Цӕмӕн уадзы Хуыцау фыдӕбӕттӕ?
Сӕр 8
Цӕмӕн уадзы Хуыцау фыдӕбӕттӕ?
1, 2. Арӕх куыд ӕндавынц адӕмыл адӕймагон фыдӕбӕттӕ?
КУЫ ’рцӕуы ӕрдзытыхон азартӕ, кӕцытӕ скуынӕг кӕнынц алцыдӕр сӕ фӕндагыл ӕмӕ куы ахӕссынц адӕймӕгты цард, уӕд бирӕ адӕймӕгтӕ нӕ фембарынц, ахӕм тӕссаг хъуыддӕгты аххосаг. Иннӕтӕ та зындзинӕдтӕ ӕвзарынц фыдракӕндты абухтӕй, ӕгъатырдзинад ӕмӕ тыхмийӕ. Ды дӕр, чи зоны, дӕхимӕ фарст дӕттыс: цӕмӕн уадзы Хуыцау фыдӕбӕттӕ?
2 Бирӕтӕ ӕмбӕлон дзуапп куы не ссарынц ацы фарстӕн, уӕд сӕ уырнындзинад Хуыцаумӕ фесӕфы. Уыдон хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Хуыцауы адӕймагад не ’ндавы. Иннӕ тӕ та, кӕцытӕ нымайынц фыдӕбӕттӕ царды ’нӕмӕнгдӕр ӕцӕгдзинадыл, карз кӕнынц ӕмӕ адӕймагон ӕхсӕнады бӕллӕхты иуылдӕр азымджын кӕнынц Хуыцауы. Кӕд ды дӕр ӕвзарыс ахӕм ӕнкъарӕнтӕ, уӕд дӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бацымыдис кӕндзысты библион бӕлвырддзинӕдтӕ уыцы фарстыты тыххӕй.
ХУЫЦАУ НЕ ’ВЗАРЫН КӔНЫ ФЫДӔБӔТТӔ
3, 4. Цӕмӕн нӕ хъуамӕ уырна, Иегъовӕ ӕвзӕрдзинӕдтӕ ӕмӕ фыдӕбӕттӕ кӕй не ’взарын кӕны?
3 Библи нӕ ӕууӕндын кӕны, нӕ алыварс цы зындзинӕдтӕ уынӕм, уыдон нын Иегъовӕ Хуыцау кӕй не ’взарын кӕны. Зӕгъӕм, чырыстон ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Фӕлварӕнты мачи дзурӕд: „Хуыцау мӕ фӕлвары“; уымӕн ӕмӕ Хуыцау фыддзинадӕй фӕлвӕрд нӕ вӕййы ӕмӕ Йӕхӕдӕг дӕр никӕй фӕлвары» (Иаковы 1:13). Уый нысан кӕны, Хуыцау кӕй нӕ хӕссы бӕрн адӕймагады бирӕнымӕц ӕнамонддзинӕдты. Хуыцау адӕмы нӕ фӕлвары, цӕмӕй сӕ уӕларвон цардмӕ бацӕттӕ кӕна, ӕмӕ сӕ ӕфхӕргӕ дӕр нӕ кӕны се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй, кӕцытӕ ома сӕ раздӕры царды арӕзтой (Ромӕгтӕм 6:7).
4 Уымӕй уӕлдай ма, кӕд Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы номӕй ӕрцыд бирӕ тӕссаг хъуыддӕгтӕ, уӕддӕр Библийы кой дӕр нӕй, Хуыцау кӕнӕ Чырысти искӕд хорзыл кӕй банымадтой уыцы хъуыддӕгтӕ, уый тыххӕй. Хуыцау ӕмӕ Чырыстийӕн ницы ис иумӕйагӕй уыцы адӕмимӕ, кӕцытӕ дзурынц уыдонӕн кӕй лӕггад кӕнынц, фӕлӕ сӕхӕдӕг та фӕливд митӕ кӕй кӕнынц, сайынц, марынц, стигъынц ӕмӕ адӕмӕн ӕндӕр зындзинӕдтӕ хӕссынц. Ӕцӕгдӕр та, «цъаммардзинад у Хуыцауы раз ӕнӕрасты фӕндаг». Хуыцау «дард у... ӕнӕрӕстытӕй» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 15:9, 29).
