Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 ФАРСТА

Мӕ ныййарджытимӕ иумӕйаг ӕвзаг куыд ссарон?

Мӕ ныййарджытимӕ иумӕйаг ӕвзаг куыд ссарон?

УЫЙ ЗОНЫН АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?

Дӕ ныййарджытимӕ иумӕйаг ӕвзаг куы арай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн.

ДЫ КУЫД БАКӔНИС?

Дӕ цӕстытыл-ма ахӕм хабар ауайын кӕн. 17-аздзыд Джеффри хӕдзары куыстытӕ бакодта ӕмӕ йӕ бафӕндыд гыццыл баулӕфын. Телевизор скусын кодта ӕмӕ диваныл йӕхи ӕруагъта.

Уалынмӕ дын йӕ фыд мӕстыйӕ ӕрбацыд.

– Джеффри! Дӕ рӕстӕг цӕуылты хардз кӕныс! Ацу ӕмӕ фӕлтау дӕ кӕстӕр ӕфсымӕрмӕ йӕ уроктӕ скӕнынмӕ фӕкӕс. Ныхас куыд не ’мбарыс!

Джеффри бахъуыр-хъуыр кодта:

– Райдыдта та.

Фӕлӕ йӕ йӕ фыд айхъуыста ӕмӕ йын афтӕ:

– Цы загътай, цы?

Джеффри арф ныуулӕфыд ӕмӕ загъта:

– Ницы.

Фыд тынгдӕр рамӕсты ӕмӕ йын тызмӕгӕй загъта:

– Куыд мӕм уӕндыс, куыд?

Джеффрийы бынаты ды куыд бакодтаис, цӕмӕй уӕ ныхас хылмӕ ма ахызтаид?

ӔРЛӔУУ ӔМӔ АХЪУЫДЫ КӔН!

Ныййарджытимӕ ныхас кӕнын абарӕн ис, машинӕйыл куыд цӕуай, уыимӕ. Фӕндаг ӕхгӕд куы разына, уӕд дӕ бон уыдзӕн ӕндӕр фӕндагыл ацӕуын.

ЦӔВИТТОН

Лия загъта: «Мӕ фыдимӕ ныхас кӕнын мын ӕнцон нӕ вӕййы. Иуӕй-иу хатт ын исты фӕдзурын, уый та-иу мын афтӕ, исты дзырдтай, зӕгъгӕ».

ЛИЯЙӔН ЙӔ БОН КУЫД У БАКӔНЫН?

  1. Йӕ бон у йӕ фыдыл ныхъхъӕр кӕнын.

    Лия хъӕрӕй дзуры: «Цӕй-ма, иу гыццыл-ма мӕм байхъус!»

  2. Йӕ бон у, ӕмӕ йӕ фыдӕн мацыуал радзура.

    Лияйы нал фӕнды йӕ фыдимӕ, цы йӕ тыхсын кӕны, ууыл ныхас кӕнын.

  3. Йӕ бон у йемӕ ууыл иннӕ хатт аныхас кӕнын.

    Лия йӕ фыдимӕ фӕстӕдӕр ныхас кӕны.

Дӕумӕ гӕсгӕ Лия куыд хъуамӕ бакӕна?

АХЪУЫДЫ КӔН. Лияйы фыдӕн йӕ хъуыдытӕ ӕндӕр цӕуылдӕр сты ӕмӕ йӕм йӕ чызг кӕй фӕхъыг, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕны. Уӕдӕ Лия 1-аг вариантмӕ гӕсгӕ куы бакӕна, уӕд йӕ фыд ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн, цӕуыл хъӕр кӕны, уый. Стӕй йӕм лӕмбынӕгдӕр хъусын нӕ райдайдзӕн. Уымӕй уӕлдай уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ Лия йӕ фыды нымайы (Ефесӕгтӕм 6:2). Уӕдӕ афтӕ куы бакӕна, уӕд дзы ницы рамбулдзӕн.

Дӕ ныййарджытимӕ уӕ кӕрӕдзи куы не ’мбарат, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ницыуал ис бакӕнӕн. Дӕ бон у ӕндӕр «фӕндаг» ссарын

2-аг вариантмӕ гӕсгӕ бакӕнын ӕнцондӕр уаид, фӕлӕ уӕддӕр зондыл дзурӕг нӕ уаид. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, кӕд Лияйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ фыд исты уынаффӕ ратта, уӕд ӕй хъӕуы йӕ фыдимӕ аныхас кӕнын. Ӕмӕ йын цӕмӕй йӕ фыд баххуыс кӕна, уый тыххӕй йын хъуамӕ хабар радзура. Науӕд ницы фӕивдзӕн.

3-аг вариантмӕ гӕсгӕ куы бакӕна, уӕд йӕ бон уыдзӕн ӕндӕр «фӕндаг» ссарын. Цы йӕ тыхсын кӕны, ууыл йӕ фыдимӕ йӕ бон у ӕндӕр хатт аныхас кӕнын.

Ӕмӕ уӕд фыдӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн йӕ чызджы бамбарын. Уӕдӕ Лия 3-аг вариантмӕ гӕсгӕ куы бакӕна, уӕд йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ фыдӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн. Афтӕмӕй Лия бакӕндзӕн Библийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ: «Тырнӕм, фарн цы хӕссы... уымӕ» (Ромӕгтӕм 14:19).

Лияйӕн ма йӕ бон куыд уаид бакӕнын?

Дӕлдӕр ныффысс, цавӕр уынаффӕ йын раттис, уый. Стӕй ма ныффысс, дӕ уынаффӕ йӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый дӕр.

ДӔ ХЪУЫДЫ БӔЛВЫРД БАМБАРЫН КӔН

Рох дӕ ма уӕд, хатгай дӕ ныййарджытӕ кӕй нӕ бамбарынц, цы зӕгъинаг сын вӕййыс, уый.

ЦӔВИТТОН:

Дӕ ныййарджытӕ уынынц, цӕуылдӕр кӕй тыхсыс, ӕмӕ дӕ фӕрсынц, цы кӕныс, зӕгъгӕ. Ды та сын дзурыс: «Ницы».

Фӕлӕ дӕ ныййарджытӕн дӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ сыл не ’ууӕндыс ӕмӕ фӕлтау дӕ хабар де ’мбӕлттӕн радзурдзынӕ.

Зӕгъӕм, цавӕрдӕр зын уавӕры бахаудтӕ ӕмӕ дӕ ныййарджыты фӕнды, цӕмӕй дын баххуыс кӕной. Фӕлӕ сын ды дзурыс: «Ма тыхсут. Мӕхӕдӕг истытӕ кӕндзынӕн».

  • Дӕ ныййарджытӕ дын дӕ ныхас куыд бамбариккой?

  • Хуыздӕр цы уаид зӕгъын?