Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы сарӕзта Хуыцау адӕймагады фервӕзын кӕнынӕн

Цы сарӕзта Хуыцау адӕймагады фервӕзын кӕнынӕн

Сӕр 7

Цы сарӕзта Хуыцау адӕймагады фервӕзын кӕнынӕн

1, 2. а) Куыд бамбӕрста ромаг центурион, чи уыд Хуыцауы Фырт? ӕ) Цӕмӕн ӕруагъта Иегъовӕ Йесойы мӕлӕт?

 ФӔССИХОР уалдзӕджы иу-2 000 азы размӕ ромаг центурион каст ӕртӕ нӕлгоймагмӕ, кӕцытӕ сындӕггай мардысты хъизӕмар мӕлӕтӕй. Йӕ хъусдард уыд уыдонӕй сӕ иумӕ — Йесо Чырыстимӕ. Йесо уыд зӕгӕлӕй хуыд хъӕдын цӕджындзмӕ. Йӕ мӕлӕт куы ӕрӕввахс, афтӕ ӕмбисбон арв ӕрбаталынг. Куы амард, уӕд зӕхх тыхджын нынкъуыст ӕмӕ фондзыссӕдзы хицау фӕхъӕр кодта: «Ӕцӕг Ацы Лӕг уыд Хуыцауы Фырт» (Маркы 15:39).

2 Хуыцауы Фырт! Фондзыссӕдзы хицау уыд раст. Уыцы тӕккӕ уый сси зӕххыл ӕппӕты ахсджиаг цауы ӕвдисӕн. Иухатт Хуыцау йӕхӕдӕг схуыдта Йесойы йӕ уарзон Фырт (Матфейы 3:17; 17:5). Цӕмӕн ӕруагъта Иегъовӕ йӕ Фырты мӕлӕт? Уымӕн ӕмӕ Хуыцау афтӕ фӕнд кодта адӕймагады тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кӕнын.

ӔВЗӔРСТ У СӔРМАГОНД НЫСАНӔН

3. Цӕмӕн у ӕмбӕлон, адӕймагады ирвӕзын кӕнынӕн ӕвзӕрст кӕй уыд Хуыцауы иунӕггуырд Фырт?

3 Ацы чиныгӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йесо цалынмӕ зӕххыл райгуырд, уӕдмӕ дӕр цард. Уый хуыйны Хуыцауы «иунӕггуырд Фырт», уымӕн ӕмӕ йӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг сфӕлдыста. Уый фӕстӕ Хуыцау спайда кодта Йесойӕ, цӕмӕй сфӕлдыстаид ӕппӕтдӕр (Иоанны 3:16; Колоссӕгтӕм 1:16). Йесойӕн уӕлдай уарзӕгой ахаст уыд адӕймагадмӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:30, 31). Уый тыххӕй адӕймагад мӕлӕтмӕ тӕрхонгонд куы ӕрцыд, уӕд Иегъовӕ йӕ сӕрмагонд нысан сӕххӕст кӕнынӕн кӕй равзӕрста йӕ иунӕггуырд Фырты!

4, 5. Цы фехъусын кодта Библи мессианон Мыггаджы тыххӕй, цалынмӕ Йесо зӕхмӕ не ’рцыд?

4 Хуыцау Едемы дыргъдоны Адам, Евӕ ӕмӕ Сайтанӕн тӕрхон куы рахаста, уӕд фидӕны Ирвӕзынгӕнӕджы схуыдта «мыггаг». Фӕстагмӕ уыцы Мыггаг кӕнӕ байзӕддаг хъуамӕ аиуварс кодтаид, Сайтан Хӕйрӕг, «рагон калм», цы знаггад ракодта, уый. Уымӕй уӕлдай, зӕрдӕвӕрд Мыггаг хъуамӕ скуынӕг кодтаид Сайтаны ӕмӕ йӕ фӕдыл чи цӕуы, уыдоны (Уӕвынад 3:15; 1 Иоанны 3:8; Раргомад 12:9).

