Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цавӕр кувынад исы Хуыцау?

Цавӕр кувынад исы Хуыцау?

Сӕр 5

Цавӕр кувынад исы Хуыцау?

1. Цы фӕндыд базонын самарийаг сылгоймаджы кувынады тыххӕй?

 ИСКУЫ дӕхимӕ фарст раттай: «Цымӕ цавӕр кувынад исы Хуыцау?» Ахӕм фарст, ӕвӕццӕгӕн, сӕвзӕрд иу сылгоймагмӕ Йесо Чырыстиимӕ куы ныхас кодта Самарийы, Гаризимы хохы цур, уӕд. Уый йӕ хъус ӕрдардта иудейтӕ ӕмӕ самарийӕгтӕ кӕй куывтой алыхуызон, ӕмӕ загъта: «Нӕ фыдӕлтӕ куывтой ацы хохыл; сымах та зӕгъут, кувын цы бынаты ӕмбӕлы, уый ис Иерусалимы» (Иоанны 4:20). Йесо самарийаг сылгоймагӕн дзуапп ратта, цыфӕнды кувынад дӕр кӕй исы Хуыцау? Ӕви йын уый загъта, Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уӕвынӕн уӕлдай цыдӕр кӕй домдӕуы?

2. Цавӕр дзуапп ратта Йесо самарийаг сылгоймагӕн?

2 Йесойы дзуапп ӕй катайы бафтыдта: «Ӕрцӕуы рӕстӕг, кӕд нӕдӕр ацы хохыл, нӕдӕр Иерусалимы кувдзыстут Фыдӕн» (Иоанны 4:21). Самарийӕгтӕ дӕргъвӕтин рӕстӕджы Иегъовӕйӕн кад кодтой Гаризимы хохыл ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн дӕр куывтой (4 Паддзахӕдты 17:33). Ныр та Йесо дзуры, зӕгъгӕ, нӕдӕр ацы хох, нӕдӕр Иерусалим нал ахаддзысты ӕцӕг кувынады.

УДӔЙ ӔМӔ ӔЦӔГАДӔЙ КУВЫН

3. а) Цӕуылнӕ зыдтой самарийӕгтӕ Хуыцауы? ӕ) Куыд уыд сӕ бон иузӕрдыг иудейтӕн ӕмӕ иннӕ адӕмтӕн Хуыцауы базонын?

3 Дарддӕр Йесо загъта самарийаг сылгоймагӕн: «Сымах нӕ зонут, цӕмӕ кувут, мах та зонӕм, цӕмӕ кувӕм: уымӕн ӕмӕ ирвӕзындзинад Иудейтӕй у» (Иоанны 4:22). Самарийӕгты ’хсӕн уыдис мӕнг динон цӕстӕнгӕстӕ; уыдон нымадтой Хуыцауы удцырыныл ӕрмӕст Библийы фыццаг фондз чиныджы, ӕмӕ уыдон дӕр ӕрмӕст сӕхи рауагъдӕй, кӕцытӕ зындгонд уыдысты куыд Самарийаг фондз чиныджы. Уымӕ гӕсгӕ уыдон, ӕцӕгӕй, Хуыцауы нӕ зыдтой. Иудейтӕн та лӕвӕрд уыд Хуыцауы ныхас (Ромӕгтӕм 3:1, 2). Фыстыты лӕвӕрд уыд алцыдӕр, цӕмӕй иузӕрдион иудейтӕ ӕмӕ иннӕ ӕргомзӕрдӕ адӕм Хуыцауы базыдтаиккой.

4. Цы хъуамӕ сарӕзтаиккой иудейтӕ ӕмӕ самарийӕгтӕ, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй сӕ кувынад Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уыдаид?

4 Фӕлӕ Йесо равдыста, куыд иудейты, афтӕ самарийӕгты дӕр кӕд фӕндыд Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уӕвын, уӕд хъуамӕ сӕ кувынад аивтаиккой. Уый сын загъта: «Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн рӕстӕг, ӕмӕ ныр райдыдта, кӕд ӕцӕг кувджытӕ кувдзысты Фыдӕн удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй, уымӕн ӕмӕ ахӕм кувджыты агуры Фыд Йӕхицӕн: Хуыцау Уд у, ӕмӕ Уымӕн кувджытӕн ӕмбӕлы кувын удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй» (Иоанны 4:23, 24). Фыдӕн мах хъуамӕ кувӕм «удӕй», ома нӕ кувынмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинадӕй ӕххӕст зӕрдӕ. Хуыцауӕн «ӕцӕгадӕй» кувын нысан кӕны Хуыцауы Ныхас, Библи, ахуыр кӕнын, ӕмӕ нын цы ӕцӕгад раргом ис, уымӕ гӕсгӕ кувын. Ис дӕм ахӕм фӕндон?

