Цавӕр хицауиуӕгадӕн хъӕуы аргъ кӕнын?
Сӕр 14
Цавӕр хицауиуӕгадӕн хъӕуы аргъ кӕнын?
1, 2. Алкӕцы хицауиуӕгад дӕр хӕссы зиан? Бамбарын ӕй кӕн.
«ХИЦАУИУӔГАД» — ацы ныхас бирӕ адӕймӕгтӕн ӕнӕуынон у. Хицауиуӕгадӕй арӕх фыдархайд кӕй кӕнынц — куысты, бинонты ’хсӕн ӕмӕ хицауӕдты ’хсӕн дӕр, уый ӕмбӕрстгонд у. Библи ӕргомӕй дзуры: «Адӕймаг адӕймагыл хицауиуӕг кӕны зианӕн» (Екклесиаст 8:9). О, бирӕтӕ ӕгъатыр ӕмӕ хиуарзонӕй ӕлдариуӕг кӕнынц иннӕтыл.
2 Фӕлӕ алкӕцы хицауиуӕгад зиан нӕ хӕссы. Зӕгъӕм, нӕ бон у зӕгъын нӕ организм ныл кӕй къухдариуӕг кӕны. Уый нын «бардзырд дӕтты» улӕфынӕн, хӕрынӕн, нуазынӕн ӕмӕ фынӕй кӕнынӕн. Фӕлӕ нӕ уый хъыгдары? Нӕ. Уыцы домӕнтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ нӕхицӕн хӕссӕм ӕрмӕстдӕр пайда. Кӕд нӕ ӕрдзон домӕнтӕн дӕлбариуӕг кӕнӕм ӕнӕрхъуыдыйӕ, уӕд ма ис ахӕм хицауиуӕгады хуызтӕ, кӕцытӕ махӕй домынц ӕмбаргӕ дӕлбариуӕгад. Ӕркӕсӕм иу-цалдӕр цӕвиттонтмӕ.
ӔППӔТЫ БӔРЗОНДДӔР ХИЦАУИУӔГАД
3. Цӕмӕн хуыйны Иегъовӕ йӕ бармӕ гӕсгӕ «Ӕппӕтылхӕцӕг»?
3 Библийы Иегъовӕ бирӕ хатт хуыйны «Ӕппӕтылхӕцӕг». Ӕппӕтылхӕцӕг у, ӕппӕты бӕрзонддӕр хицауиуӕгад кӕмӕн ис, уый. Цы дӕтты Иегъовӕйӕн бар ахӕм бынат ахсынӕн? Раргомады 4:11-ы лӕвӕрд цӕуы дзуапп: «Аккаг дӕ Ды, Хицау, райсын кад ӕмӕ намыс ӕмӕ тых, уымӕн ӕмӕ Ды сфӕлдыстай ӕппӕтдӕр, ӕмӕ ӕппӕтдӕр дӕу фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕры ӕмӕ сфӕлдыст у».
4. Куыд ӕвдисы Иегъовӕ йӕ хицауиуӕгад?
4 Куыд не Сфӕлдисӕг, афтӕ Иегъовӕйӕн ис бар, цӕмӕй йӕ хицауиуӕгадӕй пайда кӕна йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ. Уый нӕ, гӕнӕн ис, тасы ӕфтауа уӕлдайдӕр та куы бахынцӕм Хуыцауы ‘бирӕ хъомыс’. Уый хуыйны «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау» — ацы разагъдӕн дзуттаг тексты ис ӕппӕтыл уӕлахизгӕнӕг тыхы нысаниуӕг (Исай 40:26; Уӕвынад 17:1). Фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕ, йӕ тых ӕвдисгӕйӕ, у зӕрдӕхӕлар Хуыцау, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕйраг миниуӕг у уарзондзинад (1 Иоанны 4:16).
5. Цӕуылнӕ у зын Иегъовӕйӕн дӕлбар уӕвын?
