Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕуу

Хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕуу

Сӕр 12

Хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕуу

1. Цы арӕзта Йесо хӕйрӕджытыл ӕмбӕлгӕйӕ?

 АРГЪУЫДЫ фӕстӕ Йесо Чырысти ацыд Иудейы ӕдзӕрӕгранмӕ, кувынмӕ ӕмӕ хъуыды кӕнынмӕ. Уым ӕй Сайтан Хӕйрӕг разӕнгард кодта Хуыцауы закъон фехалынмӕ. Фӕлӕ Йесо аиуварс кодта Хӕйрӕджы сайӕнтӕ ӕмӕ йӕ къӕппӕджы нӕ бахауд. Йесо ма зӕххыл йӕ лӕггаддзинады рӕстӕджы ӕндӕр хӕйрӕджытыл дӕр ӕмбӕлди. Уый сын алкӕддӕр ныхкъуырд лӕвӕрдта ӕмӕ сӕ ныхмӕ лӕууыд (Лукайы 4:1—13; 8:26—34; 9:37—43).

2. Цавӕр фарстытыл ӕрдзурдзыстӕм?

2 Библийы фыст цаутӕ нӕ ӕууӕндын кӕнынц, хӕйрӕджыты ӕцӕг уӕвынадыл. Уыдон архайынц адӕмы фӕсайыныл. Фӕлӕ сӕ ныхмӕ нӕ бон у фӕлӕууын. Уӕддӕр куыд равзӕрдысты хӕйрӕджытӕ? Цӕмӕн архайынц адӕмы сайыныл? Цӕмӕй сӕхион сӕ къухы бафта, уый тыххӕй цавӕр методтӕй пайда кӕнынц? Ацы фарстытӕн нын дзуаппыты ссард баххуыс кӕндзӕн хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууынӕн.

ХӔЙРӔДЖЫТӔ — СӔ РАВЗӔРД ӔМӔ СӔ НЫСАН

3. Куыд равзӕрд Сайтан Хӕйрӕг?

3 Цалынмӕ Иегъовӕ Хуыцау адӕмы сфӕлдыста, уӕдмӕ уал бирӕ раздӕр сфӕлдыста бирӕ духовон гоймӕгты (Иов 38:4, 7). Нӕ чиныджы 6-ӕм сӕры куыд цӕуы ӕмбӕрстгонд, уымӕ гӕсгӕ уыцы зӕдтӕй сӕ иуы бафӕндыд, цӕмӕй адӕм Иегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ уымӕн куывтаиккой. Уымӕ тырнгӕйӕ, фыд зӕд растад Сфӕлдисӕджы ныхмӕ ӕмӕ дзы мӕнг загъта, ӕгӕрыстӕмӕй ма уый фыццаг сылгоймагӕн дӕр загъта, Хуыцау сайӕгой кӕй у. Иттӕг рӕстӕй ацы растӕг духовон сфӕлдисон сси зындгонд куыд Сайтан — ныхмӕлӕууӕг ӕмӕ куыд Хӕйрӕг — мӕнгдзурӕг (Уӕвынад 3:1—5; Иов 1:6).

4. Куыд фӕрӕдыдысты Нойы рӕстӕджы иуӕй-иу зӕдтӕ?

4 Фӕстӕдӕр ма Сайтан Хӕйрӕгмӕ ӕрбаиу сты ӕндӕр зӕдтӕ дӕр. Рӕстаг адӕймаджы, Нойы, рӕстӕджыты уыдонӕй иуӕй-иутӕ ныууагътой сӕ лӕггаддзинад уӕларвыл ӕмӕ сӕхи рафӕлхатыдтой адӕймӕгтӕй, цӕмӕй сын уыдаид ӕрдон ахастытӕ зӕххон сылгоймӕгтимӕ. Гуырысхойаг нӕу, ахӕм ӕгоммӕгӕсдзинадмӕ Сайтан кӕй сразӕнгард кодта зӕдты. Уый сӕ ӕркодта, сывӕллӕттӕ сын кӕй райгуырд — кӕцытӕ нӕдӕр зӕдтӕ уыдысты, нӕдӕр адӕм; уыцы сывӕллӕтты схуыдтой уӕйгуытӕ, уыдон систы фыдгӕнджытӕ. Иегъовӕ Ӕппӕтдунеон хъаймӕты скуынӕг кодта ӕнӕгъдау адӕймагад ӕмӕ ӕгоммӕгӕс зӕдты ӕнахуыр цӕуӕт. Растӕг зӕдтӕ фервӕзтысты куынӕгдзинадӕй: уыдон ныууагътой сӕ адӕймагон буӕрттӕ ӕмӕ аздӕхтысты духовон сферӕмӕ. Фӕлӕ Хуыцау фӕсырдта ацы хӕйрӕджыты духовон талынгдзинадмӕ (Уӕвынад 6:1—7, 17; Иудӕйы 6). Фӕлӕ уӕддӕр Сайтан, «хӕйрӕджыты ӕлдар», ӕмӕ фыд зӕдтӕ дарддӕр кодтой сӕ растад (Лукайы 11:15). Цы у сӕ нысан?

