Цы ’рцӕуы нӕ зӕрдиаг амӕлджытыл?
Сӕр 9
Цы ’рцӕуы нӕ зӕрдиаг амӕлджытыл?
1. Цы бавзарынц адӕм, зӕрдиаг адӕймаг куы амӕлы?
«КУЫД зын у, зӕрдиаг адӕймаг куы амӕлы, уымӕн ӕмӕ зӕрдиаг адӕймаджы ацыдӕн ӕнӕуӕвынадмӕ бамбарӕн нӕй». Ацы ныхӕстӕ загъта иу лӕппу, кӕцыйӕн амард йӕ фыд ӕмӕ фӕстӕдӕр та йӕ мад. Уый ахӕм рыст ӕмӕ ахӕм стыр хъыгдзинад ӕнкъардта ӕмӕ йӕхицӕн бынат нӕ ардта. Ды дӕр, чи зоны, бавзӕрстай ахӕм зындзинӕдтӕ. Чи зоны дӕм сӕвзӕрд фарст, кӕм сты ныртӕккӕ дӕ зӕрдиаг адӕймӕгтӕ ӕмӕ ма сӕ искӕд ногӕй фендзынӕ.
2. Цавӕр вазыгджын фарстытӕ сӕвзӕры мӕлӕты тыххӕй?
2 Бирӕ зианджын ныййарджытӕн фӕзӕгъынц: «Хуыцау йӕхимӕ уӕларвмӕ ӕмбырд кӕны ӕппӕты рӕсугъддӕр дидинджыты». Цымӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Нӕ зӕрдиӕгтӕ духовон дунемӕ ацӕуынц ӕви нӕ? Цымӕ уый уыцы бынат у, кӕцыйы иуӕй-иутӕ хонынц «нирванӕ», ома рыст ӕмӕ ӕппӕт бӕллицтӕй сӕрибар уавӕр? Цымӕ кӕй уарзӕм, уыдон дзӕнӕты ӕнӕмӕлгӕ царды дуӕртты бацыдысты? Кӕнӕ иннӕтӕ куыд зӕгъынц, Хуыцауы ныхмӕ тӕригъӕдтӕ чи арӕзта, уыдонӕн цымӕ мӕлӕт ӕнусон хъизӕмӕртты къӕсӕр у? Амӕлджыты бон у махыл ӕндавын? Цӕмӕй ацы фарстытӕн раст дзуаппытӕ райсӕм, уый тыххӕй нын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у Хуыцауы Ныхас Библимӕ ӕркӕсын.
a?
ЦЫ У АДӔЙМАДЖЫ «УД» [РУАХ]3. Цавӕр цӕстӕнгасыл хӕст уыдысты Сократ ӕмӕ Платон амӕлджыты тыххӕй ӕмӕ уый абон куыд ӕндавы адӕмыл?
3 Рагон грекъаг философтӕ Сократ ӕмӕ Платон нымадтой, нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты кӕй ис цавӕрдӕр туджы рахӕсгӕ ӕнӕмӕлгӕ субстанци — уд, кӕцы буары мӕлӕт сфӕразы ӕмӕ йӕхӕдӕг никуы мӕлы. Абон ӕппӕт дунейы милуангай адӕймӕгтӕ ууыл ӕууӕндынц. Ахӕм уырнындзинад ӕвзӕрын кӕны куыд амӕлджытӕй тас, афтӕ ма сӕ ӕнӕзиандзинадыл сагъӕс дӕр. Фӕлӕ нӕ Библи бынтон ӕндӕр цӕуылдӕр ахуыр кӕны мӕрдты тыххӕй.
4. а) Цы дзырдӕуы Уӕвынады чиныджы уды [нефешы] тыххӕй? ӕ) Цы ныуулӕфыд Хуыцау Адамы, цӕмӕй дзы цард бауагътаид?
