Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнустӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕныны нысан сӕвӕр дӕ разы

Ӕнустӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕныны нысан сӕвӕр дӕ разы

Сӕр 18

Ӕнустӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕныны нысан сӕвӕр дӕ разы

1, 2. Хуыцауы зонындзинӕдты йеддӕмӕ ма цы у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг?

 ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ ма ауайын кӕн, зӕгъӕм, лӕууыс бирӕ хӕзнатӕ кӕм ис, ахӕм ӕхгӕд дуары раз. Ӕмӕ дын, бар кӕмӕн ис, ахӕм адӕймаг ратта дӕгъӕл ӕмӕ дын загъта, дӕ бон кӕй у райсын уыцы зынаргъ хӕзнатӕ. Уыцы дӕгъӕл дын ницы ратдзӕн, цалынмӕ дзы не спайда кӕнай, уӕдмӕ. Раст афтӕ хъӕуы спайда кӕнын зонындзинӕдтӕй дӕр, кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дын пайда ӕрхӕссой.

2 Уӕлдайдӕр уый хауы Хуыцауы зонындзинӕдтӕм. Ӕцӕгдӕр Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй зонындзинӕдтӕ кӕнынц ӕнусон цардмӕ (Иоанны 17:3). Фӕлӕ, уыцы ныфс цӕмӕй сӕххӕст уа, уый тыххӕй ӕрмӕст зонындзинӕдтӕ фаг не сты. Зынаргъ дӕгъӕлӕй куыд спайда кодтаис, афтӕ дӕ хъӕуы Хуыцауы зонындзинӕдтӕй дӕр дӕ царды спайда кӕнын. Йесо загъта, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг кӕй «бацӕудзӕн... Паддзахадмӕ». Ахӕм адӕймагӕн уыдзӕнис Хуыцауӕн ӕнустӕм лӕггад кӕныны уӕлидзинад! (Матфейы 7:21; 1 Иоанны 2:17).

3. Цы у Хуыцауы фӕндон махӕн?

3 Хуыцауы фӕндон базонгӕйӕ, ахсджиаг у йе ’ххӕст кӕнын. Куыд хъуыды кӕныс, цы у Хуыцауы фӕндон дӕу тыххӕй? Зӕгъӕн ын ис дыууӕ ныхасӕй: Йесойы фӕзмынын. Петры фыццаг ӕрвысты 2:21-ы кӕсӕм: «Сымах уымӕ хуынд стут; уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта, ныууадзӕгӕйӕ нын дӕнц, цӕмӕй мах цӕуӕм Йӕ къахвӕдтыл». Уымӕ гӕсгӕ дӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн хъӕуы Йесойы цӕвиттон арӕхстджындӕрӕй фӕзмынын. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, Хуыцауы зонындзинӕдтӕй кӕй пайда кӕныс.

КУЫД ПАЙДА КОДТА ЙЕСО ХУЫЦАУЫ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔЙ

4. Цӕмӕн зоны Йесо Иегъовӕйы тыххӕй афтӕ бирӕ ӕмӕ куыд спайда кодта йӕ зонындзинӕдтӕй?

4 Йесо Чырысти Хуыцауы иннӕтӕй бирӕ хуыздӕр зоны. Цалынмӕ зӕхмӕ ӕрцыдаид, уӕдмӕ ӕнусты дӕргъы цард ӕмӕ куыста Иегъовӕ Хуыцауимӕ уӕларвыл (Колоссӕгтӕм 1:15, 16). Куыд пайда кодта Йесо уыцы зонындзинӕдтӕй? Уыцы зонындзинӕдты хицау кӕй уыд, ӕрмӕст ын уый фаг нӕ уыд. Йесо уыцы зонындзинӕдтӕй царды пайда кодта. Уый тыххӕй уыд адӕмимӕ ахӕм зӕрдӕхӕлар, фӕразон ӕмӕ уарзӕгой. Ахӕм хуызы Йесо йӕ уӕларвон Фыды фӕзмыдта ӕмӕ архайдта Иегъовӕйы фӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ уый тыххӕй зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ (Иоанны 8:23, 28, 29, 38; 1 Иоанны 4:8).