5. а) Цы нысан кӕны дзырд «кувынад»? ӕ) Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ кувынад Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уа?

5 Йесо бахахх кодта, Хуыцау кӕй райсдзӕн ӕрмӕстдӕр ӕцӕг кувынад. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ кӕй ис Иегъовӕйӕн ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ кувынад дӕр. Хуыцауӕн кувын нысан кӕны, уымӕн кад кӕнын ӕмӕ сыгъдӕг лӕггаддзинад ӕххӕст кӕнын. Куы дӕ фӕнда хъомысджын хицауиуӕггӕнӕгмӕ аргъуыц равдисын, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ды бацархайдзынӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕныныл ӕмӕ уымӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цы у, уый аразыныл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕй тынгдӕр нӕ Хуыцауы зӕрдӕ ӕлхӕнын фӕнды. Уымӕ гӕсгӕ, цӕйнӕфӕлтау ӕнӕахъуыдыгӕнгӕйӕ зӕгъӕм: «Ӕз мӕ динӕй бузныг дӕн»,— фӕлтау уал хъуамӕ нӕ кувынад Хуыцауы домӕнты бындурыл сбӕлвырд кӕнӕм.

ФЫДЫ ФӔНДОН ӔХХӔСТ КӔНЫН

6, 7. Цӕмӕн иуварс кӕны Йесо иуӕй-иу адӕмы, кӕцытӕ фидиуӕн кӕнынц, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сты?

6 Цӕй бакӕсӕм Матфейы 7:21—23-мӕ ӕмӕ фенӕм, сӕйраджыдӕр уал цавӕр фактор бӕрӕг кӕны, цыфӕнды дин дӕр Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ у ӕви нӕ. Йесо загъта: «Алкӕцы Мӕнӕн дзурӕг: „Хицау! Хицау!“... нӕ бацӕудзӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ; фӕлӕ мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон ӕххӕстгӕнӕг. Бирӕтӕ зӕгъдзысты Мӕнӕн уыцы бон: „Хицау! Хицау! Дӕу номӕй мах пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕу номӕй хӕйрӕджыты [фыд духовон сфӕлдисонты] нӕ сырдтам? Ӕмӕ Дӕу номӕй бирӕ диссӕгтӕ нӕ кодтам?“ Ӕмӕ уӕд фехъусын кӕндзынӕн уыдонӕн: „Ӕз никӕд зыдтон сымах; ацӕут Мӕнӕй, закъонхалджытӕ“».

7 Ӕцӕг кувынады ахсджиаг у Йесо Чырыстийы Хицауыл нымайын. Фӕлӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтыл сӕхи чи нымайы, уыдонӕй бирӕтӕн сӕ кувынады цыдӕр нӕ фаг кӕны. Йесо загъта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ «диссӕгтӕ» кӕй ӕвдисдзысты куыд уӕлӕрдзон сӕнӕнизтӕ. Фӕлӕ уыцы адӕм, Йесо ахсджиагыл цы нымайы, уый нӕ аразынц. Уыдон ын нӕ ‘ӕххӕст кӕнынц йӕ Фыды фӕндон’. Кӕд нӕ фӕнды Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уӕвын, уӕд уал нӕ, фыццаджыдӕр, хъӕуы базонын цы у йӕ фӕндон, ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ та ӕххӕст кӕнын.

ӔЦӔГ БАЗОНЫНАД — ХЪАХЪХЪӔНӔГ

8. Цы нӕ домы ӕмӕ цавӕр рӕдыд хъуыдытӕй хъуамӕ хизӕм нӕхи, кӕд нӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын фӕнды, уӕд?