4 Цавӕр уавӕры сты амӕлджытӕ, уый равзарынӕн нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, нӕ фыдӕл Адамӕн кӕй нӕ уыд уд. Уый йӕхӕдӕг уыд уд [нефеш]. Хуыцау аргъуыцӕнкъарӕг хуызы сфӕлдыста адӕймаджы — уд [нефеш] — зӕххы сӕйраг элементтӕй ӕмӕ дзы уый фӕстӕ бауагъта «царды улӕфт». Уӕвынады 2:7-ы дзырдӕуы: «Сфӕлдыста Хицау Хуыцау адӕймаджы зӕххы рыгӕй, ӕмӕ дзы ныффу кодта царды улӕфт, ӕмӕ адӕймаг сси удӕгас уд [нефеш]». Адамы цард уыд улӕфтӕй. Фӕлӕ Хуыцау Адамӕн цы царды улӕфт ратта, уый рӕуджыты уӕлдӕфы циркуляцийӕ фылдӕр нысан кодта. Библи дзуры «царды удыл», кӕнӕ та зӕххыл удӕгас сфӕлдисонты цы «царды тых» (НД) архайы, ууыл (Уӕвынад 7:22).
5, 6. а) Цы у «царды тых»? ӕ) Псалмы 145:4-ы куыд дзырдӕуы, уымӕ гӕсгӕ цы ’рцӕуы, «уд [руах]» куы ныууадзы буар?
5 Цымӕ цы у «царды тых»? Уый у царды цӕхӕр, кӕцы Хуыцау Адамы ӕдзард буары бавӕрдта. Улӕфт ӕххуыс кодта уыцы тыхӕн. Уӕдӕ цӕмӕ хауы дзырд «уд [руах]» Псалмы 145:4-ы? Ацы стихы дзырдӕуы: «Рацӕуы йӕ уд [руах], ӕмӕ уый ныздӕхы йӕ зӕхмӕ; уыцы бон фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иуылдӕр». Ацы контексты дзырд «удӕй [руах]» пайдагӕнгӕйӕ, Библийы фысджытӕн сӕ хъуыдыйы нӕ уыд ӕнӕнкъаргӕ уд, кӕцы мӕлӕты фӕстӕ дӕр дарддӕр цӕры.
6 «Уд [руах]», кӕцы адӕймагӕй рацӕуы мӕлӕты рӕстӕджы, у царды тых, кӕцы нын дӕтты не Сфӕлдисӕг (Псалом 35:10; Куыстытӕ 17:28). Куыд электрон рухсӕн нӕй, цы ифтонггарзы куыст ифтонг кӕны, уый миниуджытӕ, афтӕ ацы царды тыхӕн дӕр нӕй цы адӕймаджы цардӕн ӕххуыс кӕны, уый характерон хицӕндзинӕдтӕ. Адӕймаг куы амӕлы, уӕд уд [руах] нал ӕххуыс кӕны йӕ буары чырӕгты цардӕн; уый у электрон рухс куы аххуыссын кӕнынц, уӕд рухс куыд бамынӕг вӕййы, уый хуызӕн. Царды тых куы нал феххуыс кӕны адӕймаджы буарӕн, уӕд адӕймаг — уд [нефеш] — амӕлы (Псалом 103:29; Екклесиаст 12:1, 7).
«СЫДЖЫТМӔ НЫЗДӔХДЗЫНӔ»
7. Цы ӕнхъӕлмӕ каст Адаммӕ, Хуыцаумӕ куыннӕ байхъуыстаид?
7 Иегъовӕ ӕргомӕй бамбарын кодта тӕригъӕд саразӕг Адамӕн цы нысан кӕны мӕлӕт. Хуыцау загъта: «Дӕ хид калгӕйӕ хӕрдзынӕ дӕ къӕбӕр, цалынмӕ нӕ ныздӕхай зӕхмӕ, кӕцыйӕ дӕ ист; уымӕн ӕмӕ сыджыт дӕ, ӕмӕ сыджытмӕ ныздӕхдзынӕ» (Уӕвынад 3:19). Кӕдӕм хъуамӕ ныздӕхтаид Адам? Зӕхмӕ, сыджытмӕ, кӕцыйӕ фӕлдыст уыд. Адам куы амард, уӕд йӕ уӕвынадӕй банцад!