5. Цавӕртӕ сты Иегъовӕйы иуӕй-иу миниуджытӕ ӕмӕ йын цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ис йе сфӕлдисонтӕм?
5 Библи дзуры, Иегъовӕ кӕй у «тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг» (Иаковы 5:11). Уый хъусын кӕны: «Хицау уарзы рӕстдзинад» (Псалом 36:28; Исай 61:8). Хуыцау мастисӕг нӕу. Ӕмӕнкъаргӕйӕ ӕмӕ хъусдардимӕ уый ӕнувыд у йе сфӕлдисонтыл ӕмӕ сын дӕтты цардӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг цы у, уый (Куыстытӕ 14:16, 17). Иегъовӕ афтӕ аразы Зӕххыл царды равзӕрдӕй фӕстӕмӕ.
ӔХХӔСТ РАЙДИАН
6. Цы дзырдӕуы иуӕй-иу таурӕгъты адӕймагады царды райдианы тыххӕй?
6 Мах сахуыр стӕм рыстытӕ ӕмӕ фыдӕбӕттыл. Уымӕ гӕсгӕ тынг зын у цард ӕнӕ уыдонӕй сфӕлгондзын, фӕлӕ афтӕ уыд адӕймаджы историйы райдианы. Уый тыххӕй ма дзырдӕуы иуӕй-иу адӕмты таурӕгъты дӕр. Зӕгъӕм, грекъаг мифологийы адӕймагады фондз ӕнусӕй, фыццаг схуыдтой «сыгъзӕрин ӕнус». Уӕд адӕм цардысты амондджынӕй ӕмӕ нӕ фыдӕбон кодтой тыхсӕттӕн куыстӕй, рыстытӕ ӕмӕ зӕронддзинадӕй. Китайӕгтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, мифон бур императоры (Хуа́н-ди) хицауиуӕгады рӕстӕджы адӕм цардысты сабырдзинады ӕмӕ истой ӕхцондзинад рӕсугъддзинадӕй ӕмӕ сӕ алыварсуӕвӕг дунейы фидыцӕй. Персӕгтӕм, египетӕгтӕм, тибетӕгтӕм, перуайнӕгтӕ ӕмӕ мексикӕйӕгтӕм баззад таурӕгътӕ адӕймагады райдианы амондджын рӕстӕджы ӕмӕ ӕххӕстдзинады тыххӕй.
7. Цӕмӕн сфылдыста Хуыцау зӕхх ӕмӕ адӕмы?
7 Дзыллӕты мифтӕ фӕлхатынц адӕймагон историйы рагондӕр чиныг — Библийы цы фыст ис, уый. Уый нын хъусын кӕны, зӕгъгӕ, Хуыцау фыццаг адӕймагон къай, Адам ӕмӕ Евӕйы, ӕрцӕрын кодта дзӕнӕты, кӕцы хуынд Едемы дыргъдон, ӕмӕ сын бардзырд ратта: «Цӕуӕт кӕнут ӕмӕ фылдӕр кӕнут, зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йыл ут хицауиуӕггӕнджытӕ» (Уӕвынад 1:28). Нӕ фыдӕлтӕ уыдысты ӕххӕст, ӕмӕ сӕ бон уыд фенын ӕнӕхъӕн зӕхх дзӕнӕт куыд суыдаид, цыран ӕххӕст адӕймагон бинонтӕ цардаиккой сабырдзинады ӕмӕ амондджынӕй. Уый уыд Хуыцауы фӕндон, Зӕхх ӕмӕ адӕмы куы фӕлдыста, уӕд (Исай 45:18).
КЪӔЙНЫХ БЫЦӔУСИДТ
8. Цавӕр фӕдзӕхст хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой Адам ӕмӕ Евӕ, фӕлӕ цы ’рцыдис?
