Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕмӕн зӕронд кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн мӕлӕм?

Цӕмӕн зӕронд кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн мӕлӕм?

Сӕр 6

Цӕмӕн зӕронд кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн мӕлӕм?

1. Цы нӕу ахуыргӕндты бон райхалын адӕймаджы царды тыххӕй?

 АХУЫРГӔНДТӔ нӕ зонынц, адӕймаг цӕмӕн зӕронд кӕны ӕмӕ цӕмӕн мӕлы. Куыд зыны, афтӕмӕй чырӕгты ног кӕныны процесс ма хъуамӕ ӕрлӕууид, ӕмӕ ӕнустӕм хъуамӕ цӕриккам. Иу чиныджы дзырдӕуы: «Чырӕгты зӕрондзинад, адӕймаджы зӕрондзинад ӕмӕ мӕлӕты ’хсӕн цы бастдзинад ис, уый зонд кӕй нӕ ахсы, ахӕм сусӕгдзинад у» («Hyojun Soshikigaku»). Бирӕ ахуыргӕндтӕ нымайынц, зӕгъгӕ, уымӕн йӕ бындуры ис «ӕрдзон, туджы рахӕсгӕ» царды кӕрон. Куыд хъуыды кӕныс ды, уыдон раст сты?

2. Цы арӕзтой иуӕй-иутӕ бирӕ цӕрӕнбонтӕм тырнгӕйӕ?

2 Адӕм кӕддӕридӕр тырныдтой бирӕцӕрӕнбонмӕ ӕмӕ ма архайдтой ӕнӕмӕлгӕ цард райсыныл дӕр. Н. э. агъоммӕ IV ӕнусы китайаг уӕздӕтты цымыдис кодтой хостӕ, кӕцытӕ, куыд нымадтой уымӕ гӕсгӕ, лӕвӕрдтой ӕнӕмӕлгӕ цард. Фӕстӕдӕр иуӕй-иу китайаг императортӕ нуӕзтой царды эликсиртӕ, кӕцытӕ арӕзт цыдысты джынасуйӕ, ӕмӕ иу амардысты. Мӕлӕт уӕвынады кӕроныл чи нӕ нымайы, ахӕм адӕмтӕ цӕрынц ӕппӕт зӕххыл. Буддистӕ, индустӕ, пысылмӕттӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр адӕмтӕ сӕхи ирхӕфсынц мӕлӕты фӕстӕ цӕрыны ныфсӕй. Чырыстон дунейы бирӕ адӕмтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц мӕлӕты фӕстӕ уӕларвон амондмӕ.

3. а) Цӕмӕн фӕнды адӕмы ӕнустӕм цӕрын? ӕ) Мӕлӕтимӕ баст цавӕр фарстытӕн хъӕуы раттын дзуапп?

3 Адӕймаджы ӕмбарынӕдтӕ мӕлӕты фӕстӕ амондджын царды тыххӕй ӕвдисӕн кӕнынц ӕнустӕм цӕрыны бӕллицыл. «Уый... сын бавӕрдта ӕнусондзинад сӕ зӕрдӕты»,— дзырдӕуы Библийы ӕнусондзинады сӕйраг хъуыдыйы тыххӕй, кӕцы нын Хуыцау бавӕрдта нӕ мидӕг (Екклесиаст 3:11, АМТ). Уый сфӕлдыста адӕмы зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны перспективӕимӕ (Уӕвынад 2:16, 17). Уӕдӕ ма цӕмӕн мӕлынц адӕм? Куыд ӕрбацыд мӕлӕт дунемӕ? Хуыцауы базонынад ӕмбарын кӕны ацы фарстытӕ (Псалом 118:105).

МӔНГАРД ФӔНД

4. Чи у Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕмы мӕлӕты бӕрндзинад чи хӕссы, уыцы фыдгӕнӕг?

4 Фыдгӕнӕг архайы йӕ фыдракӕнды фӕдтӕ фесафыныл. Раст ма афтӕ аразы цавӕрдӕр, фыдракӕнды бӕрнон гоймаг, кӕцы миллиардгай адӕмты мӕлӕтмӕ ӕркӕны. Уыцы чидӕр аразы алцыдӕр, цӕмӕй адӕймаджы мӕлӕт сусӕгдзинады уа. Йесо Чырысти иухатт уыцы фыдгӕнӕджы ном загъта Йӕ мӕлӕт кӕй фӕндыд, уыдонимӕ ныхасгӕнгӕйӕ: «Уӕ фыд хӕйрӕг у; ӕмӕ сымах фӕнды уӕ фыды фӕндӕттӕ ӕххӕст кӕнын, уый райдайӕнӕй уыд лӕгмар ӕмӕ нӕ бафӕрӕзта ӕцӕгады, уымӕн ӕмӕ уый у мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:31, 40, 44).

