Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разамонӕг советы писмо

Разамонӕг советы писмо

Нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ!

Куыд ӕхсызгон нын у сымахмӕ ацы ахсджиаг азы райдиан фыссын! 2014 азы кӕрон сӕдӕ азы сӕххӕст уыдзӕн, нӕ уарзон Паддзах Йесо Чырысти йе знӕгты ’хсӕн хицауиуӕг кӕнын куы райдыдта, ууыл (Пс. 110:1, 2).

Ацы лӕггады азы райдиан Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) ӕрвылазон фембӕлды Ног дунейы тӕлмацы комитет фехъусын кодта, кӕй рацыд, ногӕй кӕуыл бакуыстой, ахӕм Библи англисаг ӕвзагыл. Зӕххыл Библийӕн уымӕй хуыздӕр тӕлмац никуыма уыди. 60 азӕй фылдӕры размӕ Йегъовӕ спайда кодта, йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕхицӕн фырттӕ кӕмӕй скодта, уыдонӕй, цӕмӕй «Ног дунейы тӕлмац» рауагътаиккой (Ром. 8:15, 16). Ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр ӕй ис диссаджы тӕлмац схонӕн, афтӕ нӕу?

Бирӕ азты дӕргъы, Разамонӕг совет йӕ хъус кӕмӕ дары, уыцы Фысджыты комитет фыццаг бынаты сӕвӕрдта Библи тӕлмац кӕныны куыст. Абон «Ног дунейы тӕлмац» ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай ис 121 ӕвзагыл. Мах фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйӕн равдисат, Библийӕн куыд тынг аргъ кӕнут, уый. Алы бон дӕр ӕй кӕсут ӕмӕ йыл хъуыды кӕнут. Афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕндзыстут йӕ Автормӕ, Йегъовӕ Хуыцаумӕ (Иак. 4:8).

Нӕ зӕрдӕ тынг фӕриссы, куы фехъусӕм, нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлынц. Ӕмбарӕм ӕй, хатт сӕ бон кӕй нӕ вӕййы иннӕтимӕ цин кӕнын. Зӕгъӕм, Азийы иу бинонтӕн ӕрӕджы сӕ цард цӕхгӕр фӕивта, сӕ мады сын паралич куы ныццавта, уӕд. Хъыгагӕн, дохтыртӕн дӕр сӕ бон ницӕмӕй у баххуыс кӕнын. Тынг сын тӕригъӕд кӕнӕм! Йӕ сӕрыхицау ӕм ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсы. Сӕ фырт ӕмӕ сӕ дыууӕ чызджы дӕр хорз чырыстӕттӕ разындысты ӕмӕ сӕ бон цы у, уымӕй сӕ ныййарджытӕн ӕххуыс кӕнынц. Ацы хорз бинонтӕн дӕр ӕмӕ сымахӕн дӕр, алыхуызон зындзинӕдтӕн чи быхсы, уыдонӕн дӕр, уӕ бон у, ӕмӕ зӕрдӕрухс уат, уӕ уырнындзинады фӕлварӕнты фидар кӕй лӕуут, уый тыххӕй (Иак. 1:2–4). Йегъовӕ йӕ сӕрст чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕн дӕр зӕрдӕ ӕвӕры, амондджын кӕй уыдзысты, фӕлварӕнты фидар куы фӕлӕууой, уӕд, уымӕн ӕмӕ райсдзысты лӕвар – ӕнусон цард! (Иак. 1:12).

Фарон Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 19 241 252 адӕймаджы. Куыд ӕхсызгон нын у, уыйбӕрц адӕм Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесо Чырыстийӕн кӕй скад кодтой, Хуыцауы адӕмӕн афӕдзы мидӕг ӕппӕты ахсджиагдӕр фембӕлдмӕ кӕй ӕрбацыдысты, уымӕй! Йегъовӕйы кад дардыл нӕрыд, Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг, мартъи ӕмӕ апрелы, дыууӕ милуанӕй фылдӕр хъусынгӕнӕджы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй кӕй лӕггад кодтой, уый фӕрцы. Уый не ’ппӕты дӕр куыд тынг фидар кӕны! Ӕхсызгон уын куыннӕ уыдаид, куы фехъуыстат, районон цӕстдарӕг ӕмбырд куы бӕрӕг кӕна, уӕд ӕххуысгӕнӕг пионертӕн дӕр сӕ бон кӕй у пионерты фембӕлдмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр байхъусын, кӕд сӕ мартъи ӕмӕ апрелы нӕ бӕрӕг кӕна, уӕд дӕр. Фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕ ӕмбарынц, куыд ахсджиаг у фылдӕр хъусын кӕнын ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгты фылдӕр архайын. Афтӕмӕй уыдзыстӕм фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, стӕй Хӕйрӕгӕн дӕр уый бар нӕ ратдзыстӕм, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕна ӕмӕ нӕ раст фӕндагӕй иуварс акӕна (1 Кор. 15:58).

Нӕ ныфсыл нын ныфс бафтыдта, фароны лӕггады азы 277 344 адӕймаджы донаргъуыд кӕй райстой! Ныр уыдон дӕр царды фӕндагыл цӕуынц, ӕгас дунейы дӕр сын цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдонимӕ (Матф. 7:13, 14). Уыцы ногты хъӕуы не ’ххуыс, цӕмӕй «уырнындзинады ӕрфидар уой» (Кол. 2:7). Кӕрӕдзийӕн дарддӕр дӕр ныфсы хос ут, цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууат (Матф. 24:13). «Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут, лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон» (1 Фес. 5:14). Кӕронӕй нӕ зӕгъын фӕнды, цӕмӕй махӕй алчидӕр «ӕппынӕдзух кува» ӕмӕ дзура: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад» (1 Фес. 5:17; Матф. 6:10).

Уӕ хорзӕхӕй, бакӕсут ацы «Ӕрвылазон чиныг». Зонут ӕй, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕй мах алкӕйдӕр бирӕ кӕй уарзӕм!

Уе ’фсымӕртӕ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет