Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕцӕг Хуыцау — чи у?

Ӕцӕг Хуыцау — чи у?

Сӕр 3

Ӕцӕг Хуыцау — чи у?

1. Цӕмӕн сты бирӕ адӕм разы Библийы фыццаг ныхӕстимӕ?

 МӔЙРУХС ӕхсӕв арвмӕ куы фӕкӕсыс, уӕд дӕ ӕнӕнымӕц стъалытӕ дисы нӕ фефтауынц? Куыд сын ӕмбарын кӕныс сӕ уӕвынад? Цы зӕгъӕн ис зӕххы цардӕгас дунейӕ: алыхуызон дидинджытӕй, цъиуты аивзӕл цъыбар-цъыбурӕй, тыхджын киттӕй, кӕцытӕ океаны тыгъдады ленчытӕ кӕнынц. Ацы ранымад, гӕнӕн ис, ӕнӕкӕронӕй дарддӕр кӕнӕм. Уыдон уылдӕр ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ фӕзындаиккой. Диссаг нӕу, Библийы фыццаг ныхӕстимӕ кӕй сты разы: «Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Уӕвынад 1:1).

2. Цы дзуры Библи Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

2 Хуыцауы тыххӕй фарстыты адӕмы цӕстӕнгас алыхуызон у. Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, уый гоймаг нӕ, фӕлӕ тых у. Милуангай адӕмтӕ кувынц сӕ мард фыдӕлтӕн ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы Хуыцауӕн базонӕн нӕй. Фӕлӕ Библи ӕргом кӕны, ӕцӕг Хуыцау реалон гоймаг кӕй у ӕмӕ йӕ махӕй алчидӕр тынг кӕй цымыдис кӕны. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Библи разӕнгард кӕны Хуыцауы агурынмӕ, кӕцы дзуры: «Уый дард нӕу махӕй алкӕмӕй дӕр» (Куыстытӕ 17:27).

3. Цӕуылнӕ ис Хуыцауы сурӕт скӕнӕн?

3 Цыхуызӕн у Хуыцау? Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй ӕрмӕст иуӕй-иутӕ дзырдтой йӕ ахадгӕ уӕвындзинадыл. Цы цӕстылуайӕнтӕ уыдтой, уыдоны Хуыцау йӕхи ӕвдыста бандоныл бадгӕйӕ ӕмӕ уымӕй цыдис аргъуыцӕнкъарынгӕнӕг рухс. Фӕлӕ уыцы цӕстылуайӕнтӕ лӕвӕрд кӕмӕн уыдысты, уыдон Хуыцауы цӕсгом никуы ӕрфыстой (Данелы 7:9, 10, БГТ; Раргомад 4:2, 3). Уый уымӕн нӕ сарӕзтой, ӕмӕ Хуыцау у уд», уымӕн нӕй физикон буар (Иоанны 4:24). Сфӕлдисӕджы физикон буары нӕй сфӕлгондзӕн, уымӕн ӕмӕ «Хуыцауы никӕд ничи федта» (Иоанны 1:18; Рацыд 33:20). Фӕлӕ нын Библи тынг бирӕ дзуры Хуыцауы тыххӕй.

ӔЦӔГ ХУЫЦАУӔН ИС НОМ

4. Цавӕр сты Хуыцауы иуӕй-иу титултӕ, кӕцытыл Библийы дзырд цӕуы?

4 Библийы ӕцӕг Хуыцау ӕвдыст цӕуы ахӕм ныхӕстӕй куыд «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау», «Ӕппӕтбӕрзонд», «Сфӕлдисӕг», «Номдзыд Зондамонӕг», «Хицау Хуыцау», «ӕнусты Паддзах» (Уӕвынад 17:1; Псалом 49:14; Еклесиаст 12:1; Исай 30:20, НД, Куыстытӕ 4:24; 1 Тимофеймӕ 1:17). Ацы титултыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд фылдӕр базондзыстӕм Хуыцауы тыххӕй.

5. Куыд хуыйны Хуыцау ӕмӕ цал хатт ӕмбӕлы Дзуттаг Фыстыты?