5. а) Куыд равзӕрд уыцы гоймаг, кӕцы сси фӕстӕдӕр Сайтан Хӕйрӕг? ӕ) Цы нысан кӕнынц дзырдтӕ «Сайтан» ӕмӕ «Хӕйрӕг»?

5 О, Хӕйрӕг у мӕнгард «лӕгмар». Библи хъусын кӕны, уый ӕрмӕст фыддзинад кӕй нӕу адӕймаджы зӕрдӕйы, фӕлӕ реалон гоймаг кӕй у (Матфейы 4:1—11). Кӕд уый рӕстаг зӕдӕй фӕлдыст уыд, уӕддӕр «нӕ бафӕрӕзта ӕцӕгады». Раст ӕй схуыдтой Сайтан Хӕйрӕг! (Раргомад 12:9, НФ). Хонынц ӕй «Сайтан», кӕнӕ «ныхмӕлӕууӕг», уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы ныхмӕ растад. Уыцы фыдгӕнӕджы ма схуыдтой «Хӕйрӕг» дӕр, кӕцы нысан кӕны «мӕнгдзурӕг», уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауы ныхмӕ дзургӕйӕ, Хуыцауӕй мӕнг загъта.

6. Цӕмӕн растад Сайтан Хуыцауы ныхмӕ?

6 Цы сразӕнгард кодта Сайтаны Хуыцауы ныхмӕ? Кӕрӕфдзинад. Уый фырмонцӕй бӕллыд, цӕмӕй йын адӕм Иегъовӕйӕн куыд куывтой, афтӕ куывтаиккой. Хӕйрӕг нӕ аппӕрста кувынад райсыны фӕндон, кӕцы бармӕ гӕсгӕ у ӕрмӕстдӕр Сфӕлдисӕджы. (Абар Иезекиль 28:12—19.) Уый бӕсты, зӕд, кӕцы сси Сайтан, дарддӕр йӕхимидӕг уыцы нӕрӕмон монц уыйбӕрц фӕхаста ӕмӕ йӕ ӕппын фӕстагмӕ ӕркодта тӕригъӕдмӕ (Иаковы 1:14, 15).

7. а) Цӕмӕн мӕлынц адӕм? ӕ) Цы у тӕригъӕд?

7 Уӕдӕ раиртӕстам, чи у аххосджын адӕмы мӕлӕты. Фӕлӕ уӕддӕр цӕмӕн мӕлынц адӕм? Библи дзуры: «Мӕлӕты фат та — тӕригъӕд» (1 Коринфӕгтӕм 15:56). Цы у тӕригъӕд та? Цӕмӕй ацы дзырды нысаниуӕг бамбарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, цавӕр хъуыды хаста Библи цы ӕвзӕгтыл фыст цыдис, уыдоны. Дзуттаг ӕмӕ грекъаг мивдисджытӕ, кӕцытӕ тӕлмац цӕуынц «тӕригъӕд ракӕнын»-ӕй, нысан кӕнынц «фӕивгъуыйын», кӕнӕ нысанмӕ нӕ бахауын. Цавӕр нысанмӕ нӕу нӕ бон бахауын? Уыцы нысан у ӕххӕст коммӕгӕсдзинад Хуыцауӕн. Фӕлӕ тӕригъӕд дунемӕ куыд бацыд?

КУЫД СӔВЗӔРД МӔНГАРД ФӔНД

8. Цы сфӕнд кодта Сайтан, цӕмӕй йын адӕм куывтаиккой?

8 Сайтан ӕрымысыд хинӕйдзаг пълан, кӕцы йӕ куыд ӕнхъӕлдта афтӕмӕй ӕркодтаид адӕймагадыл хицауиуӕгадмӕ ӕмӕ ма адӕм иуылдӕр уымӕн кӕй куывтаиккой, уымӕ дӕр. Уый сфӕнд кодта сардауын фыццаг адӕймагон къай, Адам ӕмӕ Евӕйы, Хуыцауы ныхмӕ тӕригъӕд саразыныл. Иегъовӕ нӕ фыдӕлтӕн ратта зонындзинӕдтӕ, кӕцытӕ сын фидарӕй лӕвӕрдтой ӕнусон царды фадат. Уыдон ӕй зыдтой, Сфӕлдисӕг сӕм тынг хӕларзӕрдӕ кӕй у, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кодта алӕмӕттаг Едемы дыргъдоны. Адам йӕ уӕларвон Фыды хорздзинад уӕлдайдӕр уӕд банкъардта, Хуыцау ын ӕххуысгӕнӕгӕй зӕрдӕмӕдзӕугӕ ус куы ратта (Уӕвынад 1:26, 29; 2:7—9; 18—23). Сӕ дарддӕры цард Хуыцауы коммӕгӕсдзинадӕй кӕнгӕ уыд.