8. Цавӕр хъуыддаджы нӕй адӕмӕн уӕлидзинад цӕрӕгойты раз?
8 Ахӕм ахасты адӕймаджы мӕлӕт цӕрӕгойты мӕлӕтӕй нӕ хицӕн кӕны. Цӕрӕгойтӕ дӕр сты удтӕ [нефеш], ӕмӕ уыдон цӕрынц раст уыцы уды [руахы], кӕнӕ царды тыхы руаджы (Уӕвынад 1:24). Екклесиасты 3:19, 20-ы зондджын Соломон загъта: «Куыд уыдон мӕлынц, афтӕ адон дӕр мӕлынц, ӕмӕ сын ис иу улӕфт алкӕмӕндӕр, ӕмӕ адӕймагӕн нӕй [мӕлӕтмӕ ахасты] уӕлидзинад фосы раз... Алцыдӕр равзӕрд сыджытӕй, ӕмӕ алцыдӕр ныздӕхдзӕн сыджытмӕ». Адӕймаджы уӕлидзинад цӕрӕгойты раз ис уый мидӕг, ӕмӕ адӕймаг уыд Хуыцауы хуызмӕ гӕсгӕ фӕлдыст, ӕмӕ уый Иегъовӕйы миниуджытӕ ӕвдисы (Уӕвынад 1:26, 27). Фӕлӕ куы амӕлынц, уӕд адӕм дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕ дӕр ныздӕхынц сыджытмӕ.
9. Цавӕр уавӕры сты амӕлджытӕ ӕмӕ кӕдӕм ацӕуынц?
9 Соломон бамбарын кодта, цы нысан кӕны мӕлӕт: «Удӕгӕстӕ зонынц кӕй амӕлдзысты, фӕлӕ мӕрдтӕ ницыуал зонынц». О, амӕлджытӕ ницыуал зонынц. Уымӕ гӕсгӕ Соломон бауынаффӕ кодта: «Дӕ хъарумӕ гӕсгӕ цыдӕриддӕр дӕ бон у, уый араз; уымӕн ӕмӕ ингӕны [дзут. шео́л], кӕдӕм ацӕуай, уым нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр хъуыдыкӕнынад, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ, нӕдӕр зондджындзинад» (Екклесиаст 9:5, 10). Цымӕ кӕдӕм ацӕуынц амӕлджытӕ? Шеолмӕ — адӕймагады иумӕйаг ингӕнмӕ. Нӕ зӕрдиаг амӕлджытӕ ницы зонынц. Уыдон зындзинӕдтӕ не ’взарынц ӕмӕ ныл ницы хуызы ӕндавынц.
10. Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, мӕлӕт ӕнӕмӕнг кӕрон кӕй нӕ нысан кӕны?
10 Уӕдӕ мах ӕмӕ нӕ зӕрдиаг адӕймӕгтӕ ӕрмӕстдӕр цалдӕр аз цӕрӕм, цӕмӕй уый фӕстӕ ӕнустӕм цардӕй ахицӕн уӕм? Библимӕ гӕсгӕ уый афтӕ нӕу. Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уый фӕстӕ Иегъовӕ Хуыцау бацархайдта, цӕмӕй иуварсгонд ӕрцыдаиккой адӕймагон тӕригъӕды фӕстиуджытӕ. Мӕлӕт нӕ хаудта Хуыцауы фӕндонмӕ адӕймагады тыххӕй (Иезекиль 33:11; 2 Петры 3:9). Уымӕ гӕсгӕ мӕлӕт махӕн ӕмӕ нӕ зӕрдиаг адӕймӕгтӕн кӕрон нӕ нысан кӕны.
«БАФЫНӔЙ»
11. Куыд ӕрфыста Йесо йӕ мард хӕлар Лазӕры уавӕр?