5 Фӕлӕ Хуыцауӕн ис сӕрмагонд ном, кӕцы ӕрмӕст Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлы 7 000 хатт, йӕ титултӕй кӕцыфӕндыйӕ арӕхдӕр. Иу-1900 азы размӕ дзуттӕгтӕ сӕ мӕнгуырнындзинады тыххӕй Хуыцауы ном нал дзырдтой. Дзуттаг ӕвзагыл, кӕцыйыл фыстой Библи, нӕ уыд хъӕлӕсон дамгъӕтӕ. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бӕлвырдӕй нӕ зонӕм рагон заманы Моисей, Давид ӕмӕ иннӕ адӕм куыд дзырдтой Хуыцауы ном аразӕг (יהוה) цыппар ӕмхъӕлӕсон дамгъӕйы. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ нымайынц, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном дзырдтой куыд «Иахве», фӕлӕ уыцы хъуыдыйыл уыдон фидарӕй не ’ууӕндынц. Ныхасыздӕхт «Иегъовӕ»-йӕ дӕргъвӕтин рӕстӕджы дӕргъы пайда кодтой ӕмӕ йӕ эквиваленттӕ бирӕ ӕвзӕгты сты ӕппӕтфӕткон (Псалом 109:1, СПб).

ЦӔМӔН ХЪӔУЫ ПАЙДА КӔНЫН ХУЫЦАУЫ НОМӔЙ

6. Цы дзырдӕуы Псалмы 82:12-ы Иегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ цӕмӕн хъӕуы уымӕ йӕ номӕй дзурын?

6 Хуыцауы ӕнӕабаргӕ ном — Иегъовӕ, хицӕн кӕны Хуыцауы иннӕ хуыцӕуттӕй. Библийы ацы ном арӕх уымӕн ӕмбӕлы, уӕлдайдӕр та дзуттаг тексты. Бирӕ тӕлмацгӕнджытӕ сӕ куыстыты ауадзынц Хуыцауы ном, фӕлӕ Псалмы 82:19, (СПб), ӕргомӕй дзырдӕуы: «Ды, кӕмӕн Иегъовӕ Йӕ ном, иунӕг бӕрзонд дӕ алы зӕххыл». Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы тыххӕй куы дзурӕм, уӕд ӕй хъӕуы йӕ сӕрмагонд номӕй хонын.

7. Цы базыдтам Хуыцау Иегъовӕйы тыххӕй йӕ номы нысаниуӕгӕй?

7 Ном Иегъовӕ у дзуттаг мивдисӕджы формӕ, кӕцы нысан кӕны «суын». Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном нысан кӕны «Уый уӕвын кӕны». Афтӕмӕй, Иегъовӕ ӕмбарын кӕны, уый диссаджы фӕндӕтты Хуыцау кӕй у. Уый сӕ ӕппынӕдзух ӕххӕст кӕны. Ӕрмӕст ӕцӕг Хуыцауӕн ис уыцы ном хӕссыны бар, уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон нӕу ныфсджын уын сӕ фӕндӕтты ӕнтыстдзинады (Иаковы 4:13, 14). Ӕрмӕст Иегъовӕйы бон у зӕгъын: «Афтӕ Мӕ ныхас дӕр, кӕцы Мӕ дзыхӕй цӕуы,— уый... ӕххӕст кӕны, Ӕз ӕй цӕй тыххӕй арвыстон, уый» (Исай 55:11).

8. Цавӕр фӕндӕтты тыххӕй фехъусын кодта Иегъовӕ Моисейы уылты?