5. Йесо аргъуыд цӕмӕн райста ӕмӕ куыд цард йӕ аргъуыды нысанмӕ гӕсгӕ?

5 Йесомӕ цы зонындзинӕдтӕ уыд, уыдон ӕй сразӕнгард кодтой ныфсджын къахдзӕф скӕнынмӕ дӕр. Уый ӕрцыд Галилейӕ Иорданы цӕугӕдонмӕ, цыран ӕй Иоанн саргъуыдта (Матфейы 3:13—15). Цы нысан кодта Йесойы аргъуыд? Йесо уыд дзуттаг — райгуырдис Хуыцауӕн нывонд адӕмы ’хсӕн. Уымӕ гӕсгӕ Йесо Хуыцауӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ нывонд уыд (Рацыд 19:5, 6). Аргъуыд райсгӕйӕ, уый ратта йӕхи Иегъовӕйӕн, цӕмӕй сӕххӕст кодтаид уыцы рӕстӕджы Хуыцауы фӕндон (Дзуттытӕм 10:5, 7). О, Йесо цардис йӕ аргъуыды нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ. Уый йе ’ппӕт тыхтӕ лӕвӕрдта Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ йӕм Хуыцауы тыххӕй цы зонындзинӕдтӕ уыд, уыдон ӕппынӕдзух дзырдта адӕмӕн. Йесо иста циндзинад Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнгӕйӕ, ӕмӕ ма йӕ абарста хӕринагимӕ дӕр (Иоанны 4:34).

6. Йесо йӕхиуыл ӕвдисӕн куыд бакодта?

6 Йесо хорз зыдта, куыд зынаргъ ын слӕудзӕн Иегъовӕйы фӕндон сӕххӕст кӕнын — суанг ын йӕ царды аргъ кӕй слӕудзӕн. Уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, Йесо ‘йӕхиуыл ӕвдисӕн бакодта’, йӕ сӕрмагонд интерестӕ дыккаг бынаты сӕвӕргӕйӕ. Алкӕддӕр Хуыцауы фӕндон фыццаг бынаты ӕвӕрдта. Махӕн та куыд у нӕ бон Йесойы ӕххӕст цӕвиттон фӕзмынын?

ӔНУСОН ЦАРДМӔ КӔНӔГ КЪАХДЗӔФТӔ

7. Аргъуыдмӕ развӕдгӕнӕг къахдзӕфтӕй сӕ иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

7 Йесойы уӕлдай, мах стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ нӕ бон аргъуыд райсын у, ӕрмӕстдӕр, дӕлдӕр ранымайгӕ ахсджиаг къахдзӕфтӕ скӕнгӕйӕ. Фыццаджыдӕр уал, хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ райсӕм Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй зонындзинӕдтӕ. Уый нӕ сразӕнгард кӕндзӕн уырнындзинад ӕвдисынмӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ стыр уарзондзинад ӕнкъарынмӕ (Матфейы 22:37—40; Ромӕгтӕм 10:17; Дзуттытӕм 11:6). Хуыцауы закъӕттӕ, принциптӕ ӕмӕ нормӕтӕн дӕлбарад нӕ хъуамӕ сразӕнгард кӕна, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕнӕм ивгъуыд тӕригъӕдтыл ӕмӕ равдисӕм Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ фӕсмон. Уый кӕны зондахасты ивынадмӕ, ома цалынмӕ Хуыцауы базыдтам, уӕдмӕ цыдӕриддӕр ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ арӕзтам, уыдон аиуварс кӕнынмӕ (Куыстытӕ 3:19). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд нырма дӕр раст аразыны бӕсты, сусӕгӕй цавӕрдӕр тӕригъӕд аразӕм, уӕд куыд ӕмбӕлы, афтӕ не сраст стӕм ӕмӕ Хуыцауы нӕ фӕсайдзыстӕм. Иегъовӕ хаты цыфӕнды цӕстмӕхъусдзинад дӕр (Лукайы 12:2, 3).