11 Иегъовӕйы фӕндон у мах ӕмӕ нӕ зӕрдиаг амӕлджыты Адамы мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ Библи амӕлджыты тыххӕй дзуры, куыд фынӕй уавӕры уӕвын. Цӕвиттонӕн, Йесо Чырысти куы базыдта, йӕ хӕлар Лазӕр кӕй амард, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Нӕ хӕлар Лазӕр бафынӕй, фӕлӕ Ӕз цӕуын уый райхъал кӕнынмӕ». Фӕлӕ Йесойы ныхӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы тӕккӕ кӕй нӕ бамбӕрстой, уымӕ гӕсгӕ сын комкоммӕ загъта: «Лазӕр амард» (Иоанны 11:11, 14). Уый фӕстӕ Йесо ацыд горӕт Вифанимӕ, цыран Лазӕры хотӕ, Марфӕ ӕмӕ Мариа, куыдтой се ’фсымӕры мӕлӕтыл. Йесо Марфӕйӕн куы загъта: «Райгас уыдзӕн де ’фсымӕр», уӕд уый уырнындзинад равдыста, Хуыцауы кӕй фӕнды, мӕлӕт адӕймагон бинонтӕн цы зиан бавзарын кодта, уый баххӕст кӕнын. Марфӕ загъта: «Зонын кӕй райгас уыдзӕн райгасдзинады, фӕстаг бон» (Иоанны 11:23, 24).
12. Цавӕр ныфс уыд Марфӕйы амӕлджыты тыххӕй?
12 Марфӕ ницы загъта цавӕрдӕр ӕнӕмӕлгӕ уды уӕвынады тыххӕй, кӕцы цӕры мӕлӕты фӕстӕ. Уый нӕ уырныдта, Лазӕрӕн йӕ цард кӕй дарддӕр кӕны духовон дунейы. Марфӕйы уыд мӕрдтӕй райгасдзинады ныфс. Уый зыдта, Лазӕры буарӕй кӕй нӕ ахицӕн ницавӕр ӕнӕмӕлгӕ уд, фӕлӕ Марфӕйы мард ӕфсымӕр йӕ уӕвынадӕй кӕй банцад. Йе ’фсымӕрӕн баххуыс уыдаид ӕрмӕстдӕр райгасдзинад.
13. Хуыцауӕй лӕвӕрд цавӕр тыхы хицау у Йесо ӕмӕ дзы куыд пайда кодта?
13 Иегъовӕ Хуыцау Йесо Чырыстийӕн бахӕс кодта, цӕмӕй адӕймагады тӕригъӕдтӕ балхӕдтаид (Оси 13:14). Уымӕ гӕсгӕ Марфӕйы ныхӕсты дзуаппӕн Йесо загъта: «Ӕз Дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард; Мӕныл ӕууӕндӕг куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн» (Иоанны 11:25). Йесо равдыста Хуыцауӕй лӕвӕрд тых — бацыд Лазӕры зӕппадзмӕ, кӕцы цыппар бон уыд мард, ӕмӕ йӕ цардмӕ раздӕхта (Иоанны 11:38—44). Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн, цӕй диссаджы циндзинад бавзӕрстой ацы райгасдзинад фенджытӕ, ӕмӕ афтӕ иннӕ райгасдзинӕдтӕ дӕр, кӕцытӕ сарӕзта Йесо Чырысти! (Маркы 5:35—42; Лукайы 7:12—16).
14. Цӕмӕн сты райгасдзинад ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды ӕмбарынад ныхмӕвӕрд ӕмбарынӕдтӕ?