5 Кӕд Иегъовӕ рагацау бафӕдзӕхста, ӕнӕрфӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдгӕнджыты кӕй бафхӕрдзӕн, уӕддӕр Моисей, фыццаджыдӕр, Иегъовӕйы зыдта куыд «ӕууӕнкджын Хуыцауы, кӕцы хъахъхъӕны Йӕ фӕдзӕхст ӕмӕ Йӕ хорзӕх чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи хъахъхъӕны, уыдонмӕ» (Дыккаг закъон 7:9). Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн! Дун-дунейы ӕппӕты бӕрзонддӕр хицауиуӕгад кӕмӕ ис, уый дӕ йӕхицӕн тыххӕй нӕ лӕггад кӕнын кӕны. Нӕ, мах уымӕ кӕны йӕ уарзондзинад (Ромӕгтӕм 2:4; 5:8). Иегъовӕйы хицауиуӕгадӕн дӕлбар уӕвын ма у циндзинад дӕр, уымӕн ӕмӕ нын йӕ закъӕттӕ ӕрмӕст пайда хӕссынц (Псалом 18:8, 9).
6. Едемы дыргъдоны куыд равзӕрд дайуаг фарст хицауиуӕгады тыххӕй ӕмӕ йын цавӕр фӕстиуӕг уыд?
6 Нӕ фыдӕлтӕ аиуварс кодтой Хуыцауы хицауиуӕгад. Уыдонӕн сӕхи бафӕндыд аскъуыддзаг кӕнын, цы у хорз ӕмӕ ӕвзӕр (Уӕвынад 3:4—6). Уый тыххӕй сырд ӕрцыдысты дзӕнӕтон хӕдзарӕй. Фӕстӕдӕр Иегъовӕ ӕруагъта, цӕмӕй адӕм хицауиуӕгады структурӕтӕ сарӕзтаиккой, кӕцытӕ сын раттаиккой цӕрыны бар организацигонд, фӕлӕ ӕнӕххӕст ӕхсӕнады. Ахӕм хицауиуӕгады формӕтӕй сӕ иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты ӕмӕ сын цӕйбӕрц хъуамӕ дӕлбариуӕг кӕнӕм Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уӕвынӕн?
«УӔЛДӔР ХИЦАУАД»
7. Цы у «уӕлдӕр хицауад» ӕмӕ Хуыцауы хицауиуӕгадмӕ абаргӕйӕ цавӕр бынат ахсы?
7 Апостол Павел фыста: «Алы удгоймаг дӕр уӕд коммӕгӕс уӕлдӕр хицауадӕн; уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицауад нӕй, цы хицӕуттӕ ис уыдон та Хуыцауӕй ӕвӕрд сты». Цы у «уӕлдӕр хицауад»? Павелы ныхӕстӕ иннӕ стихты ӕвдисынц, «уӕлдӕр хицауад» кӕй у паддзахадон хицауад (Ромӕгтӕм 13:1—7; Титмӕ 3:1). Иегъовӕ уыцы хицауӕдтӕ не сфӕлдыста, фӕлӕ сын дӕтты уӕвыны бар. Уымӕ гӕсгӕ Павел ныффыста: «Цы хицӕуттӕ ис, уыдон та Хуыцауӕй ӕвӕрд сты». Цы дзурынц ацы ныхӕстӕ зӕххон хицӕутты тыххӕй? Уыдон баст сты Хуыцауы хицауиуӕгадыл кӕнӕ сты уымӕй дӕлдӕр (Иоанны 19:10, 11). Афтӕмӕй, адӕймагон закъӕттӕ Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ куы уой, уӕд чырыстӕттӕ Библийы бындурыл ахуыргонд намысмӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайой. «Фылдӕр коммӕ кӕсын хъӕуы адӕймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн» (Куыстытӕ 5:29).
8. Цы пайда нын хӕссынц уӕлдӕр хицауӕдтӕ ӕмӕ куыд ис уыдонӕн дӕлбарад ӕвдисӕн?