8. Паддзахады уацамынды дӕ хайад исын куы фӕнда, уӕд цы хъуамӕ аразай?

8 Ныр Хуыцауы зонындзинӕдтӕ кӕй исыс, уымӕ гӕсгӕ афон нӕу духовон хъуыддӕгтӕ сӕрмагонд хъуыддӕгтӕй уӕлдӕр сӕвӕрынӕн? Ӕвӕццӕгӕн дӕу тынг фӕнды радзурын дӕ хӕстӕджытӕн, ӕмбӕлттӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕймӕгтӕн, цы базыдтай, уый. Гӕнӕн ис уый нырид аразыс Йесойау, кӕцы ӕнӕформалонӕй хъусын кодта цины хабар алкӕмӕндӕр (Лукайы 10:38, 39; Иоанны 4:6—15). Ныр та дӕ, чи зоны, фылдӕр аразын фӕнды. Чырыстон хистӕртӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты демӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты регулярон уацамынды хайад исынмӕ цӕттӕ дӕ ӕви нӕ. Кӕд о, уӕд хистӕртӕ бацархайдзысты, цӕмӕй Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ ацӕуай. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ амындтыл хӕст уыдысты ӕмӕ сӕ лӕггаддзинад ӕмхуызонӕй ӕххӕст кодтой (Маркы 6:7, 30; Лукайы 10:1). Ахӕм ӕххуыс дын пайда уыдзӕн, Паддзахады хабар куы хъусын кӕнай хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ ӕнӕформалонӕй, уӕд (Куыстытӕ 20:20, 21).

9. Адӕймаг йӕхи куыд нывонд кӕны Хуыцауӕн ӕмӕ йын уый куыд ӕндавы йӕ цардыл?

9 Ӕмбырды территорийы ӕппӕт адӕмтӕн цины хабар хъусын кӕнын у ӕцӕгадмӕ хорз зӕрдӕ чи дары, уыдон ссарыны амал, ӕмӕ ма дӕ уырнындзинад равдисыны фадат дӕр (Куыстытӕ 10:34, 35; Иаковы 2:17, 18, 26). Чырыстон фембӕлдтӕм регуляронӕй цӕугӕйӕ, ӕмӕ уацамынды хайад исгӕйӕ дӕр, равдисдзынӕ ды кӕй ӕрфӕсмон кодтай ӕмӕ кӕй аивтай, ӕмӕ ныр кӕй сфӕнд кодтай Хуыцауы базонынадмӕ гӕсгӕ цӕрын. Цавӕр у иннӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг къахдзӕф? Иегъовӕ Хуыцауӕн хиснывонд кӕнын. Уый нысан кӕны, зӕрдӕбын куывды Хуыцауӕн зӕгъын, кӕй дӕ фӕнды цӕттӕдзинадимӕ ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ дӕ цард раттын ӕмӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Уый у Иегъовӕйӕн хиснывонд кӕныны ӕмӕ Йесо Чырыстийы ӕфсондз райсыны фадат (Матфейы 11:29, 30).

АРГЪУЫД — ЦЫ НЫСАН КӔНЫ ДӔУӔН

10. Цӕмӕн хъӕуы аргъуыд райсын Иегъовӕйӕн хиснывонд кӕныны фӕстӕ?

10 Йесо загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иуылдӕр кӕй хъуамӕ исой аргъуыд (Матфейы 28:19, 20). Цӕмӕн у уый ӕнӕмӕнгхъӕуӕг Хуыцауӕн хиснывонд кӕныны фӕстӕ? Иегъовӕйӕн хиснывонд кӕныны фӕстӕ, уый зоны, ды йӕ кӕй уарзыс. Фӕлӕ дӕу, ӕнӕдызӕрдыгӕй, фӕнддзӕн, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр базоной Хуыцаумӕ дӕ уарзондзинады тыххӕй. Аргъуыд дын дӕтты фадат, цӕмӕй алкӕмӕндӕр ӕргомӕй сбӕлвырд кӕнай, дӕхи Иегъовӕ Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтай (Ромӕгтӕм 10:9, 10).