9. Цавӕр фӕдзӕхст ратта Хуыцау фыццаг адӕймагӕн ӕмӕ уый раст цӕмӕн уыд?

9 Хуыцау бафӕдзӕхста Адамӕн: «Ды дыргъдоны алы бӕласӕй дӕр хӕрдзынӕ; фӕлӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр базонӕн бӕласӕй, уымӕй ма бахӕр; цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон, мӕлӕтӕй амӕлдзынӕ» (Уӕвынад 2:16, 17). Куыд Сфӕлдисӕг, Иегъовӕ Хуыцауӕн уыд бар йӕ сфӕлдисонтӕн иуылдӕр хӕрзӕгъдау нормӕтӕ ӕвӕрын ӕмӕ сын хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый бӕрӕг кӕнын. Ацы фӕдзӕхст уыд зондджын, уымӕн ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ бон уыд сӕрибарӕй дыргъдоны иннӕ бӕлӕсты дыргътӕй хӕрын. Сӕхи сӕрмагонд хӕрзӕгъдау нормӕты ӕвӕрыны бӕсты сӕ бон уыд, ацы закъон ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Иегъовӕйы рӕстаг хицауиуӕгдзинадӕн бузныгдзинад ӕвдисын.

10. а) Цы сарӕзта Сайтан, цӕмӕй адӕмы йӕ фӕндагыл слӕууын кодтаид? ӕ) Цавӕр хъуыдытӕ ӕрфыста уый Хуыцауыл? б) Цы хъуыды кӕныс ды Сайтаны хахуыр ныхӕсты тыххӕй?

10 Хӕйрӕг сфӕнд кодта фыццаг адӕймӕгты Хуыцауӕй аиуварс кӕнын. Цӕмӕй уыдон асайдтаид ӕмӕ сӕ йӕ фарс слӕууын кодтаид, уый тыххӕй Сайтан мӕнг загъта. Хуылфӕй дзурӕг куклӕйӕ куыд пайда кӕны, афтӕ калмӕй пайдагӕнгӕйӕ, Хӕйрӕг бафарста Евӕйы: «Раст загъта Хуыцау: дзӕнӕты макӕцы бӕласӕй бахӕрут?» Евӕ Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ куы бацамыдта, уӕд Сайтан загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут». Стӕй ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕрфыста Иегъовӕйыл, ӕмӕ загъта: «Зоны Хуыцау, цы бон сымах бахӕрат уыдонӕй, бакӕндзысты уӕ цӕстытӕ, ӕмӕ сымах уыдзыстут хуыцӕуттау [«Хуыцау», НД], хорз ӕмӕ ӕвзӕр зонджытӕ» (Уӕвынад 3:1—5). Афтӕмӕй Сайтан бӕлвырд кодта, Хуыцау йӕ сфӕлдисонтӕй цавӕрдӕр хорздзинад кӕй ӕмбӕхсы. Цы ӕлгъаг хахуыр ныхӕстӕ загъта намысджын, уарзӕгой уӕларвон Фыд, Иегъовӕйӕ!

11. Куыд систы Адам ӕмӕ Евӕ Сайтаны ӕмбӕлттӕ?

11 Евӕ ма иухатт скаст бӕласмӕ, йӕ дыргътӕ йӕм ныр уӕлдай цыбӕйлаг фӕкастысты. Уый ӕртыдта дыргъ ӕмӕ йӕ бахордта. Фӕстӕдӕр ӕм барвӕндонӕй ӕрбаиу йӕ мой дӕр Хуыцауӕн тӕригъӕдджын ӕгоммӕгӕсдзинады (Уӕвынад 3:6). Кӕд Евӕ фӕсайды, уӕддӕр уыдон Адамимӕ ахъаз уыдысты Сайтаны фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн, адӕймагадыл хицауиуӕг кӕныны. Уый фӕстиуӕгӕн уыдон систы йе ’мбӕлттӕ (Ромӕгтӕм 6:16; 1 Тимофеймӕ 2:14).