8 Фӕлӕ арӕхдӕр паддзахадон уӕлдӕр хицауад архайы куыд «Хуыцауы кусӕг, дӕуӕн хорзӕн» (Ромӕгтӕм 13:4). Цы хуызы? Ахъуыды ма кӕн, ӕрмӕст уӕлдӕр хицауадӕй лӕвӕрд хӕрзиуджыты уӕрӕх фадгуытыл, зӕгъӕм: посты бастдзинад, милицӕйы службӕ, зынгфӕдисон хъахъхъӕдад, донуадзӕн ӕмӕ канализацийы системӕ, афтӕ ма ахуырад райсыны фадат дӕр. «Уый тыххӕй сымах хъалон дӕр фидут,— фыста Павел,— уымӕн ӕмӕ уыдон сты Хуыцауы кусджытӕ, ацы хъуыддӕгты мидӕг сты ӕдзухдӕр» (Ромӕгтӕм 13:6). Налогтӕ ӕмӕ ӕндӕр закъоны рагхыгъд хӕслӕвӕрдтӕм цыдӕриддӕр хауы, уым нӕ алкӕмдӕр «нӕхи ӕууӕнкджын дарын» хъӕуы (Дзуттытӕм 13:18).
9, 10. а) Цавӕр бынат ахсынц уӕлдӕр хицауӕдтӕ Хуыцауы сконды? ӕ) Цӕуылнӕ у раст уӕлдӕр хицауӕдты ныхмӕ цӕуын?
9 Ӕцӕг, иуӕй-иу хатт уӕлдӕр хицауӕдтӕ сӕ ӕххӕстбартӕй фыдархайд фӕкӕнынц. Уый нӕ сӕрибар кӕны уыдонмӕ дӕлбар уӕвыны бӕрнӕй? Нӕ. Иегъовӕ сын уыны сӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 15:3). Адӕймагон хицауиуӕгад кӕй быхсы, уый нӕ нысан кӕны йӕ цӕстытӕ кӕй сӕхгӕдта коррупцимӕ; афтӕ ма не ’нхъӕлмӕ кӕсы махмӕ дӕр, цӕмӕй уыдӕттӕм нӕ цӕстытӕ ӕхгӕнӕм. Ӕцӕг, Хуыцау тагъд «ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдтӕ иуылдӕр» ӕмӕ сӕ баивдзӕн йӕхи рӕстаг хицауадӕй (Данелы 2:44, БГТ). Фӕлӕ цалынмӕ уый ӕрцӕуа, уӕдмӕ уӕлдӕр хицауӕдтӕ цавӕрдӕр пайда хӕссынц.
10 Павел бамбарын кодта: «Хицауады ныхмӕлӕууӕг, лӕууы Хуыцауы амынды ныхмӕ» (Ромӕгтӕм 13:2). Уӕлдӕр хицауад у Хуыцауы «амынд», кӕцыйы руаджы цавӕрдӕр ӕгъдау уӕддӕр цӕуы хъахъхъӕд, ӕнӕ уымӕй та уаид хаос ӕмӕ анархи. Библимӕ гӕсгӕ хицауӕдты ныхмӕ цӕуын ӕнӕраст ӕмӕ ӕнӕзонд ми у. Зӕгъӕм, операци дын сарӕзтой ӕмӕ дын дӕ хъӕдгомыл хуыдтытӕ сӕвӕрдтой. Кӕд буарӕн хуыдтытӕ ӕцӕгӕлон сты, уӕддӕр цавӕрдӕр рӕстӕг ӕххуыс кӕнынц бӕрӕг нысанӕн. Сӕ рӕстӕгӕй сӕ раздӕр куы сисай, уӕд дӕхицӕн зиан ӕрхӕсдзынӕ. Афтӕ адӕймагон хицауӕдтӕ дӕр нӕ уыдысты Хуыцауы сӕрысӕйраг фӕндоны хай. Фӕлӕ цалынмӕ йӕ Паддзахад ӕххӕстӕй нӕ хицауиуӕг кӕны зӕххыл, уӕдмӕ адӕймагон хицауӕдтӕ ӕхсӕнадӕн ӕххуыс кӕнынц, Хуыцау сын ныртӕккӕ цы хӕслӕвӕрд ратта, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд, фыццаджыдӕр, Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ хицауиуӕгад нымайӕм, уӕддӕр хъуамӕ уӕм дӕлбар уӕлдӕр хицауӕдтӕн.
ХИСТӔРИУӔГАД БИНОНТЫ ’ХСӔН
11. Куыд бамбарын кӕндзынӕ хистӕриуӕгады принцип?
