Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр

Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр

Пъӕлицӕ баххуыс кодта блоктӕ ракалынӕн

Гуырдзыстоны стырдӕр горӕттӕй дыккаджы, Кутаисы, 13 азы дӕргъы конгресстӕ цыдысты, раздӕр шампайнаг сӕнтӕ кӕм уагътой, ахӕм ӕрдӕгкалд заводы. Цӕмӕй-иу адӕмыл къӕвда ма уарыдаид, уый тыххӕй-иу бандӕтты сӕрмӕ айтыдтой целофан. Ныр ӕфсымӕртӕн ис ног рӕсугъд Паддзахады зал. Куы бахъӕуы, уӕд ын йӕ къултыл ахӕцынц, ӕмӕ дзы сӕ бон вӕййы конгресстӕ уадзын. Арӕзтады рӕстӕг 50 адӕймаджы уӕзласӕн машинӕйӕ калдтой блоктӕ. Ӕмӕ сӕм пъӕлицӕйы кусджытӕ бацыдысты, цӕмӕй федтаиккой, цы кусынц, уый. Кусджытӕ куыд цингӕнгӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй куыстой, уый куы федтой, уӕд сӕ раппӕлыдысты ӕмӕ сын блоктӕ калынӕн аххуыс кодтой. Пъӕлицӕйы кусджытӕ ӕфсымӕртӕн загътой, цӕмӕй-иу сӕм фӕдзурой, исчи сӕ куы хъыгдара, уӕд. Стӕй ма сын афтӕ дӕр загътой, зӕгъгӕ, ног Паддзахады залы фыццаг конгресс куы уа, уӕд кӕй ӕрбацӕудзысты.

Йӕ велосипед ауӕй кодта

Мэлаки у хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ цӕры Бурундийы. Йӕ бинонты дары, зӕххы куыст кӕй кӕны ӕмӕ йӕ велосипедыл уӕргътӕ кӕй ласы, уымӕй. Паддзахады зал аразын сӕм куы райдыдтой, уӕд Мэлакийы бафӕндыд арӕзтады баххуыс кӕнын ӕмӕ алы бон дӕр уырдӕм цӕуын. Фӕлӕ цалынмӕ уым дыууӕ мӕйы куыстаид, уӕдмӕ йӕ йӕ бинонты фӕдарынӕн хъуыди ӕхца. Ӕмӕ уый дӕр йӕ велосипед ауӕй кодта. Уыцы ӕхцайӕн йӕ иу хай радта йӕ бинойнагмӕ, иннӕ хай та ныппӕрста, зал аразынӕн цы мысайнӕгты асыкк уыд, уым. Паддзахады залы арӕзтады кусгӕйӕ, Мэлаки иннӕ аразджытӕй бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр. Залы арӕзтады фӕстӕ Мэлаки сси фӕлтӕрдджын кусӕг ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕ куы базыдтой, уӕд йӕ бон сси куыст ссарын. Фӕстӕдӕр та Мэлаки ӕндӕр велосипед балхӕдта!

Бафӕндыд сӕ баххуыс кӕнын

Малавийы дард рӕтты Паддзахады залтӕ саразын вӕййы тынг зын. Фароны лӕггады азы зал арӕзтой, фӕндӕгтӕ ӕппындӕр кӕм нӕ бӕззыдысты, ахӕм ран. Ӕфсымӕртӕ филиалӕй аразӕн ӕрмӕг ластой, ӕвзӕр фӕндӕгтыл цӕуынӕн чи бӕззы, ахӕм машинӕтыл. Бынӕттон ӕфсымӕртӕ куыд загътой, афтӕмӕй цӕрджыты тынг цымыдис кодта арӕзтад. Ӕвдисӕн чи нӕу, ахӕм адӕмӕй дӕр бирӕтӕ цыдысты ӕххуысмӕ ӕмӕ-иу изӕрмӕ куыстой: машинӕтӕй калдтой змис, дуртӕ, цементы голджытӕ ӕмӕ зест шифер. Хатт-иу Ӕвдисӕнтӕ чи нӕ уыд, уыдон Ӕвдисӕнтӕй бирӕ фылдӕр уыдысты! Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дард рӕтты Хуыцауӕн кувынӕн ахӕм рӕсугъд агъуыстытӕ кӕй аразынц, уый цӕрджыты зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ сӕ бафӕндыд баххуыс кӕнын.

Сывӕллӕттӕ къафеттӕ уӕй кодтой

Сӕрмагонд пионертӕ, лӕг ӕмӕ ус, Кот-д’Ивуары бете ӕвзагыл Библи ахуыр кӕнынц, дӕс сывӕллоны кӕмӕн ис, ахӕм къаимӕ. 2013 азы майы горӕт Далоайы бете ӕвзагыл фыццаг хатт уыди иубонон конгресс. Ӕмӕ ацы бинонты дӕр бафӕндыд ацӕуын. Алы адӕймагӕн дӕр сӕ дыууӕрдӕм фӕндаггаг хъуыди 800 франкы (1,60 америкаг доллӕры), ӕмӕ фыдмӕ та уыйбӕрц ӕхца нӕ уыди. Фӕлӕ сӕ ацӕуын тынг кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ йӕм иу хъуыды фӕзынди. Йӕ хистӕр чызгмӕ радта 300 франкы (0,60 америкаг доллӕры) ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй къафеттӕ уӕй кӕна. Йӕ чызг ӕм байхъуыста ӕмӕ йӕхицӕн фӕндаггаджы фаг бакуыста. Фыд иннӕ сывӕллӕттӕн дӕр ратта фӕйнӕ 300 франкы, цӕмӕй къафетты куыст кодтаиккой, цалынмӕ се ’ппӕт дӕр сӕхицӕн фӕндаггаджы фаг нӕ бакуыстаиккой, уӕдмӕ. Ӕппынфӕстаг иннӕтимӕ иумӕ конгресмӕ ацыдысты. Куыд амондджын уыдысты, конгресмӕ сӕ мадӕлон ӕвзагыл куы байхъуыстой, уӕд!