8 Дзуттаг адӕмы фыдӕлтӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков ‘дзырдтой Иегъовӕйы ном’ фӕлӕ йын йӕ нысаниуӕг ӕххӕстӕй не ’мбӕрстой (Уӕвынад 21:33; 26:25, АМТ; 32:9; Рацыд 6:3). Фӕстӕдӕр сын Иегъовӕ йӕ фӕндоны тыххӕй куы фехъусын кодта, сӕ байзӕддӕгтӕ — израилӕгты — Египеты цагъарадӕй кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, ӕмӕ сын ныфс куы бавӕрдта, «ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы», ахӕм зӕхх бынӕн раттын, уӕд уый нӕуырнинаг уыд (Рацыд 3:17). Фӕлӕ Хуыцау йӕ номы нысаниуӕгмӕ бацамыдта, ӕмӕ пехуымпар Моисейӕн загъта: «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: Иегъовӕ, уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау мӕ рарвыста сымахмӕ. Мӕнӕ уын Мӕ ном ӕнустӕм, Ӕмӕ зӕрдылдарынӕн Мӕн тыххӕй фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (Рацыд 3:15, АМТ).

9. Цавӕр ахаст уыд фараонӕн Иегъовӕмӕ?

9 Моисей ракуырдта фараонӕй, египетаг паддзахӕй, цӕмӕй израилӕгты ауагътаид ӕдзӕрӕгранмӕ Иегъовӕйӕн кувынмӕ. Фӕлӕ фараон, кӕцыйы нымадтой хуыцауыл, ӕмӕ кӕцы куывта египетаг хуыцӕуттӕн, дзуапп ратта: «Чи у Иегъовӕ, цӕмӕй йын ӕз Йӕ ныхасмӕ байхъусон ӕмӕ Израилы ауадзон? ӕз нӕ зонын Иегъовӕйы, ӕмӕ Израилы дӕр нӕ ауадздзынӕн» (Рацыд 5:1, 2, АМТ).

10. Цы сарӕзта Иегъовӕ рагон Египеты, цӕмӕй израилӕгты тыххӕй йӕ фӕндон сӕххӕст кодтаид?

10 Иегъовӕ йӕ номы нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ йӕ фӕндон сындӕггай ӕххӕст кӕнын райдыдта. Уый рагон египетӕгтӕн бавзарын кодта дӕс ӕфхӕрды. Фӕстаг ӕфхӕрд ӕркодта египетаг фыццаггуырдты мӕлӕтмӕ, уыдонимӕ сӕрыстыр фараоны фырты дӕр. Уӕд египетӕгтӕ райдыдтой лӕгъстӕ кӕнын израилӕгтӕн, цӕмӕй сын уыдон сӕ зӕхх ныууагътаиккой. Фӕлӕ иуӕй-иу египетӕгтыл Иегъовӕйы хъомыс ахӕм тӕлмӕн скодта, ӕмӕ ӕрбаиу сты израилӕгтӕм ӕмӕ семӕ иумӕ ныууагътой Египет (Рацыд 12:35—38).

11. Цавӕр диссаг равдыста Иегъовӕ Сырх денджызы цур, ӕмӕ йӕ ныхмӕлӕуджытӕ бӕлвырдӕй цы бамбӕрстой?

11 Хивӕнд фараон йе ’фсадимӕ кӕцыйы уыд сӕдӕгай хӕстон уӕрдӕттӕ, фӕфӕдис кодта ныфсджынӕй йӕ цагъайрӕгты раздахынӕн. Египетӕгтӕ сӕм куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд Хуыцау Сырх денджызы дӕттӕ диссаг ӕгъдауӕй адих кодта ӕмӕ израилӕгтӕн сурыл сӕ бон сси ахизын. Фӕдисӕттӕ куы ныййарц сты денджызы быныл, уӕд сын Иегъовӕ «сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ байста, ӕмӕ сӕ уыдон зынтӕй ластой». Уӕд египетаг хӕстонтӕ ныхъхъӕр кодтой: «Алидзӕм Израилӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ Хицау тох кӕны уыдонимӕ Египетӕгты ныхмӕ». Фӕлӕ ӕгӕр байрӕджы. Донӕй конд стыр къултӕ ӕркалдысты ӕмӕ аныхъуырдтой «уӕрдӕттӕ ӕмӕ фараоны ӕнӕхъӕн ӕфсады барджыты» (Рацыд 14:22—25, 28). Уӕд Иегъовӕ скадджын кодта йӕ ном ӕмӕ уыцы цау абоны онг дӕр нӕ ферох (Навины фырт Йесо 2:9—11, АМТ).