12. Цӕмӕ ӕркодта адӕмы Хуыцауы ныхмӕ растад?

12 Адам ӕмӕ Евӕ ныхӕй-ныхмӕ сӕмбӕлдысты сӕ фыдракӕндыл. Уыдон нӕдӕр Хуыцауы хуызӕн систы, ӕмӕ нӕдӕр уӕлдай базонынад райстой. Уый бӕсты уыдонмӕ худинаг ӕркаст ӕмӕ бамбӕхстысты. Иегъовӕ фӕдзырдта Адаммӕ дзуапп дӕттынмӕ ӕмӕ йын ахӕм тӕрхон рахаста: «Дӕ хид калгӕйӕ хӕрдзынӕ дӕ къӕбӕр, цалынмӕ нӕ ныздӕхай зӕхмӕ, кӕцыйӕ дӕ ист; уымӕн ӕмӕ сыджыт дӕ, ӕмӕ сыджытмӕ ныздӕхдзынӕ» (Уӕвынад 3:19). Нӕ фыдӕлтӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕласӕй «цы бон» бахордтой, уыцы бонӕй ӕрцыдысты Хуыцауӕй тӕрхонгонд ӕмӕ йӕ цӕсты амардысты. Адам ӕмӕ Евӕйы Дзӕнӕтӕй фӕсырдтой ӕмӕ ныллӕууыдысты, ӕппын фӕстаг сӕ мӕлӕтмӕ цы фӕндаг ӕркодта, ууыл.

КУЫД АПАРАХАТ ТӔРИГЪӔД ӔМӔ МӔЛӔТ

13. Куыд апарахат тӕригъӕд ӕппӕт адӕймагадыл?

13 Сайтан, ӕнӕдызӕрдыгӕй, ӕнтыстджын уыд йӕ тырнындзинады, цӕмӕй йын адӕм кад кодтаиккой. Фӕлӕ йӕ бон нӕу йӕ кувӕг адӕмы цард бахъахъхъӕнын. Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой, уӕд сӕ байзӕддӕгтӕн сӕ бон нал уыд ӕххӕстдзинад адӕттын. Дурыл нывгонд фыстау, тӕригъӕд арф фӕд ныууагъта нӕ фыдӕлты генӕты. Уымӕ гӕсгӕ уыдонӕн сӕ бон уыд рауадзын, ӕрмӕстдӕр ӕнӕххӕст цӕуӕт. Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕ сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт, уымӕн ӕмӕ райгуырдысты тӕригъӕд ракӕнды фӕстӕ (Псалом 50:7; Ромӕгтӕм 5:12).

14. а) Кӕй хуызӕн сты, сӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ сӕтты, уыцы адӕм? ӕ) Куыд бацамындӕуыд израилӕгтӕн сӕ таригъӕдтӕм?

14 Фӕлӕ абон бирӕтӕ сӕхи тӕригъӕдджынтыл нӕ нымайынц. Дунейы иуӕй-иу рӕтты туджы рахӕсгӕ тӕригъӕды ӕмбарынады тыххӕй ӕппындӕр ницы зонынц. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, тӕригъӕд кӕй нӕй. Чъиллон цӕсгом лӕппуйы бон у фидарӕй дзурын, сыгъдӕг кӕй у; фӕлӕ кӕсӕны куы акӕса, уӕд ма йын цы нӕ сразыгӕнгӕ ис. Рагон израилӕгтӕ дӕр ахӕм сабийы хуызӕн уыдысты, пехуымпар Моисейы уылты Хуыцауы Закъон куы райстой, уӕд. Закъон ӕргом ӕмбарын кодта, тӕригъӕд кӕй уӕвы. «Фӕлӕ ӕз тӕригъӕд ӕндӕр хуызы нӕ базыдтон, ӕрмӕст закъоны фӕрцы»,— ӕмбарын кодта апостол Павел (Ромӕгтӕм 7:7—12). Кӕсӕны йӕхимӕ кӕсӕг лӕппуйау Израилӕгтӕн уыд фадат, Закъоны кӕсӕны сӕхимӕ бакӕсын ӕмӕ фенын Иегъовӕйы цӕсты ӕнӕсыгъдӕг кӕй уыдысты.

15. Цы ӕргом кӕны Хуыцауы Ныхасы кӕсӕнмӕ ныккӕсгӕйӕ?