8 Цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕхӕлардзинад бахъахъхъӕдтаиккой, уый тыххӕй Адам ӕмӕ Евӕ ма хъуамӕ бахордтаиккой «хорз ӕмӕ ӕвзӕр базонӕн бӕласӕй» (Уӕвынад 2:16, 17). Уыдон куы ӕххӕст кодтаиккой Иегъовӕйы закъон, уӕд зындзинӕдтӕ никуы нырхӕндӕг кодтаиккой адӕймаджы цард. Хуыцауы фӕдзӕхстӕн дӕлбар уӕвгӕйӕ, сӕ бон уыд Иегъовӕмӕ уарзондзинад ӕвдисын, ӕмӕ ма сӕ иузӕрдыгдзинад сбӕлвырд кӕнын дӕр (1 Иоанны 5:3). Фӕлӕ ӕхсӕзӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй алцыдӕр ӕрцыд иннӕрдӕм. Сайтаны ардыдӕй, Евӕ бахордта фӕдзӕхст бӕласы дыргъӕй. Фӕстӕдӕр Адам дӕр бахордта дыргъӕй.
9. Цавӕр дайуаг фарста ӕрӕвӕрдта Сайтан Иегъовӕйы тыххӕй?
9 Цы ’рцыд уымӕн йӕ ахсджиагдзинад ӕххӕстӕй ӕмбарыс? Сайтан Иегъовӕйы, куыд Ӕппӕтхъомысджыны бартӕ дзырддаг скодта. Йӕ ныхӕстӕй: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут», Хӕйрӕг гуырысхойаг скодта Хуыцауы ныхӕстӕ «мӕлӕтӕй амӕлдзынӕ». Дарддӕр Сайтан загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы дары нӕзонынады, ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй сӕ бон у Хуыцауы хуызӕн суӕвын, ӕмӕ сӕ нал хъуыдаид Хуыцауы ӕххуыс, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый хӕдбарӕй скъуыддзаггӕнгӕйӕ. Сайтан йӕ быцӕусидтӕй дзырддаг скодта Иегъовӕйы, куыд Дун-дунейы Бардарӕджы, рӕстдзинад ӕмӕ закъонондзинады уавӕр (Уӕвынад 2:17; 3:1—6).
10. Цы сгуырысхойаг кодта Сайтан адӕммӕ ахасты?
10 Сайтан Хӕйрӕг ма, ноджыдӕр, дызӕрдыггаг кодта, зӕгъгӕ, адӕм Иегъовӕмӕ хъуыстаиккой уӕдмӕ, цалынмӕ сын уымӕй пайда уыдаид. Ӕндӕр ныхӕстӕй, уый гуырысхойаг кодта адӕмы ӕнаипдзинад. Сайтан бӕлвырд кодта, зӕгъгӕ, иу адӕймаг дӕр бархийӕ нӕ баззайдзӕн Хуыцауӕн иузӕрдион. Сайтаны ацы къӕйных ныхӕстӕ зындгонд сты Иегъовӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовы тыххӕй библион хъусинагӕй, кӕцы н. э. агъоммӕ иу-1 600 азы размӕ сфӕрӕзта уӕззау фӕлварӕнтӕ. Иовы чиныджы фыццаг дыууӕ сӕры куы бакӕсай, уӕд базондзынӕ адӕймаджы фыдӕбӕтты аххосӕгтӕ ӕмӕ бамбардзынӕ, цӕмӕн сӕ уадзы Хуыцау.
11. Цавӕр адӕймаг уыд Иов, фӕлӕ йӕм цавӕр аххосаг ӕрхаста Сайтан?
11 Иов, «ӕнаипп, рӕстаг адӕймаг», Сайтаны ӕфхӕрӕнты бахаудта. Фыццаг уал Сайтан Иовыл ӕрфыста ӕвзӕр фӕндӕттӕ ӕмӕ ахӕм фарстытӕ сӕвӕргӕйӕ: «Ӕнӕхъуаджы тӕрсы Иов Хуыцауӕй?» Уый фӕстӕ Сайтан цъыфкалӕн скодта Хуыцау ӕмӕ Иовыл, зӕгъгӕ, Иов уый фӕрцы кӕй уыд Иегъовӕйыл иузӕрдион, йӕ сӕрыл кӕй хӕцыд ӕмӕ йын кӕй арфӕ кодта. «Фӕлӕ адаргъ кӕн Дӕ къух,— загъта Сайтан Иегъовӕйӕн, быцӕугӕнгӕйӕ,— ӕмӕ бавнал, цыдӕриддӕр ӕм ис уымӕ,— кӕддӕра ма Дын уый арфӕ кӕнид?» (Иов 1:8—11).
12. а) Цавӕр фарстытӕн ӕрцыд лӕвӕрд дзуапп, Хуыцау Сайтаны кӕй бауагъта Иовы бафӕлварын? ӕ) Куыд фӕци Иовы фӕлварӕн?
