Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

Хуыдтой йӕ «Библийы Браун»

Уильям Браун

Хуыдтой йӕ «Библийы Браун»
  • РАЙГУЫРД: 1879 азы.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1908 азы.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: Ныгуылӕн Африкӕйы хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд лӕвӕрдта иууыл райдианӕй.

1907 азы Уильям куыста Панамӕйы каналы арӕзтады. Иухатт уынджы куы фӕцӕйцыд, уӕд байхъуыста раныхасмӕ, дзырдта йӕ Айзейя Ричардз. Уый уыди Библииртасӕг, уӕд афтӕ хуындысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ричардзы раныхас арӕзт уыди «Ӕнусты схемӕ»-йыл, пайда дзы кодтой, цӕмӕй-иу Хуыцауы фӕндтӕ ӕмбарын кодтаиккой. Уильям рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ уайтагъд айста ӕмӕ Ямайкӕмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕй йӕ мад ӕмӕ йӕ хойӕн дӕр радзырдта. Фӕстӕдӕр уыдон дӕр Библииртасджытӕ систы.

Ӕфсымӕр Браун лӕггад кодта горӕт Панамӕйы (Панамӕ). Уым фембӕлд Эвандер Кауардыл. Уый Панамӕмӕ ӕрвыст уыди Библииртасджыты ӕхсӕнадӕй ӕмӕ раныхӕстӕ дзырдта. Кауард дзырдта зӕрдиагӕй ӕмӕ рӕсугъд, ӕмӕ-иу адӕм ӕмбырдтӕ кодтой, цӕмӕй йӕм байхъуыстаиккой. Уильям рӕстдзинад куыд тынг уарзы, уый куы федта, уӕд ӕй йемӕ Тринидадмӕ хъусын кӕнынмӕ акодта.

Уый фӕстӕ Уильям дӕс азӕй фылдӕр ӕгас Вест-Индийыл дӕр зылд, лӕггад кодта пионерӕй ӕмӕ хъусынгӕнджыты гыццыл къордтӕ фидар кодта. 1920 азы ракуырдта иузӕрдион чырыстон хо Антонийы. Сӕ чындзӕхсӕвӕй дыууӕ боны фӕстӕ Уильям ӕмӕ Антони науыл ацыдысты гыццыл сакъадах Монтсерратмӕ (Хуссар Антилийы сакъадӕхтӕ). Семӕ аластой «Сфӕлдыстады фотодрамӕ» – Библийыл арӕзт цыппар хайӕ конд хуызджын слайдтӕ ӕмӕ кинокадртӕ. Хъусын ма кодтой Барбадос, Доминикӕ ӕмӕ Гренадӕйы сакъадӕхтыл. Уыдон цин кодтой, сӕ иумӕйаг царды фыццаг мӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ кӕй арвыстой, ууыл.

Дыууӕ азы фӕстӕ Уильям ныффыста Джозеф Рутерфордмӕ. Уыцы рӕстӕг Рутерфорд разамынд лӕвӕрдта Йегъовӕйы адӕмӕн. Уильям ӕй бафарста: «Йегъовӕйы ӕххуысӕй хорз хабар фехъусын кодтон Карибы сакъадӕхтӕн сӕ фылдӕрыл ӕмӕ дзы бирӕты ахуыргӕнинӕгтӕ фӕзынд. Ногӕй та сӕ бабӕрӕг кӕнон?» Цалдӕр боны фӕстӕ ӕфсымӕр Рутерфордӕй дзуапп райста: «Дӕ бинойнаг ӕмӕ дӕ сывӕллонимӕ ацу Сьерра-Леонемӕ, Ныгуылӕн Африкӕмӕ».

27 азы дӕргъы ӕфсымӕр Браун йӕ бинонтимӕ лӕггад кодта Ныгуылӕн Африкӕйы. Хӕдзары бадын ӕй никуы фӕндыд, фӕндыд ӕй хъусын кӕнын. Библи ахсджиаг кӕй у, уый тыххӕй арӕх кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ адӕм схуыдтой «Библийы Браун».

1950 азы, Уильям Брауныл 71 азы куы цыд, уӕд, йӕ бинойнагимӕ фӕстӕмӕ Ямайкӕмӕ аздӕхтысты ӕмӕ уым пионертӕй лӕггад кодтой. Уильям пионерӕй лӕггад кодта 1967 азы онг, цалынмӕ йӕ зӕххон цард нӕ фӕци, уӕдмӕ. Куыд тынг уарзта пионерӕй лӕггад кӕнын! Уый йӕ нымадта, адӕймаг кӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕна, ахӕм стыр кадыл.