12, 13. а) Цы нысан кӕны Хуыцауы ном абон махӕн? ӕ) Цӕуыл хъуамӕ сахуыр уой ӕнӕмӕнгӕй адӕм ӕмӕ цӕмӕн?

12 Хуыцауы кадджын номӕн нын абон ис стыр нысаниуӕг. Йӕ ном, Иегъовӕ,— нысан кӕны йӕ фӕндӕттӕ иуылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Уый ма хауы йӕ сӕрысӕйраг фӕндонмӕ, зӕхх дзӕнӕтмӕ рацаразынмӕ дӕр (Уӕвынад 1:28; 2:8). Уый тыххӕй Хуыцау скуынӕг кӕндзӕн йӕ хицауиуӕгады знӕгты иуылдӕр, йӕхӕдӕг куыд загъта: «Ӕмӕ базондзысты, Ӕз — Иегъовӕ кӕй дӕн» (Иезекиль 38:23, АМТ). Уӕд сӕххӕст кӕндзӕн йӕ ныфсӕвӕрд ӕмӕ йӕ кувджытӕн балӕвар кӕндзӕн ног рӕстаг дуне (2 Петры 3:13).

13 Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыдон ын хъуамӕ ахуыр кӕной йӕ ном уырнындзинадимӕ дзурын. Библи ныфс ӕвӕры: «Алкӕцы, чи ӕрсида Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] номмӕ, фервӕздзӕн» (Ромӕгтӕм 10:13). О, ном Иегъовӕ у ӕххӕст арф хъуыдыйӕ. Иегъовӕмӕ куы сидай, куыд дӕ Хуыцау ӕмӕ дӕ Ирвӕзынгӕнӕгмӕ, уӕд хорзӕхджын уыдзынӕ ӕнӕкӕрон амондӕй.

ӔЦӔГ ХУЫЦАУЫ МИНИУДЖЫТӔ

14. Хуыцауы цавӕр сӕйраг миниуджытыл дзуры Библи?

14 Израилы Египетӕй ссӕрибар кӕныны хъусинагмӕ ӕркӕсгӕйӕ, уынӕм, Хуыцау кӕй равдыста цыппар сӕйраг миниуӕджы, кӕцытӕ кӕрӕдзиимӕ разыйӕ иугонд сты. Хуыцауы ахаст фараонимӕ ӕргом кӕны аргъуыцӕнкъарынгӕнӕг тых (Рацыд 9:16). Ацы вазыгджын уавӕры диссады райхӕлд ӕвдисӕн кӕны йӕ ӕнӕкӕрон зондджындзинадыл (Ромӕгтӕм 11:33). Йӕ адӕмы хивӕнд ныхмӕлӕуджыты ӕмӕ тыхгӕнджыты бафхӕргӕйӕ, Хуыцау равдыста рӕстдзинад (Дыккаг закъон 32:4). Хуыцауы бӕрӕгдӕр миниуӕг у уарзондзинад. Иегъовӕ равдыста иуыл стырдӕр уарзондзинад, Авраамы байзӕдаджы тыххӕй цы ныфсӕвӕрд ратта, уый сӕххӕстгӕнгӕйӕ (Дыккаг закъон 7:8). Йӕ уарзондзинад ма равдыста раздӕр, египетӕгтӕн сӕ иуӕй-иу мӕнг хуыцӕутты ныууадзыны ӕмӕ сӕхи пайдайӕн иунӕг ӕцӕг Хуыцаумӕ се ’ргом раздахынӕн фадат ратгӕйӕ.

15, 16. Куыд ӕвдисы Хуыцау уарзондзинад?