11. Цы нысан кӕны аргъуыд?

11 Аргъуыд дзаг у символикон нысанӕй. Куы дӕ аныгъуылын кӕной, кӕнӕ дӕ доны куы «баныгӕной», уӕд уый нысан кӕндзӕн, ивгъуыд цардӕн кӕй амардтӕ. Донӕй куы схизай, уӕд уый та насан кӕндзӕн, ног цардмӕ райгасдзинад, кӕцы ныр дӕлбариуӕг кӕндзӕн дӕ фӕндонӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауы фӕндонӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый нӕ нысан кӕны, ды кӕй нал рӕдийдзынӕ, уымӕн ӕмӕ мах иуылдӕр стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ ӕрвылбон аразӕм тӕригъӕдтӕ. Фӕлӕ Иегъовӕйӕн куыд хиснывондгӕнӕг ӕмӕ аргъуыдрайсӕг лӕггадгӕнӕг, афтӕ ды ссардзынӕ йемӕ сӕрмагонд ахастытӕ. Дӕ фӕсмондзинад ӕмӕ дӕ сӕрныллӕг аргъуыд фенгӕйӕ, Иегъовӕ цӕттӕ у Йесойы тӕригъӕдтӕ ӕлхӕнӕг нывонды бындурыл дӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнынмӕ. Уӕдӕ дын аргъуыд Хуыцауы раз дӕтты сыгъдӕг намыс (1 Петры 3:21).

12. Цы нысан кӕны аргъуыд райсын: а) «Фыды... номӕй»? ӕ) «Фырты... номӕй»? б) «Сыгъдӕг Уды... номӕй»?

12 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста ног ахуыргӕнинӕгты саргъауын «Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй» (Матфейы 28:19). Цы зӕгъынмӕ хъавыд Йесо? «Фыды... номӕй» аргъуыд амоны, аргъуыдисӕг адӕймаг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй исы Иегъовӕ Хуыцауы куыд Сфӕлдисӕджы ӕмӕ Дун-дунейы ӕххӕстбар Хицауы (Псалом 35:10, 82:19; Екклесиаст 12:1). «Фырты... номӕй» аргъуыд райсын нысан кӕны, адӕймаг кӕй нымайы Йесо Чырыстийы — уӕлдайдӕр та йӕ ӕлхӕнӕг нывонд — иунӕг амалыл, кӕцы Хуыцау ратта фервӕзынӕн (Куыстытӕ 4:12). «Сыгъдӕг Уды ... номӕй» аргъуыд нысан кӕны, аргъуыды кандидат кӕй нымайы Иегъовӕйы сыгъдӕг уд, ома йӕ архайгӕ тых, куыд Хуыцауы фӕрӕз, кӕцыйы руаджы уый ӕххӕст кӕны йӕ фӕндӕттӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты хорзӕхджын кӕны хъаруйӕ, цӕмӕй йын йӕ ӕнӕуынгӕ тыхӕй къухдариуӕггӕнӕг организациимӕ иумӕ ӕххӕст кӕной йӕ рӕстаг фӕндон (Уӕвынад 1:2; Псалом 103:30; Иоанны 14:26; 2 Петры 1:21).

АРГЪУЫД РАЙСЫНМӔ ЦӔТТӔ ДӔ ӔВИ НӔ?

13, 14. Иегъовӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕныны равзӕрстӕй цӕуылнӕ хъӕуы тӕрсын?

13 Аргъуыд ӕнӕмӕнгхъӕуӕг кӕй у ӕмӕ адӕймаджы царды ахсджиаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уыцы къахдзӕфӕй тӕрсын хъӕуы? Ницӕй тыххӕй! Ӕнӕдызӕрдыгӕй, аргъуыд райсыны уынаффӕ у — иуыл зондджындӕр къахдзӕф, фӕлӕ уый ӕнӕхъуыдыгӕнгӕйӕ саразын раст нӕу.