15 Кӕд Хуыцауы Ныхасы кӕсӕнмӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ хъус дарӕм йӕ нормӕтӕм, уӕд нӕ бон у бафиппайӕм не ’нӕххӕстдзинад (Иаковы 1:23—25). Ахъуыды ма кӕн, Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Матфейы 22:37—40-мӕ цы загъта Хуыцаумӕ ӕмӕ хӕстӕгмӕ уарзондзинады тыххӕй. Адӕм уый куыд арӕх нӕ фӕкӕнынц! Ӕгӕрыстӕмӕй, бирӕтӕ фӕсмон дӕр нӕ фӕкӕнынц, куы нӕ февдисынц уарзондзинад Хуыцаумӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕм (Лукайы 10:29—37).

ДӔХИ ХИЗ САЙТАНЫ ХИНТӔЙ!

16. Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Сайтаны хахуырты амӕттаг ма фӕуӕм, ӕмӕ уый ӕнцон цӕуылнӕ у?

16 Сайтан архайы, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын цардмӕ сразӕнгард кӕна (1 Иоанны 3:8). Цымӕ гӕнӕн ис, цӕмӕй йӕ хахуырты амӕттаг ма фӕуӕм? О, фӕлӕ уый тыххӕй хъӕуы тӕригъӕдджын ӕмхицдзинӕдтимӕ тох кӕнын. Уый ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ нӕ алкӕмӕдӕр ис ӕрдзӕй рахӕсгӕ тыхджын ӕмхицдзинад тӕригъӕдмӕ (Ефесӕгтӕм 2:3). Павел тох кодта ацы ӕмхицдзинӕдтимӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг уыд тӕригъӕд. Кӕд нӕ фӕнды Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уӕвын, уӕд хъуамӕ тох кӕнӕм ӕрдзӕй рахӕсгӕ тӕригъӕдджын ӕмхицдзинӕдтимӕ (Ромӕгтӕм 7:14—24; 2 Коринфӕгтӕм 5:10).

17. Цӕмӕн нын у зын нӕ тӕригъӕдджын ӕмхицдзинӕдтимӕ тох кӕнын?

17 Сайтан ӕппынӕдзух кӕй архайы нӕ фӕсайыныл, цӕмӕй нын Хуыцауы закъӕттӕ фехалын кӕна, уымӕ гӕсгӕ нын афтӕ ӕнцон нӕу тӕригъӕдимӕ тох кӕнын (1 Петры 5:8). Павел йе ’мчырыстӕттыл тыхсгӕйӕ загъта: «Фӕлӕ тӕрсын, калм хиндзинадӕй Евӕйы куыд сцыбӕл кодта, афтӕ сымах зонд дӕр куы фехӕла, иуварс ацӕугӕйӕ Чырыстийы мидӕг хуымӕтӕгдзинадӕй» (2 Коринфӕгтӕм 11:3). Сайтан абон дӕр ахӕм мадзӕлттӕй пайда кӕны. Уый архайы Иегъовӕйы иузӕрдиондзинад ӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм коммӕгӕсдзинады пайдайӕн дызӕрдыгдзинад байтауыныл. Хӕйрӕг архайы нӕ туджы рахӕсгӕ тӕригъӕдджын ӕмхицдзинӕдтӕй пайда кӕныныл, цӕмӕй нӕ сразӕнгард кӕна сӕрыстырдзинад, кӕрӕфдзинад, ӕнӕуынондзинад ӕмӕ ӕнӕраст зондахасты фӕндагыл цӕуынмӕ.

18. Куыд пайда кӕны Сайтан дунейӕ, цӕмӕй мах тӕригъӕдджын цардмӕ сразӕнгард кӕна?

18 Хӕйрӕджы ӕндӕвдады фӕрӕзтӕй иу — дуне, кӕцы ис йӕ хицауиуӕгады (1 Иоанны 5:19). Арӕхстджын куы нӕ уӕм, уӕд ацы дунейы хъахбай ӕмӕ ӕнӕууӕнк адӕм бацархайдзысты, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын цардмӕ ӕмӕ Хуыцауы хӕрзӕгъдау нормӕты ницӕмӕ дарынмӕ срӕзӕнгард кӕной (1 Петры 4:3—5). Бирӕтӕ Хуыцауы закъӕттыл ӕнӕввӕрсон сты ӕмӕ, ӕгӕрыстӕмӕй, намыс дӕр ницӕмӕ дарынц, кӕцы фӕстагмӕ ӕнӕнкъарӕг свӕййы (Ромӕгтӕм 2:14, 15; 1 Тимофеймӕ 4:1, 2). Фӕстӕдӕр, иуӕй-иутӕ сахуыр вӕййынц ахӕм хъуыддӕгтыл, кӕцытӕ сын, ӕгӕрыстӕмӕй, раздӕр сӕ ӕнӕххӕст намыс дӕр нӕ уагъта аразын (Ромӕгтӕм 1:24—32; Ефесӕгтӕм 4:17—19).