15 Библи кӕсгӕйӕ бафиппайдзынӕ Хуыцауы сӕйраг миниуӕг — уарзондзинад, кӕцы уый ӕвдисы алыхуызон амӕлттӕй. Зӕгъӕм, растдӕр йӕ уарзондзинадӕй сси Сфӕлдисӕг ӕмӕ царды циндзинад адих кодта духовон сфӕлдисонтимӕ. Сӕдӕгай милуан зӕдтӕ уарзынц Хуыцауы ӕмӕ йын кад кӕнынц (Иов 38:4, 7; Данелы 7:10, БГТ). Хуыцау ма йӕ уарзондзинад равдыста, зӕхх куы сфӕлдыста ӕмӕ йӕ адӕмы амондджын цардӕн куы бацӕттӕ кодта, уӕд (Уӕвынад 1:1, 26—28; Псалом 113:24).

16 Хуыцау йӕ уарзондзинадӕй цы арфӕдзинӕдтӕ лӕвар кӕны, уыдонӕн банымайӕн нӕй. Фыццаджыдӕр, Хуыцау нӕ ахӕм уарзондзинадимӕ ӕмӕ диссаг ӕгъдауӕй сфӕлдыста, ӕмӕ цардӕй нӕ бон у ӕхцондзинад исын (Псалом 138:14). Йӕ уарзондзинад ӕвдисы, «дӕтгӕйӕ махӕн арвӕй уарынтӕ ӕмӕ дыргъджын рӕстӕджытӕ, ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕфсӕста хӕринагӕй ӕмӕ циндзинадӕй» (Куыстытӕ 14:17). Уый ма «фӕдзӕхсы Йӕ хурӕн скӕсын фыдзӕрдӕтыл ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ ӕрвиты уарын рӕстгӕнджытыл ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджытыл» (Матфейы 5:45). Сфӕлдисӕг нын уарзондзинадӕй дӕтты зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын циндзинадимӕ кувӕм. Ӕцӕгдӕр «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Фӕлӕ ма йын ис бирӕ ӕндӕр миниуджытӕ дӕр.

«ХӔЛАРЗӔРДӔ ӔМӔ ТӔРИГЪӔДГӔНАГ»

17. Рацыды 34:6, 7-ӕй цы базыдтам Хуыцауы тыххӕй?

17 Израилӕгтӕ Сырх денджызыл куы ахызтысты, уый фӕстӕ дӕр ма сын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уыд Хуыцауы хуыздӕр базонын. Моисей ӕмбӕрста уый ӕмӕ куывта: «Кӕд ӕз Дӕ цӕсты аргъуыц райстон, уӕд дын лӕгъстӕ кӕнын: бакӕн мын Дӕ фӕндаг, цӕмӕй ӕз базонон Дӕу, ӕмӕ аргъуыц исон дӕ цӕсты» (Рацыд 33:13). Моисей Хуыцауы хуыздӕр базыдта, куы йын байхъуыста йӕ ныхӕстӕм: «Иегъовӕ, Хицау, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, бирӕбыхсаг ӕмӕ уарзондзинадӕй ӕххӕст, Ууыл ис баууӕндӕн. Хицау йӕ уарзондзинад ӕвдисы мингай адӕймӕгтӕм. Уый адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны, фӕлӕ аххосджынты ӕфхӕрын нӕ рох кӕны» (Рацыд 34:6, 7, НТ). Хуыцауы уарзондзинад рӕстдзинадӕй ӕмуӕзгонд у; уый барӕй тӕригъӕд чи аразы, уыдон нӕ хъахъхъӕны се ’взӕр хъуддӕгты фӕстиуджытӕй.

18. Куыд ӕвдыст цӕуы Иегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад?