12 Иов Хуыцауӕй алыхуызон арфӕдзинӕдтӕ кӕй иста, ӕрмӕст уый тыххӕй лӕггад кодта Иегъовӕйӕн? Фӕлварӕнты ӕнаипдзинад бахъахъхъӕдтаид? Ӕмӕ Иегъовӕйӕ куы зӕгъӕм уӕд, уый ӕххӕстӕй уыд ныфсджын йӕ лӕггадгӕнӕгӕй, цӕмӕй йын йӕ фӕлварӕн бауагътаид ӕви нӕ? Цӕмӕй ацы фарстытӕн сдзуапп кодтаид, уый тыххӕй Иегъовӕ хъуамӕ раттаид бар Сайтанӕн Иовы бафӕлварынӕн. Иовы чиныджы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Хуыцауы ӕруагъд ӕппӕт фӕлварӕнтӕм нӕкӕсгӕйӕ, Иов бахъахъхъӕдта иузӕрдиондзинад ӕмӕ сси ахъаз Иегъовӕйы рӕстдзинад ӕмӕ адӕмы ӕнаипдзинад сраст кӕнынӕн (Иов 42:1, 2, 12).
13. Куыд хауы махмӕ, Едемы ӕмӕ Иовыл цы ’рцыд, уый?
13 Едемы дыргъдоны ӕмӕ фӕстӕдӕр та Иовыл цы ’рцыд, уый у бирӕ ахсджиагдӕр. Сайтан ӕрӕвӕрдта дайуаг фарстытӕ, кӕцытӕ хауынц ӕппӕт адӕймагадмӕ, ӕмӕ ма уыдон нымӕцы абон махмӕ дӕр. Уый Хуыцауы номыл цъыфкалӕн скодта, ӕмӕ ма йын йӕ хицауиуӕгдзинадмӕ дӕр бахъавыд. Гуырысхойаг сси Хуыцауы сфӕлдисонты, адӕмы ӕргомдзинад. Ацы дайуаг фарстытӕ хъуыд аскъуыддзаг кӕнын.
КУЫД АСКЪУЫДДЗАГ СТЫ ДАЙУАГ ФАРСТЫТӔ
14. Цы у адӕймагӕн йӕ бон саразын, исчи йӕ куы аххосджын кӕна, уӕд?
14 Иллюстрацийӕн райсӕм: зӕгъӕм дын ис амондджын бинонтӕ ӕмӕ цалдӕр сывӕллоны. Ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы дӕ сыхаг райдыдта мӕнг дзурын, ома дӕ ныййарӕджы хӕстӕ раст не ’ххӕст кӕныс. Цы бакӕнис, дӕ сыхаг куы дзура дӕ сывӕллӕттӕ дӕу кӕй нӕ уарзынц, фӕлӕ демӕ уымӕн цӕрынц, ӕмӕ нӕ зонынц ӕндӕр хуыздӕр уавӕртӕ кӕй ис ӕмӕ дӕ уыдон ныууадзиккой, исчи сын уыцы гӕнӕнтӕ куы фенын кӕнид, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн зӕгъдзынӕ: «Ӕнӕмбаргӕдзинад у!» О, мӕнг, фӕлӕ йӕ куыд сбӕлвырд кӕнис? Иуӕй-иу ныййарджытӕ, ӕвӕццӕгӕн, смӕсты уыдзысты. Проблемӕ аскъуыддзаг кӕныны бӕсты, ахӕм мӕстджын реакци ӕрмӕстдӕр баххуыс кӕндзӕн мӕнгдзинадӕн. Хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнынӕн ӕппӕты хуыздӕр амал у де ’фхӕрӕгӕн фадат раттын йӕ ныхӕстӕ сбӕлвырд кӕнынӕн ӕмӕ дӕ сывӕллӕтты сыгъдӕг уарзондзинадӕн дӕумӕ равдисыны бар раттынӕн.
15. Куыд аскъуыддзаг кодта Иегъовӕ Сайтаны быцӕусидт?