8 Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у Иегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы базонынад райсын. Ацы базонынад кӕны ӕнусон цардмӕ. Уымӕ гӕсгӕ махӕн не ’ппӕтӕн дӕр ӕмбӕлы Хуыцауы Ныхас, Библийы базонынадмӕ серьезон ахаст дарын. Иуӕй-иутӕ нымайынц, зӕгъгӕ, кувынады кӕд зӕрдӕбын ӕмӕ ӕнувыд стӕм, уӕд уый афтӕ ахсджиаг нӕу. Иннӕтӕ та зӕгъынц: «Къаддӕр чи зоны — уымӕй къаддӕр домдӕуы». Фӕлӕ нӕ Библи разӕнгард кӕны, цӕмӕй рӕзӕм Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕндӕтты базонынады (Ефесӕгтӕм 4:13; Филиппӕгтӕм 1:9; Колоссӕгтӕм 1:9).

9. Цӕмӕй нӕ хъахъхъӕны базонынад ӕмӕ нын цӕмӕн у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ахӕм хъахъхъӕд?

9 Ахӕм базонынад нын нӕ кувынад бахъахъхъӕндзӕн чъизидзинадӕй. Апостол Павел дзырдта иу духовон сфӕлдисоны тыххӕй, кӕцы исы «рухсы Зӕды хуыз» (2 Коринфӕгтӕм 11:14). Ахӕм гоймаджы хуызы уыцы духовон сфӕлдисон — Сайтан — архайы, цӕмӕй нӕ Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ скӕна. Павелы ныхӕстӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй Сайтанимӕ баст ӕндӕр духовон сфӕлдисонтӕ дӕр чьизи кӕнынц адӕмы кувынад: «Муртаттӕ цы нывӕндтӕ ӕрхӕссынц, уыдон Хуыцауӕн нӕ хӕссынц, фӕлӕ хӕйрӕджытӕн» (1 Коринфӕгтӕм 10:20). Ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕ хъуыды кодтой, Хуыцауӕн раст кӕй кувынц, фӕлӕ уыимӕ иумӕ нӕ арӕзтой Хуыцау сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уый. Уыдон ӕнӕмбаргӕйӕ фӕрӕдыдысты ӕнӕсыгъдӕг, мӕнг кувынады. Дарддӕр ма фылдӕр базондзыстӕм Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты тыххӕй, фӕлӕ абон дӕр бӕрӕг у Хуыцауы знӕгтӕ адӕймагады кувынад кӕй счъизи кодтой.

10. Цы бакӕндзынӕ, исчи барӕй суадон куы фӕхъӕстӕ кӕна, ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны базонынад Хуыцауы Ныхасӕй?

10 Ды куы базонай суадон барӕй чидӕр кӕй фӕхъӕстӕ кодта, уӕд ма дзы дарддӕр бануаздзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ды агурдзынӕ сыгъдӕг суадон. Хуыцауы Ныхасы базонынад нын ӕххуыс кӕны ӕцӕг дины раиртасынӕн ӕмӕ Хуыцауӕн кувынад цы чъизи кӕны, уыдон иуылдӕр аиуварс кӕнынӕн.

АХУЫРӔДТӔ — АДӔЙМАГОН ФӔДЗӔХСТЫТӔ

11. Цы нӕ уыд раст бирӕ иудейты кувынады?

11 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бирӕ иудейтӕ нӕ архайдтой Хуыцауы базонынадмӕ гӕсгӕ. Уымӕ гӕсгӕ уыдон фесӕфтой сӕ ӕнаипп ном Иегъовӕйы раз. Павел фыста уыдон тыххӕй: «Уымӕн ӕмӕ ӕвдисӕнад кӕнын уыдонӕн, кӕй сӕм ис ӕнувыддзинад Хуыцаумӕ, фӕлӕ ӕнӕмбаргӕйӕ» (Ромӕгтӕм 10:2). Хуыцаумӕ хъусыны бӕсты сӕхӕдӕг равзӕрстой кувынад.

12. Цы чъизи кодта израилӕгты кувынад ӕмӕ йын цавӕр фӕстиуӕг уыд?

12 Райдианы израилӕгтӕ хӕцыдысты Хуыцауы лӕвӕрд сыгъдӕг диныл, фӕлӕ йӕм куыд фӕстагмӕ бахастой адӕймагон ахуырӕдтӕ ӕмӕ философон хъуыдытӕ (Иереми 8:8, 9; Малахи 2:8, 9; Лукайы 11:52). Ӕмӕ кӕд иудейаг динон къухдариуӕггӕнджытӕ, фарисейтӕ, сӕ кувынад нымадтой Хуыцауӕн ӕмбӕлоныл, уӕддӕр сын Йесо загъта: «Хорз пехуымпариуӕг кодта, цӕстӕмӕхъустӕ, сымах тыххӕй Исай, фыст куыд у „ацы адӕм Мӕн нымайынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард лӕууы Мӕнӕй; Фӕлӕ дзӕгъӕлы нымайынц Мӕн, адӕймаджы фӕдзӕхстытыл ӕмӕ ахуырадыл ахуыр кӕнгӕйӕ“» (Маркы 7:6, 7).