14 Аргъуыд ӕвдисы кӕй равзӕрстай Иегъовӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ахъуыды ма кӕн, зонгӕ цы адӕмимӕ дӕ, уыдоныл. Уыдонӕй алчидӕр цавӕрдӕр хуызы йӕ «хицауӕн» нӕ лӕггад кӕны? Иутӕ лӕггад кӕнынц хъӕздыгадӕн (Матфейы 6:24). Иннӕтӕ зӕрдӕбынӕй аразынц карьерӕ кӕнӕ тыхсынц ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл, афтӕмӕй сын сӕ фӕндӕттӕ сӕххӕст кӕнын свӕййы сӕ царды фыццаг фарст. Ӕртыккӕгтӕ та лӕггад кӕнынц мӕнг хуыцӕуттӕн. Фӕлӕ ды та равзӕрстай ӕцӕг Хуыцау — Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ничи у уыйбӕрц хӕларзӕрдӕ, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ уарзӕгой. Хуыцау адӕмы хорзӕхджын кӕны нысанмӕ ’здӕхт архайдӕй, кӕцы кӕны ирвӕзындзинадмӕ. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕтты ӕнусон цард. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойы цӕвиттон фӕзмынын ӕмӕ нӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кӕныны тӕссагӕй ницы ис. Ӕцӕгдӕр та, уый у иунӕг хъуыддаг, кӕцыйӕн ис рӕстмӕ нысаниуӕг ӕмӕ Хуыцауӕн у зӕрдӕмӕдзӕугӕ (3 Паддзахӕдты 18:21).

15. Цы фӕхъыгдары аргъуыд райсынӕн?

15 Фӕлӕ аргъуыд райсын ахӕм къахдзӕф нӕу, кӕцы хъуамӕ саразай искӕй ӕндӕвдадӕй. Уый сӕрмагонд хъуыддаг у дӕу ӕмӕ Иегъовӕйы ’хсӕн (Галатӕгтӕм 6:4). Духовон ӕнтыстдзинӕдтӕ скӕнгӕйӕ, гӕнӕн ис ахъуыды кӕнай: аргъуыд райсынӕн мӕ цы хъыгдары? (Куыстытӕ 8:35, 36). Дӕ бон у дӕхимӕ раттай фарст: Мӕ бинонты ныхмӕлӕуд мыл фӕстӕмӕ хӕцы ӕви нӕ? Библимӕ гӕсгӕ раст цы нӕ у, ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнын, кӕнӕ тӕригъӕд нӕ аразын? Чи зоны, алыварсуӕвджыты зӕрдӕхудтӕй тӕрсын? Уыцы фарстыты ис цӕуыл ахъуыды кӕнай, фӕлӕ алцыдӕр лӕмбынӕг сбар.

16. Цы пайда дын ӕрхӕсдзӕн Иегъовӕйӕн лӕггаддзинад?

16 Раст нӕу, Иегъовӕйӕн лӕггаддзинады хорзӕхтыл нӕ ахъуыдыгӕнгӕйӕ, цухдзинӕдтӕ барын. Зӕгъӕм, ӕркӕсӕм бинонты ’рдыгӕй ныхмӕлӕудмӕ. Йесо баныфсӕвӕрдта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ фӕдыл цӕуыны аххосӕй сӕ хӕстӕджыты фесафгӕйӕ, кӕй ссардзысты стырдӕр духовон бинонтӕ (Маркы 10:29, 30). Де ’муырнонтӕ дӕм равдисдзысты ӕфсымӕрон уарзондзинад, баххуыс дын кӕндзысты фыдӕвзарӕнты фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ дын цардмӕ фӕндагыл уыдзысты ӕнцой (1 Петры 5:9). Проблемӕтӕ кӕнӕ ӕндӕр зындзинӕдтӕ аиуварс кӕнынӕн дын уӕлдай ӕххуыс бакӕндзысты ӕмбырды хистӕртӕ (Иаковы 5:14—16). Ацы дуне цы ахъуыды кӕндзӕн, уый тыххӕй та дӕхимӕ фарст ратт: цӕимӕ ис абарӕн Дун-дунейы Сфӕлдисӕджы ӕппӕлынад ӕмӕ циндзинад, кӕцы йын ӕрхӕсдзӕн мӕ ӕвзӕрст фӕндаг? (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11).