5. Цӕмӕ тырнынц Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ ӕмӕ цы аразынц, цӕмӕй адӕмы сӕ къӕппӕджы ӕрцахсой?

5 Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты фыдвӕнд — адӕмы Иегъовӕ Хуыцауы ныхмӕ скӕнын. Уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт адӕймагады историйы уыдон адӕмы сайдтой, тӕрсын сӕ кодтой ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдтой (Раргомад 12:9). Нырыккон цӕвиттонтӕ ӕвдисынц, хӕйрӕджыты ӕфхӕрдтытӕ абоны хуызӕн карз кӕй никуы сты. Цӕмӕй адӕмы сӕ къӕппӕгмӕ басайой, уый тыххӕй хӕйрӕджытӕ арӕх пайда кӕнынц спиритизмы алыхуызон формӕтӕй. Куыд пайда кӕнынц хӕйрӕджытӕ ацы сайӕнӕй ӕмӕ куыд у дӕ бон дӕхи бахъахъхъӕнын?

КУЫД АРХАЙЫНЦ ХӔЙРӔДЖЫТӔ ДӔУ ФӔСАЙЫНЫЛ

6. Цы у спиритизм ӕмӕ цавӕртӕ сты йӕ формӕтӕ?

6 Цы у спиритизм? Уый у хӕйрӕджытимӕ бастдзинад комкоммӕ кӕнӕ медиумы уылты. Цуанонтӕн сайӕн куыд ӕххуыс кӕны, афтӕ спиритизм дӕр ӕххуыс кӕны хӕйрӕджытӕн: амӕттаг химӕ здахы. Цуанон куыд архайы алыхуызон хиндзинӕдтӕй, цӕмӕй цӕрӕгойты къӕппӕгмӕ басайа, афтӕ хӕйрӕджытӕ дӕр, цӕмӕй адӕмы сӕхи бакӕной, уый тыххӕй пайда кӕнынц спиритизмы алыхуызон формӕтӕй. (Абар Псалом 118:110.) Спиритизмы иуӕй-иу формӕтӕ — дӕсны фӕрсын, маги, нысӕнттӕ бӕрӕг кӕнын, кӕлӕнтӕ, арфӕтӕ, медиумтимӕ дзурын ӕмӕ мӕрдтимӕ бастдзинад.

7. Цас парахатгонд у спиритизм ӕмӕ цӕмӕн у ӕнтыстджын афтӕ хуыйнӕг чырыстон бӕстӕты дӕр?

7 Уыцы сайӕн иттӕг хорз у, уымӕн ӕмӕ спиритизм алыран дӕр адӕмы йӕхимӕ ласы. Хъӕуы чи цӕры, уыдон фӕцӕуынц дӕсныфӕрсджытӕм, горӕттӕгтӕ та — уынаффӕ кӕнынц астрологтимӕ. Спиритизм ма, ӕгӕрыстӕмӕй, ӕнтыстджын у, афтӕ хуыйнӕг чырыстон бӕстӕты дӕр. Иртасӕн куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ӕрмӕст Иугонд Штатты 30 журналы бӕрц, сӕ иумӕйаг тираж 10 000 000 экземплярӕй фылдӕр кӕмӕн у, нысангонд сты спиритизмы алыхуызон формӕтӕн. Ӕрвылаз бразилиӕгтӕ хардз кӕнынц 500 милуан долларӕй фылдӕр спиритизмы алыхуызон предметтыл. Фӕлӕ ацы бӕстӕйы спиритикон центртӕм чи цӕуы, уыдонӕй 80 процент сты аргъуыд католиктӕ, кӕцытӕ ма уыцы рӕстӕджы цӕуынц аргъауынмӕ дӕр. Иуӕй-иу сауджынтӕ спиритизмӕй кӕй архайынц, уымӕ гӕсгӕ бирӕ уырнӕг адӕм хъуыды кӕнынц, уый Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ кӕй у. Фӕлӕ цымӕ афтӕ у?

