Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

Змӕнтджытӕй аирвӕзтыстӕм

Эндрью Бон

Змӕнтджытӕй аирвӕзтыстӕм
  • РАЙГУЫРД: 1961 азы.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1988 азы.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: 1991 азы хӕст куы райдыдта, уӕдӕй нырмӕ у пионер горӕт Пенденбуйы (Скӕсӕн провинци, Сьерра-Леоне).

ИУБОН фӕссихор змӕнтджытӕ нӕ горӕтмӕ бабырстой ӕмӕ дыууӕ сахаты бӕрц хӕрдмӕ ӕхстой. Иуӕй-иутӕ сӕ уыдысты ӕрыгон ӕмӕ сӕ хӕцӕнгарз фӕразгӕ дӕр нӕ кодтой. Уыдысты тынг чъизи, сӕ сӕрыхъуынтӕ пыхцыл ӕмӕ куыд зынди, афтӕмӕй наркотиктӕ дӕр скодтой.

Дыккаг бон райдыдтой адӕмы ӕгъатырӕй цӕгъдын, кӕй сахъат кодтой, кӕй та – маргӕ. Сылгоймӕгтыл тыхӕй хӕцыдысты. Бӕстӕ сӕмтъеры. Мӕ хӕдзары бамбӕхстысты ӕфсымӕр Амарӕ Бабаво ӕмӕ йӕ бинонтӕ, стӕй ма Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, цыппар ахӕм адӕймаджы. Фыртӕссӕй ма цы фӕуыдаиккам, уый нал зыдтам.

Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕм фӕзынд змӕнтджыты командир ӕмӕ нын бардзырд радта, цӕмӕй сӕм иннӕ райсом бацыдаиккам ӕмӕ нӕ хӕцын ахуыр кодтаиккой. Мах фидарӕй аскъуыддзаг кодтам, ууыл кӕй не сразы уыдзыстӕм, кӕд нӕ уый тыххӕй амардтаиккой, уӕддӕр. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Йегъовӕмӕ фӕкуывтам. Райсом раджы сыстадыстӕм, уыцы боны стих бакастыстӕм ӕмӕ змӕнтджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын райдыдтам. Фӕлӕ уыдон нал ӕрбацыдысты.

«Кӕд ӕрвылбоны стих кӕсут, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стут»

Фӕстӕдӕр мын змӕнтджыты афицер ӕмӕ цыппар ӕфсӕддоны мӕ хӕдзар байстой ӕмӕ дзы ӕрцардысты. Фӕлӕ нын бар радтой, цӕмӕй мах дӕр хӕдзары баззадаиккам, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ бон уыд нӕ фембӕлдтӕ уадзын ӕмӕ алы боны стихыл ныхас кӕнын. Ӕфсӕддонтӕй нын чидӕртӕ загътой: «Кӕд ӕрвылбоны стих кӕсут, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стут». Библийы тыххӕй зонын сӕ нӕ фӕндыд, фӕлӕ нӕм хорз цӕстӕй кастысты.

Иу бон нӕм ӕрбацыд ӕфсады хистӕр, цӕмӕй бабӕрӕг кодтаид, мӕ хӕдзары чи цард, уыцы ӕфсӕддонты. Ӕфсымӕр Бабавойӕн ӕфсӕддон салам радта ӕмӕ йын йӕ къух райста. Стӕй ӕфсӕддонтӕм разылд ӕмӕ сын хъӕрӕй загъта: «Ацы лӕг мӕ хицау дӕр у ӕмӕ уӕ хицау дӕр. Йӕ сӕрӕй иу хъуын дӕр куы ӕрхауа, уӕд уыл мӕгуыры бон акӕндзӕн. Бамбӕрстат мӕ?» «О, сэр!» – дзуапп радтой уыдон. Ӕфсады хицау нын радта гӕххӕтт, фыст дзы уыди, цӕмӕй нын Иугонд революцион фронт мацы зиан ракодтаид, уымӕн ӕмӕ мах сабыр адӕм уыдыстӕм.

Цалдӕр мӕйы фӕстӕ змӕнтджыты къордтӕ кӕрӕдзимӕ фесты, ӕмӕ нӕ бахъуыд Либеримӕ алидзын. Уым сӕмбӕлдыстӕм змӕнтджыты ӕндӕр къордыл, ӕмӕ нӕм бартхъирӕн кодтой. Мах сын загътам: «Мах Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стӕм». Иу ӕфсӕддон нӕ бафарста: «Уӕдӕ Иоанны 3:16 цы фыст ис?» Уыцы стихы цы фыст ис, уый йын куы загътам, уӕд нӕ ауагъта.

Фӕстӕдӕр фембӕлдыстӕм ӕндӕр ӕфсӕддон командирыл. Уый ӕфсымӕр Бабавойӕн ӕмӕ мӕнӕн бардзырд радта, цӕмӕй йемӕ ацыдаиккам. Мах нӕхицӕн фӕтарстыстӕм. Уыцы змӕнтӕг нын загъта, хӕсты размӕ Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кодта. Уый нын радта ӕхца, мах та йӕм писмо радтам, цӕмӕй йӕ сыхаг ӕмбырдмӕ фӕхӕццӕ кодтаид. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕм дыууӕ ӕфсымӕры ӕрбацыд. Ӕрбахастой нын гуманитарон ӕххуыс ӕмӕ нӕ ӕдас ранмӕ акодтой.