Ӕнхъӕлмӕ дӕм кӕсы амондджын фидӕн!
Сӕр 1
Ӕнхъӕлмӕ дӕм кӕсы амондджын фидӕн!
1, 2. Цы фӕнды Сфӕлдисӕджы дӕуӕн?
УАРЗОН адӕймаджы зӕрдиаг хъӕбыс. Ӕмгӕрттимӕ фынджы уӕлхъус зӕрдиаг худт. Сывӕллӕтты зӕрдӕфӕлмӕн хъазт. Ахӕм минуттӕ нын лӕвар кӕнынц циндзинад. Бирӕтӕн уӕддӕр цард фӕд-фӕдыл хӕссы серьезон проблемӕтӕ. Кӕд ды дӕр уыдонӕй хайджын дӕ, уӕддӕр дӕ ныфс ма фесӕфӕд.
2 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ды уай амондджын ӕмӕ цӕрай иттӕг хорз уавӕрты, хӕрзаив алыварсуӕвджытимӕ. Уый ӕрмӕст бӕллиц нӕу, Хуыцау дын дӕтты дӕгъӕл амондджын фидӕнмӕ. Уыцы дӕгъӕл у базонынад.
3. Цавӕр базонынад у амондджындзинады дӕгъӕл ӕмӕ нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна, Хуыцау нын кӕй ратдзӕн ахӕм базонынад?
3 Ныхас цӕуы сӕрмагонд базонынадыл, кӕцы адӕймагон зондджындзинадӕй бирӕ уӕлдӕр лӕууы. Уый у «Хуыцауы базонынад» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:5). Библийы фысджытӕй сӕ иу иу-2 000 азы размӕ загъта: «Уымӕн ӕмӕ алы хӕдзарӕн дӕр ис аразӕг, ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзуттытӕм 3:4). Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн уыцы базонынӕдтыл, кӕцытыл ӕдӕппӕтӕй Сфӕлдисӕг хицауиуӕг кӕны! Библи дзуры, Хуыцаумӕ стъалытӕ хыгъд кӕй цӕуынц ӕмӕ сӕ сӕ нӕмттӕй кӕй хоны. Куыд диссаг у, куы ахъуыды кӕнӕм, ӕрмӕст нӕ Галактикӕйы стъалытӕ нымӕцӕй кӕй ӕххӕссынц сӕдӕгай миллиардтӕм, астрономтӕ та дзурынц, зӕгъгӕ, ис сӕдӕ миллиарды бӕрц галактикӕйы! (Псалом 146:4). Хуыцау алцыдӕр зоны мах тыххӕй; уымӕ гӕсгӕ чи ратдзӕн хуыдзӕр дзуапп нӕ ахсджиаг фарстытӕн? (Матфейы 10:30).
4. Цӕмӕн хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ царды Хуыцауы разамындмӕ ӕмӕ цавӕр чиныг дӕтты ахӕм разамынд?
4 Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн ахӕм ныв: дыууӕ нӕлгоймаджы цалцӕг кӕнынц сӕ машинӕтӕ. Сӕ иу йӕ ныфс фесафгӕйӕ ӕрӕппӕрста йӕ инструменттӕ. Иннӕ та сындӕггай цалцӕг кӕны сахъатдзинӕдтӕ, машинӕйы дӕгъӕл ӕрзылдта ӕмӕ бахудт — машинӕ скуыста ӕмӕ хорз кусы. Ацы дыууӕйӕ заводӕй лӕвӕрд эксплуатацийы разамынд кӕмӕ уыд, уый зын бафиппаинаг нӕу. Раст нӕу: Хуыцау дӕр нын афтӕ кӕй дӕтты нӕ цардӕн разамынд? Куыд зоныс афтӕмӕй, Библи, не Сфӕлдисӕгӕй разамынд ӕмӕ ма Хуыцауы базонынад лӕвӕрд кӕм цӕуы, раст уыцы чиныг кӕй у (2 Тимофеймӕ 3:16).
5. Цас зынаргъ сты Библийы зонындзинӕдтӕ?
5 Библи цы зӕгъы, уый кӕд раст у, уӕд ӕрмӕст ахъуыды кӕн, уым цас зынаргъ зонындзинӕдтӕ ис! Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:1—5-ы нӕ Библи разӕнгард кӕны, ныгӕд хӕзнатӕ куыд фӕагурынц, афтӕ зондджындзинад агурын — адӕймагон ӕнхъӕлцты бындуры нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Ныхасы. Библийы йӕ куы агурӕм, уӕд ӕнӕмӕнг «ссардзыстӕм Хуыцауы базонынад». Хуыцау нын нӕ цыбыр фадӕттӕ ӕмӕ домӕндзинӕдтӕ кӕй зоны, уымӕ гӕсгӕ нын дӕтты амындтӕ, цӕмӕй нын баххуыс кӕна сабыр ӕмӕ амондджын цард ӕрвитынӕн (Псалом 102:14; Исай 48:17). Уымӕй уӕлдай ма нын Хуыцауы базонынад хӕссы ӕхсызгон цины хабар.
