Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

1915–1947 Райдианы (3 хай)

1915–1947 Райдианы (3 хай)

Провинцитӕм ӕмӕ дарддӕр

Фритауны ӕмбырд рӕстдзинад тынг кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ «ӕппӕт хъарутӕ дӕр сарӕзта Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ» (Хъуыд. 18:5). Альфред Джозеф загъта: «Арӕх-иу къоппы Библитӕ нывӕрдтон ӕмӕ-иу ӕй ме стыр мотоцикл „Нортон“-ыл бабастон. Уый фӕстӕ-иу Томас Грант кӕнӕ Силвестер Грант мӕ фӕстӕ сбадти, ӕмӕ-иу нӕ ных сарӕзтам, Фритауны алыварс цы хъӕутӕ ӕмӕ гыццыл горӕттӕ уыд, уырдӕм».

1927 азы онг хорз хабар арӕхдӕр хъусын кодтой Фритауны ӕмӕ йӕ алыварс районы, уыцы район хуынди Колони. Фӕлӕ 1928 азӕй фӕстӕмӕ алы аз дӕр, цалынмӕ-иу къӕвдаты афон нӕ райдыдта, уӕдмӕ-иу ӕмбырд автобус баххуырста ӕмӕ-иу провинцитӕм ацыд. Йӕ бон ацӕуын кӕмӕн нӕ уыд, уыдон та-иу ӕхцайӕ баххуыс кодтой ӕмӕ-иу сӕ радтой Мелбурн Гарбермӕ. Хъусынгӕнджыты къорд хъусын кодта, скӕсӕны цы горӕттӕ ӕмӕ хъӕутӕ уыд, уым, суанг Кайлахуны онг ӕмӕ хуссары та – Либерийы арӕнтӕм ӕввахс. Алы мӕй дӕр-иу фыццаг сабаты ацыдысты, чи сӕм байхъуыста, уыдоны бӕрӕг кӕнынмӕ.

Уыцы рӕстӕг ӕфсымӕр Браун ацыд Вест-Индимӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ машинӕйыл ӕрыздӕхт. Уый уыди фыццаг машинӕ Сьерра-Леонейы. Машинӕйыл уыди рупор, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕмӕн хъусын кодтаиккой. Ӕфсымӕр Браун-иу машинӕ баурӕдта, бирӕ адӕм кӕм уыд, уым ӕмӕ-иу рӕсугъд музыкӕ сӕвӕрдта, цӕмӕй-иу адӕмы ӕргом йӕхимӕ раздӕхтаид. Стӕй-иу цыбыр раныхас йӕхӕдӕг бакаст кӕнӕ-иу сӕвӕрдта пластинкӕ раныхасимӕ. Уый фӕстӕ-иу адӕмы хуыдта Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ райсынмӕ. «Дзургӕ машинӕ», афтӕ йӕ схуыдтой адӕм, диссагӕн дзуринаг уыд, ӕмӕ адӕм гуылф кодтой, цӕмӕй-иу ӕм байхъуыстаиккой.

Ныфсджынӕй хъусын кӕнынц

Уый фӕстӕ ӕфсымӕр Браун йӕ хъус ӕрдардта, хорз хабар кӕм нӕма фехъуыстой, уыцы территоримӕ – Ныгуылӕн Африкӕйы англисаг ӕвзагыл кӕм дзырдтой, уымӕ. 1920 азты кӕрон ӕфсымӕр Браун йӕхи срӕвдз кодта уацамындон балцмӕ Гамби, Ганӕ, Либери ӕмӕ Нигеримӕ. Алы бӕстӕйы дӕр ӕм адӕм хорз хъуыстой, фӕлӕ йӕм Нигерийы хуызӕн никуы хъуыстой. 1930 азы йӕ бинонтимӕ Лагосмӕ ацыд. Уырдыгӕй дарддӕр дӕр йӕ хъус дардта, Ныгуылӕн Африкӕйы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хабар хъуыстгонд куыд цыди, уымӕ.