НЫВОНДДЗЫРД ӔМӔ АРГЪУЫДМӔ ГӔСГӔ ЦАРД

17. Цӕмӕн хъӕуы аргъуыдыл хъуыды кӕнын, куыд фӕндаджы кӕроныл нӕ, фӕлӕ куыд йӕ райдайӕныл?

17 Ахсджиаг у зӕрдыл дарын, аргъуыд кӕй нӕу духовон рӕзты кӕрон. Уый у Хуыцауӕн ӕнусон лӕггаддзинады райдайӕн, куыд йӕ нымад лӕггадгӕнӕг ӕмӕ куыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иу. Кӕд аргъуыд ахсджиаг у, уӕддӕр ирвӕзындзинады гаранти нӕу. Йесо нӕ загъта: «Алкӕцы аргъуыдрайсӕг фервӕздзӕн». Фӕлӕ уый загъта: «Кӕронмӕ ныффӕразӕг та фервӕздзӕн» (Матфейы 24:13). Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у раздӕр Хуыцауы Паддзахад агурын ӕмӕ уый дӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуыддаг скӕнын (Матфейы 6:25—34).

18. Цавӕр нысӕнттӕ хъуамӕ сӕвӕрай аргъуыды фӕстӕ?

18 Цӕмӕй дарддӕр Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнай, уый тыххӕй хорз у духовон нысӕнттӕ ӕвӕрын. Иу хорз нысан — Хуыцауы тыххӕй дӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнын йӕ Ныхас регуляронӕй сӕрмагонд ахуыры уылты. Пълан скӕн Библи ӕрвылбон кӕсынӕн (Псалом 1:1, 2). Чырыстон фембӕлдтӕм регуляронӕй цу, уымӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ ныхас кӕнын дын фӕфылдӕр кӕндзӕн дӕ духовон тыхтӕ. Хорз нӕ уаид ӕмбырды фембӕлдты комментаритӕ дӕттын ӕмӕ афтӕмӕй Иегъовӕйӕн кад кӕнын ӕмӕ иннӕты фидар кӕныны нысан сӕвӕрын? (Ромӕгтӕм 1:11, 12). Иннӕ нысан — куывдты мидис фӕхъӕздыгдӕр кӕнын (Лукайы 11:2—4).

19. Цавӕр миниуджытӕ ӕвдисынӕн дын баххуыс кӕндзӕн сыгъдӕг уд?

19 Кӕд дӕ фӕнды дӕ аргъуыдмӕ гӕсгӕ цӕрын, уӕд ӕппынӕдзух цы аразыс, уымӕ хъус дарын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у, Хуыцауы сыгъдӕг удӕн фадат ратт, цӕмӕй дын баххуыс кӕна ахӕм миниуджытыл бакусын, куыд уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕфӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕнзӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад ӕмӕ хиуылхӕцыныл (Галатӕгтӕм 5:22, 23; 2 Петры 3:11). Дӕ зӕрдыл дар, Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг уд кӕй дӕтты чи дзы куры ӕмӕ Йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн (Лукайы 11:13; Куыстытӕ 5:32). Уымӕ гӕсгӕ кув Иегъовӕмӕ сыгъдӕг уды тыххӕй ӕмӕ дзы кур ӕххуыс ӕмбӕлон миниуджытӕ ӕвдисынӕн. Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындӕн цас дӕттай архайыны бар, уыйас уыцы миниуджытӕ бӕрӕг уыдзысты дӕ ныхӕстӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстон ӕмбырды алкӕцы адӕймаг дӕр архайы «ног» адӕймаг суӕвыныл, цӕмӕй тынгдӕр уа Чырыстийы хуызӕн (Колоссӕгтӕм 3:9—14). Алкӕмӕндӕр нӕ ис йӕхи зындзинӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ духовон рӕзты иуылдӕр алыхуызон къӕпхӕнтыл стӕм. Ӕнӕххӕст кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ хъӕуы бирӕ кусын, цӕмӕй Чырыстийы хуызӕн суай. Фӕлӕ дӕхи макуы ауадз, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцауы фӕрцы ис гӕнӕн.

20. Куыд у дӕ бон Йесойы фӕзмынын лӕггаддзинады?

20 Дӕ духовон нысӕнтты ма хъуамӕ уа Йесойы циндзинадхӕссӕг цӕвиттон фӕзмынын дӕр (Дзуттытӕм 12:1—3). Уый уарзта лӕггад кӕнын. Кӕд дын ис Паддзахады уацамынды хайад исыны привилеги, уӕд бар ма ратт, цӕмӕй дын уацамынд суа иугъӕдон. Хуыцауы Паддзахадыл иннӕты куы ахуыр кӕнай, уӕд бацархай Йесойау ӕхцондзинад исыныл. Хуыцауы Ныхасы хорз ахуыргӕнӕг суӕвынӕн пайда кӕн ӕмбырды лӕвӕрд уынаффӕтӕй. Фидарӕй ӕууӕнд, Иегъовӕ дын кӕй ратдзӕн тых дарддӕр лӕггад кӕнынӕн (1 Коринфӕгтӕм 9:19—23).

21. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Иегъовӕ иузӕрдион, аргъуыдрайсӕг адӕмӕн кӕй аргъ кӕны? ӕ) Цы ӕвдисы аргъуыд ахсджиаг кӕй у фервӕзынӕн, ацы фыдцардыуагон системӕйыл Хуыцауы тӕрхон ӕххӕстгӕнгӕйӕ?

21 Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ у нывонддзырдраттӕг, аргъуыдрайсӕг адӕймаг, кӕцы иузӕрдионӕй Йесойы фӕзмыныныл архайы. Иегъовӕ уыны миллиардгай адӕймӕгты зӕрдӕтӕ ӕмӕ зоны, куыд стӕм сты ахӕм адӕймӕгтӕ. Уый сӕ нымайы хӕзнатыл, «бӕллиццӕгтыл» (Аггей 2:7, НД). Библион пехуымпарӕдтӕ ма ӕвдисынц, Хуыцау ахӕм адӕймӕгты кӕй нымайы, куыд ирвӕзындзинадмӕ нысангӕндтыл ацы фыдцардыуагон системӕйыл тӕрхоны рӕстӕджы (Иезекиль 9:1—6; Малахи 3:16, 18). Ӕнусон цардмӕ дын раст цӕстӕнгас ис? (Куыстытӕ 13:48). Фӕнды дӕ, цӕмӕй нысангонд уай, куыд Хуыцауы лӕггадгӕнӕг? Нывонддзырд ӕмӕ аргъуыд сты ахӕм нысаны хай, кӕцытӕ ирвӕзындзинадӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг сты.

22. Цавӕр ныфс ис «тынг бирӕ» адӕмӕн?

22 Ӕппӕтдунеон хъаймӕты фӕстӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ рахызтысты науӕй сыгъдӕг зӕхмӕ. Афтӕ абон дӕр, йӕ царды Хуыцауы зонындзинӕдтӕй чи пайда кӕны ӕмӕ Иегъовӕйы хорзӕх чи исы, уыцы «тынг бирӕ» адӕмӕн ис ацы фыдцардыуагон системӕйы кӕрон фервӕзыны ӕмӕ ӕнустӕм ӕххӕстӕй сыгъдӕг зӕххыл цӕрыны ныфс (Раргомад 7:9, 14). Цыхуызӕн цард уыдзӕн уӕд?

СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ

Иегъовӕйы зонындзинӕдтӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куыд у дӕ бон спайда кӕнын?

Цавӕртӕ сты аргъуыдмӕ кӕнӕг къахдзӕфтӕ?

Цӕмӕн у аргъуыд, кӕрон нӕ, фӕлӕ райдайӕн?

Куыд гӕнӕн ис цӕрын нывонддзырд ӕмӕ аргъуыдмӕ гӕсгӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 172 фарсыл]

Хуыцауӕн куывды нывонддзырд раттай?

[Ныв 174 фарсыл]

Цы дӕ хъыгдары аргъуыд райсынӕн?