ЦӔМӔН ТӔРХОН КӔНЫ БИБЛИ СПИРИТИЗМЫЛ

8. Цы дзуры Библи спиритизмы тыххӕй?

8 Кӕд дӕ ахӕм хъуыдыйыл сахуыр кодтой, ома спиритизмы иуӕй-иу формӕтӕ сты фадат рӕстаг зӕдтимӕ бастдзинадӕн, уӕд, гӕнӕн ис, бадис кӕнай Библийы спиритизмы тыххӕй цы дзырдӕуы, уый куы базонай, уӕд. Иегъовӕйы адӕм фӕдзӕхст уыдысты: «Ма-иу здӕхут мӕрдтӕм чи сиды, ӕмӕ дӕснытӕм дӕр ма цӕут, ӕмӕ уӕхи уый онг ма кӕнут, цӕмӕй уыдонӕй счъизи уат» (Левит 19:31; 20:6, 27). Библион чиныг Раргомады ис фӕдзӕхст, «кӕлӕнгӕнджыты... хъысмӕт сондон ӕмӕ артӕй судзгӕ цады; уый — дыккаг [ӕнусон] мӕлӕт» (Раргомад 21:8; 22:15). Иегъовӕ Хуыцау спиритизмы алкӕцы формӕйыл дӕр тӕрхон кӕны (Дыккаг закъон 18:10—12). Цӕмӕн?

9. Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, абон цы «хабӕрттӕ» хъуысы духовон дунейӕ, уыдон Иегъовӕйӕ кӕй нӕ цӕуынц?

9 Цалынмӕ Библи фыст фӕци, уӕдмӕ-иу Иегъовӕ рӕстаг зӕдты ӕрвыста, цӕмӕй сын иуӕй-иу адӕймӕгтимӕ бастдзинад уыдаид. Библи фыст куы фӕци, уӕдӕй нырмӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрд цӕуы Хуыцауы Ныхасы уылты, кӕцы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ хуызы лӕггад кӕнынӕн (2 Тимофеймӕ 3:16, 17; Дзуттытӕм 1:1, 2). Уый йӕ сыгъдӕг Ныхасыл ӕнӕввӕрсон нӕу, хъусинӕгтӕ медиумты уылты дӕтгӕйӕ. Абон духовон дунейӕ хъусинӕгтӕ иуылдӕр цӕуынц хӕйрӕджытӕй. Спиритизмы архайд, гӕнӕн ис, ӕркӕна уымӕ, ӕмӕ хӕйрӕджытӕ райдайой адӕймаджы тыхсын кӕнын кӕнӕ йӕ, ӕгӕрыстӕмӕй, сӕхи дӕр бакӕной. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Хуыцау йӕ уарзондзинадӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй ма ныххӕцӕм спиритизмы макӕцы хуызыл (Дыккаг закъон 18:14; Галатӕгтӕм 5:19—21). Уымӕй уӕлдай, Иегъовӕйы цӕстӕнгас базонгӕйӕ, кӕд дарддӕр спиритизмӕй архайӕм, уӕд вӕййӕм хӕйрӕджыты фарс ӕмӕ свӕййӕм Хуыцауы знӕгтӕ (1 Паддзахӕдты 15:23; 1 Паралипоменон 10:13, 14; Псалом 5:5).