ӔНУСОН ЦАРД!
6. Цӕуыл баууӕндын кодта Йесо адӕмы Хуыцауы базонынадӕй?
6 Хорз зындгонд историон гоймаг, Йесо Чырысти ирдӕй равдыста Хуыцауы базонынады хицӕндзинӕдтӕ. Уый загъта: «Ӕнусон цард та уый у, цӕмӕй зоной Дӕу, — иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3, НФ). Ахъуыды ма кӕн — ацы базонынад кӕны ӕнусон цардмӕ!
7. Нӕ мӕлӕт Хуыцауы кӕй нӕ фӕндыд, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?
7 Тагъд ма кӕн ӕнусон цард хуымӕтӕг бӕллицау аиуварс кӕныныл. Уый бӕсты ӕркӕс, зӕгъӕм, куыд фӕлдыст у адӕймаджы организм. Уым алцыдӕр диссаджы хъуыдыгонд у, ис нын: хъусӕнтӕ, цӕстырухс, ӕнкъарӕнтӕ, ӕмбудӕнтӕ ӕмӕ уырзӕн ӕнкъарӕнтӕ. Цас цыдӕртӕ ис зӕххыл, кӕцытӕ нын нӕ ӕнкъарӕн органты руаджы хӕссынц циндзинад: хӕрзад хӕринаг, цъиуты аив зард, хӕрзтӕф дидинджытӕ, рӕсугъд пейзажтӕ, хӕлардзинады ӕхсызгон ахастытӕ! Ӕппӕт адӕттӕй нын ӕхцондзинад исынӕн фадат дӕтты нӕ диссаджы магъз, кӕцы бирӕ хуыздӕр у цыфӕнды суперкомпьютерӕй. Ӕцӕг афтӕ хъуыды кӕныс, не Сфӕлдисӕджы кӕй фӕнды, цӕмӕй мах амӕлӕм ӕмӕ уыдон иуылдӕр фесафӕм? Цымӕ растдӕр нӕ уаид аскъуыддзаг кӕнын, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй цӕрӕм амондджынӕй ӕмӕ ӕнустӕм? Уыныс ӕй, цы дын нысан кӕндзӕн Хуыцауы базонынад.
ЦАРД ДЗӔНӔТЫ
8. Цы дзуры Библи адӕймагады фидӕныл?
8 Библи зӕхх ӕмӕ адӕймагады фидӕныл цы дзуры, уымӕн зӕгъӕн ис иудзырдӕй: Дзӕнӕт! Ацы хабары кой кодта Йесо Чырысти иу удисӕг адӕймагӕн: «Уыдзынӕ Мемӕ дзӕнӕты» (Лукайы 23:43). Дзӕнӕты ныфсӕвӕрд, ӕнӕмӕнг, уыцы адӕймагӕн ӕрымысын кодта нӕ фыдӕлты, Адам ӕмӕ Евӕйы, амондджын цӕрӕнбынат. Хуыцау сӕ куы сфӕлдыста, уӕд ӕххӕст уыдысты ӕмӕ цардысты парчы хуызӕн дыргъдоны, кӕцы сын ӕрхъуыды кодта ӕмӕ сарӕзта се Сфӕлдисӕг. Ӕмбӕлон ӕгъдауӕй уый схуыдтой Едемы дыргъдон, ома «ӕхцондзинӕдтӕ исыны дыргъдон».
9. Цавӕр цард уыд Дзӕнӕты?