5 Хуыцау ӕнусты дӕргъы цадӕггай ӕргом кодта фылдӕр зонӕнтӕ ацы Мыггаджы тыххӕй, кӕцы ма хуыйны Мессиа дӕр. Куыд ӕвдыст у 37-ӕм фарсыл таблицӕйы, афтӕмӕй бирӕ пехуымпарадтӕ хъусын кодтой лыстӕгдзинӕдтӕ зӕххыл йӕ царды алыхуызон фӕрсты тыххӕй. Зӕгъӕм, цӕмӕй Хуыцауы фӕндоны йӕ хӕс сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй хъуамӕ бавзӕрстаид ӕбуалгъ ахаст (Исай 53:3—5).

ЦӔМӔН ХЪУАМӔ АМАРДАИД МЕССИА

6. Цы хъуамӕ сарӕзтаид Мессиа Данелы 9:24—26-мӕ гӕсгӕ ӕмӕ куыд?

6 Данелы 9:24—26-мӕ (БГТ) фыст пехуымпарады, рагзагъд уыд, зӕгъгӕ, Мессиа — Хуыцауы Сӕрст — сӕххӕст кӕндзӕн стыр хӕс. Уый ӕрцӕудзӕн зӕхмӕ, «ӕнӕдиндзинад бахуыссынӕн, тӕригъӕдтӕн кӕрон скӕнынӕн, ӕнӕгъдаудзинӕдтӕй хи сраст кӕнынӕн, ӕмӕ ӕнусон рӕстад ӕркӕнынӕн, ӕмӕ цӕстылуайӕны ныв ӕмӕ пехуымпарад мыхуырӕй ныффидар кӕнынӕн». Мессиа хъуамӕ систаид мӕлӕты тӕрхон иузӕрдион адӕмӕй. Фӕлӕ куыд йӕ бон уыд уый саразын? Пехуымпарады ӕмбӕрстгонд цӕуы, кӕй йӕ «амардзысты».

7. Цӕмӕн хастой израилӕгтӕ фосы нывӕндтӕ ӕмӕ уыцы нывӕндтӕ цӕй хуызӕг уыдысты?

7 Рагон израилӕгтӕн зонгӕ уыд тӕригъӕдтӕ балхӕныны хъуыды. Хуыцау сын Моисейы уылты кӕй ратта, уыцы Закъонмӕ гӕсгӕ уыдон сӕ кувынады ӕппынӕдзух хастой фосы нывӕндтӕ. Уыцы хъуыддаг израилӕгты зӕрдыл лӕууын кодта, адӕмы кӕй хъуыд цыдӕр, кӕцы сын балхӕдтаид, кӕнӕ бамбӕрзтаид сӕ тӕригъӕдтӕ. Апостол Павел ацы принципӕн ахӕм хатдзӕг скодта: «Ӕнӕ туг акалынӕй нӕй хатыр тӕригъӕдтӕн» (Дзуттытӕм 9:22). Чырыстӕттӕ Моисейы закъоны бын не сты ӕмӕ хӕсджын не сты, цӕмӕй йын йӕ домӕнтӕ ’ххӕст кӕной, уыдон нӕ хъӕуы нывӕндтӕ хӕссын (Ромӕгтӕм 10:4; Колоссӕгтӕм 2:16, 17). Уыдон ма зонынц, фосы нывӕндтӕ кӕй не ссыгъдӕг кӕндзысты тӕригъӕдтӕ мыггагмӕ. Ӕцӕгдӕр нывӕндтӕ зынаргъдӕр нывонды хуызӕг уыдысты — Месси кӕнӕ та Чырыстийы хуызӕг (Дзуттытӕм 10:4, 10; абар Галатӕгтӕм 3:24). Фӕлӕ, дӕ бон у бафӕрсын: Мессиайӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уыд амӕлын?

8, 9. Цы фесӕфтой Адам ӕмӕ Евӕ ӕмӕ уый сӕ байзӕддӕгтыл куыд фӕзынд?