13. Куыд ис гӕнӕн нӕхи фарисейтау райдайӕм дарын?

13 Мах дӕр фарисейтау дарӕм нӕхи ӕви нӕ? Бӕгуыдӕр, афтӕ ӕрцӕудзӕн Хуыцау нын цы дзуры кувыны тыххӕй, уымӕ байхъусыны бӕсты фидаргонд динон ӕгъдӕуттыл хӕст куы уӕм, уӕд. Ацы реалон тӕссагдзинадӕй рагацау фӕдзӕхсгӕйӕ, Павел фыста: «Уд та ӕргом зӕгъы, фӕстаг афонты иутӕ кӕй аздӕхдзысты уырнындзинадӕй, сайӕг удтӕм ӕмӕ хӕйрӕджыты ахуырӕдтӕм хъусгӕйӕ» (1 Тимофеймӕ 4:1). Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй фаг нӕу ӕрмӕст ныфсхастӕй хъуыды кӕнын, нӕ кувынад Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ кӕй у. Йесойыл фембӕлӕг самарийаг сылгоймагау нын, чи зоны, нӕ фыдӕлтӕй кувынад баззад. Фӕлӕ нӕ бӕлвырдӕй базонын хъӕуы, цы хъуыддӕгтӕ аразӕм, уыдон Хуыцау хорзыл нымайы ӕви нӕ.

ДӔХИ ХИЗ ХУЫЦАУЫ ФӔНДОНЫ НЫХМӔДЗЫДӔЙ

14, 15. Кӕд нӕм Хуыцауы фӕндоны тыххӕй цыдӕр зонындзинӕдтӕ ис, уӕддӕр цӕмӕн хъуамӕ уӕм цырддзаст?

14 Арӕхстджын куы нӕ уӕм, уӕд ӕнцон у Хуыцауӕн нӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ хъуыддаг саразын. Цӕвиттонӕн, апостол Иоанн ӕрзоныгуыл кодта зӕды раз, цӕмӕй йын «бакуывтаид». Фӕлӕ йӕ зӕд бафӕдзӕхста: «Кӕс, афтӕ ма кӕн; ӕз ӕмкусӕг дӕуӕн ӕмӕ де ’фсымӕртӕн, кӕцытӕм ис Йесойы ӕвдисӕнад; Хуыцауӕн бакув» (Раргомад 19:10). Уымӕ гӕсгӕ ныр ӕмбарыс, дӕ кувынад дӕ басгарын кӕй хъӕуы, гуымирытӕн кувынадӕй фӕхъӕстӕ ис ӕви нӕ? (1 Коринфӕгтӕм 10:14).

15 Иуӕй-иу чырыстӕттӕ Хуыцауӕн ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ динон ӕгъдӕуттыл куы райдыдтой хӕцын, уӕд сӕ Павел бафарста: «Фӕстӕмӕ цӕмӕн здӕхут ӕдых ӕмӕ мӕгуыр буарадонты райдайӕнтӕм ӕмӕ уӕ фӕнды ноджы ногӕй уыдонӕн уӕхи цагъартӕ скӕнын? Бӕрӕг кӕнут бонтӕ, мӕйтӕ, рӕстӕджытӕ ӕмӕ азтӕ. Тӕрсын сымахӕн, дзӕгъӕлы мыййаг нӕ куыстон ӕз сымахмӕ» (Галатӕгтӕм 4:8—11). Уыцы адӕм райстой Хуыцауы зонындзинӕдтӕ, фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕнӕрхъуыдыйӕ бӕрӕг кӕнын райдыдтой Иегъовӕйӕн ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ динон бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ. Павел куыд загъта, афтӕ хъуамӕ ‘фӕлварӕм, цы у хорз фӕндон Хуыцауӕн’ (Ефесӕгтӕм 5:10).

16. Куыд нын ӕххуыс кӕнынц Иоанны 17:16 ӕмӕ 1 Петры 4:3 стихты равзӕрст, цавӕр бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ сты ӕмӕ цавӕртӕ не сты зӕрдӕмӕдзӕугӕ Хуыцауӕн?

