Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2

Хуыцауы ном Чырыстон Грекъаг Фыстыты

Хуыцауы ном Чырыстон Грекъаг Фыстыты

Библииртасджытӕ разы сты, Хуыцауы ном тетраграмматонӕй (יהוה) фыстӕй Дзуттаг Фыстыты кӕй ӕмбӕлы 7000 хатты бӕрц. Фӕлӕ бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Чырыстон Грекъаг Фыстыты иу ран дӕр нӕй. Уымӕ гӕсгӕ, абон «Ног Фӕдзӕхст» кӕй хонынц, уыцы тӕлмацты ном «Йегъовӕ» не ’мбӕлы. Дзуттаг Фыстытӕй дзы цы стихтӕ хаст ис, уыдоны тетраграмматон кӕм ӕмбӕлы, уым дӕр тӕлмацгӕнджытӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы ном баивынц дзырд «Хицау»-ӕй.

Фӕлӕ уыцы тӕлмацтӕй уӕлдай, Чырыстон Грекъаг Фыстыты «Ног дунейы тӕлмац»-ы ном «Йегъовӕ» ӕмбӕлы ӕдӕппӕтӕй 237 хатты. Тӕлмацгӕнджытӕ сӕ хъус ӕрдардтой дыууӕ ахсджиаг хъуыддагмӕ: 1) Абон нӕм цы грекъаг къухфыстытӕ ис, уыдон иууылдӕр сты къопитӕ. Уыцы мингай къопитӕн сӕ фылдӕр конд ӕрцыдысты, фыццаг тексттӕ фыст куы фесты, уымӕй ӕппынкъаддӕр дыууӕ ӕнусы фӕстӕдӕр. 2) Уыцы рӕстӕг, къухфыстытӕй къопитӕ чи кодта, уыдон-иу тетраграмматон баивтой дзырдӕй Ки́риос (Хицау) кӕнӕ-иу къопитӕ кодтой, тетраграмматон уымӕй размӕ ивд кӕм ӕрцыд, уыцы къопитӕй.

«Ног дунейы тӕлмац»-ы комитеты хъуыдымӕ гӕсгӕ, тетраграмматон райдианы грекъаг къухфыстыты кӕй уыд, уымӕн ис фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ.

  • Чырыстийы ӕмӕ йӕ апостолты заман Дзуттаг Фыстыты къопиты тетраграмматон уыд бирӕ рӕтты. Раздӕр иуӕй-иутӕ уыцы хъуыдыимӕ разы нӕ уыдысты. Фӕлӕ Кумранмӕ ’ввахс фыццаг ӕнусы конд Дзуттаг Фыстыты къопитӕ куы ссардтой, уӕд уый дызӕрдыггаг нал уыд.

  • Чырысти ӕмӕ йӕ апостолты заман тетраграмматон уыд Дзуттаг Фыстыты грекъаг тӕлмацты. Сӕдӕ азты дӕргъы ахуыргӕндтӕ хъуыды кодтой, «Септуагинтӕ»-йы къухфыстыты – Дзуттаг Фыстыты тӕлмацы грекъаг ӕвзагмӕ – тетраграмматон кӕй нӕ уыд. Фӕлӕ стӕй, 20-ӕм ӕнусы астӕу, ахуыргӕндтӕ сӕ хъус ӕрдардтой, Чырыстийы заман кӕмӕй пайда кодтой, цалдӕр ахӕм зӕронд скъуыддзагмӕ грекъаг «Септуагинтӕ»-йӕ. Уыцы скъуыддзӕгты ис Хуыцауы ном дзуттаг дамгъӕтӕй фыстӕй. Уӕдӕ Йесойы заманы Фыстады къопиты грекъаг ӕвзагыл Хуыцауы ном уыдис. Фӕлӕ нӕ эрӕйы 4-ӕм ӕнусы грекъаг «Септуагинтӕ»-йы сӕйраг къухфыстыты, зӕгъӕм, Ватикйнаг кодексы ӕмӕ Синайаг кодексы Хуыцауы ном Райдианы чиныгӕй Малахийы чиныджы онг иу ран дӕр нӕй, кӕд уымӕй размӕ къухфыстыты уыди, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, уыцы рӕстӕгӕй абонмӕ цы тексттӕ ӕрхӕццӕ, уыдоны «Ног Фӕдзӕхсты», кӕнӕ «Грекъаг Фыстыты», Хуыцауы ном кӕй нӕй.