8 О, адӕймагад цӕмӕй фервӕзтаид, уый тыххӕй Мессиа хъуамӕ амардаид. Уый базондзыстӕм, Едемы дыргъдоны цы цаутӕ ӕрцыд, уыдон куы ӕрхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ растгӕйӕ цы фесӕфтой, уый бамбарыныл куы бацархайӕм. Сӕ разы уыд ӕнусон царды перспективӕ! Хуыцауы сывӕллӕттӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон уыд йемӕ комкоммӕ ныхас кӕнын. Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ Иегъовӕйы хицауиуӕгад куы аиуварс кодтой, уӕд уыдонӕй иуылдӕр фӕцух сты ӕмӕ ӕппӕт адӕймагадыл бафтыдтой тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт (Ромӕгтӕм 5:12).

9 Уый уыд афтӕ, нӕ фыдӕлтӕ стыр мулк ӕнӕхъуыдыйӕ куы бахардз кодтаиккой ӕмӕ сӕхи стыр хӕсы куы ныппӕрстаиккой. Адам ӕмӕ Евӕ алӕвӕрдтой ацы хӕс сӕ байзӕддӕгтӕн. Ӕххӕст ӕмӕ нӕ ӕнӕтӕригъӕдджынӕй кӕй ничи райгуырд, уымӕ гӕсгӕ иуылдӕр тӕригъӕдтӕ аразӕм ӕмӕ мӕлӕм. Рынчын куы вӕййӕм кӕнӕ исты куы зӕгъӕм, фӕстӕдӕр цӕуыл фӕфӕсмон кӕнӕм, уӕд нӕ уӕлӕ хӕссӕм туджы рахӕсгӕ хӕсы уаргъ — адӕймагон ӕнӕххӕстдзинад (Ромӕгтӕм 7:21—25). Иунӕг амал — Адам цы фесӕфта, уый фӕстӕмӕ раздахын. Фӕлӕ нӕ тыхы нӕй, цӕмӕй ӕххӕст адӕймагон цардмӕ бахӕццӕ уӕм. Ӕнӕххӕст адӕм иуылдӕр тӕригъӕдтӕ кӕй аразынц, уымӕ гӕсгӕ иуылдӕр мӕлӕты аккаг сты (Ромӕгтӕм 6:23).

10. Цы уыд ӕнӕмӕнгхъӕуӕг, Адам цы фесӕфта, уымӕн ахӕстаргъ бафидынӕн?

10 Адам цы цард фесӕфта, уый сӕрмӕ ӕндӕр исты ӕрӕвӕрын ис ӕви нӕ? Хуыцауы рӕстдзинад домы ӕмаргъ фиддон — «уд уды сӕрыл» (Рацыд 21:23). Уӕдӕ афтӕ, фесафгӕ цардӕн цардӕй хъуыд бафидын. Фӕлӕ цыфӕнды адӕймаджы цард нӕу ацы домӕны аккаг. Псалом 48:8, 9 ӕнӕххӕст адӕмы тыххӕй дзырдӕуы: «Адӕймаг никуыд балхӕндзӕн йе ’фсымӕры ӕмӕ нӕ ратдзӕн Хуыцауӕн уый тыххӕй ахӕстаргъ. Сӕ уд балхӕныны аргъ у зынаргъ ӕмӕ нӕ уыдзӕн уый ӕнусмӕ». Цымӕ уый нысан кӕны, уавӕр къухауигъинаг кӕй у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ.

11. а) Цы нысан кӕны дзуттаг ӕвзагыл дзырд «ахӕстаргъ»? ӕ) Ӕрмӕстдӕр кӕй бон уыд адӕймагады балхӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