Ныгуылӕн Африкӕйы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц 500 000 Ӕвдисӕнӕй фылдӕр

1950 азы ӕфсымӕр Браунӕн йе ’нӕниздзинад фӕцудыдта, ӕмӕ йӕ бахъуыд Ямайкӕмӕ аздӕхын. Хуыцауы хъуыддаджы стыр куыст бакодта. 27 азӕй фылдӕр йӕ бинойнагимӕ уыдтой, Ныгуылӕн Африкӕйы Ӕвдисӕнты нымӕц куыд фылдӕр кодта, уый. Уыдысты 2 адӕймаджы ӕмӕ систы 11 минӕй фылдӕр. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕвдисӕн уыдысты, Исайы пехуымпарад куыд ӕххӕст кодта, уымӕн: «Армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, зынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕй – тыхджын адӕм» (Ис. 60:22). Абон Ныгуылӕн Африкӕйы, 60 азӕй гыццыл фылдӕры фӕстӕ, «тыхджын адӕм» систы 500 000 фылдӕр ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц.

Зын рӕстӕг фидар разындысты

Дыккаг дунеон хӕсты аууон Африкӕ куы ӕрӕмбӕрзта, уӕд Сьерра-Леонейы Йегъовӕйы адӕмы бахъуыд фидар фӕлӕууын, цӕмӕй политикӕйӕ сӕхи хызтаиккой (Мих. 4:3; Иоан. 18:36). Британийы хицауад дзырдта, зӕгъгӕ, Ӕвдисӕнтӕ хицауады ныхмӕ цӕуынц, ӕмӕ сын уый тыххӕй сӕ алы къахдзӕф дӕр бӕрӕг кодта, стӕй сын литературӕ парахат кӕныны бар дӕр нал лӕвӕрдта. Фритауны таможнӕйы сын сӕ литературӕ байстой ӕмӕ йӕ басыгътой. Ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты ӕрцахстой, литературӕ сӕм кӕй уыд, уый тыххӕй, фӕлӕ сӕ тагъд рауагътой *.

Кӕд Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар нӕ уыд, уӕддӕр хорз хабар дзырдтой. Полинӕ Коул радзырдта: «Иу ӕфсымӕр куыста науыл ӕмӕ нын ӕдзухдӕр ласта „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“. Уыцы журналтӕй-иу мах фылдӕр къопитӕ скодтам, цӕмӕй-иу ӕмбырды фаг кодтаиккой. Мыхуыр ма кодтам, Библийӕ цавӕрдӕр фарстатӕ ӕвзӕрст кӕм цыдысты, ахӕм гӕххӕттытӕ ӕмӕ сӕ парахат кодтам, бирӕ адӕм кӕм уыд, уым. Ӕфсымӕртӕ дарддӕр дӕр раныхӕстӕ дзырдтой ӕмӕ-иу пластинкӕтыл ӕвӕрдтой ӕфсымӕр Рутерфорды раныхӕстӕ, уӕлдайдӕр та дард хъӕуты».

Йегъовӕ сын сӕ фыдӕбонӕн арфӕ кодта. Джеймс Джарретт бирӕ рӕстӕг лӕггад кодта хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ сӕрмагонд пионерӕй. Джеймс загъта: «Хӕсты рӕстӕг куыстон дурсӕттӕгӕй. Иухатт мын иу ацӕргӕ хо радта брошюрӕ „Лыгъд адӕм“. Фритауны бирӕ ӕрлидзӕг адӕм кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ мӕ йӕ ном бацымыдис кодта. Брошюрӕ иу ӕхсӕвмӕ бакастӕн ӕмӕ бамбӕрстон, уый рӕстдзинад кӕй у. Дыккаг райсом уыцы хойы ссардтон ӕмӕ ма дзы ме ’ртӕ ӕфсымӕрӕн дӕр брошюрӕтӕ райстон. Нӕ цыппар дӕр рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдыстӕм».