10. Цы у рагзагъд кӕнын ӕмӕ дзы нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

10 Спиритизмы арӕхӕмбӕлгӕ формӕтӕй иу — рагзагъд кӕнын, уый у хӕйрӕджыты ӕххуысӕй сомбон кӕнӕ цыдӕр сусӕгдзинад базоныны фӕлварӕн. Рагзагъды иуӕй-иу хуызтӕ сты: астрологи, магикон кристаллы ӕххуысӕй дӕсны фӕрсын, фынтӕ халын, хироманти ӕмӕ къамтӕй дӕсны фӕрсын. Бирӕтӕ къамтӕй дӕсны фӕрсын нымайынц ӕнӕзиан ирхӕфсӕныл, фӕлӕ Библи ӕвдисы, дӕснытӕ ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ кӕй архайынц. Цӕвиттонӕн, Куыстыты 16:16—19-мӕ дзырд цӕуы «дӕсныфӕрсӕг удыл», кӕцы лӕвӕрдта иу сылгоймагӕн «уыцы куыстӕй» архайыны фадат. Фӕлӕ дзы хӕйрӕджы куы фӕсырдтой, уӕд фесӕфта фидӕн рагзагъд кӕныны курдиат. Бӕрӕг у, дӕсны фӕрсын кӕй у сайӕн, кӕцыйӕ хӕйрӕджытӕ адӕмы ахсынц сӕ къӕппӕджы.

11. Цӕмӕ кӕнынц къӕппӕгмӕ амӕлджытимӕ бастдзинады фӕлварӕнтӕ?

11 Кӕд хъынцъым кӕныс дӕ зӕрдиаг адӕймаджы кӕнӕ ӕввахс ӕмгары мӕлӕтыл, уӕд дӕ бон у ӕнцонӕй бахауын ӕндӕр къӕппӕджы. Медиумы бон у уӕлдай хабӕрттӕ радӕттын кӕнӕ амӕлӕг адӕймаджы хъӕлӕсӕй дзурын. Арӕхстджын у! Амӕлджытимӕ бастдзинады фӕлварӕнтӕ кӕнынц къӕппӕгмӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ мӕрдты бон дзурын нӕу. Ӕвӕццӕгӕн, куыд зоныс, афтӕмӕй Хуыцауы Ныхас ӕргомӕй дзуры, адӕймаг мӕлӕты фӕстӕ кӕй «ныздӕхы йӕ зӕхмӕ; уыцы бон фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иуылдӕр». О, мӕрдтӕ «ницы зонынц» (Псалом 145:4; Екклесиаст 9:5, 10). Уымӕй уӕлдай, зындгонд у, растдӕр хӕйрӕджытӕ кӕй фӕзмынынц амӕлӕджы хъӕлӕс ӕмӕ медиумӕн амӕлӕджы тыххӕй зонӕнтӕ кӕй дӕттынц (1 Паддзахӕдты 28:3—19). Уымӕ гӕсгӕ «мӕрдтӕм дзурджытӕ» ахст цӕуынц хӕйрӕджытӕй ӕмӕ архайынц Иегъовӕ Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ (Дыккаг закъон 18:11, 12; Исай 8:19).

БАСАЙДӔЙ — ӔФХӔРДМӔ

12, 13. Цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, хӕйрӕджытӕ уӕддӕр кӕй фӕлварынц адӕмы ӕмӕ сын ӕнцой кӕй нӕ дӕттынц?

12 Царды спиритизмы тыххӕй Хуыцауы Ныхасы уынаффӕйӕ куы пайда кӕнай, уӕд иуварс кӕндзынӕ хӕйрӕджыты сайӕнтӕ. (Абар Псалом 140:9, 10; Ромӕгтӕм 12:9.) Цымӕ уый нысан кӕны, хӕйрӕджытӕ кӕй нал архайдзысты дӕу сӕхи бакӕныныл? Ницӕй тыххӕй! Сайтан Йесойы ӕртӕ хатты куы сайдта, уӕд уый фӕстӕ «иуварс ацыд хуыздӕр рӕстӕгмӕ» ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ (Лукайы 4:13, НТ). Ахӕм хуызы хӕйрӕджытӕ адӕмы ӕрмӕст не ’рбакӕнынц, фӕлӕ ма сӕ ӕфхӕргӕ дӕр бакӕнынц.