11 Дзуттаг ӕвзагыл дзырд «ахӕстаргъ» нысан кӕны суммӕ, кӕцы бафидынц цӕмӕй уацайраджы ссӕрибар кӕной, ӕмӕ ма уый амоны ӕмаргъмӕ дӕр. Ӕрмӕст ӕххӕст нӕлгоймаджы бон уыд, Адам цы фесӕфта, уымӕн ӕмаргъ фиддон раттын. Адамы фӕстӕ зӕххыл райгуырд ӕрмӕстдӕр иу ӕххӕст нӕлгоймаг — Йесо Чырысти. Библи уымӕн хоны Йесойы «фӕстаг Адам» ӕмӕ нӕ ӕууӕндын кӕны, зӕгъгӕ, Чырысти ‘Йӕхи ратта ӕппӕты балхӕныны тыххӕй’ (1 Коринфӕгтӕм 15:45; 1 Тимофеймӕ 2:5, 6). Ӕмӕ кӕд Адам йӕ байзӕддӕгтӕн мӕлӕт алӕвӕрдта, уӕд сын Йесо та дӕтты ӕнусон цард. Афтӕ ӕмбарын кӕны 1 Коринфӕгтӕм 15:22: «Адамы мидӕг иуылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы мидӕг иуылдӕр сыгас уыдзысты». Уымӕ гӕсгӕ Йесо ӕмбӕлонӕй хуыйны «Ӕнусон Фыд» (Исай 9:6, 7, НТ).

КУЫД БАФЫСТӔУЫД АХӔСТАРГЪ

12. Кӕд сси Йесо Мессиа ӕмӕ уый йӕ цардыл куыд бандӕвта?

12 Н. э. 29 азы, фӕззӕджы, Йесо ӕрбацыд йӕ хӕстӕг Иоаннмӕ аргъуыд райсынмӕ, цӕмӕй ратта йӕхи Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн. Уӕд Иегъовӕ байсӕрста Йесойы сыгъдӕг удӕй. Йесо сси Мессиа, кӕнӕ Чырысти, ома Хуыцауы сӕрст (Матфейы 3:16, 17). Уый фӕстӕ Йесо райдыдта йӕ лӕггаддзинад, кӕцы ахаста ӕртӕ аз ӕмӕ ӕрдӕг. Уый балц кодта йӕ райгуырӕн бӕстыл, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй амонгӕйӕ ӕмӕ иузӕрдыг фӕдылдзӕуджытӕ ӕмбырдгӕнгӕйӕ. Фӕлӕ рагзагъд куыд уыд, уымӕ гӕсгӕ уый тагъд сӕмбӕлд тыхджын ныхмӕдзыдыл (Псалом 117:22; Куыстытӕ 4:8—11).

13. Цавӕр цаутӕ ӕркодтой Йесойы, куыд ӕнаипдзинады хъахъхъӕнӕджы мӕлӕтмӕ?

13 Йесо ӕдӕрсгӕ ӕргом кодта динон разамонджыты цӕстмӕхъусдзинад ӕмӕ йӕ уый тыххӕй уыдон хъавыдысты амарынмӕ. Уыдон скодтой мӕнгард пълан, кӕцыйы уыд алцыдӕр: гадзрахатдзинад, ӕнӕзакъонон ӕрцахст, тӕрхон ӕмӕ адӕмы ардауыны мӕнг даутӕ. Йесойы надтой, тутӕ йыл кодтой, ууыл худтысты ӕмӕ йӕ цавтой ехсӕй, кӕцыйын бындзыггай тыдта йӕ буар. Уый фӕстӕ йын ромаг хицауиуӕггӕнӕг, Понтий Пилат, рахаста мӕлӕты тӕрхон хъизӕмары цӕджындзыл. Уый зӕгӕлӕй ныххуыдтой цӕджындзмӕ ӕмӕ йӕ зӕххы ныссагътой. Йӕ алы сулӕфт дӕр уыд хъизӕмайраг — цалынмӕ амард, уӕдмӕ цалдӕр сахаты рацыд. Фӕлӕ ӕппӕт ацы уӕззау фӕлварӕнтӕм нӕкӕсгӕйӕ, Йесо Хуыцауы раз ӕнаиппӕй баззад.

14. Цӕмӕн ӕруагъта Хуыцау йӕ Фырты фыдӕбӕттӕ ӕмӕ мӕлӕт?