1945 азы хӕст куы фӕци, уӕд «Фритаун»-ы ӕмбырды уыди 32 хъусынгӕнӕджы. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Хуыцауыл иузӕрдион уыдысты ӕмӕ зӕрдиагӕй хъусын кодтой. Уыдон ӕнӕзивӕгӕй размӕ цыдысты.

Фембӕлдтӕ ӕмӕ зиу

1945 азы 29 августы «Фритаун»-ы ӕмбырд хъусын кӕныны фембӕлды ныхас кодта, 1944 азы декабры «Информатор»-ы (ныр хуыйны «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг») ног зиуы тыххӕй цы хъусинаг уыд, ууыл. Алы ӕмбырд дӕр хъуамӕ йӕ территорийы «алы стыр горӕты дӕр, алы гыццыл горӕты дӕр ӕмӕ алы хъӕуы дӕр» цыппар фембӕлды ауагътаид ӕмӕ уый тыххӕй адӕмӕн рагацау фехъусын кодтаид. Алы фембӕлды дӕр хъуамӕ уыдаид раныхас иу сахаты бӕрц ӕмӕ йӕ хъуамӕ бацӕттӕ кодтаид, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы ӕнтыстджын чи уыд, ахӕм ӕфсымӕр (18-аздзыд кӕнӕ хистӕр). Цыппар фембӕлды фӕстӕ ӕфсымӕртӕ хъуамӕ алы ран дӕр сарӕзтаиккой Библи ахуыр кӕныны къордтӕ, цӕмӕй ӕххуыс кодтаиккой, фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыцы адӕмӕн.

Хъусынгӕнджытӕ уыцы ног разамындмӕ цы цӕстӕй ракастысты? «Фритаун»-ы ӕмбырды хъусын кӕныны фембӕлды протоколы фыст ис:

Сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр: «Куыд хъуыды кӕнут, махӕн нӕ бон у ацы зиуы архайын?»

Фыццаг ӕфсымӕр: «Америкӕйы сын цы бантыст, уый махӕн нӕ бантысдзӕн. Ам адӕм ӕндӕрхуызон сты».

Дыккаг ӕфсымӕр: «Ӕз разы дӕн».

Ӕртыккаг ӕфсымӕр: «Цӕуылнӕ ис бафӕлварӕн?»

Цыппӕрӕм ӕфсымӕр: «Фӕлӕ нын бирӕ зындзинӕдтӕ уыдзӕн».

Фӕндзӕм ӕфсымӕр: «О, фӕлӕ хъуамӕ архайӕм, Йегъовӕйы организаци нын цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ».

Ӕхсӕзӕм ӕфсымӕр: «Махӕн ацы бӕстӕйы ницы бантысдзӕн».

Хо: «Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр нын „Информатор“ бӕлвырд разамынд дӕтты ӕмӕ йӕ бафӕлварӕм!»

Ӕмӕ афтӕ бакодтой. Ӕфсымӕртӕ фембӕлдтӕ уагътой кълӕсты, базарты ӕмӕ хӕдзӕртты Фритауны денджызы былӕй хуссар-скӕсӕны Бойы онг ӕмӕ цӕгаты уӕлвӕз Кабалайы онг. Уыцы зиуы фӕрцы ӕмбырд йӕхиуыл фӕхӕцыд ӕмӕ «Йегъовӕйы ныхас... тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ хъуыстгонд цыди» (Хъуыд. 12:24).

Фӕлӕ уӕддӕр хъусынгӕнджыты хъуыди Хуыцауы хъуыддаджы ахуыр кӕнын. Ӕмӕ сын Йегъовӕ баххуыс кодта.

^ 10 абз. Ногӕй сын хъусын кӕныны бар радтой 1948 азы.