13 Хъуыды ма кӕныс куы дзырдтам, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Иовы Сайтан куыд бафхӕрдта. Хӕйрӕгӕн бантыст скуынӕг кӕнын Иовы фос ӕмӕ ма йӕ ӕххуырстыты фылдӕр хай амарын. Сайтан ма, ӕгӕрыстӕмӕй, Иовы сывӕллӕтты дӕр амардта. Уый фӕстӕ Иовӕн йӕхиуыл дӕр хъизӕмайраг низ бафтыдта. Фӕлӕ Иов ӕнаиппӕй баззад Хуыцауы раз ӕмӕ бӕркадджынӕй арфӕгонд ӕрцыд (Иов 1:7—19; 2:7, 8; 42:12). Уӕдӕй нырмӕ хӕйрӕджытӕ иуӕй-иу адӕймӕгтӕй аразынц ӕгомыгтӕ кӕнӕ сӕ бакуырм кӕнынц ӕмӕ адӕймагон фыдӕбӕттӕй дарддӕр ӕхцондзинад исынц (Матфейы 9:32, 33; 12:22; Маркы 5:2—5). Абоны хъусинӕгтӕ ӕвдисынц, хӕйрӕджытӕ иуӕй-иуты ӕрдон ахасты кӕй тыхсын кӕнынц, иннӕты та — сӕрра кӕнынц. Уыимӕ ма уыдон разӕнгард кӕнынц адӕмы искӕй амарынмӕ кӕнӕ сӕ сразы кӕнынц хиамарыныл, кӕцы у Хуыцауы раз тӕригъӕд (Дыккаг закъон 5:17; 1 Иоанны 3:15). Уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, мингай адӕймӕгтӕ, кӕцытӕ кӕддӕр хӕйрӕджыты хызы ахст уыдысты, уыдон ссӕрибар сты. Куыд сын бантыст? Ахсджиаг къахдзӕфтӕ кӕй сарӕзтой, уый руаджы.

КУЫД ИС ФӔЛӔУУӔН ХӔЙРӔДЖЫТЫ НЫХМӔ

14. Куыд у дӕ бон хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууын, фыццаг ӕнусы Ефесы чырыстӕтты цӕвиттонмӕ гӕсгӕ?

14 Цавӕр мадзӕлттӕ ис хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууынӕн ӕмӕ сӕ хызтӕй дӕхи ӕмӕ дӕ бинонты куыд ис бахъӕхъхъӕнӕн? Фыццаг ӕнусы Ефесы чырыстӕттӕ, кӕцытӕ цалынмӕ чырыстӕттӕ систы, уӕдмӕ архайдтой спиритизмӕй, сарӕзтой раст къахдзӕфтӕ. Мах кӕсӕм, зӕгъгӕ, «кӕлӕнгӕнджытӕй бирӕтӕ, ӕрӕмбырд кӕнгӕйӕ сӕ чингуытӕ, басыгътой уыдоны ӕппӕты раз» (Куыстытӕ 19:19). Ӕгӕрыстӕмӕй, кӕд ды спиритизмӕй нӕ архайдтай, уӕддӕр фервӕз цӕмӕйдӕриддӕр спиритизмы пайда кӕнынц кӕнӕ йемӕ баст сты, уыдонӕй. Уырдӕм хауынц спиритикон нысанӕн пайдагонд чингуытӕ, журналтӕ, видеофильмтӕ, плакаттӕ, музыкалон ныффыстытӕ ӕмӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ. Уыдонмӕ ма хауынц гуымирытӕ, амулеттӕ ӕмӕ ӕндӕр предметтӕ, кӕцытӕ дарынц хихъахъхъӕнынӕн, уыдоны нымӕцы ма сты спиритизмӕй архайӕг адӕмы лӕвӕрттӕ дӕр (Дыккаг закъон 7:25, 26; 1 Коринфӕгтӕм 10:21). Цӕвиттонӕн, Таиланды иу къайы бирӕ рӕстӕг хӕйрӕджытӕ тыхсын кодтой. Уӕд бинонтӕ ссӕрибар сты спиритизмимӕ баст предмедттӕй. Цы уыд дарддӕр? Уыдон ссӕрибар сты хӕйрӕджыты ӕфхӕрдтӕй ӕмӕ уый фӕстӕ ӕцӕг духовон ӕнтыстдзинӕдтӕ сарӕзтой.

15. Цавӕр къахдзӕф ма у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг, хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууынӕн?