14 Уӕдӕ 14 нисаны 33 азы Йесо йӕ цард ратта «бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Маркы 10:45; 1 Тимофеймӕ 2:5, 6). Иегъовӕ уӕлӕрвтӕй уыдта йӕ уарзон Фырты фыдӕбӕттӕ ӕмӕ мӕлӕт. Цӕмӕн ӕруагъта Хуыцау ацы уӕззаудзинад? Уымӕн ӕмӕ уый уарзта адӕмы. Йесо загъта: «Уымӕн ӕмӕ афтӕ бауарзта Хуыцау дуне, ӕмӕ ратта Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй алкӕцы, Ууыл ӕууӕндӕг, ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард» (Иоанны 3:16). Йесойы мӕлӕт ма нӕ ахуыр кӕны, Иегъовӕ ӕххӕст рӕстдзинады Хуыцау кӕй у, ууыл дӕр (Дыккаг закъон 32:4). Иуӕй-иутӕ дис кӕнынц: цӕуылнӕ сарӕзта Хуыцау йӕ принциптӕй ахӕм уӕлвӕтк, кӕцы домдтаид уд уды сӕрыл, ома Адамы тӕригъӕды тыххӕй компенсаци. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Иегъовӕ ӕппынӕдзух архайы йӕ закъӕттимӕ разыйӕ ӕмӕ сыл фидар хӕст у, ӕгӕрыстӕмӕй йын тынг зынаргъ куы слӕууы, уӕддӕр.

15. Цы сарӕзта Иегъовӕ Йесойы ӕнустӕм мардӕй ныууадзын раст кӕй нӕ уыдаид, уымӕ гӕсгӕ?

15 Иегъовӕйы рӕстдзинад ма домдта, цӕмӕй Йесойӕн алцыдӕр дзӕбӕхӕй фӕуыдаид. Раст уыдаид, иузӕрдион Йесо ӕнустӕм мардӕй куы баззадаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Дзуттаг Фыстыты рагзагъд уыд, Хуыцау кӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг ингӕны баззайа (Псалом 15:10; Куыстытӕ 13:35). Йесо мард уыд ӕртӕ ӕнӕххӕст боны ӕмӕ йӕ стӕй Иегъовӕ Хуыцау райгас кодта хъомысджын духовон гоймагӕй (1 Петры 3:18).

16. Цы сарӕзта Йесо уӕларвмӕ сыздӕхгӕйӕ?

16 Йӕ мӕлӕтӕй Йесо мыггагмӕ «нӕ» загъта йӕ адӕймагон цардӕй. Уый райгас ис уӕларвон цардмӕ ӕмӕ сси цард лӕваргӕнӕг зӕд. Уымӕй уӕлдай ма Дун-дунейы ӕппӕты сыгъдӕгмӕ, йӕ уарзон Фыдмӕ, куы ссыд, уӕд ын уый бахаста йе ’ххӕст адӕймагон царды аргъ (Дзуттытӕм 9:23—28). Йесойы ахӕм зынаргъ царды аргъ абон, гӕнӕн ис, бабӕзза коммӕгӕс адӕймагады пайдайӕн. Цы нысан кӕны уый дӕуӕн?

ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНД ӔМӔ ДЫ

17. Куыд у нӕ бон Йесойы ӕлхӕнӕг нывонды уылты хатырдзинад райсын?

17 Ӕркӕсӕм, Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонд нырид цавӕр ӕртӕ ахасты хӕссы пайда. Фыццаджыдӕр, уый хӕссы тӕригъӕдты хатырдзинад. Кӕд Йесойы тугныккалдыл ӕууӕндӕм, уӕд «махӕн ис балхӕнындзинад», ӕмӕ, «тӕригъӕдтӕн хатыр» (Ефесӕгтӕм 1:7). Уымӕ гӕсгӕ, уӕззау тӕригъӕд саразгӕйӕ дӕр нӕ бон у Хуыцауӕй хатыр курын Йесойы номӕй. Ӕмӕ кӕд зӕрдӕбынӕй фӕсмон кӕнӕм, уӕд Иегъовӕ спайда кӕндзӕн йӕ Фырты ӕлхӕнӕг нывонды аргъӕй. Нӕ раконд тӕригъӕды тыххӕй мӕлӕтмӕ стӕрхон кӕныны бӕсты нын Хуыцау ныббардзӕн ӕмӕ нын сыгъдӕг намысӕй раарфӕ кӕндзӕн (Куыстытӕ 3:19; 1 Петры 3:21).