14 Ныр та иу секунд ӕрлӕуу ӕмӕ ахъуыды кӕн: цавӕрдӕр ӕнӕмӕлгӕ уд мӕлӕты фӕстӕ куы цӕрид, уӕд ӕппындӕр никӕй хъӕуид ӕгас кӕнын. Раст нӕ уаид Лазӕры хуызӕтты ӕнӕххӕст цардмӕ райгас кӕнын, кӕд ӕмӕ уыдон нырид райстой диссаджы уӕларвон хорзӕх. О, Библи иу хатт дӕр нӕ пайда кӕны разагъд «ӕнӕмӕлгӕ уд»-ӕй. Фыстады уый ныхмӕ дзырдӕуы, зӕгъгӕ, тӕригъӕдтӕ аразӕг адӕймагон уд [нефеш] амӕлдзӕн (Иезекиль 18:4, 20). Уӕдӕ Библи амоны райгасдзинадмӕ, куыд мӕлӕтӕй бӕлвырд ирвӕзындзинадмӕ.
«ӔППӔТ ИНГӔНТЫ УӔВДЖЫТӔ»
15. а) Цы нысан кӕны дзырд «райгасдзинад»? ӕ) Цӕуылнӕ у Иегъовӕ Хуыцауӕн зын адӕймаджы райгас кӕнын?
15 Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цы дзырдӕй спайда кодтой, уый тӕлмацгонд цӕуы куыд «райгасдзинад», комкоммӕ та нысан кӕны «слӕууын» кӕнӕ «сыстын». Райгас уын нысан кӕны мӕлӕты ӕдзард уавӕрӕй слӕууын кӕнӕ адӕймагады иумӕйаг ингӕнӕй сыстын. Иегъовӕ Хуыцауӕн ӕппындӕр зын нӕу адӕймаджы райгас кӕнын. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ у Царддӕттӕг. Абон адӕмӕн сӕ бон у фыссын видеопленкӕйыл нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты хъӕлӕстӕ ӕмӕ сурӕттӕ ӕмӕ ацы фыстытӕм кӕсын сӕ мӕлӕты фӕстӕ. Афтӕ не ’ппӕтхъомысджын Сфӕлдисӕг дӕр йӕ зӕрдыл дары алы адӕймаджы хицӕндзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ бон у уыцы адӕймаджы райгас кӕнын, раздӕр цавӕр уыд, ахӕмӕй, ног буар ын ратгӕйӕ.
16. а) Цы ныфс бавӕрдта Йесо ингӕнты чи ис, уыдон тыххӕй? ӕ) Цы аскъуыддзаг кӕндзӕн, адӕймагӕн райгасдзинад цавӕр разындзӕн, уый?
16 Йесо Чырысти загъта: «Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг ӕмӕ ӕппӕт ингӕнты уӕвджытӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты хӕрзгӕнджытӕ царды райгасӕн, фыдгӕнджытӕ та фыдтӕрхоны райгасӕн» (Иоанны 5:28, 29). Иегъовӕ йӕ зӕрдыл кӕй дары, уыцы амӕлджытӕ иуылдӕр райгас уыдзысты ӕмӕ сахуыр уыдзысты йӕ фӕндӕгтыл. Хуыцауы базонынадмӕ гӕсгӕ чи архайа, уыдонӕн ацы райгасдзинад уыдзӕн цардмӕ райгасдзинад. Хуыцауы ахуырӕдтӕ ӕмӕ йӕ хицауиуӕгад чи аиуварс кӕна, уыдонӕн та уыдзӕн тӕрхонмӕ райгасдзинад.
17. Чи райгас уыдзӕн?
17 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, райгас уыдзысты Иегъовӕйӕн чи лӕггад кодта ӕмӕ рӕстаг цард ӕрвитыныл чи архайдта, уыдон. Райгасдзинады ныфс бафидар кодта бирӕты мӕлӕты раз, ӕгӕрыстӕмӕй, ӕгъатыр ӕфхӕрды рӕстӕджы дӕр. Уыдон зыдтой, Хуыцауы бон кӕй у, уыдон цардмӕ раздахын (Матфейы 10:28). Фӕлӕ милуангай адӕймӕгтӕ афтӕ амардысты, ӕмӕ Хуыцауы рӕстдзинады нормӕтӕм сӕ ахаст нӕ равдыстой. Уыдон дӕр райгас уыдзысты. Ууыл апостол Павел фидарӕй ӕууӕндыд ӕмӕ загъта: «Ныфс мӕ ис Хуыцауӕй, кӕй уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты» (Куыстытӕ 24:15).