18 Моисей куыд базыдта, афтӕмӕй Иегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг. Тӕригъӕдгӕнаг адӕймаг, чи удхар кӕны, уыимӕ иумӕ фӕмӕт кӕны, уый фӕархайы уымӕн йӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕныныл. Хуыцау дӕр афтӕ равдыста адӕймагадмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, ӕмӕ ауды ууыл, цӕмӕй ӕппын фӕстагмӕ фыдбылызтӕ, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт иуварсгонд ӕрцӕуой (Раргомад 21:3—5). Хуыцауы кувӕг адӕм, гӕнӕн ис, хъизӕмар кӕной ацы дунейы цы уавӕртӕ ӕлдариуӕг кӕны, уыдонӕй, кӕнӕ исты рӕузонд ми бакӕнгӕйӕ ӕмӕ бӕллӕхы бахаугӕйӕ. Фӕлӕ сӕрныллӕгӕй Иегъовӕйӕ ӕххуыс куы курой, уӕд сӕ уый фӕфидар кӕндзӕн ӕмӕ сын баххуыс кӕндзӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уый йӕ кувӕг адӕмыл фӕлмӕнзӕрдӕйӕ ауды (Псалом 85:15; 1 Петры 5:6, 7).

19. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, Хуыцау хӕлардзинадӕй ӕххӕст кӕй у?

19 Бартӕ сӕ къухы кӕмӕн сты, ахӕм адӕм иннӕтӕм карз ахаст фӕдарынц. Фӕлӕ уӕдоны уӕлдай Иегъовӕ йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕм ӕвдисы ӕнӕкӕрон хӕларзӕрдӕдзинад! Кӕд Дун-дунейы уымӕн ис ӕппӕты бӕрзонддӕр барад, уӕддӕр адӕмимӕ ахастыты, ӕвдисы диссаджы хорзӕх (Псалом 8:4, 5; Лукайы 6:35). Иегъовӕ ма хӕларзӕрдӕ у хицӕн гоймӕгтӕм дӕр, хорзӕхы тыххӕй курдиӕттыл дзуапп дӕтгӕйӕ (Рацыд 22:26, 27; Лукайы 18:13, 14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау хӕсджын нӕу, цӕмӕй ӕвдиса иузӕрдыгдзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад (Рацыд 33:19). Уымӕ гӕсгӕ нын ӕнӕмӕнхъӕуӕг у Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинадӕн стыр аргъ кӕнын (Псалом 144:1, 8).

БИРӔБЫХСАГ, ӔНӔЦӔСГОММӔГӔСАГ ӔМӔ РАСТ

20. Цӕмӕй бӕрӕг у, Иегъовӕ бирӕбыхсаг ӕмӕ ӕнӕцӕсгоммӕгӕсаг кӕй у?

20 Иегъовӕ у бирӕбыхсаг. Фӕлӕ хивӕнд фараоны йе ’фсадимӕ Сырх денджызы скуынӕг кӕныны цауӕй бӕрӕг у, уый иу ран кӕй нӕ бады. Иегъовӕ ма ӕнӕцӕсгоммӕгӕсаг дӕр у. Уый фӕстиуӕгӕн Хуыцауы адӕм сӕ иугӕндзон тӕригъӕдты тыххӕй фӕстагмӕ фесӕфтой йӕ хӕрзаудӕн. Ныртӕккӕ Хуыцау ӕмбырд кӕны ӕппӕт дзыллӕтӕй рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ чи архайы, ахӕм кувӕг адӕмы (Куыстытӕ 10:34, 35).

21. а) Раргомады 15:2—4-ы цы дзырдӕуы Хуыцауы тыххӕй? ӕ) Цы нын баххуыс уыдзӕн Хуыцауы нормӕтӕм гӕсгӕ цӕрынӕн?

21 Библион чиныг «Раргомад»-ы уӕлӕргом цӕуы ахсджиагдзинад, цӕмӕй базонӕм Хуыцауы рӕстаг «тӕрхоны» тыххӕй. Уый нын хъусын кӕны, уӕларвон сфӕлдисонтӕ кӕй зарынц: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ Хицау Хуыцау Ӕппӕтылхӕцӕг! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ, сыгъдӕджыты Паддзах! Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй, Хицау ӕмӕ не скадджын кӕндзӕн Дӕ ном? уымӕн ӕмӕ иунӕг Ды сыгъдӕг. Ӕппӕт адӕмтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ бакувдзысты Дӕу размӕ, уымӕн ӕмӕ байгом сты Дӕ тӕрхӕттӕ» (Раргомад 15:2—4). Кӕд Иегъовӕйы нормӕтӕм гӕсгӕ цӕрӕм, уӕд уымӕй ӕвдисӕм Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ тас ӕмӕ йын ӕмбӕлон цыт кӕй кӕнӕм. Хуыцауы зондджындзинад ӕмӕ уарзондзинад нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд уый ӕнцон аразӕн у. Йӕ фӕдзӕхстытӕ нын иуылдӕр сты нӕ пайдайӕн (Исай 48:17, 18).

