Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5

Библийы сӕйраг темӕ

Библийы сӕйраг темӕ

Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис бар, цӕмӕй хицау уа. Уымӕй хуыздӕр хицау нӕй. Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн, зӕхх ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый.

Н. э. р. 4026 азы фӕстӕ

«Калм» сдзырддаг кодта, Йегъовӕ хицау уа, уый бар ын кӕй ис ӕмӕ адӕмӕн хорз разамынд кӕй дӕтты, уый. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй фӕзындзӕн «байзӕддаг», кӕнӕ «мыггаг», ӕмӕ уый калмы, ома Хӕйрӕджы, кӕй фесафдзӕн (Райдиан 3:1–5, 15, фиппаинаг). Фӕлӕ Йегъовӕ рӕстӕгмӕ бауагъта, цӕмӕй калмӕн адӕмыл йӕ бар цӕуа, ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицау уой.

Н. э. р. 1943 аз

Йегъовӕ Авраамӕн загъта, зӕрдӕвӕрд «байзӕддаг» йӕ мыггагӕй кӕй рацӕудзӕн (Райдиан 22:18).

Н. э. р. 1070 азы фӕстӕ

Йегъовӕ паддзах Давидӕн, уый фӕстӕ та йӕ фырт Соломонӕн, загъта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг сӕ хӕдзарвӕндагӕй кӕй рацӕудзӕн (2 Самуилы 7:12, 16; 1 Паддзӕхты 9:3–5; Исай 9:6, 7).

Н. э. 29 аз

Йегъовӕ бамбарын кодта, Йесо кӕй у, Давиды паддзахбадӕныл чи хъуамӕ ӕрбадтаид, уыцы зӕрдӕвӕрд «байзӕддаг» (Галатӕгтӕм 3:16; Лукайы 1:31–33; 3:21, 22).

Н. э. 33 аз

Калм, ома Хӕйрӕг, зӕрдӕвӕрд «байзӕддаджы» «зӕвӕтыл фӕхӕцыд» – Йесойы амардтой. Йегъовӕ Йесойы уӕларвон цардмӕ райгас кодта ӕмӕ йын йӕ нывонды аргъ айста, цӕмӕй уый фӕрцы Адамы байзӕддӕгтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой (Райдиан 3:15; Хъуыддӕгтӕ 2:32–36; 1 Коринфӕгтӕм 15:21, 22).

Н. э. 1914 аз кӕнӕ гыццыл фӕстӕдӕр

Йесо калмы, ома Хӕйрӕджы, зӕхмӕ ӕрӕппӕрста, ӕмӕ йын бирӕ рӕстӕг нал баззад (Раргомад 12:7–9, 12).

Фидӕн

Йесо Хӕйрӕджы 1 000 азы ахӕстоны дардзӕн ӕмӕ йын стӕй «йӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн», ома йӕ фесафдзӕн. Йегъовӕмӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй ӕппӕты райдианы цы фӕнд уыд, уый сӕххӕст уыдзӕн, йӕ ном ссыгъдӕг уыдзӕн, ӕмӕ уымӕй хуыздӕр хицау кӕй нӕй, уый сбӕлвырд уыдзӕн (Раргомад 20:1–3, 10; 21:3, 4).