Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Организаци размӕ цӕуы

Организаци размӕ цӕуы

2013 азы 5 июлы майрӕмбоны Энтони Моррис, Разамонӕг советӕй, Иугонд Штатты Вефилы бинонтӕн фехъусын кодта диссаджы хабар: «2013 азы 4 июлы, цыппӕрӕмы, ӕлхӕнджытимӕ нӕ къухтӕ ӕрфыстам, кӕй сын ауӕй кӕндзыстӕм Бруклины ӕхсӕз агъуысты Адамс-стриты, 117 ӕмӕ Сандс-стриты, 90. Цӕмӕй, фондз агъуысты кӕм ис, уыцы комплекс ауӕй кӕнӕм, уый тыххӕй сӕ хъуамӕ ссӕрибар кӕнӕм ацы азы августы ӕмбисмӕ».

Ӕфсымӕр Моррис загъта, зӕгъгӕ, 3-аг агъуысты ӕхсӕзӕм ӕмӕ ӕвдӕм уӕладзгуыты чи ис, уыцы гӕрзтӕхсӕн ӕмӕ химчисткӕ сӕ куыст кӕй кӕндзысты 2014 азы ӕмбисмӕ. Стӕй ма загъта: «Сандс-стриты, 90 цы агъуыст ис, уый та ссӕрибар кӕндзыстӕм 2017 азы дӕргъы».

Ацы ӕхсӕз стыр агъуысты уымӕн уӕй кӕнӕм, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад горӕт Нью-Йорчы нал уыдзӕн, фӕлӕ горӕт Уорвичы (штат Нью-Йорк). Уорвичы нын ис 102 гектары зӕхх. Фӕлӕ нын цалынмӕ аразыны бар нӕ радтой, уӕдмӕ нӕ бон нӕ уыди арӕзтады бынат ссыгъдӕг кӕнын ӕмӕ къахын райдайын.

18 июлы, дыццӕджы, Иугонд Штатты Вефилы бинонтӕ ӕхсызгонӕй байхъуыстой, Разамонӕг советӕй сын Марк Сандерсон цы хъусинаг бакасти, уымӕ. Сандерсон загъта: «Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 17 июлы, ӕртыццӕджы, изӕрӕй Уорвичы горӕтаразыны комитет ӕмхуызонӕй сӕ къухтӕ кӕй ӕрфыстой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ног сӕйраг хайады арӕзтадон пъланыл. Цӕмӕй нӕ арӕзтад райдыдтаиккам, уый тыххӕй ма нӕ уыцы гӕххӕтт хъуыди. Диссаг уый у, ӕмӕ йӕ кӕй райстам, Уорвик цы бон балхӕдтам, уымӕй цыппар азы куы рацыд, растдӕр уӕд. Уымӕй уӕлдай ма, фӕстаг бонты цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй ирдӕй зыны, Йегъовӕ нын кӕй арфӕ кӕны». Ӕфсымӕр Сандерсон алкӕмӕн дӕр стыр бузныг загъта, ацы хъуыддаджы тыххӕй ӕвӕллайгӕйӕ кӕй фыдӕбон кодтой ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй куывтой. Загъта ма: «Сӕйраджыдӕр та Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын бузныг дзурӕм, ацы ахсджиаг хъуыддаджы нын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕйраг хайад арӕзт ӕрцӕуа Уорвичы (штат Нью-Йорк)».

26 июлы, майрӕмбоны, ӕфсымӕр Моррис фембӕлд иу мин вефилаг ӕмӕ Регионалон арӕзтадон комитеты (РАК) барвӕндон кусджытимӕ. Ӕрӕмбырд сты ног хӕрӕндоны Таксидойы (штат Нью-Йорк). Уыцы бынат Уорвикы арӕзтадӕн стыр ӕххуыс у. Ӕфсымӕр Моррис сӕ Библийӕ куы бафидар кодта, уӕд ма сын загъта, цыдӕр сын кӕй хъуамӕ фехъусын кӕна: «Мӕ къухы цы гӕххӕтт ис, уый гыццыл раздӕр райстон ӕмӕ уын ӕй хъуамӕ бакӕсон. Уӕлейӕ йыл фыст ис „Арӕзтадӕн барлӕвӕрд ӕрцыд“». Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ афтӕ тынг нымдзӕгъд кодтой, ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд дарддӕр кӕсын. Ӕфсымӕр Моррис сын бакасти, фыццаг стыр арӕзтадӕн цы барлӕвӕрд райстой, уымӕй цалдӕр скъуыддзаджы ӕмӕ йӕм хъусджытӕ се ’ппӕт дӕр тынг ӕхсызгонӕй хъуыстой. Уыцы барлӕвӕрд та райстой Уорвичы ӕртӕ сахаты размӕ.