15 Иегъовӕ зӕрдыл лӕууын кӕны ахӕм уарзӕгой фыды. Адам ӕмӕ Евӕйы ис абарӕн йӕ сывӕллӕттимӕ, Сайтаныл та фидауы мӕнгдзурӕг сыхаджы фӕлгонц. Хуыцау Сайтан, Адам ӕмӕ Евӕйы кӕй не скуынӕг кодта, уый тыххӕй йын уыд ахадгӕ бындуртӕ, фӕлӕ ма сын цасдӕр рӕстӕджы цӕрыны бар ратта. Уый ратта фадат нӕ фыдӕлтӕн цӕуӕт кӕнынӕн ӕмӕ адӕймагон бинонтӕн райдиан раттынӕн, Хӕйрӕгӕн та лӕвӕрд ӕрцыд фадат йӕ ныхӕсты рӕстдзинад сбӕлвырд кӕнынӕн, цӕмӕй ахӕм хуызы фарст аскъуыддзаг уыдаид. Фӕлӕ райдианӕй Хуыцау зыдта, иуӕй-иу адӕймӕгтӕ йын кӕй уыдзысты иузӕрдион ӕмӕ кӕй сбӕлвырд кӕндзысты Сайтаны фӕлитойдзинад. Куыд бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, фыццагонау кӕй арфӕ кӕны ӕмӕ кӕй ӕххуыс кӕны, чи йӕ уарзы, уыдонӕн! (2 Паралипоменон 16:9; Фӕсномыг ныхӕстӕ 15:3).
ЦЫ СБӔЛВЫРД?
16. Куыд бахаудта дуне Сайтаны хицауиуӕджы?
16 Ӕппӕт адӕймагон историйы дӕргъы Сайтанӕн уыд ӕххӕст сӕрибардзинад ӕмӕ ма адӕмыл хицауиуӕг кӕныны мӕнгард пълан ӕнӕкъуылымпыйӕ ӕххӕст кӕныны бар дӕр. Иннӕ хъуыддӕгтимӕ иумӕ Хӕйрӕг ӕндӕвта политикон тыхтыл ӕмӕ ахъаз уыд динты равзӕрдӕн, кӕцыты адӕм, сӕхӕдӕг ӕй не ’мбаргӕйӕ кувынц Иегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ уымӕн. Афтӕ Хӕйрӕг сси «ацы дуджы хуыцау» ӕмӕ йӕ схуыдтой «дунейы ӕлдар» (2 Коринфӕгтӕм 4:4; Иоанны 12:31). Ныр «ӕппӕт дуне кӕй ис фыддзинады [«хӕйрӕджы ӕлдариуӕгады», НТ]» (1 Иоанны 5:19). Уый нысан кӕны, Сайтан кӕй сбӕлвырд кодта, йӕ бон кӕй у адӕмы иуылдӕр Иегъовӕ Хуыцауӕй аиуварс кӕнын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Сайтаны уӕвынад бауадзгӕйӕ, Иегъовӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кодта дарддӕр. Куыд ӕмбарын кӕны Библи, Хуыцау фыддзинад цӕмӕн уадзы?
17. Цы не ’мбӕлы хъуыды кӕнын фыддзинад ӕмӕ фыдӕбӕтты аххосаджы тыххӕй?
17 Иегъовӕ не ’взарын кӕны фыддзинад ӕмӕ фыдӕбӕттӕ. Сайтан ацы дунейы хицау ӕмӕ ацы дуджы хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уый ӕмӕ йын чи ӕххуыс кӕны, уыдон дзуаппдӕттӕг сты адӕймагон ӕхсӕнады нырыккон уавӕртӕ ӕмӕ адӕмы ӕппӕт фыдӕбӕттӕн. Никӕй бон у уыцы хъуыддӕгты Хуыцауы азымджын кӕнын (Ромӕгтӕм 9:14).
18. Цы сбӕлвырд Хуыцауӕй хӕдбар уӕвынӕй, Иегъовӕ фыддзинад ӕмӕ фыдӕбӕттӕ кӕй ӕруагъта, уый руаджы?