«ИЕГЪОВӔ, НӔ ХУЫЦАУ, У ИУНӔГ ИЕГЪОВӔ»

22. Цӕуылнӕ лӕггад кӕнынц Ӕртӕуонӕн, Библимӕ серьезон ахаст чи дары, уыцы адӕм?

22 Рагон египетӕгтӕ куывтой бирӕ хуыцӕуттӕн, фӕлӕ Иегъовӕ «ӕхсайгӕзӕрдӕ Хуыцау» у (Рацыд 20:5). Моисей израилӕгты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕгъгӕ «Иегъовӕ, нӕ Хуыцау, у иунӕг Иегъовӕ» (Дыккаг закъон 6:4, НД). Йесо Чырысти сфӕлхат кодта уыцы ныхӕстӕ (Маркы 12:28, 29). Уымӕ гӕсгӕ Библи Хуыцауы Ныхасыл чи нымайы, уыдон нӕ кувынц Ӕртӕуонӕн, ома ӕртӕцӕсгомон хуыцауӕн. Бифиппаинаг у уый, ӕмӕ Библийы дзырд «Ӕртӕуон»-ы кой кӕй нӕй. Ӕцӕг Хуыцау хицӕн у Йесо Чырыстийӕ ӕмӕ сӕрмагонд гоймаг у (Иоанны 14:28, 1 Коринфӕгтӕм 15:28). Хуыцауы Сыгъдӕг уд гоймаг нӕу. Уый у Иегъовӕйы архайгӕ тых, кӕцыйӕ Ӕппӕтхъомысджын пайда кӕны йӕ фӕндӕттӕ ӕххӕст кӕнынӕн (Уӕвынад 1:2; Куыстытӕ 2:1—4, 33; 2 Петры 1:20, 21).

23. а) Цӕй руаджы фӕфылдӕр уыдзӕн дӕ уарзондзинад Хуыцаумӕ? ӕ) Цы загъта Йесо Хуыцаумӕ уарзондзинады тыххӕй ӕмӕ цы базонын хъӕуы Чырыстийы тыххӕй?

23 Кӕд ды базыдтай Иегъовӕйы, куыд диссаджы Хуыцауы, уӕд ахӕм хатдзӕгмӕ не ’рцыдтӕ, уый ӕцӕг кувынады аккаг кӕй у? Йӕ Ныхас, Библи, ахуыргӕнгӕйӕ хуыздӕр базонгӕ уыдзынӕ йемӕ ӕмӕ базондзынӕ, де ’нусон арфӕдзинад ӕмӕ амондӕн Хуыцауы домӕнтӕ (Матфейы 5:3, 6). Уымӕй уӕлдай фӕфылдӕр уыдзӕн дӕ уарзондзинад Хуыцаумӕ. Йесо загъта: «Ӕмӕ бауарз дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Маркы 12:30). Йесойӕн Хуыцаумӕ ахӕм уарзондзинад кӕй уыд, уый дызӕрдыггаг нӕу. Фӕлӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй цы дзырдӕуы Библийы? Цавӕр бынат ахсы Иегъовӕйы фӕндоны?

СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ

Куыд хуыйны Хуыцау ӕмӕ цал хатт ӕмбӕлы Дзуттаг Фыстыты?

Цӕмӕн у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг Хуыцауы номӕй пайда кӕнын?

Иегъовӕйы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр кӕцытӕ цӕуынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 29 фарсыл]

Хорз зоныс ӕппӕт Сфӕлдисӕджы?