18. а) Цавӕр цӕстылуайӕн райста райгасдзинады тыххӕй апостол Иоанн? ӕ) Цы фесӕфдзӕн «артын цады» ӕмӕ цы нысан кӕны ацы «цад» фӕсномыгӕй?
18 Апостол Иоанн райста диссаджы цӕстылуайӕн райгасгонд адӕмы тыххӕй, кӕцытӕ лӕууыдысты Хуыцауы паддзахы бадӕны раз. Уый фӕстӕ Иоанн ныффыста: «Уӕд денджыз ратта йӕ мидӕг уӕвӕг мӕрдты, мӕлӕт дӕр, зындон [грекъ. га́дес] дӕр раттой уым уӕвӕг мӕрдты; ӕмӕ алчидӕр тӕрхонгонд уыд йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ мӕлӕт ӕмӕ зындон ӕппӕрст уыдысты артын цадмӕ. Уый — дыккаг мӕлӕт» (Раргомад 20:12—14). Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн! Хуыцауы хъуыдыйы чи ис, уыцы амӕлджытӕй алкӕцыйы дӕр Хуыцауы ныфс ис, гадесӕй, кӕнӕ шеолӕй — адӕймагады иумиаг ингӕнӕй ссӕрибар уӕвынӕн (Псалом 15:10; Куыстытӕ 2:31). Уыдонӕн уыдзӕн фадат, цӕмӕй хъуыддӕгтӕй равдисой, фӕнды сӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕви нӕ. Уый фӕстӕ «мӕлӕт ӕмӕ зындон» ӕппӕрст ӕрцӕудзысыты «артын цадмӕ», кӕцы, куыд «гееннӕ», афтӕ фӕсномыгӕй нысан кӕны бынсӕфт (Лукайы 12:5). Адӕймагады иумӕйаг ингӕн сафтид уыдзӕн ӕмӕ нал уӕвдзӕн, райгасдзинад куы фӕуа, уӕд. Цы зӕрдӕфидаргӕнӕн у Библийӕ базонын, Хуыцау удхарӕй кӕй никӕй мары! (Иереми 7:30, 31).
РАЙГАСДЗИНАД — КӔМ?
19. Цӕмӕн райгас уыдзысты иуӕй-иу адӕймӕгтӕ уӕларвон цардмӕ ӕмӕ сын Хуыцау цавӕр буар ратдзӕн?
19 Нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты бӕрӕг нымӕц райгас уыдзысты уӕларвон цардмӕ. Куыд Йесойы ӕмпаддзӕхтӕ ӕмӕ ӕмсауджынтӕ, уыдон хайад исдзысты мӕлӕты фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныны, кӕцытӕ адӕм сӕ туджы рахастой фыццаг адӕймаг Адамӕй (Ромӕгтӕм 5:12; Раргомад 5:9, 10). Цал адӕймаджы акӕндзӕн уӕларвмӕ Хуыцау Йесоимӕ хицауиуӕг кӕнынмӕ? Библимӕ гӕсгӕ ӕрмӕст 144 000 (Раргомад 7:4; 14:1). Иегъовӕ уыдонӕй алкӕмӕндӕр ратдзӕн духовон буар, цӕмӕй сӕ бон уа уӕларвыл цӕрын (1 Коринфӕгтӕм 15:35, 38, 42—45; 1 Петры 3:18).
20. Цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы коммӕгӕс адӕймагадмӕ ӕмӕ ма чи райгас уа, уыдонмӕ дӕр?