15 Цӕмӕй хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууӕм, уый тыххӕй ма нӕ хъӕуы саразын иу къахдзӕф — апостол Павелы уынаффӕйӕ спайда кӕнын ӕмӕ Хуыцауы лӕвӕрд духовон хӕцӕнгӕрзтӕй нӕхи сифтонг кӕнын (Ефесӕгтӕм 6:11—17). Чырыстӕттӕ хъаумӕ сфидар кӕной хӕйрӕджыты ныхмӕ сӕ хъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕ. Цы нысан кӕны уый? «Ӕппӕтӕй хуыздӕр та,— загъта Павел,— райсут уырнындзинады уарт, кӕцыйӕ уӕ бон бауыдзӕн хинӕйдзаджы зынггонд фаттӕ бамынӕг кӕнын». О, цас тыхджындӕр уа дӕ уырнындзинад, уыйас хуыздӕр фӕлӕудзынӕ хӕйрӕджыты ныхмӕ (Матфейы 17:14—20).

16. Куыд у дӕ бон дӕ уырнындзинад фидар кӕнын?

16 Куыд у дӕ бон дӕ уырнындзинад фидар кӕнын? Библи дарддӕр ахуыргӕнгӕйӕ ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕй царды пайдагӕнгӕйӕ. Уырнындзинады тых, сӕйраджыдӕр, баст у йӕ бындуры фидардзинадыл — Хуыцауы зонындзинӕдтыл. Разы нӕ дӕ, Библи ахуыргӕнгӕйӕ цы раст зонындзинӕдтӕ базыдтай ӕмӕ райстай дӕ зӕрдӕмӕ, уыдон руаджы кӕй сфидар дӕ уырнындзинад? (Ромӕгтӕм 10:10, 17). Ӕнӕдызӕрдыгӕй дӕ уырнындзинад тынгдӕр сфидар уыдзӕн кӕд ӕмӕ ацы ахуырад дарддӕр кӕнай ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдтӕм ӕнӕсцухӕй цӕуай (Ромӕгтӕм 1:11, 12; Колоссӕгтӕм 2:6, 7). Уый уыдзӕн стыр ӕххуыс хӕйрӕджыты ӕфхӕрдтӕй (1 Иоанны 5:5).

17. Цавӕр ӕндӕр къахдзӕфтӕ ма бахъӕудзӕн, хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууынӕн?

17 Цавӕр ӕндӕр къахдзӕфтӕ у йӕ бон саразын адӕймагӕн, кӕцы аскъуыддзаг кодта хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууын? Ефесаг чырыстӕтты ӕнӕмӕнг хъуыд бахъахъхъӕнын, уымӕн ӕмӕ уыдон цардысты хӕйрӕджыты ахуырадӕй дзаг горӕты. Уымӕ гӕсгӕ сын Павел загъта: «Кувут иу алы афоны зӕрдӕргъӕвдӕй» (Ефесӕгтӕм 6:18, НФ). Хӕйрӕджытӕй дзаг дунейы кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй ахсджиаг у Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй кувын ӕххуысы тыххӕй, цӕмӕй хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууӕм (Матфейы 6:13). Ахӕм уавӕры пайда сты чырыстон ӕмбырды нысангонд хистӕрты духовон ӕххуыс ӕмӕ куывтытӕ (Иаковы 5:13—15).

ТОХ КӔН ХӔЙРӔДЖЫТЫ НЫХМӔ

18, 19. Цы аразын хъӕуы, хӕйрӕджытӕ дарддӕр куы тыхсын кӕной адӕймаджы?

18 Фӕлӕ иуӕй-иу адӕймӕгтӕ сӕйраг къахдзӕфтӕ куы саразынц, уӕд ма сӕ уый фӕстӕ дӕр хӕйрӕджытӕ фӕтыхсын кӕнынц. Зӕгъӕм, иу Кот-д’Ивуараг адӕймаг, кӕцы Библи ахуыр кодта Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ, йӕ талисмантӕ иуылдӕр скуынӕг кодта. Уый фӕстӕ уый хорз ӕнтыстдзинӕдтӕ сарӕзта, Иегъовӕйӕн снывонд кодта йӕ цард ӕмӕ аргъуыд райста. Фӕлӕ йӕ йӕ аргъуыдӕй иу къуыри фӕстӕдӕр хӕйрӕджытӕ ногӕй райдыдтой тыхсын кӕнын: хъӕлӕстӕ йын йӕ ног дин уадзын кодтой. Дӕуыл дӕр афтӕ куы ӕрцӕуа, уӕд уый нысан кӕндзӕн, ды Иегъовӕйы ӕххуысӕй кӕй фӕцух дӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ.

