӕй кад кӕны ӕмӕ йӕ бирӕ кӕй уарзы, лӕгӕн дӕр афтӕ ахсджиаг у, йӕ ус ын кӕй кад кӕны, уый ӕнкъарын. Кадгӕнӕг ус йӕ лӕджы рӕдыдтыты тыххӕй, чырыстон уа ӕви нӕ, нӕ дам-дум кӕндзӕн. Уый йӕ лӕджы хорздзинӕдтӕ нӕ дӕлӕмӕ кӕндзӕн, комкоммӕ уа ӕви адӕмы ’хсӕн (1 Тимофеймӕ 3:11; 5:13).

13. Куыд ис уӕзданӕй хъуыдыйӕн зӕгъӕн?

13 Уый нӕ нысан кӕны, усӕн йӕ бон кӕй нӕу йӕ хъуыдытӕ дзурын. Кӕд ӕй исты тыхсын кӕна, уӕд ӕй йӕ бон у уӕзданӕй зӕгъын (Уӕвынад 21:9—12). Лӕгӕн хъуыды зӕгъын у портийы фехсты хуызӕн. Ус гӕнӕн ис порти афтӕ сындӕггай фехса, ӕмӕ йӕ лӕг ӕнцонтӕй ӕрцахса, кӕнӕ та йӕ афтӕ тынг ныззыгъуыт кӕна, ӕмӕ лӕгӕн зындзинад ӕрхӕсса. Цас хуыздӕр у, лӕг ӕмӕ ус сӕхи куы хизой кӕрӕдзи аххосджын кӕнынӕй ӕмӕ куы архайой уӕздан ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ ныхас кӕныныл (Матфейы 7:12; Колоссӕгтӕм 4:6; 1 Петры 3:3, 4).

14. Библион принциптӕй пайда кӕнын дӕ цардӕмбалы куы нӕ фӕнда, уӕд цы хъуамӕ саразай?

14 Куыд федтам, афтӕмӕй библион принциптӕ сты аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕххуыс амондджын бинонтӕ скӕнынӕн. Фӕлӕ Библи цы дзуры, уый де ’мкъайы куы нӕ цымыдис кӕна, уӕд цы бачындӕуа? Уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, бирӕ цыдӕртӕ баст сты, дӕхӕдӕг Хуыцауы зонындзинӕдтӕй куыд пайда кӕныс, ууыл. Петр фыста: «Сымах дӕр устытӕ, коммӕ кӕсут уӕ лӕгтӕн, цӕмӕй уыдонӕй исчитӕ, кӕцытӕ коммӕ нӕ кӕсынц дзырдӕн, сӕ устыты цардӕй ӕнӕдзырдӕй басӕттой, куы феной уӕ сыгъдӕг хуыцауы тасы мидӕг цард, уӕд» (1 Петры 3:1, 2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ма хауы, Библимӕ уазал цӕстӕй цы устытӕ кӕсынц, уыдон лӕгтӕм дӕр. Дӕ цардӕмбал цы ми кӕны уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, библион принциптӕн ратт бар дӕуыл хуыздӕрырдӕм ӕндавынӕн. Афтӕ ма Хуыцауы базонынады фӕрцы ды суыдзынӕ бирӕ хуыздӕр ныййарӕг.

СЫВӔЛЛӔТТЫ ХЪОМЫЛАД ХУЫЦАУЫ БАЗОНЫНАДМӔ ГӔСГӔ

15. Цӕмӕн цӕуынц лӕвӕрд фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хъомылады ӕнӕраст методтӕ ӕмӕ сӕ куыд ис аиуварсгӕнӕн?

15 Адӕймагмӕ хырх ӕмӕ дзӕбуг куы уа, уӕд уый нӕ нысан кӕны арӕхстджын хъӕддӕсны кӕй у. Афтӕ адӕймагӕн сывӕллӕттӕ кӕй ис, уый фӕлтӕрдджын ныййарӕджы нысан нӕу. Арӕх, барӕй ӕви нӕ, ныййарджытӕ сӕхӕдӕг куыд схъомыл вӕййынц, афтӕ фӕхъомыл кӕнынц сӕ сывӕллӕтты дӕр. Ахӕм хъомылады ӕнӕраст методтӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ лӕвӕрд цӕуынц. Рагон израилаг ӕмбисонд дзуры: «Фыдӕлтӕ цъӕх сӕнӕфсир хордтой, сывӕллӕттӕ та цъӕхдӕндаг систы». Фӕлӕ Фыстад дзуры, адӕймаг кӕй нӕу хӕсджын, цӕмӕй йӕ фыдӕлты арӕзт фӕндагыл цӕуа. Йӕ бон у ӕндӕр фӕндаг равзарын, кӕцы ӕмбӕлон у Иегъовӕйы домӕнтӕн (Иезекиль 18:2, 14, 17).

16. Бинонтыл аудын цӕмӕн у ахсджиаг ӕмӕ йӕм цы хауы?

