Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

1915–1947 Райдианы (1 хай)

1915–1947 Райдианы (1 хай)

Рӕстдзинады рухс ӕрттивын райдыдта

Хорз хабар Сьерра-Леонемӕ ӕрхӕццӕ 1915 азы, бынӕттон цӕрджытӕ Английӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ куы ӕрластой, уӕд. Уыцы аз июлы Фритаунмӕ фыццаг хатт ӕрцыд Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй иу. Йӕ ном хуынди Альфред Джозеф, уыди Гайанӕйӕ (Хуссар Америкӕ). Цыди йыл 31 азы ӕмӕ уыцы аз донаргъуыд райста Барбадосы (Вест-Инди). Фритаунмӕ ӕрцыд контрактмӕ гӕсгӕ ӕмӕ куыста локомотивыл. Ӕрцарди, ӕфсӕнвӕндаджы кусджытӕ кӕм цардысты, уым, Клайнтауны, Фритауны Бӕмбӕгбӕласӕй 3,2 километры дарддӕр. Альфред йе ’мкусджытӕн Библийӕ хорз хабар дзурын райдыдта ӕвӕстиатӕй.

Иннӕ аз Альфредмӕ Барбадосӕй ӕрцыд йӕ раздӕры ӕмкусӕг Ленард Блакман. Альфред рӕстдзинад базыдта Ленарды мад Элвирӕ Хьюиттӕй. Ленард ӕрцард Альфреды фарсмӕ, ӕмӕ уый фӕрцы ӕдзухдӕр Библийыл ныхас кодтой. Стӕй ма-иу Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ лӕвӕрдтой се ’мбӕлттӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмӕн дӕр.

Альфред ӕмӕ Ленард бамбӕрстой, Фритауны быдыртӕ кӕй «фӕбур сты» ӕмӕ «кӕрдынмӕ» кӕй сцӕттӕ сты (Иоан. 4:35). 1923 азы Нью-Йорчы нӕ сӕйраг хайадмӕ Альфред ныффыста писмо: «Ам бирӕ адӕмы фӕнды Библи хуыздӕр базонын. Искӕй-ма рарвитут, цӕмӕй сӕм фӕкӕса ӕмӕ баххуыс кӕна Сьерра-Леонейы хъусын кӕныны хъуыддаг спълан кӕнынӕн дӕр». Йӕ писмойӕн ахӕм дзуапп райста: «Искӕй уӕм арвитдзыстӕм».

Уильям «Библийы Браун» ӕмӕ йӕ цардӕмбал Антони

– Цалдӕр мӕйы фӕстӕ мӕм иу сабаты ӕхсӕвӕй ӕнӕнхъӕлӕджы чидӕр телефонӕй ӕрбадзырдта,– загъта Альфред.

– Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнадмӕ ды ныффыстай ӕмӕ хъусынгӕнджытӕ ды агуырдтай? – бафарста мӕ нӕлгоймаг.

– О, ӕз,– дзуапп ын радтон.

– Хорз, уӕдӕ мӕн рарвыстой,– загъта мын бӕзджын хъӕлӕсӕй.

Уый уыди Уильям Браун. Уыцы бон ӕрцыд йӕ бинойнаг Антониимӕ ӕмӕ сӕ гыццыл чызгимӕ. Ӕрцардысты «Гейнфорд» отелы.

«Дыккаг райсом Ленард ӕмӕ ӕз, алы къуыри дӕр куыд кодтам, афтӕ та Библи ахуыр кодтам, ӕмӕ къӕсӕрыл иу стыр лӕг ӕрбалӕууыд. Уый уыд Уильям Браун. Уильям ахӕм зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг уыди, ӕмӕ йӕ иннӕ бон фӕндыд адӕмӕн раныхас радзурын. Мах дӕр ӕвӕстиатӕй баххуырстам Фритауны ӕппӕты стырдӕр зал, Уилберфорсы мемориалон зал, ӕмӕ фыццаг раныхас спълан кодтам иннӕ цыппӕрӕмы изӕрмӕ, ӕдӕппӕтӕй хъуамӕ радзырдтаид цыппар раныхасы.

Нӕ гыццыл къорд тынг ӕнӕвдӕлон уыд – раныхӕсты тыххӕй хъусинӕгтӕ радтам газеттӕм, хуынды гӕххӕттытӕ уӕрстам ӕмӕ ма адӕмӕн уыцы хабары тыххӕй дзургӕ дӕр кодтам. Тыхстыстӕм, адӕм нӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты, ууыл, фӕлӕ дзӕгъӕлы. Раныхасмӕ ӕрбацыд 500 адӕймаджы бӕрц, Фритауны сауджынтӕй дӕр дзы бирӕ уыд. Фырцинӕй цы акодтаиккам, уый нал зыдтам!»

Ӕфсымӕр Браунӕн йӕ раныхас уыди сахаты бӕрц. Библийӕ дзы бирӕ стихтӕ бакаст ӕмӕ сӕ экраныл ӕвдыста проекторӕй. Раныхасы рӕстӕг-иу арӕх загъта: «Браун нӕ дзуры, фӕлӕ Библи». Хъусджытӕ дис кодтой, ӕмӕ та-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нымдзӕгъд кодтой. Ӕфсымӕр Браун куыд арӕхстджынӕй дзырдта, ӕрмӕст сыл уый нӕ бандӕвта, фӕлӕ Библийӕ фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй хаста, уый дӕр. Дины скъолайы чи ахуыр кодта, иу ахӕм ӕрыгон лӕппу загъта: «Мистер Браун йӕ Библи хорз зоны!»

1930 аз

Ӕфсымӕр Брауны раныхӕсты хабар горӕты айхъуыст ӕмӕ адӕм гуылф кодтой, цӕмӕй йӕм байхъуыстаиккой. Иннӕ хуыцаубон тынг бирӕ адӕм ӕрбацыд раныхасмӕ «Зындонмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ. Чи дзы ис?». Уыцы изӕр ӕфсымӕр Браун Библийӕ цы фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста, уыдон бандӕвтой, аргъуанмӕ чи цыд, суанг уыцы зындгонд адӕмӕй дӕр кӕуылдӕрты, ӕмӕ сӕ аргъуантӕ ныууагътой.

Цыппар раныхасӕй фӕстаг хуынди «Абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты». Уыцы изӕр уыйбӕрц адӕм ӕрбацыд, ӕмӕ Фритауны цӕрджытӕй иу фӕстӕдӕр загъта: «Аргъуантӕн сӕ бон нӕ уыд сӕ изӕрыгон службӕтӕ ауадзын, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕм ацыдысты ӕфсымӕр Брауны раныхасмӕ байхъусынмӕ».

Ӕфсымӕр Браун ӕдзухдӕр адӕмы ӕргом Библимӕ кӕй здӕхта, уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдтой «Библийы Браун». Уыцы номӕй йӕ зыдтой ӕгас Ныгуылӕн Африкӕйы дӕр. Цалынмӕ Уильям Браунӕн йӕ зӕххон цард нӕ фӕци, уӕдмӕ уыцы номӕй сӕрыстыр уыд.