9 Куыд рӕсугъд уыд уыцы дыргъдон! Уый уыд ӕцӕг дзӕнӕт. Йӕ хъӕздыг кӕрдӕджыты ’хсӕн рӕзти донджын дыргъхӕссӕг бӕлӕстӕ. Адам ӕмӕ Евӕ басгӕрстой сӕ зӕххы арӕнтӕ, нуӕзтой хӕрзад сыгъдӕг дон ӕмӕ ӕмбырд кодтой бӕлӕстӕй дыргътӕ — ницы сӕ тыхсын кодта ӕмӕ сын ницы тас уыд. Суанг ма сын сырдтӕ дӕр нӕ хастой зиан, Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн ратта сырдтыл уарзондзинадӕй хицауиуӕг кӕныны хӕс. Уыимӕ ма фыццаг адӕймагон къайӕн уыд иттӕг хорз ӕнӕниздзинад. Цалынмӕ Хуыцаумӕ хъуыстой, уӕдмӕ сын уыд фадат амондджын ӕнусон цардӕн. Уыдонӕн бафӕдзӕхста диссаджы куыст — фырхъӕздыг дзӕнӕтон хӕдзармӕ зилын. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн хӕслӕвӕрд ратта: «Байдзаг кӕнут зӕхх ӕмӕ йыл ут хицауиуӕггӕнджытӕ». Сӕ цӕуӕтимӕ иумӕ хъуамӕ Дзӕнӕты арӕнтӕ уӕрӕх кодтаиккой, цалынмӕ ӕнӕхъӕн планетӕ рӕсугъддзинад ӕмӕ циндзинады бынат не суыдаид (Уӕвынад 1:28).
10. Цы зӕгъынмӕ хъавыд Йесо Дзӕнӕтыл дзургӕйӕ?
10 Фӕлӕ Йесо Дзӕнӕтыл дзургӕйӕ нӕ архайдта, цӕмӕй удисӕг адӕймаг ӕрымысыдаид ивгъуд бонты хабӕрттӕ. Йесо фидӕныл дзырдта! Уый зыдта нӕ иумӕйаг зӕххон хӕдзар кӕддӕр дзӕнӕт кӕй суыдзӕн. Афтӕмӕй, Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн йӕ сӕрысӕйраг фӕнд адӕймагад ӕмӕ зӕххы тыххӕй (Исай 55:10, 11). Дзӕнӕт фӕстӕмӕ сӕндидздзӕнис! Цыхуызӕн уыдзӕн? Хуыцауы Ныхас, Библийӕн раттӕм ацы фарстӕн сдзуапп кӕныны бар.
ЦАРД НОГӔЙ РАЦАРӔЗТ ДЗӔНӔТЫ
11. Цы ӕрцӕудзӕн низтӕ, зӕронддзинад ӕмӕ мӕлӕтыл ногӕй рацарӕзт Дзӕнӕты?
11 Никуыуал уыдзӕн низтӕ, зӕронддзинад ӕмӕ мӕлӕт. «Уӕд куырмты цӕстытӕ байгом уыдзысты, ӕмӕ къуырматы хъустӕ бакӕндзысты. Уӕд къуылых фестдзӕн саджы хуызӕн ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг ныззардзӕн» (Исай 35:5, 6). «Йӕхӕдӕг Хуыцау уыдонимӕ [адӕймагадимӕ]... уыдзӕн ӕмӕ ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4).
12. Цӕмӕн хъуамӕ уӕм ныфсджын, фидӕны Дзӕнӕты кӕй нӕ уыдзӕн фыдракӕндтӕ, тыхми ӕмӕ фыддзинад?
12 Ӕнустӕм фесӕдзысты фыдракӕндтӕ, тыхми ӕмӕ фыддзинад. «Фыддзинад кӕнджытӕ цагъд уыдзысты... иу чысыл ма ӕмӕ нал уыдзӕн ӕнӕраст; бакӕсдзынӕ... ӕмӕ уый нӕй. Сабыртӕ та зӕхх сӕхи бакӕндзысты» (Псалом 36:9—11). «Ӕнӕзакъонгӕнджытӕ куынӕггонд ӕрцӕудзысты зӕххӕй, ӕмӕ ӕууӕнкхалджытӕ бындзарӕй къахт уырдыгӕй» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:22).
13. Куыд ӕрӕвӕрдзӕн Хуыцау сабырдзинад?
13 Ӕппӕт зӕххыл апарахат уыдзӕн сабырдзинад. Хуыцау, «уромгӕйӕ хӕстытӕ зӕххы кӕронмӕ, ныппырх кодта ӕрдын ӕмӕ джебогъ [арц] асаста» (Псалом 45:10). «Йӕ бонты сӕрттивдзӕн рӕстгӕнӕг, ӕмӕ арӕхӕй уыдзӕн фидыддзинад, цалынмӕ нӕ банцайа мӕй» (Псалом 71:7).
14, 15. Цы дзырдӕуы Библийы, ногӕй рацарӕзт Дзӕнӕты, цӕрӕнуӕттӕ, куыст ӕмӕ хӕринаджы тыххӕй?
14 Уыдзӕн хорз цӕрӕнуат ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ куыст. «Амайдзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрдзысты... Нӕ амайдзысты искӕмӕн цӕрынӕн, нӕ садздзысты искӕмӕн хӕрынӕн; уымӕн ӕмӕ Мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау, ӕмӕ Ме ’взӕрстытӕ бирӕ рӕстӕг пайда кӕндзысты сӕ къухты конд дзаумӕттӕй. Нӕ кусдзысты ӕнӕхъуаджы ӕмӕ сывӕллӕттӕ нӕ гуырдзысты мастӕн» (Исай 65:21—23).