16 Иегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн кӕй ратдзысты раст разамынд ӕмӕ сыл куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй ауддзысты. Павел ныффыста: «Кӕд исчи йӕхионтыл ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл нӕ тыхсы, уӕд уый аздӕхт уырнындзинадӕй ӕмӕ у ӕвзӕрдӕр ӕнӕрастӕй» (1 Тимофеймӕ 5:8). Цӕй диссаджы ныхӕстӕ сты! Хуыцауы тас цы адӕймаджы ис, уымӕн дарӕг уӕвын, ома сывӕллӕтты физикон, духовон ӕмӕ эмоцианалон домӕнтыл аудын у стыр уӕлидзинад ӕмӕ бӕрндзинад. Библийы ис принциптӕ, кӕцытӕ баххуыс кӕндзысты ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты рӕзтӕн диссаджы уавӕртӕ саразынӕн. Ӕркӕсӕм дзы иу цалдӕрмӕ.

17. Куыд гӕнӕн ис Хуыцауы закъон сывӕллӕтты зӕрдӕйы нывӕрын?

17 Ут хорз цӕвиттон. Израилаг ныййарджытӕ уыдысты фӕдзӕхст: «Ӕмбарын сӕ кӕн [Хуыцауы ныхӕстӕ] дӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ сыл дзур, дӕ хӕдзары бадгӕйӕ ӕмӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, ӕмӕ хуысгӕйӕ ӕмӕ стгӕйӕ». Ныййарджытӕ хъуамӕ ахуыр кодтаиккой сӕ сывӕллӕтты Иегъовӕйы закъӕттыл. Уыцы бардзырд райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Ӕмӕ уӕнт ацы ныхӕстӕ, кӕцытӕ дын Ӕз абон фӕдзӕхсын, дӕ зӕрдӕйы» (Дыккаг закъон 6:6, 7). О, ныййарджытӕн сӕхимӕ цы нӕй, уый сӕ бон нӕу раттын сӕ сывӕллӕттӕн. Кӕд уӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы закъӕттӕ уой уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты, уӕд уал фыццаджыдӕр, бацархайут, цӕмӕй уӕхи зӕрдӕты уой (Фӕсномыг ныхӕстӕ 20:7; абар Лукайы 6:40).

18. Уарзондзинад ӕвдисынӕн цавӕр диссаджы цӕвиттон ратта Иегъовӕ ныййарджытӕн?

18 Баууӕндын сӕ кӕнут уӕ уарзондзинадыл. Йесо аргъуыд куы райста, уӕд Иегъовӕ фехъусын кодта: «Ды Мӕ уарзон Фырт; Дӕумӕ Мӕ хорз фӕндон!» (Лукайы 3:22). Афтӕ Иегъовӕ скадджын кодта Йӕ фырты, равдыста йӕм йӕ хорз фӕндон ӕмӕ йӕ баууӕндын кодта йӕ уарзондзинадыл. Фӕстӕдӕр Йесо загъта йӕ Фыдӕн: «Ды... бауарзтай Мӕн дунейӕн бындур ӕрӕвӕрыны размӕ» (Иоанны 17:24). Уымӕ гӕсгӕ, куыд Хуыцауы тасы мидӕг ныййарджытӕ, афтӕ равдисут уӕ сывӕллӕттӕм уӕ уарзондзинад ӕмӕ сӕ барӕвдаут ӕмӕ уый аразут арӕхдӕр. Кӕддӕридӕр уӕ зӕрдыл дарут: «Уарзондзинад... фӕдзӕхсы» (1 Коринфӕгтӕм 8:1).

19, 20. Цы хауы сывӕллӕтты раст зондамындмӕ ӕмӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц ныййарджытӕ Иегъовӕйы цӕвиттонӕй?

19 Зондамынд. Библи хахх кӕны уарзондзинадӕй ӕххӕст зондамынды ахсджиагдзинад (Фӕсномыг ныхӕстӕ 1:8). Сывӕллӕтты зондамынды хӕсмӕ уӕлӕнгай ахаст цы ныййарджытӕн ис, уыдон ӕнӕмӕнгдӕр сӕмбӕлдзысты фӕсмойнаг фӕстиуджытыл. Фӕлӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у ныййарджыты ӕндӕр карздзинӕдтӕй хи бахизын. «Фыдӕлтӕ,— фыста апостол Павел,— ма мӕсты кӕнут уӕ сывӕллӕтты, цӕмӕй уыдон ӕнкъард ма кӕной» (Колоссӕгтӕм 3:21). Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕхиуыл хӕцой ӕппынӕдзух сывӕллӕттӕн уайдзӕф кӕнынӕй, сӕ рӕдыдтытыл дзурынӕй ӕмӕ сӕ митӕн нӕ аргъ кӕнынӕй.

20 Иегъовӕ Хуыцау, нӕ уӕларвон Фыд нын дӕтты раст хъомылады цӕвиттон. Йе ’фхӕрд ӕгӕр никуы вӕййы. Хуыцау йӕ адӕмӕн загъта: «Бафхӕрдзынӕн дӕ бӕрцӕй» (Иереми 46:28). Ныййарджытӕ уыцы хъуыддаджы хъуамӕ фӕзмыной Хуыцауы. Дисциплинон мадзӕлттӕ, кӕцытӕ зондджындзинады арӕнтӕй ахизынц кӕнӕ срастгӕнӕн ӕмӕ зондамынды нысанӕй фӕиппӕрд вӕййынц, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕн хӕссынц маст.