11 Бинонтӕ — адӕймагон ӕхсӕнады бындур. Уым лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон у ссарын циндзинадхӕссӕг ахастытӕ, ӕмӕ сывӕллӕттӕ та уыдзысты хъахъхъӕд ӕмӕ ӕххӕсткармӕ цӕттӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 5:15—21; Ефесӕгтӕм 6:1—4). Ахӕм диссаджы сконд афтӕ саразын хъӕуы, цӕмӕй бинонты уӕнгтӕ цӕрой сабыр ӕмӕ разыйӕ. Иегъовӕ уыцы сконд аразы хистӕриуӕгады принципмӕ гӕсгӕ, кӕцы фыст у 1 Коринфӕгтӕм 11:3-ы: «Алы лӕгӕн дӕр сӕр кӕй у Чырысти, усӕн сӕр — йӕ лӕг, Чырыстийы сӕр та — Хуыцау».
12, 13. Чи у бинонты хистӕр ӕмӕ нӕ цӕуыл ахуыр кӕны Чырыстийы хистӕриуӕгады цӕвиттон?
12 Лӕг у бинонты хистӕр. Фӕлӕ уымӕн дӕр ис хистӕр — Йесо Чырысти. Павел фыста: «Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти Аргъуан [«ӕмбырд», НД] куыд бауарзта ӕмӕ Йӕхи уый тыххӕй куыд ратта, афтӕ» (Ефесӕгтӕм ). Йесо ӕппынӕдзух ӕмбырдмӕ цы ахаст дардта, ахӕм ахаст лӕг йӕ усмӕ куы дара, уӕд лӕг ӕвдисы Чырыстимӕ йӕ дӕлбарад ( 5:251 Иоанны 2:6). Йесойӕн лӕвӕрд ис стыр бартӕ, фӕлӕ сӕ уый пайда кӕны фӕлмӕндзинад, уарзондзинад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинадӕй (Матфейы 20:25—28). Адӕймаг уӕвгӕйӕ, Йесо йӕ бартӕй фыдархайд никуы кодта. Уый уыд «фӕлмас ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ», ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты «цагъартӕ» нӕ хуыдта, фӕлӕ «хӕлӕрттӕ». «Ӕз [уӕ] ӕрынцайын кӕндзынӕн»,— загъта Йесо, ӕмӕ афтӕ дӕр сарӕзта (Матфейы 11:28, 29; Иоанны 15:15).
13 Йесойы цӕвиттон лӕгты ахуыр кӕны, чырыстон хистӕриуӕгады кӕй нӕй ӕгъатыр уӕвыны бар. Нӕ, уый сӕ хӕсджын кӕны, цытлӕвӕрд ӕмӕ сӕруӕлдай уарзондзинад ӕвдисынмӕ. Уый иуварс кӕны усимӕ ахастыты ӕнӕхсӕстдзинад — куыд физикон ӕгъдауӕй афтӕ ныхасӕй дӕр (Ефесӕгтӕм 4:29, 31, 32; 5:28, 29; Колоссӕгтӕм 3:19). Чырыстонӕн ӕвзӕр ахаст куы уа йӕ усмӕ, уӕд йӕ иннӕ хорз хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕпайда, йӕ куывтыты гӕнӕн ис фӕзына къуылымпыдзинӕдтӕ (1 Коринфӕгтӕм 13:1—3; 1 Петры 3:7).
14, 15. Куыд ӕххуыс кӕны Хуыцауы базонынад усӕн йӕ лӕгӕн дӕлбар уӕвынӕн?
14 Лӕг Чырыстийы цӕвиттон куы фӕзмына, уӕд усӕн ӕнцондӕр ӕххӕстгӕнӕн сты Ефесӕгтӕм 5:22, 23-ы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон: «Устытӕ уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, куыд Хицауӕн, уымӕн ӕмӕ лӕг у усӕн сӕр, Чырысти Аргъуаны сӕр куыд у, афтӕ». Лӕг Чырыстийӕн куыд дӕлбар у, афтӕ ус дӕр хъуамӕ уа дӕлбар йӕ лӕгӕн. Библи ма ӕргомӕй ӕвдисы, хӕрзуаг устытӕ кад ӕмӕ ӕппӕлыны аккаг кӕй сты сӕ Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ зондджындзинад ӕмӕ куыстуарзондзинады тыххӕй (Фӕсномыг ныхӕстӕ 31:10—31).