16 Нӕхи хъуамӕ хизӕм Хуыцауы принципты ныхмӕ цы динон бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ сты, уыдонӕй (1 Фессалоникӕгтӕм 5:21). Цӕвиттонӕн, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй загъта: «Уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр дунейӕ куыд нӕ дӕн» (Иоанны 17:16). Дӕ дины ахӕм ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ ис, кӕцытӕ халынц нейтралон ахаст ацы дунейы хъуыддӕгтӕм? Кӕнӕ де ’мдинонтӕ хайад исынц динон ӕгъдӕутты ӕмӕ бӕрӕгбӕтты, цыран адӕм сӕхи дарынц Апостол Петр куыд дзырдта, афтӕ? Уый фыста: «Уӕ царды ивгъуыд афон, муртатты фӕндӕттӕм гӕсгӕ кӕй кодтат, уӕхи дӕтгӕйӕ ӕнӕсыгъдӕгдзинӕдтӕм, ӕвзӕр фӕндтӕм, расыг кӕнынмӕ, хӕрды ӕмӕ нозты уӕлдайдзинадмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъола гуымирытӕн кусынмӕ» (1 Петры 4:3).

17. Ацы дунейы зондахаст цы хъуыддӕгтӕн ис, уыдонӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕнӕм?

17 Апостол Иоанн бахахх кодта, ацы ӕнӕхуыцауон дунейы зондахастӕн характерон цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдонӕй хи хизын. Иоанн фыста: «Ма уарзут дунейы, нӕдӕр дунейы цы ис, уый дӕр: чи уарзы дунейы, уымӕ нӕй Фыды уарзондзинад. Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт цы ис дунейы: буары фӕндон, цӕстыты фӕндон ӕмӕ царды хъалдзинад не сты Фыдӕй, фӕлӕ ацы дунейӕ. Ӕмӕ дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:15—17). ‘Хуыцауы фӕндоны ӕххӕстгӕнджытӕ’ ӕнустӕм кӕй баззайдзысты, уымӕ дӕ хъус ӕрдардтай? О, кӕд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ нӕхи хизӕм, ацы дунейы зондахаст цы хъуыддӕгтӕн ис уыдонӕй, уӕд нын ис ӕнусон царды ныфс!

ХӔЦ ХУЫЦАУЫ БӔРЗОНД НОРМӔТЫЛ

18. Кӕм фӕрӕдыдысты иуӕй-иу коринфӕгтӕ сӕ уагахасты ӕмӕ нӕ уый цӕуыл ахуыр кӕны?

18 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ кувджытӕ хӕцой хӕрзуаг нормӕтыл. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ рагон Коринфы ӕнхъӕлдтой, Хуыцау сын се ’нӕгъдау уагахаст кӕй фӕраздзӕн. Фӕлӕ 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10-ӕй куыд зыны, афтӕмӕй уыдон тынг рӕдыдысты. Кӕд нӕ фӕнды Хуыцауӕн ӕмбӕлон хуызы кувын, уӕд ӕй ӕрмӕст ныхӕстӕй ма хъуамӕ аккаг кӕнӕм, фӕлӕ — хъуыддӕгтӕй дӕр. Ды дӕр афтӕ кувыс Хуыцауӕн ӕви нӕ? (Матфейы 15:8; 23:1—3).

19. Куыд ӕндавы ӕцӕг кувынад нӕ ахастытыл иннӕтимӕ?

19 Нӕ ахастытӕ иннӕ адӕмимӕ дӕр хъуамӕ Хуыцауы нормӕтӕ ӕвдисой. Йесо Чырысти нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр адӕмӕй цы цӕстӕнгасмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсӕм нӕхӕдӕг дӕр (Матфейы 7:12). Ноджыдӕр бафиппай, Йесо ӕфсымӕрон уарзондзинады тыххӕй цы загъта: «Уымӕ гӕсгӕ базондзысты иуылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, куы уа уарзондзинад уе ’хсӕн» (Иоанны 13:35). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ уарзой кӕрӕдзи ӕмӕ хорздзинад аразой куыд се ’мдинонтӕн, афтӕ иннӕ адӕмӕн дӕр (Галатӕгтӕм 6:10).

ӔППӔТ ЗӔРДӔЙӔ КУВЫН

20, 21. а) Цавӕр кувынад у Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ? ӕ) Цӕмӕн аиуварс кодта Иегъовӕ Израилы кувынад Малахийы рӕстӕджы?