21. Куыд у ныййарджыты бон сбӕлвырд кӕнын, цас ахадгӕ сты сӕ дисциплинон мадзӕлттӕ?

21 Куыд у ныййарджыты бон сбӕлвырд кӕнын, цас ахадгӕ сты сӕ дисциплинон мадзӕлттӕ? Сӕ бон у сӕхимӕ фарст раттын: куыд бандӕвта уый сывӕллоныл? Ӕфхӕрдӕй хъуамӕ райса пайда. Сывӕллон хъуамӕ ӕмбара, цӕй тыххӕй йӕ ӕфхӕрынц. Афтӕ-ма ныййарджытӕ хъуамӕ рагацау зоной ӕфхӕрды фӕстиуджытӕ дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕн сӕ фылдӕр фӕхъыг вӕййы, кӕй сӕ бафхӕрынц (Дзуттытӕм 12:11). Фӕлӕ рӕстмӕгӕнӕн мадзӕлттӕ сывӕллонмӕ макуы хъуамӕ ныууадзой тас ӕмӕ иунӕгдзинады ӕнкъарӕн, афтӕ ма ӕвзӕр ӕнкъарӕн дӕр. Цалынмӕ Иегъовӕ йӕ адӕмы бафхӕрдтаид, уӕдмӕ загъта: «Ма тӕрсут... уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн» (Иереми 46:28). О, рӕстмӕгӕнӕн мадзӕлттӕй афтӕ спайда кӕнын хъӕуы, цӕмӕй сывӕллон бамбара, кӕй йӕ уарзут ӕмӕ йыл кӕй мӕт кӕнут.

«ЗОНДДЖЫН УЫНАФФӔТЫ» ССАРД

22, 23. Куыд у дӕ бон ссарын зондджын уынаффӕтӕ амондджын бинонтӕ скӕнынӕн?

22 Мах хъуамӕ уӕм бузныг Иегъовӕйӕ, амондджын бинонтӕ скӕнынӕн нын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг «кусӕнгӕрзтӕ» кӕй дӕтты. Фӕлӕ ӕрмӕст уыцы кусӕнгӕрзтӕ фаг не сты. Хъуамӕ сӕ раст пайда кӕнӕм. Зӕгъӕм, райсӕм амайӕджы, кӕцы сахуыр йӕ кусӕнгӕрзтӕй раст пайда кӕнын. Ӕмӕ цы уыдзӕн, уый кусӕнгӕрзтӕй куы нал пайда кӕна. Фӕстагмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ӕвзӕрырдӕм фӕзындзӕн йӕ куыстыл. Чи зоны, ахӕм хуызы фӕхатыдтӕ дӕ бинонты ’хсӕн цы зианхӕссӕг ахуыртӕ ис, уыдон. Иуӕй-иу ахуыртӕ, гӕнӕн ис тынг ныффидар сты ӕмӕ сӕ зын фервӕзӕн уыдзӕн. Фӕлӕ Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архай: «Зонджын байхъусдзӕн, ӕмӕ фӕфылдӕр кӕндзӕн йӕ базонынӕдтӕ, ӕмӕ ӕмбаргӕ ссардзӕн зондджын уынаффӕтӕ» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 1:5).

23 Хуыцауы базонынад куы адарддӕр кӕнай, уӕд ссардзынӕ зондджын уынаффӕтӕ. Дӕ хъус дар бинонты цардмӕ хауӕг библион принциптӕм, ӕмӕ кӕд ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уа, уӕд архай ивындзинӕдтӕ аразыныл. Бафӕзмын карджын чырыстӕтты, кӕцытӕ дӕттынц хорз цӕвиттон, куыд хорз ӕмкъӕйттӕ ӕмӕ ныййарджытӕ. Аныхас кӕн семӕ. Уымӕй уӕлдай, куывды радзур Иегъовӕйӕн дӕ проблемӕтӕ (Псалом 54:23; Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Иегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн амондджын бинонтӕ скӕнынӕн, кӕцы йын кад кӕндзӕн.

[Фиппаинӕгтӕ]

a Иунӕг библион бындур хицӕн кӕнынӕн ӕмӕ ногӕй ӕмкъайад саразынӕн — «хӕтындзинад», ома ӕмкъайады ӕдде ӕрдон ахастытӕ (Матфейы 19:9).

СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ

Иузӕрдиондзинад, ныхас кӕнын, ӕмкъаймӕ уӕздан ӕмӕ кады ахаст амондджын ӕмкъайадӕн ахъаз куыд сты?

Куыд у ныййарджыты бон сывӕллӕтты сӕ уарзонддзинадыл баууӕндын кӕнын?

Цы хауы сывӕллӕтты раст зондамындмӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв ӕнӕхъӕнӕй ис 147 фарсыл]