18 Иегъовӕ фыддзинад ӕмӕ фыдӕбӕттӕ кӕй ӕруагъта, уый руаджы сбӕлвырд, Хуыцауӕй хӕдбарад кӕй не ’рхӕсдзӕн хуыздӕр дуне. Истори нысан кӕны кӕрӕдзийы фӕдыл ӕнамонддзинӕдтӕ. Ӕмӕ йӕ аххосаг уый мидӕг ис, адӕмы кӕй бафӕндыд Хуыцауӕй хӕдбар уӕвын, йӕ ныхасӕн ӕмӕ йын йӕ фӕндонӕн кӕй нӕ кад кӕнынц. Иегъовӕйы рагон адӕм ӕмӕ уыцы адӕмы къухдриуӕггӕнджытӕ «сӕхи фӕндагыл» куы цыдысты ӕмӕ Хуыцауы ныхас куы иуварс кодтой, уӕд йӕ фӕстиуджытӕ уыдысты сафӕг. Хуыцау сын йӕ пехуымпар Иеремийы уылты загъта: «Фӕхудинаг сты зондджынтӕ, хорзау нал фесты ӕмӕ стыхстысты хызы; мӕнӕ, уыдон аиуварс кодтой Хицауы ныхас; цымӕ цӕй мидӕг ис сӕ зондджындзинад?» (Иереми 8:5, 6, 9). Иегъовӕйы нормӕтыл нӕ хӕцгӕйӕ, адӕймагад сси ӕнӕздахӕн науы хуызӕн, кӕцы денджызы тыхджын дымгӕ иу фарсӕй иннӕ фарсмӕ раппар-баппар кӕны.
19. Цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, Сайтаны бон кӕй нӕу адӕмы иуылдӕр Хуыцауы ныхмӕ сразӕнгард кӕнынӕн?
19 Хуыцау фыддзинад ӕмӕ фыдӕбӕттӕ кӕй ӕруагъта, уый руаджы сбӕлвырд Сайтаны бон кӕй нӕу Иегъовӕйӕ ӕппӕт адӕймагады акӕнын. Истори ӕвдисӕн кӕны, кӕй уыдис алкӕддӕр ахӕм адӕймӕгтӕ, кӕцытӕ сӕ фӕлварӕнтӕм ӕмӕ ӕнамонддзинӕдтӕм нӕкӕсгӕйӕ, Хуыцауӕн иузӕрдионӕй баззадысты. Бирӕ ӕнусты дӕргъы Иегъовӕ ӕххуыс кӕны йӕ лӕггадгӕнджытӕн, ӕмӕ йӕ ном хъуыстгонд цӕуы ӕппӕт зӕххыл (Рацыд 9:16; 1 Паддзахӕдты 12:22). Дзуттытӕм 11-ӕм сӕры, дзырдӕуы Авел, Енох, Ной, Авраам, Моисей, ӕмӕ ма бирӕ иузӕрдион адӕймӕгты тыххӕй. Евреӕгтӕм 12:1-ы (НФ) уыдон хуыйнынц «ӕвдисӕнты ӕврагъ». Уыдон уыдысты Иегъовӕйыл ӕнӕфӕцудгӕ уырнындзинады цӕвиттон. Афтӕ абон дӕр бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ раттой сӕ цард, Хуыцауы раз се ’наипдзинад бахъахъхъӕныны сӕраппонд. Уыдон сӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинадӕй ӕххӕстӕй сбӕлвырд кодтой, Сайтаны бон кӕй нӕу адӕмы иуылдӕр Хуыцауы ныхмӕ скӕнын.
20. Цы сбӕлвырд Хуыцау ӕмӕ адӕймагады тыххӕй, Иегъовӕ фыддзинад ӕмӕ фыдӕбӕттӕ кӕй ӕруагъта, уый руаджы?
20 Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, Хуыцау фыддзинад ӕмӕ фыдӕбӕттӕ кӕй ӕруагъта, уымӕй сбӕлвырд, ӕрмӕст Иегъовӕйӕн, Сфӕлдисӕгӕн, кӕй ис бар ӕмӕ кӕй у адӕмыл къухдариуӕг кӕнын хъом се ’нусон фарн ӕмӕ амонды номыл. Ӕнусты дӕргъы адӕм бафӕлвӕрдтой хицауиуӕгады алыхуызон формӕтӕ. Ӕмӕ сӕ уый цӕмӕ ӕркодта? Вазыгджын проблемӕтӕ ӕмӕ кризистӕ, кӕцытимӕ абон сӕмбӕлынц дзыллӕтӕ, ӕвдисӕн кӕнынц библион раныхасы ӕцӕгдзинадыл: «Адӕймаг адӕймагыл ӕлдариуӕг кӕны зианӕн» (Екклесиаст 8:9). Ӕрмӕст Иегъовӕйы бон у махӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ йӕ фыццаг фӕндон сӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ Хуыцау уый куыд сараздзӕн ӕмӕ кӕд?