20 Ӕвӕццӕгӕн, дӕу зӕрдӕйӕ фӕнды Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ кувын. Кӕд афтӕ у, уӕд дын Иегъовӕйы цӕстӕнгас хъуамӕ уа кувынадмӕ. Ахуыргӕнинаг Иаков бахахх кодта, зӕгъгӕ ахсджиаг у, мах нӕ фӕлӕ, Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы иуӕй-иу фарстмӕ. Иаков загъта: «Сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп хорз намыс Хуыцау ӕмӕ Фыды раз уый, сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕм цӕстдарын сӕ хъыгдзинӕдты ӕмӕ хи хъахъхъӕнын ацы дунейӕ счъизи уӕвынӕй» (Иаковы 1:27). Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уӕвыны тырнындзинад нӕ алкӕй дӕр сразӕнгард кӕндзӕн нӕ кувынад басгарыныл, цӕмӕй бӕлвырдӕй базонӕм, исты ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ хъуыддӕгтӕй чъизи стӕм ӕви нӕ, ӕмӕ Хуыцаумӕ гӕсгӕ ахсджиаг цы у, уымӕн аккаг хъусдард дӕттӕм ӕви нӕ (Иаковы 1:26).

21 Иегъовӕ исы ӕрмӕст сыгъдӕг, сӕруӕлдай кувынад (Матфейы 22:37; Колоссӕгтӕм 3:23). Израилы адӕм Хуыцауӕн ӕмбӕлон кад куы нал кодтой, уӕд сын Иегъовӕ загъта: «Фырт аргъ кӕны фыдӕн ӕмӕ цагъайраг — йӕ хицауӕн; кӕд Ӕз фыд дӕн, уӕд кӕм ис аргъуыц Мӕнмӕ? ӕмӕ кӕд Ӕз Хицау дӕн, уӕд кӕм ис хӕрзаудӕн Мӕ разы?» Уыдон Хуыцауы хъыг кодтой куырм, къуылых ӕмӕ рынчын фос нывондӕн хӕсгӕйӕ, ӕмӕ уый иуварс кодта ахӕм кувынад (Малахи 1:6—8). Иегъовӕ сыгъдӕг кувынады аккаг у, ӕмӕ уый райсдзӕн ӕрмӕстдӕр уӕлвӕткон иузӕрдыгдзинад (Рацыд 20:5; Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:9; Раргомад 4:11).

22. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ кувынад айса, уӕд цӕмӕй хъуамӕ хизӕм нӕхи ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм?

22 Йесоимӕ ныхасгӕнгӕйӕ, Самарийаг сылгоймаджы бацымыдис кодта Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ кувынад. Кӕд уый мах дӕр цымыдис кӕны, уӕд нӕхи хъахъхъӕндзыстӕм ӕппӕт чъизигӕнӕг ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй (2 Коринфӕгтӕм 6:14—18). Уый бӕсты нӕ тыхтӕ иуылдӕр ратдзыстӕм, цӕмӕй Хуыцауы базонынад райсӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм. Мах архайдзыстӕм, цӕмӕй ӕмбӕлон уӕм Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ кувынадмӕ цы домӕнтӕ ис, уыдонӕн (1 Тимофеймӕ 2:3, 4). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тырнынц раст афтӕ архайыныл ӕмӕ дӕ зӕрдӕбынӕй хонынц семӕ ӕрбаиу уӕвынмӕ Хуыцауӕн «удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй» кувынады (Иоанны 4:24). Йесо загъта: «Ахӕм кувджыты агуры Фыд Йӕхицӕн» (Иоанны 4:23). Ныфс нӕ ис, ды ахӕм адӕймаг кӕй дӕ. Самарийаг сылгоймагау дӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнддзӕн ӕнустӕм цӕрын (Иоанны 4:13—15). Фӕлӕ сусӕггаг нӕу, адӕм кӕй зӕронд кӕнынц ӕмӕ кӕй мӕлынц. Иннӕ сӕр нын бамбарын кӕндзӕн цӕмӕн.

СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ

Иоанны 4:23, 24-ӕм гӕсгӕ кӕй кувынад исы Хуыцау?

Куыд ис базонӕн, Хуыцауӕн бӕлвырд ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ сты ӕви нӕ?

Цавӕр домӕнтӕ ис Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ кувынадмӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв ахсы 44 фарс ӕнӕхъӕнӕй]