19. Цӕуылнӕ у фаг ӕрмӕст хӕрзуаг цард кӕнын?

19 Нӕ дунейы хӕрзӕгъдау сыгъдӕг цард ӕрвитын стыр ӕнтыстдзинад у. Фӕлӕ цӕмӕй не Сфӕлдисӕгӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ фылдӕр домдӕуы. Хъуамӕ нӕ уырна Хуыцау ӕмӕ ӕмбарӕм нӕ бӕрндзинад йӕ разы (Дзуттытӕм 11:6). «Чи зоны хорз ракӕнын, ӕмӕ йӕ чи нӕ кӕны, уымӕн уый у тӕригъӕд»,— ныффыста ахуыргӕнинаг Иаков (Иаков 4:17). О, Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ зонгӕйӕ чи ницӕмӕ дары, уый аразы тӕригъӕд.

20. Куыд архайы Сайтан дӕ бакъуылымпы кӕныныл, фӕлӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн ахӕм ӕндӕвдад сфӕразынӕн?

20 Бӕрӕг у, Сайтан кӕй разӕнгард кӕндзӕн адӕмы, цӕмӕй дӕ къуылымпы кӕной Библи ахуыр кӕныны ӕмӕ Хуыцауы базонынад райсыны. Стыр ныфс нӕ ис, ахӕм цӕлхдуртӕ дӕ раст архайынӕн кӕй нӕ бахъыгдардзысты (Иоанны 16:2). Кӕд Йесойыл йӕ лӕггаддзинады рӕстӕджы бирӕ сӕргълӕуджытӕ баууӕндыдысты, уӕддӕр ӕй не ’ргом кодтой, уымӕн ӕмӕ тарстысты адӕмы былысчьилтӕй (Иоанны 12:42, 43). Сайтан ӕппӕты ӕгъатырдӕр амӕлттӕй архайы, Хуыцауы зонындзинӕдтӕ райсынмӕ чидӕриддӕр тырны, уыдон тӕрсын кӕныныл. Фӕлӕ дын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у, Иегъовӕ цыдӕриддӕр сарӕзта, ууыл хъуыды кӕнын ӕмӕ йын аргъ кӕнын. Чи зоны, дӕ тырнындзинады руаджы дӕ ныхмӕлӕуджытӕ ацы хъуыддаг бамбарой ӕмӕ ма йын аргъ дӕр скӕной.

21. Куыд у нӕ бон дунейыл ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын ӕмхицдзинӕдтыл уӕлахиз уӕвын?

21 Цалынмӕ ӕнӕххӕст стӕм, уӕдмӕ тӕригъӕдтӕ араздзыстӕм (1 Иоанны 1:8). Фӕлӕ уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, нӕ тохы иунӕг не стӕм. О, нӕ бон у мӕнгард Сайтан Хӕйрӕгимӕ хӕсты уӕлахиздзаутӕй рацӕуын (Ромӕгтӕм 5:21). Йесо йӕ зӕххон лӕггаддзинады кӕрон йӕ фӕдылдзӕуджыты бафидар кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Дунейы уын уынгӕгдзинад уыдзӕни, фӕлӕ фидар лӕуут; Ӕз дунейы басастон» (Иоанны 16:33, НФ). Ӕнӕххӕст адӕмӕн дӕр Хуыцауы ӕххуысӕй сӕ бон у дуне басӕттын. Сайтаны бон ницы у саразын, йӕ ныхмӕ чи слӕууыд ӕмӕ ‘Хуыцауӕн йӕхи чи басӕттын кодта’, уыдонӕн (Иаковы 4:7; 1 Иоанны 5:18). Дарддӕр куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй Хуыцау бацархайдта тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй мах фервӕзын кӕныныл.

СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ

Чи у Сайтан Хӕйрӕг?

Адӕм цӕмӕн зӕронд кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц?

Цы у тӕригъӕд?

Сайтан адӕмы Хуыцауы ныхмӕ барӕй тӕригъӕд аразынмӕ куыд разӕнгард кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв ахсы 54 фарс ӕнӕнхъӕнӕй]