15 Чырыстон усы коммӕгӕсдзинад йӕ лӕгмӕ у ахастон. Уый нысан кӕны, лӕгӕн коммӕгӕс уӕвын цавӕрдӕр хъуыддаджы Хуыцауы закъон куы хала, уӕд ӕмбӕлы фылдӕр коммӕгӕс уын адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн. Фӕлӕ ма ахӕм уавӕры дӕр ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у, цӕмӕй усы фидар позици ӕрфӕлмӕн уа «фӕлмас ӕмӕ сабыр удӕй». Хъуамӕ бӕрӕг уа, уый, куыд ус, кӕй фӕхуыздӕр Хуыцау базонынады фӕрцы (1 Петры 3:1—4). Уыцы ныхӕстӕ зӕгъӕн ис, ӕнӕуырнӕг ус цы чырыстон нӕлгоймагӕн ис, уый тыххӕй дӕр. Библийы принциптӕй пайдагӕнгӕйӕ уый хъуамӕ суа хуыздӕр лӕг.
16. Йесо сабийӕ цавӕр цӕвиттон ныууагъта сывӕллӕттӕн?
16 Ефесӕгтӕм 6:1-ы уӕлдай хъусдард здӕхт цӕуы сывӕллӕттӕм: «Сывӕллӕттӕ, коммӕ кӕсут уӕ ныййарджытӕн Хицауы мидӕг, уымӕн ӕмӕ афтӕ домы рӕстдзинад». Ӕрыгон чырыстӕттӕ фӕзмынынц Йесойы цӕвиттон, кӕцы сывӕллонӕй йӕ ныййарджыты коммӕ каст алкӕддӕр. Куыд коммӕгӕс лӕппу, афтӕ Йесо «ӕнтыстджын уыд уӕлзонды, кары ӕмӕ уарзондзинады Хуыцаумӕ ӕмӕ адӕймӕгтӕм» (Лукайы 2:51, 52).
17. Ныййарджытӕ сӕ бартӕй куыд пайда кӕной, уый куыд бандавдзӕн сывӕллӕттыл?
17 Ныййарджытӕ сӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый гӕнӕн ис бандава, сывӕллӕттӕ сын сӕ хистӕриуӕгадӕн аргъ кӕндзысты ӕви йӕ ныхмӕ цӕудзысты, ууыл (Фӕсномыг ныхӕстӕ 22:6). Уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕн ӕмбӕлы сӕхимӕ фарст раттын: мӕ бартӕй ӕгъатырӕй пайда кӕнын ӕви уарзондзинадимӕ? Цымӕ ӕгӕр барон нӕ дӕн? Хуыцауы тас цы ныййарджыты ис, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц кӕй уыдзысты уарзӕгой, ӕнувыд, фӕлӕ ма уыцы рӕстӕджы, Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ принципты дӕр кӕй уыдзысты ӕнӕфӕцудгӕ. Уый тыххӕй Павел фыста: «Фыдӕлтӕ, сымах дӕр ма мӕсты кӕнут уӕ цӕуӕты, фӕлӕ ахуыр кӕнут уыдоны Хицауы ахуырады ӕмӕ зондамынды» (Ефесӕгтӕм 6:4; Колоссӕгтӕм 3:21).
18. Куыд хъуамӕ хъомыл кӕной ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты?
18 Ныййарджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной сӕ хъомыладон методтыл, уӕлдайдӕр та сӕ куы фӕнда, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ коммӕгӕс уой ӕмӕ сын уымӕй сӕ зӕрдӕ райын кӕной (Фӕсномыг ныхӕстӕ 23:24, 25). Библийы хъомылад фыццаджыдӕр нысан кӕны зонд амонын (Фӕсномыг ныхӕстӕ 4:1; 8:33). Уый маст ӕмӕ ӕнӕхсӕстдзинадыл баст нӕу, фӕлӕ баст у уарзондзинад ӕмӕ фӕлмасдзинадыл. Уымӕ гӕсгӕ чырыстон ныййарджытӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у, цӕмӕй зондджынӕй архайой ӕмӕ сӕхиуыл хӕцой сӕ сывӕллӕттӕн зонд амонгӕйӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 1:7).