19 Кӕд Йесо Чырысти ӕххӕст адӕймаг уыд ӕмӕ Хуыцауӕй хъахъхъӕд цыд, уӕддӕр уый фехъуыста фыдгӕнӕг духовон сфӕлдисоны, Сайтан Хӕйрӕджы хъӕлӕс. Йесо равдыста, цы аразын хъӕуы ахӕм уавӕры. Уый загъта Хӕйрӕгӕн: «Ацу Мӕнӕй, сайтан» (Матфейы 4:3—10). Уыцы цӕвиттонмӕ гӕсгӕ, ды духовон дунейы хъӕлӕстӕм ма хъуамӕ хъусай. Иегъовӕмӕ ӕххуысмӕ сидгӕйӕ, хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕуу. О, хъӕрӕй кув ӕмӕ дзур Хуыцауы ном. Фӕсномыг ныхӕсты 18:10-ы, (АМТ) дзырдӕуы: «Иегъовӕйы ном — фидар мӕсыг: уырдӕм рӕстаг алидзы, ӕмӕ вӕййы ӕдас». Кот-д’Ивуараг чырыстон дӕр афтӕ бакодта ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ хӕйрӕджытӕ ӕнцад ныууагътой (Псалом 123:8; 144:18).

20. Ӕцӕгдӕр, куыд дӕ бон у хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууын?

20 Иегъовӕ ӕруагъта хӕйрӕджыты уӕвынад, фӕлӕ уый йӕ тых ӕвдисы, уӕлдайдӕр йӕ адӕмимӕ ахастыты, ӕмӕ йӕ ном хъуыстгонд цӕуы ӕппӕт зӕххыл (Рацыд 9:16). Кӕд ды Иегъовӕимӕ ӕввахс ахастыты дӕ, уӕд хӕйрӕджытӕй ма хъуамӕ тӕрсай (Нымӕцтӕ 23:21, 23; Иаковы 4:7, 8; 2 Петры 2:9). Сӕ тых арӕнвӕрд у. Уыдон ӕфхӕрд баййӕфтой Нойы бонты, ӕрӕджы уӕлӕрвтӕй дӕр ӕрцыдысты ӕппӕрст ӕмӕ ныр та кӕронбӕттӕн тӕрхонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц (Иудӕйы 6; Раргомад 12:9; 20:1—3, 7—10, 14). Ӕцӕгдӕр, уыдон ризынц ӕрбахӕстӕггӕнӕг куынӕгдзинады тасӕй (Иаковы 2:19). Уымӕ гӕсгӕ, кӕд хӕйрӕджытӕ архайынц дӕу цавӕрдӕр сайӕнӕй ӕрцахсыныл кӕнӕ дӕ цавӕрдӕр хуызы ӕфхӕрынц, уӕд дӕ бон у сӕ ныхмӕ фӕлӕууын (2 Коринфӕгтӕм 2:11). Иуварс кӕн спиритизмы ӕппӕт формӕтӕ дӕр, пайда кӕн Хуыцауы Ныхасы уынаффӕтӕй ӕмӕ агур Иегъовӕйы хорзӕх. Афтӕ араз ӕнӕаргъӕвгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ цард баст у, хӕйрӕджыты ныхмӕ куыд фӕлӕууай, ууыл!

СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ

Куыд архайынц хӕйрӕджытӕ адӕмы фӕрӕдийын кӕныныл?

Цӕмӕн тӕрхон кӕны Библи спиритизмыл?

Куыд у адӕймаджы бон хӕйрӕджытӕй ссӕрибар уӕвын?

Цӕмӕн ма хъӕуы дарддӕр хӕйрӕджыты ныхмӕ лӕууын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 110 фарсыл]

Цавӕр ахаст дын ис спиритизмы алыхуызон формӕтӕм?