20 Амӕлджытӕн сӕ фылдӕр хай райгас уыдзысты дзӕнӕтон зӕххыл (Псалом 36:11, 29; Матфейы 6:10). Иуӕй-иу гоймӕгтӕ уӕларвон цардмӕ цӕй тыххӕй райгас уыдзысты, уыцы аххосӕгтӕй иу у зӕххы тыххӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнын. Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ 144 000 ӕмхицауиуӕггӕнӕджы коммӕгӕс адӕймагады цадӕггай кӕндзысты ӕххӕстдзинадмӕ, кӕцы фесӕфтой нӕ фыдӕлтӕ. Ацы хъуыддаг хаудзӕн чи райгас уа, уыдонмӕ дӕр, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕцытӕ йӕ фарсмӕ тыгъд удисӕг адӕймагӕн загъта: «Уыдзынӕ Мемӕ дзӕнӕты» (Лукайы 23:42, 43).
21. Пехуымпар Исайы ӕмӕ апостол Иоанны ныхӕстӕм гӕсгӕ цы ӕрцӕудзӕн мӕлӕтыл?
21 Абон афтӕ стыр рыст чи ӕвзарын кӕны — мӕлӕт, уый дзӕнӕтон зӕххыл иуварсгонд ӕрцӕудзӕн (Ромӕгтӕм 8:19—21). Пехуымпар Исай загъта, Иегъовӕ Хуыцау йӕ хъус кӕй ӕрдардзӕн ӕмӕ «мӕлӕт ныхъуырд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕнустӕм» (Исай 25:8). Апостол Иоанн райста цӕстылуайӕн, коммӕгӕс адӕймагад рыст ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй ссӕрибар уыдзӕн, уый тыххӕй. О, «Йӕхӕдӕг Хуыцау уыдонимӕ уыдзӕн сӕ Хуыцау; ӕмӕ ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта» (Раргомад 21:1—4).
22. Куыд дыл ӕндавы райгасдзинады зонындзинад?
22 Библийы ӕргом ахуырӕдтӕ ӕмбарын кӕнынц алыхуызон ӕнӕмбаргӕ хъуыдытӕ мӕрдты тыххӕй. Сыгъдӕг Фыстад ӕргомӕй хъусын кӕны, мӕлӕт кӕй у «фӕстаг знаг», кӕцы куынӕг ӕрцӕудзӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:26). Цӕйбӕрц тых ӕмӕ зӕрдӕфидардзинад ис исӕн райгасдзинады ныфсӕй! Куыд амондджын стӕм, Хуыцау йӕ зӕрдыл кӕй дары, уыцы зӕрдиаг амӕлджытӕ мӕлӕтон фынӕйӕ куы райхъал уой ӕмӕ Хуыцау, чи йӕ уарзы, уыдонӕн цы ӕрцӕттӕ кодта, уымӕй ӕхцондзинад куы исой! (Псалом 144:16). Ахӕм арфӕдзинӕдтӕ сӕххӕст уыдзысты Хуыцауы Паддзахады руаджы. Фӕлӕ кӕд хъуамӕ райдайа ацы Паддзахады хицауиуӕгад? Цӕй ӕркӕсӕм.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Дзуттаг дзырдтӕ «руах» (нысан кӕны царды тых) ӕмӕ «нефеш» (нысан кӕны 1. гоймаг, 2. цӕрӕгой ӕмӕ 3. цард, кӕцы уыдонӕн ис) ирон ӕвзагмӕ лӕвӕрд цӕуынц дзырд «уд»-ӕй. Уымӕ гӕсгӕ сын сӕ нысаниуӕг раст бамбарын кӕнынӕн, дзырд «уд»-ы фарсмӕ лӕвӕрд цӕуынц ӕмбӕлон дзуттаг дзырдтӕ.
СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ
Цы у адӕймаджы уд [руах]?
Куыд ӕрфыссис амӕлджыты уавӕр?
Чи райгас уыдзӕн?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 85 фарсыл]
Йесойы ныхасмӕ Лазӕр зӕппадзӕй куыд рацыд, раст афтӕ милуангай адӕймӕгтӕ райгас уыдзысты мӕрдтӕй.
[Ныв 86 фарсыл]
«Мӕлӕт ӕнустӕм куынӕг куы ӕрцӕуа», уӕд уыдзӕн ӕнӕкӕрон циндзинад.