Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

Сьерра-Леоне тынг бауарзтон

Синди Макинтайр

Сьерра-Леоне тынг бауарзтон
  • РАЙГУЫРД: 1960 азы.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1974 азы.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: 1992 азӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕны миссионерӕй. Лӕггад кодта Гвинейы ӕмӕ Сенегалы, ныр та Сьерра-Леонейы.

АРДӔМ куы ӕрцыдтӕн, уӕд мӕ дыууӕ къуырийы йеддӕмӕ нӕ бахъуыд, цӕмӕй Сьерра-Леоне бауарзтаин. Дис кодтон, адӕм сӕ хӕссинӕгтӕ сӕ сӕртыл куыд ӕнцонтӕй хастой ӕмӕ сын куыд нӕ хаудысты, ууыл. Алыран адӕм ӕмызмӕлд кодтой. Сывӕллӕттӕ уынгты хъазыдысты ӕмӕ кафыдысты. Хъӕлдзӕг музыкӕмӕ гӕсгӕ ӕмдзӕгъд кодтой ӕмӕ сӕ къӕхтӕй тъӕпп-тъӕпп кодтой. Адӕм уыдысты хъулон-мулон дарӕсы ӕмӕ алырдыгӕй хъуысти музыкӕ.

Фӕлӕ ам ӕппӕты тынгдӕр мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы хъусын кӕнын. Сьерра-Леонейы цӕрджытӕ сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц искӕй суазӕг кӕнын. Библийӕн стыр аргъ кӕнынц ӕмӕ хорз хабармӕ дзӕбӕх хъусынц. Арӕх мӕ хӕдзармӕ дӕр бахонынц. Куы рацӕуын, уӕд мӕ иуӕй-иутӕ суанг уынджы кӕронмӕ дӕр ахизын кӕнынц. Ӕппӕт уыдӕттӕ мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй мын цыдӕр хъуыддӕгтӕ ӕнцондӕр фӕразӕн уой, зӕгъӕм, дон дзы фаг кӕй нӕ вӕййы ӕмӕ дзы рухс арӕх кӕй ахуыссын кӕнынц, уый.

Чындзыцыд кӕй нӕ дӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕ адӕм афӕрсынц, дӕхимӕ иунӕг нӕ фӕкӕсыс, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мӕн не ’вдӕлы, цӕмӕй тыхсон, иунӕг кӕй дӕн, ууыл. Ӕз мӕ цардӕй тынг райгонд дӕн.