    Хуыцаумӕ кувгӕйӕ Йесо загъта: «Дунейӕ мын кӕй радтай, уыдонӕн ӕз дӕ ном раргом кодтон». Стӕй ма загъта, йӕ ном ын иннӕтӕн дӕр кӕй ӕргом кӕндзӕн

  • Чырыстон Грекъаг Фыстытӕй бӕрӕг у, Йесо-иу арӕх кӕй дзырдта Хуыцауы ном ӕмӕ уыцы ном иннӕтӕн дӕр кӕй ӕргом кодта. Хуыцаумӕ кувгӕйӕ Йесо загъта: «Дунейӕ мын кӕй радтай, уыдонӕн ӕз дӕ ном раргом кодтон». Стӕй ма загъта, йӕ ном ын иннӕтӕн дӕр кӕй ӕргом кӕндзӕн (Иоанны 17:6, 11, 12, 26).

  • Дзуттаг фыстытӕ дӕр ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ дӕр фыст сты Хуыцауы комытӕфӕй, уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы ном тексты мауал ӕмбӕлдаид, уымӕн гӕнӕн нӕ уыд. Н. э. 1-аг ӕнусы астӕу ахуыргӕнинаг Иаков хистӕр нӕлгоймӕгтӕн Иерусалимы загъта: «Симеон радзырдта, Хуыцау иннӕ адӕмтӕм фыццаг хатт куыд ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скӕна, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм» (Хъуыддӕгтӕ 15:14). Фыццаг ӕнусы Хуыцауы ном куы ничи зыдтаид кӕнӕ йӕ куы ничи дзырдтаид, уӕд Иаковы ныхӕсты уӕз нӕ уыдаид.

  • Хуыцауы номы цыбыр формӕ ӕмбӕлы Чырыстон Грекъаг Фыстыты. Раргомады 19:1, 3, 4, 6 стихты Хуыцауы ном ӕмбӕлы дзырд «Аллилуйа»-йы. Ацы дзырд равзӕрд дзуттаг дзырдбастӕй ӕмӕ комкоммӕ нысан кӕны «Кадджын кӕнут Йагъы». «Йагъ» у Хуыцауы ном «Йегъовӕ»-йы цыбыр формӕ. Чырыстон Грекъаг Фыстыты цы нӕмттӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр арӕзт сты Йегъовӕйы номӕй. Йесойӕн йӕхи ном дӕр нысан кӕны «Йегъовӕ у ирвӕзындзинад».

  • Рагон дзуттаг фыстытӕй бӕрӕг у, дзуттӕгтӕй чырыстон дин чи райста, уыдон сӕ фыстыты Хуыцауы номӕй кӕй пайда кодтой. Тосефтӕйы, н. э. 3-аг ӕнусы кӕронмӕ фыст чи фӕци, уыцы дзургӕ закъӕтты ӕмбырдгонды, фыст ис, зӕгъгӕ, Чырыстон фыстытӕ, суанг ма дзы Хуыцауы ном кӕм ӕмбӕлы, уыцы хӕйттӕ дӕр, сабаты судзӕн ис. Уыцы ӕмбырдгонды ма фыст ис, галилейаг равви Йосе (царди н. э. 2-аг ӕнусы райдианы) цы загъта, уый. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къуырийы иннӕ бонты-иу Хуыцауы ном хъуыди текстӕй ралыг кӕнын ӕмӕ бамбӕхсын, иннӕ текст та басудзын.

  • Библииртасджытӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Чырыстон Грекъаг Фыстыты Дзуттаг Фыстытӕй цы цитатӕтӕ ис, уыдоны Хуыцауы ном ӕмбӕлд. Иу дзырдуаты дӕлсӕргонды, «Тетраграмматон „Ног Фӕдзӕхсты“», зӕгъгӕ, фыст ис: «Н[ог] Ф[ӕдзӕхсты] текст фыст куы ӕрцыд, уӕд дзы Р[агон] Ф[ӕдзӕхстӕй] цы цитатӕтӕ уыди, уыдоны тетраграмматон, ома Хуыцауы ном, Яхве, кӕй уыд, уымӕн ис цалдӕр бӕлвырдгӕнӕны» (The Anchor Bible Dictionary). Профессор Джордж Ховард зӕгъы: «Фыццаг ӕнусы аргъуаны кӕмӕй пайда кодтой, уыцы грекъаг Библийы [«Септуагинтӕ»-йы] къопиты тетраграммӕ кӕй ӕмбӕлы, уымӕ гӕсгӕ дызӕрдыггаг нӕу, Н[ог] Ф[ӕдзӕхст] чи фыста, уыдон-иу Фыстадӕй цы цитатӕтӕ хастой, уыдоны-иу тетраграммӕ кӕй ныууагътой».