21. Цы ӕрцӕудзӕн Сайтаныл ӕмӕ чи сӕххӕст кӕндзӕн уый?
21 Адам ӕмӕ Евӕ куыддӕр Сайтаны хахуырты амӕттаг фесты, афтӕ Хуыцау фехъусын кодта йӕ фӕндон адӕймагад фервӕзын кӕныны тыххӕй. Иегъовӕ Сайтаны тыххӕй мӕнӕ цы загъта: «Фыдзӕрдӕдзинад ӕрӕвӕрдзынӕн де ’хсӕн ӕмӕ бинойнаджы ’хсӕн, ӕмӕ дӕ мыггаджы ’хсӕн ӕмӕ уый мыггаджы ’хсӕн; уый дын цӕвдзӕн дӕ сӕр, ӕмӕ йын ды та йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ» (Уӕвынад 3:15). Уыцы хъусинаг дӕтты гаранти, Хӕйрӕгӕн йе ’взӕр хъуыддӕгтӕн ӕнӕкӕрон барлӕвӕрд кӕй нӕ уыд. Куыд мессианон Паддзахады Паддзах, ныфсӕвӕрд Мыггаг, Йесо Чырысти, ‘Сайтанӕн ныцъцъӕл кӕндзӕн йӕ сӕр’. О, «тагъд» Йесо басӕтдзӕн ацы змӕнтӕджы! (Ромӕгтӕм 16:20).
ЦЫ БАКӔНДЗЫНӔ?
22. а) Цавӕр фарстытыл сӕмбӕлдзынӕ ныхӕй-ныхмӕ? ӕ) Кӕд Сайтан йӕ маст Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл калы, уӕддӕр уыдон цӕуыл ӕууӕндынц фидарӕй?
22 Ныр ды зоныс дайуаг фарстыты тыххӕй, ӕмӕ цымӕ кӕй фарс слӕудзынӕ? Хъуыддагӕй йӕ равдисдзынӕ, Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг кӕй дӕ? Сайтан кӕй зоны, чысыл рӕстӕг ын кӕй баззад, уымӕ гӕсгӕ бацархайдзӕн алцыдӕр саразын, цӕмӕй Хуыцауы раз ӕнаипдзинад бахъахъхъӕныныл чи архайы, уыдоныл йӕ маст ныккала (Раргомад 12:12). Фӕлӕ дӕ бон у Хуыцауы ӕххуысыл дӕ зӕрдӕ дарай, уымӕн ӕмӕ «Хицау фӕстиат нӕ кӕны сӕххӕст кӕнынмӕ зӕрдӕвӕрды» (2 Петры 2:9). Уый дыл нӕ ӕруадздзӕн, цӕмӕй бавзарай дӕ хъаруйӕ фылдӕр фӕлварӕнтӕ, ӕмӕ дын уыдон сфӕразынӕн баххуыс кӕндзӕн (1 Коринфӕгтӕм 10:13).
23. Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕнӕдызӕрдыгӕй?
23 Цӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм уыцы бонмӕ, цалынмӕ Паддзах Йесо Чырысти Сайтан ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты ныхмӕ нӕ раста, уӕдмӕ (Раргомад 20:1—3). Йесо аиуварс кӕндзӕн адӕймагады маст ӕмӕ хӕццӕдзинады аххосджынты иуылдӕр. Цалынмӕ уыцы рӕстӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ адӕмты иуыл риссаг цардӕвзарӕнтӕй иу у зӕрдиаг адӕймаджы мӕлӕт. Бакӕс иннӕ сӕр ӕмӕ базондзынӕ, цы ӕрцӕуы уыдоныл.
СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ
Кӕцӕй йӕ зонӕм, Иегъовӕ фыдӕбӕттӕ кӕй не ’взарын кӕны?
Цавӕр дайуаг фарстытӕ ӕрӕвӕрдта Сайтан Едемы, кӕцытӕ Иовы рӕстӕджы иртӕст ӕрцыдысты?
Цы сбӕлвырд, Хуыцау фыдӕбӕттӕ кӕй ӕруагъта, уымӕй?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]