ХИСТӔРИУӔГАД ӔМБЫРДЫ
19. Куыд бацархайдта Хуыцау чырыстон ӕмбырды хорз ӕгъдауыл?
19 Иегъовӕ ӕгъдауы Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕмбӕрстгонд у, уый кӕй бацархайдта йӕ адӕмӕн ӕууӕнкджын ӕмӕ хорз организацигонд разамындыл. Уымӕ гӕсгӕ уый снысан кодта Йесойы чырыстон ӕмбырды Хистӕрӕй (1 Коринфӕгтӕм 14:33, 40; Ефесӕгтӕм 1:20—23). Хуыцау Чырыстийы ӕнӕуынгӕ разамынды уылты сарӕзта арӕзтад ӕмӕ нысангонд хистӕртӕ уый руаджы алы ӕмбырды дӕр зӕрдӕбынӕй, ӕнӕзивӕг ӕмӕ уарзондзинадӕй хизынц дзуг (1 Петры 5:2, 3). Стыр ӕххуыс сын сты, ӕмбырды зынаргъ лӕггаддзинад ӕххӕстгӕнгӕйӕ, службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ (Филиппӕгтӕм 1:1).
20. Цӕмӕн ӕмбӕлы дӕлбар уӕвын нысангонд чырыстон хистӕртӕн ӕмӕ нын уый цы пайда у?
20 Чырыстон хистӕрты тыххӕй Павел фыста: «Коммӕгӕс ут, ӕмӕ уисӕн кӕнут уӕ зондамонджытӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон тынг тыхсынц уӕ удтыл, куыд хӕсджынтӕ дзуапп дӕттынмӕ; цӕмӕй уыдон уый кӕной, цингӕнгӕйӕ, фӕлӕ уынӕргъгӕйӕ нӕ, уымӕн ӕмӕ уый сымахӕн пайда нӕу» (Дзуттытӕм 13:17). Хуыцау йӕ зондджындзинадӕй чырыстон цӕстдарджыты бӕрн бакодта ӕмбырды духовон домӕнтыл аудындзинад. Уыцы хистӕртӕ не сты сауджынты кълас. Уыдон сты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ цагъартӕ, кӕцытӕ сӕ хъус дарынц се ’мчырыстӕтты хъуагдзинӕдтӕм, нӕ Ахуыргӕнӕг, Йесо Чырыстийау (Иоанны 10:14, 15). Библийы домӕнтӕн ӕмбӕлгӕ нӕлгоймӕгтӕ кӕй архайынц не ’нтыстдзинӕдты ӕмӕ нӕ духовон рӕзтыл, уый тыххӕй тырнӕм семӕ ӕмгуыст кӕнынмӕ ӕмӕ сын дӕлбар уӕвынмӕ (1 Коринфӕгтӕм 16:16).
21. Нысангонд хистӕртӕ куыд архайынц се ’мчырыстӕттӕн духовон ӕххуыс раттыныл?
21 Иуӕй-иу хатт фыстӕ гӕнӕн ис дзугӕй фӕиппӕрд уой кӕнӕ та сын тӕссаг уа дунейы зианхӕссӕг ӕндӕвдадӕй. Сӕйраг Фыййауы разамындӕй хистӕртӕ сӕ хъус дарынц сӕ бӕрны сын кӕй бакодта, уыдон домӕнтӕм ӕмӕ ма архайыц уыцы фыстӕм сӕрмагонд хъусдард равдисыныл дӕр (1 Петры 5:4). Уыдон бӕрӕг кӕнынц ӕмбырды уӕнгты ӕмӕ сын ныфс дӕттынц. Хистӕртӕ уӕлейӕ лӕвӕрд зондимӕ архайынц алыхуызон проблемӕтӕ аиуварс кӕныныл, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, Хӕйрӕг кӕй архайы Хуыцауы адӕмы сабырад фехалыныл (Иаковы 3:17, 18). Уыдон ӕппӕт тыхтӕй архайынц ӕххуыс кӕныныл, цӕмӕй уырнындзинады уа иудзинад ӕмӕ иу хъуыды — растдӕр Йесо цӕуыл куывта (Иоанны 17:20—22; 1 Коринфӕгтӕм 1:10).
