Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

Сусӕг организацитӕ

Сусӕг организацитӕ

СУСӔГ организацитӕ тынг парахат сты Ныгуылӕн Африкӕйы ӕмӕ дзы ис алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, алыхуызон ӕгъдӕуттыл хӕст ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм. Уыцы организацитӕ сӕ хъус дарынц, сӕ адӕм ӕхсӕнады, ахуырады ӕмӕ политикӕйы цы кусынц, уымӕ. Фӕлӕ сӕйраджыдӕр та сӕ хъус дарынц дины хъуыддӕгтӕм. Сусӕг организацитӕй ӕппӕты стырдӕртӕ сты дыууӕ: поро (ис дзы ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгтӕ) ӕмӕ санде (ис дзы ӕрмӕстдӕр сылгоймӕгтӕ) *. Зӕгъӕм, организаци поро архайы, цӕмӕй йӕ бар цӕуа «ӕнӕуынгӕ тыхтыл, ӕмӕ цӕмӕй уыцы тыхтӕ нӕлгоймӕгтӕн ӕххуыс кӕной» (Initiation, 1986).

Поро-мӕ ногтӕ куы ӕрбацӕуы, уӕд сӕ фӕахуыр кӕнынц ӕнӕуынгӕ дунейы сусӕгдзинӕдтыл ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕнын, стӕй ма сӕ буӕрттыл ностӕ аразын. Санде-мӕ цы ногтӕ ӕрбацӕуы, уыдоны дӕр фӕахуыр кӕнынц хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст ӕгъдӕуттыл ӕмӕ сын сӕ ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕ фӕсахъат кӕнынц, фӕлӕ уыцы ӕгъдау бирӕ бӕстӕты нал кӕнынц.

Иннӕ сусӕг организацитӕ та сӕхи закъӕттӕ ӕвӕрынц, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы сусӕг ахастытӕ вӕййы, уыдӕттӕн ӕмӕ архайынц, хинтӕ-кӕлӕнты руаджы цы хостӕ саразынц, уыдоны фӕрцы адӕмӕй хӕйрӕджыты сурыныл ӕмӕ ӕндӕр низтӕ дзӕбӕх кӕныныл. Сьерра-Леонейы хӕсты рӕстӕг уыцы сусӕг организацитӕй иуы уӕнгтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ нӕ нӕмыг нӕ хизы. Фӕлӕ уый афтӕ нӕ уыд.

Ахӕм организациты чи ис, уыдонӕн бар нӕй, цӕмӕй иннӕтӕн дзурой, цӕуыл сӕ ахуыр кӕнынц ӕмӕ цы ӕгъдӕуттыл хӕст сты, уый тыххӕй. Сӕ закъӕттӕ ӕмӕ сын се ’гъдӕуттӕ чи хала, уыцы адӕймагӕн та мӕлӕтӕй дӕр тӕссаг у.

^ 3 абз. Иуӕй-иу рӕтты санде хонынц бондо.