Цы аразынц Уолкилл, Уорвик ӕмӕ Таксидойы?

2009 азы августы Уолкиллы фылдӕр агъуыстытӕ аразын куы райдыдтой, уӕдӕй нырмӕ дзы бакуыста 2 800 ӕфсымӕр ӕмӕ хойы бӕрц. Проектмӕ гӕсгӕ хъуамӕ саразой ног цӕрӕн агъуыст, машинӕтӕн ӕхгӕд лӕууӕн бынат ӕмӕ кусгӕ кӕм кӕндзысты, ахӕм агъуыст. Ныр дзы цы цӕрӕн агъуыстытӕ ис, уыдонӕй иу сцалцӕг кодтой, ӕмӕ цыдӕртӕ сарӕзтой типографийы, гӕрзтӕхсӕн агъуысты, залы, цалцӕггӕнӕн агъуысты ӕмӕ сӕйраг вестибюлы. Уолкиллы арӕзтад хъуамӕ фӕуа 2015 азы кӕронмӕ.

Уыцы рӕстӕг ма арӕзтад райдыдта, фидӕны сӕйраг хайад кӕм уыдзӕн, уым дӕр, Уорвичы. Арӕзтадон куыстытӕ куы райдыдтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ цалдӕр мӕйы дӕргъы зӕхх къахынц, фундаментӕн бынат цӕттӕ кӕнынц ӕмӕ зӕххы бын коммуникацитӕ уадзынц. 2013 азы кӕрон райдыдтой аразын фыццаг ӕртӕ агъуысты – машинӕтӕ цалцӕг кӕнӕн агъуыст, уазджыты машинӕтӕн ӕхгӕд лӕууӕн бынат ӕмӕ цалцӕггӕнӕн агъуыст. Ацы агъуыстытӕ ныр дӕр стыр ӕххуыс сты, уымӕн ӕмӕ дзы аразджытӕ сӕхӕдӕг дӕр пайда кӕнынц ӕмӕ ма дзы ис, арӕзтадӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр. Уыцы агъуыстытӕй ма пайда кӕндзысты арӕзтады фӕстӕ дӕр. 2014 азы та аразын райдайдзысты цӕрӕн агъуыстытӕ, стӕй ма кусӕн бынӕттӕ, цалцӕггӕнӕн бынӕттӕ ӕмӕ, скълӕдтӕ кӕм уыдзӕн, ахӕм агъуыст.

Таксидойы нын цы зӕхх ис (20 гектары), уый Уорвикӕй цӕгатырдӕм у 10 километры бӕрц. Арӕзтадон ӕмӕ проектон комитеты уӕнг Кеннет Черниш дзуры: «Таксидойы агъуыстытӕ стыр ӕххуыс уыдзысты, сӕйраг хайад Уорвичы арӕзт куы цӕуа, уӕд. Уым цӕрдзысты аразджытӕй чидӕртӕ, стӕй ма сын уым кӕндзысты хӕринаг ӕмӕ, арӕзтадӕн цыдӕриддӕр хъӕуа, уый дӕр уыдзӕн уым». Цӕмӕй Таксидойы арӕзтад фӕрӕвдздӕр уа, уый тыххӕй Иугонд Штатты скӕсӕн хайы РАК-мӕ ӕххуысмӕ фӕдзырдтой, цӕмӕй сын цыдӕр куыстыты ӕххуыс кӕной.

Иугонд Штатты РАК-имӕ чи кусы, уыцы ӕххуысгӕнджытӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, сӕйраг хайады агъуыстытӕ аразын кӕд райдайдзысты, уымӕ. Фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ сӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кодтой, цӕмӕй сӕ бон уа арӕзтады кусын. Лесли Блондо ӕмӕ йӕ сӕрыхицау Питер кусынц донуадзӕн системӕты хайады. Лесли дзуры: «Иумӕ кӕй кусӕм, уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, ӕмӕ стӕй уыцы рӕстӕг ӕхсызгонӕй мысдзыстӕм».

«Таксидойы ӕз кусын электриктимӕ,– загъта хо Мэллори Рашмор.– Алы бон дӕр цин кӕнын, ам чи лӕггад кӕны ӕмӕ, ӕххуыс кӕнынмӕ чи ӕрцӕуы, уыдонимӕ иумӕ кӕй кусын, ууыл».

«Уый стыр кад у,– зӕгъы ӕфсымӕр Квинци Дотсон,– ӕз ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ мӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтон, фӕлӕ куыд разынд, афтӕмӕй мӕхӕдӕг бирӕ фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын дӕн».

«Ацы арӕзтады кусын стыр цины хос у,– дзуры ӕфсымӕр Черниш.– Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кусынц тагъд ӕмӕ тынг бӕстон, стӕй ма хъӕлдзӕг дӕр сты».