  • Библи тӕлмацгӕнджытӕ Хуыцауы ном фыстой Чырыстон Грекъаг Фыстыты. Уыцы тӕлмацгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ сӕ тӕлмацты Хуыцауы ном ныффыстой, «Ног дунейы тӕлмац» куы рацыд, уымӕй бирӕ раздӕр: «Nowy Testament», Szymon Budny (польшӕйаг, 1574); «Novi zavjet» Ivan Matija Škarić (хорватаг, 1860); «A Literal Translation of the New Testament . . . From the Text of the Vatican Manuscript», Herman Heinfetter (англисаг, 1863); «The Emphatic Diaglott», Benjamin Wilson (англисаг, 1864); «Bonner Bibel», Petrus Dausch (немыцаг, 1932). Уымӕй уӕлдай, Пабло Бессон, 20-ӕм ӕнусы райдианы Библи испайнаг ӕвзагмӕ чи ратӕлмац кодта, уый, йӕ тӕлмацы ном «Йегъовӕ» ныффыста Лукайы 2:15 стихы ӕмӕ Иудӕйы фыстӕджы 14 стихы, иу-100 хаттӕй фылдӕр та йӕ ныффыста фиппаинӕгты. 16-ӕм ӕнусӕй фӕстӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕн дзуттаг ӕвзагмӕ цы тӕлмацтӕ скодтой, уым тетраграмматон ӕмбӕлы бирӕ рӕтты. Чырыстон Грекъаг Фыстытӕн ӕрмӕст немыцаг ӕвзагмӕ цы тӕлмацтӕ ис, уыдонӕй ӕппынкъаддӕр 11 тӕлмацы ӕмбӕлы «Йегъовӕ» (кӕнӕ «Яхве»), цыппар тӕлмацгӕнӕджы та-иу Хуыцауы ном ныффыстой къӕлӕтты дзырд «Хицау»-ы фӕстӕ. 70 немыцаг тӕлмацгӕнӕджы Хуыцауы ном ныффыстой фиппаинӕгты кӕнӕ комментариты.

    Хуыцауы ном Хъуыддӕгты 2:34 («The Emphatic Diaglott», Benjamin Wilson, 1864)

  • Библийы тӕлмацты Чырыстон Грекъаг Фыстыты Хуыцауы ном ис иу-100 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Африкаг, америкаг, азиаг, европӕйаг ӕмӕ Сабыр денджызы сакъадӕхты цӕрӕг адӕмы ӕвзӕгтӕй бирӕты Хуыцауы ном арӕх ӕмбӕлы. (Кӕс рамкӕ 12 ӕмӕ 13 фӕрстыл.) Уыцы тӕлмацтыл чи куыста, уыдон дӕр дзы Хуыцауы ном ныффыстой, уӕлдӕр кӕй ӕрхастам, уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ. Чырыстон Грекъаг Фыстыты тӕлмацтӕ уыцы ӕвзӕгтӕй иуӕй-иутыл рацыдысты ӕрӕджы. Уыдонӕй иу у Библи ротумӕ ӕвзагыл (1999 аз). Уым Хуыцауы ном ӕмбӕлы 51 хатты 48 стихы. Иннӕ та у Библи индонезиаг ӕвзагыл батак-тоба (1989 аз). Уыцы тӕлмацы Хуыцауы ном ӕмбӕлы 110 хатты.

    Хуыцауы ном Марчы 12:29, 30 гавайаг ӕвзагмӕ тӕлмацы

Куыд федтам, афтӕмӕй, Хуыцауы ном «Йегъовӕ» Чырыстон Грекъаг Фыстыты ногӕй ныффыссын кӕй хъуыд, уымӕн ис фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Ӕмӕ афтӕ бакодтой, «Ног дунейы тӕлмац»-ыл чи куыста, уыдон. Уыцы тӕлмацгӕнджытӕ тынг аргъ кӕнынц Хуыцауы номӕн ӕмӕ сӕхимӕ уыцы бар нӕ исынц, цӕмӕй, райдианы йӕ Ныхасы цы фыст уыд, уыдӕттӕй исты айсой (Раргомад 22:18, 19).