4 ФАРСТА
Мӕ рӕдыдтытӕ куыд сраст кӕнон?
ДЫ КУЫД БАКӔНИС?
Дӕ цӕстытыл-ма ахӕм хабар ауайын кӕн. Тим йе ’мбӕлттимӕ куы хъазыд, уӕд сӕ пурти сыхӕгты машинӕйыл сӕмбӕлд, ӕмӕ йӕ авг асаст.
Тимы бынаты ды куыд бакӕнис?
ӔРЛӔУУ ӔМӔ АХЪУЫДЫ КӔН!
ДӔ БОН У, ӔМӔ...
-
алидзай
-
искӕй аххос ӕй фӕкӕнай
-
хабар ӕцӕгӕй куыд уыди, уый сыхӕгтӕн радзурай ӕмӕ сын зӕгъай, саст авджы тыххӕй сын кӕй бафиддзынӕ
Чи зоны дӕ бафӕнда 1-аг вариантмӕ гӕсгӕ бакӕнын. Фӕлӕ хуыздӕр уыдзӕн, дӕ рӕдыдыл куы басӕттай, дзырд саст авгыл цӕуа ӕви ӕндӕр истӕуыл, уӕддӕр.
НӔ РӔДЫДТЫТЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ СӔТТӔМ?
-
Уый раст у.
Библийы фыст ис: «Мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзуттӕгтӕм 13:18).
-
Йӕ рӕдыдыл чи басӕтты, уымӕн ныххатыр кӕнын ӕнцондӕр вӕййы.
Библийы фыст ис: «Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уымӕн ницы бантысдзӕн, чи сӕ раргом кӕны ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уымӕ та уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 28:13).
-
Уый цӕуы Хуыцауы зӕрдӕмӕ.
Библийы фыст ис: «Мӕнгард адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕнад у, рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон та сты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:32).
Каринӕйыл цӕуы 20 азы. Йӕ фыдӕй басусӕг кодта, машинӕ тагъд кӕй скъӕрдта, уый тыххӕй йын штраф кӕй бафидын кодтой. Фӕлӕ йӕ кӕдмӕ хъуамӕ ӕмбӕхстаид? Каринӕ загъта: «Иу азы фӕстӕ мӕ фыд штрафы гӕххӕтт федта. Ӕмӕ ма дӕ дзы хъӕуы!»
Цымӕ Каринӕ уыцы хабарӕй цӕуыл сахуыр ис? Уый загъта: «Дӕ рӕдыдтытӕ куы сусӕг кӕнай, уӕд хабар фӕфыддӕр уыдзӕн. Фӕстӕдӕр дӕ уӕддӕр бахъӕудзӕн дӕ рӕдыдтыты тыххӕй дзуапп раттын!»
НӔ РӔДЫДТЫТӔЙ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ?
Библийы фыст ис: «Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм» (Иаковы 3:2). Йӕ рӕдыдыл басӕтты сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕймаг. Стӕй, басӕтта ӕви нӕ, ууыл рахъуыды-бахъуыды дӕр нӕ фӕкӕны.
Адӕймаг йӕ рӕдыдтытӕй хъуамӕ истӕуыл ахуыр кӕна. Верӕ загъта: «Куы фӕрӕдийын, уӕд мын фӕзыны фадат, цӕмӕй цӕуылдӕр сахуыр уон. Уый фӕрцы мӕ удыхъӕд хуыздӕрырдӕм ивы ӕмӕ, иннӕ хатт ахӕм уавӕры куы бахауын, уӕд ӕндӕрхуызон бакӕнын». Уӕдӕ дӕ рӕдыдтытӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
Де ’фсымӕры велосипед райстай, ӕмӕ дзы цыдӕр асаст. Куыд бакӕндзынӕ?
-
Ницы зӕгъдзынӕ ӕмӕ дӕ ныфс уыдзӕн, де ’фсымӕр кӕй ницы базондзӕн.
-
Хабар де ’фсымӕрӕн радзурдзынӕ.
-
Хабар де ’фсымӕрӕн радзурдзынӕ, фӕлӕ йӕ искӕй аххос фӕкӕндзынӕ.
Дӕхи кӕй нӕ бацӕттӕ кодтай, уый тыххӕй дӕ экзамен нӕ радтай. Куыд бакӕндзынӕ?
-
Экзамен ӕгӕр зын уыди, зӕгъгӕ, дзурдзынӕ.
-
Дӕхи аххос кӕй у, ууыл басӕтдзынӕ.
-
Ахуыргӕнӕджы аххос ӕй фӕкӕндзынӕ, йӕ удхӕссӕг мӕ уыны, зӕгъгӕ.
Ныр та ацы дыууӕ хабарыл ахъуыды кӕнӕм. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ды дӕ 1) де ’фсымӕры бынаты ӕмӕ 2) дӕ ахуыргӕнӕджы бынаты. Дӕ рӕдыдыл куы басӕттай, уӕд дӕ де ’фсымӕр ӕмӕ дӕ ахуыргӕнӕг цы зӕгъдзысты? Дӕ рӕдыд куы басусӕг кӕнай, уӕд та?
Ныр та ахъуыды кӕн, фӕстаг азы дӕргъы кӕм фӕрӕдыдтӕ ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуапп ратт.
Кӕм фӕрӕдыдтӕ? Дӕ рӕдыд куыд сраст кодтай?
-
Басусӕг ӕй кодтон.
-
Кӕйдӕр аххос ӕй фӕкодтон.
-
Басастӕн ыл.
Кӕд дӕ рӕдыдыл нӕ басастӕ, уӕд уый фӕстӕ дӕхи куыд хатыдтӕ?
-
Фенцондӕр мын ис. Фервӕзтӕн дзы!
-
Мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл ӕрхудт. Хабар ӕргом радзурын хъуыди.
Дӕ бон ма куыд уыд бакӕнын?
Дӕ рӕдыдӕй цӕуыл сахуыр дӕ?
КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС?
Иуӕй-иутӕ сӕ рӕдыдтытыл цӕуылнӕ фӕсӕттынц?
Ӕдзухдӕр дӕ рӕдыдтытӕ куы сусӕг кӕнай, уӕд дӕ адӕм цы зӕгъдзысты? Куы сыл сӕттай, уӕд та? (Лукайы 16:10).