15 Хӕрзгъӕд хӕринаг уыдзӕн парахатӕй. «Уыдзӕн хъӕздыг хорӕрзад зӕххыл, хӕхты сӕр» (Псалом 71:16). «Зӕхх ратта йӕ дыргъ: уадз раарфӕ нын кӕнӕд Хуыцау, нӕ Хуыцау» (Псалом 66:7).
16. Цӕмӕн уыдзӕн цард Дзӕнӕты ӕхцондзинад исӕн?
16 Ӕнусон цард дзӕнӕтон зӕххыл уыдзӕн ӕхцондзинад исӕн. «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:29). «Схъӕлдзӕг уыдзӕн ӕдзӕрӕгран ӕмӕ хус зӕхх, ӕмӕ сцин кӕндзӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ ӕмӕ дидинӕгау райхӕлдзӕн» (Исай 35:1).
БАЗОНЫНАД ӔМӔ ДӔ ФИДӔН
17. а) Кӕд дӕ Дзӕнӕты цӕрын фӕнды, уӕд дӕ цы аразын хъӕуы? ӕ) Кӕцӕй зонӕм, Хуыцау кӕй фӕнд кӕны зӕххыл бындурон ивындзинӕдтӕ скӕнын?
17 Кӕд дӕ фӕнды дзӕнӕты цӕрын, уӕд дӕ Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ райсынӕн мацы хъуамӕ бахъыгдара. Хуыцау уарзы адӕмы ӕмӕ бацархайдзӕн ууыл, цӕмӕй зӕхх дзӕнӕт скӕна. Дӕ бон куы уаид кӕрон скӕнын дунейы фыдӕбӕттӕ ӕмӕ ӕнӕрастдзинӕдтӕн, уӕд ӕй нӕ саразис? Уӕдӕ ма хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау ӕй кӕй скӕндзӕн? Библи ӕргомӕй дзуры уыцы рӕстӕгыл, кӕцыйы Хуыцау аиуварс кӕндзӕн ацы конфликттӕй сӕфтмӕ кӕнӕг системӕ ӕмӕ йӕ баивдзӕн ӕххӕст рӕстаг хицауадӕй (Данелы 2:44, БГТ). Фӕлӕ Библи ӕрмӕст ууыл нӕ дзуры. Уый ӕмбарын кӕны, фидӕны сӕфтӕй куыд ис баззайӕн цӕргӕйӕ (2 Петры 3:13; 1 Иоанны 2:17).
18. Куыд фӕзындзӕн Хуыцауы базонынад дӕ цардыл нырид?
18 Хуыцауы базонынад дын, гӕнӕн ис, пайда хӕсса ныртӕккӕ дӕр. Библийы ис дзуаппытӕ нӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр ӕмӕ мӕтаг фарстытӕн. Кӕд ын райсай йӕ разамынд, уӕд Хуыцауимӕ дӕ бон у райтынг кӕнын хӕлардзинад. Уый та у тынг стыр уӕлидзинад! Дӕ зӕрдӕ уыдзӕн фӕрнджын, кӕцы, ӕрмӕстдӕр, Хуыцауы бон у раттын (Ромӕгтӕм 15:13, 33). Кӕд аскъуыддзаг кодтай ирвӕзындзинады тыххӕй зонындзинӕдтӕ райсын, уӕд скодтай дӕ царды ӕппӕты вазыгджындӕр ӕмӕ ахсджиагдӕр къахдзӕф. Ды никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ, кӕй дӕ бафӕндыд ӕнусон цардмӕ кӕнӕг Хуыцауы базонынад райсын.
19. Цавӕр фарстыл дзурдзыстӕм иннӕ сӕры?
19 Мах не ’ргом здахӕм Библимӕ, Хуыцауы зонындзинӕдтӕ ӕмбӕхст кӕм сты, уыцы чиныгмӕ. Фӕлӕ йӕ кӕцӕй зонӕм, уый ӕрмӕст адӕймагон зондджындзинады чиныг кӕй нӕу? Уыцы фарстыл ӕрдзурдзыстӕм иннӕ сӕры.
СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ
Хуыцауы базонынадӕн цӕмӕн у йӕ бон ӕнусон амондмӕ ӕркӕнын?
Цыхуызӕн уыдзӕн цард фидӕны зӕххон Дзӕнӕты?
Цы пайда хӕссы Хуыцауы базонынад нырид?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]