22. Куыд баххуыс кӕнынц хистӕртӕ уӕззау тӕригъӕд ракӕнды?
22 Цы хъуамӕ сараза чырыстон, исты йӕ куы тыхсын кӕна кӕнӕ та раконд тӕригъӕды тыххӕй ныфссаст куы уа? Зӕрдӕфидаргӕнӕн библион уынаффӕ ӕмӕ хистӕрты зӕрдӕбын куывтытӕ йын баххуыс кӕндзысты духовон ӕгъдауӕй фӕстӕмӕ сдзӕбӕх уӕвынӕн (Иаковы 5:13—15). Сыгъдӕг удӕй нысангонд нӕлгоймӕгтӕ ма хӕсджын сты, цӕмӕй рӕстмӕгӕнӕн мадзӕлттӕй пайда кӕной ӕмӕ уайдзӕф кӕной тӕригъӕды фӕндагыл чи цӕуы ӕмӕ ӕмбырды духовон ӕмӕ хӕрзӕгъдауон ӕнӕниздзинадӕн тӕссаг чи у, уыдонӕй кӕмӕн фӕнды дӕр (Куыстытӕ 20:28; Титмӕ 1:9; 2:15). Ӕмбырды сыгъдӕгдзинад бахъахъхъӕнынӕн, гӕнӕн ис, ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уа фехъусын кӕнын серьезон рӕдыддзинӕдты тыххӕй (Левит 5:1). Серьезон тӕригъӕдракӕнӕг чырыстон кӕд йӕхимӕ исы Библийыл бындуриуӕггӕнӕг рӕстмӕгӕнӕн мадзӕлттӕ ӕмӕ уайдзӕф, ӕмӕ ма зӕрдӕбынӕй фӕсмон дӕр кӕны, уӕд ын баххуыс кӕндзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, къӕйныхтӕ ӕмӕ Хуыцауы закъоны ӕнӕфӕсмонгӕнӕг халджытӕ ӕнӕмӕнгдӕр ӕрцӕудзысты ӕмбырдӕй цухгонд (1 Коринфӕгтӕм 5:9—13).
23. Цы аразынц чырыстон цӕстдарджытӕ ӕмбырды хорздзинады сӕраппонд?
23 Библийы рагзагъд у, Паддзах Йесо Чырыстийы къухдариуӕгадӕй нысангонд кӕй уыдзысты духовон ӕгъдауӕй кардзыд нӕлгоймӕгтӕ, цӕмӕй Хуыцауы адӕмӕн зӕрдӕ ӕвӕрой, хъахъхъӕной ӕмӕ сӕ фидар кӕной (Исай 32:1, 2). Уыдон хъуамӕ сӕхимӕ исой разамынд куыд хъусынгӕнджытӕ, фыййӕуттӕ ӕмӕ куыд ахуыргӕнджытӕ, афтӕ ма сын хъуамӕ ӕххуыс кӕной сӕ духовон рӕзтӕн дӕр (Ефесӕгтӕм 4:11, 12, 16). Кӕд чырыстон цӕстдарджытӕн иуӕй-иу хатт сӕ бон у се ’муырнонтӕн бауайдзӕф кӕнын, рагацау сӕ бахизын, кӕнӕ та сӕ бафӕдзӕхсын, уӕддӕр Хуыцауы Ныхасыл бындуриуӕггӕнӕг хистӕрты зондджын зондамынд ӕххуыс кӕны алкӕмӕндӕр, цардмӕ кӕнӕг фӕндагыл баззайынӕн (Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:11, 12; 6:23; Титмӕ 2:1).
РАЙС ИЕГЪОВӔЙЫ ЦӔСТӔНГАС ХИЦАУИУӔГАДМӔ
24. Цавӕр фӕлварӕныл ӕмбӕлӕм ӕрвылбон?