18. Цавӕр ныфс нын дӕтты Йесойы нывонд?

18 Дыккаджы та нын Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонд дӕтты бындур фидӕны ныфсӕн. Апостол Иоанн йӕ цӕстылуайӕны федта, «тынг бирӕ адӕм, кӕцыйы ничи фӕрӕзта банымайын», кӕцы ацы цардыуагон системӕйы фидӕны кӕроны удӕгас баззайдзӕн. Цӕмӕн баззайдзысты уыдон удӕгас, Хуыцау куы скуынӕг кӕна бирӕ ӕндӕр адӕймӕгты, уӕд? Зӕд загъта Иоаннӕн, зӕгъгӕ, тынг бирӕ адӕм «цӕхсадтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы [Йесо Чырыстийы] Тугӕй» (Раргомад 7:9, 14). Цалынмӕ Йесо Чырыстийы тугныккалдмӕ уырнындзинад ӕвдисӕм ӕмӕ Хуыцауы домӕнтимӕ разыйӕ цӕрӕм, уӕдмӕ Хуыцауы цӕсты уыдзыстӕм сыгъдӕг ӕмӕ нын уыдзӕн ӕнусон царды ныфс.

19. Куыд ӕвдисӕн кӕны Йесойы нывонд, Йесо ӕмӕ дӕ йӕ Фыд кӕй уарзынц, ууыл?

19 Ӕртыккаджы та, ӕлхӕнӕг нывонд у Иегъовӕйы уарзондзинады иуыл стырдӕр бӕрӕггӕнӕн. Йесойы мӕлӕт йӕхимидӕг баиу кодта Дун-дунейы историйы уарзондзинады дыууӕ зынгӕдӕр равдысты: 1) Хуыцауы уарзондзинад, кӕцы йӕ Фырты рарвыста мах тыххӕй мӕлӕтмӕ; 2) Йесойы уарзондзинад, кӕцы цӕттӕдзинадимӕ йӕ цард ратта ахӕстаргъы хуызы (Иоанны 15:13; Ромӕгтӕм 5:8). Кӕд нӕ зӕрдӕбынӕй уырны, уӕд ацы уарзондзинад махӕй алкӕмӕ дӕр хауы. Апостол Павел загъта: ‘Хуыцауы Фырт мӕн бауарзта, ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи ратта’ (Галатӕгтӕм 2:20; 1 Иоанны 4:9, 10; Дзуттытӕм 2:9).

20. Цӕмӕн хъуамӕ ӕвдисӕм уырнындзинад Йесойы ӕлхӕнӕг нывондмӕ?

20 Цӕй ӕмӕ ӕргом кӕнӕм нӕ бузныгдзинад Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы уарзондзинады тыххӕй, Йесойы нывондмӕ уырнындзинад ӕвдисгӕйӕ. Уыцы уырнындзинад ӕнусон цардмӕ кӕны (Иоанны 3:36, НФ). Фӕлӕ уӕддӕр зӕххыл Йесойы царды ӕмӕ мӕлӕты сӕйраг нысан мах фервӕзын кӕнын нӕ уыд. Нӕ, ӕппӕты фыццаг Йесойы мӕты ӕфтыдта дайуаг фарста, кӕцы хаудта ӕппӕт Дун-дунемӕ. Иннӕ сӕры куыд фендзыстӕм, уымӕ гӕсгӕ ацы фарст хауы махӕй алкӕмӕдӕр, уымӕн ӕмӕ уымӕй цӕуы ӕргом, Хуыцау афтӕ бирӕ рӕстӕг цӕмӕн уадзы фыддзинад ӕмӕ фыдӕбӕттӕ.

СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ

Цӕмӕн хъуамӕ амардаид Йесо, цӕмӕй адӕймагад фервӕзын кодтаид?

Куыд ӕрцыд фыст ахӕстаргъ?

Цавӕр пайда исыс ахӕстаргъӕй?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв ахсы 67 фарс ӕнӕхъӕнӕй]