24 Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг бахаудтой хицауиуӕгадӕн дӕлбариуӕг кӕныны фӕлварӕны. Ӕрвылбон мах дӕр ахӕм фӕлварӕныл кӕй ӕмбӕлӕм, уый диссаг нӕу. Сайтан Хӕйрӕг адӕмы ’хсӕн цырын кӕны змӕнтӕг зондахаст (Ефесӕгтӕм 2:2). Хӕдбарады фӕндаг дӕлбарады фӕндагӕй бирӕ цыбӕйлагдӕр у.
25. Цы пайда у ацы дунейы змӕнтӕг зондахаст иуварс кӕнын ӕмӕ хицауӕдтӕн дӕлбар уӕвын, кӕцытӕй Хуыцау пайда кӕны ӕмӕ кӕцыты ӕруагъта?
25 Фӕлӕ мах хъуамӕ иуварс кӕнӕм ацы дунейы змӕнтӕг зондахаст. Афтӕмӕй, фендзыстӕм Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ дӕлбарад кӕй хӕссы стыр хорзӕх. Зӕгъӕм, нӕхи бахиздзыстӕм уыцы маст ӕмӕ хъыгдзинӕдтӕй, кӕцытӕ ӕвзарынц, хицауадимӕ ӕвзӕр ахастытӕ кӕмӕн ис, уыдон. Мах фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм хъаугъатӕ, кӕцытӕ афтӕ арӕх сты бирӕ бинонты ’хсӕн. Ӕмӕ исдзыстӕм ӕхцондзинад не ’мчырыстӕтты ’хсӕн зӕрдӕбын, уарзондзинадӕй ӕххӕст ахастытӕй. Фӕлӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр, Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ дӕлбарад мах ӕркӕндзӕн хорз ӕмахастытӕм ӕппӕты бӕрзондӕр хицауиуӕгады Хицауимӕ — Иегъовӕимӕ.
СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ
Куыд пайда кӕны Иегъовӕ йӕ хицауиуӕгадӕй?
Чи сты «уӕлдӕр хицауӕдтӕ» ӕмӕ сын мах куыд дӕлбариуӕг кӕнӕм?
Цавӕр хӕс ӕвӕры хистӕриуӕгады принцип бинонты уӕнгтӕй алкӕуыл дӕр?
Куыд у нӕ бон дӕлбарад равдисын чырыстон ӕмбырды?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Рамкӕ 134 фарсыл]
ЗИАНХӔССӔГ НӔ, ФӔЛӔ КОММӔГӔС
Ӕргом хъусынгӕнгӕйӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ амонынц Хуыцауы Паддзахадмӕ куыд адӕймагады ӕцӕг сабырад ӕмӕ ӕдасдзинады иунӕг ныфсмӕ. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады уыцы иузӕрдион хъусынгӕнджытӕ цы хицауӕдты къухдариуӕгады бын цӕрынц, уыдонӕн сӕ авторитет ницы хуызы халынц. Нӕ, Ӕвдисӕнтӕ сты ӕппӕты кадгӕнӕг ӕмӕ закъонӕн коммӕгӕс ӕмбӕстӕгтӕй сӕ иутӕ. «Динон къордтӕ иуылдӕр Иегъовӕйы ӕвдисӕнты хуызӕн куы уаиккой,— загъта Африкӕйы иу бӕстӕйы паддзахадон кусӕг,— уӕд нӕм нӕ уаид лӕгмӕрдтӕ, къӕрныхтӕ, ахӕстӕтты конд ӕнахъом фыдгӕнджытӕ, афтӕ ма атомон бомбӕтӕ дӕр. Адӕмы нӕ хъӕуид ӕппынӕдзух сӕ дуӕрттӕ ӕхгӕнын».
Уымӕн аргъгӕнгӕйӕ, хицауадон оргӕнтӕ бирӕ бӕстӕты Ӕвдисӕнтӕн бар дӕттынц сӕрибарӕй хъусын кӕнынӕн. Ӕндӕр бӕстӕты тобӕтӕ ӕмӕ арӕнвӕрдтӕ ист ӕрцыдысты, хицауӕдтӕ куы бамбӕрстой, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн хуыздӕр суӕвынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уӕд. Уый у, апостол Павел хицауӕдтӕн коммӕгӕсдзинады тыххӕй куыд фыста: «Кӕн хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ӕппӕлд райсай уыдонӕй» (Ромӕгтӕм 13:1, 3).