Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвиней

Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвиней

Территори. Ацы дыууӕ бӕстӕйы арӕх дон йӕ былтӕй ракӕлы, ӕмбӕрзт сты саваннӕтӕй, ис дзы, зӕхкусджытӕ кӕй бакусынц, ахӕм уӕлвӕзтӕ ӕмӕ бӕрзонд хӕхтӕ. Гвинейы хӕхты райгуырынц Ныгуылӕн Африкӕйы стырдӕр цӕугӕдӕттӕ – Гамби, Нигер ӕмӕ Сенегал.

Цӕрджытӕ. Сьерра-Леонейы цы 18 адӕмыхатты ис, уыдонӕй ӕппӕты стырдӕр сты менде ӕмӕ темне. Крио адӕмыхатт сты, чи ссӕрибар, уыцы африкаг цагъарты байзӕддӕгтӕ ӕмӕ сӕ фылдӕр цӕрынц Фритауны алыварс. Гвинейы ис 30 адӕмыхаттӕй фылдӕр. Уыдонӕй ӕппӕты стырдӕртӕ сты фульбе, мандинго ӕмӕ сусу *.

Дин. Сьерра-Леонейы цӕрджытӕн сӕ 60 проценты бӕрц сты пысылмӕттӕ, иннӕтӕн та сӕ фылдӕр сӕхи хонынц чырыстӕттӕ. Гвинейы цӕрджытӕн сӕ 90 проценты бӕрц сты пысылмӕттӕ. Дыууӕ бӕстӕйы адӕмӕн дӕр сӕ фылдӕр сты африкаг динтыл хӕст.

Ӕвзаг. Алы адӕмыхаттӕн дӕр ис йӕхи ӕвзаг. Сьерра-Леонейы адӕмыхӕттытӕ кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнынц криойыл – англисаг, европӕйаг ӕмӕ африкаг ӕвзӕгтӕ иумӕ хӕццӕйӕ. Гвинейы та сӕйраг ӕвзаг у французаг. Дыууӕ бӕстӕйы дӕр цӕрджытӕн сӕ 60 проценты бӕрц кӕсын ӕмӕ фыссын нӕ зонынц.

Хӕдзарад. Адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕнынц хъӕууон-хӕдзарадон куыстытӕ. Сьерра-Леонемӕ экспортӕй цы ӕхца хауы, уымӕн йе ’мбис исы, алмазтӕ кӕй уӕй кӕны, уымӕй. Зӕххыл алюмини ӕппӕты фылдӕр кӕм ис, уыцы бынӕттӕй иу у Гвиней.

Хӕринаг. Адӕм арӕх фӕдзурынц: «Абон пырындз куы нӕ бахӕрон, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ницы бахордтон!» Хӕрынц ма фуфу – фых маниок ныххойынц ӕмӕ дзы рауайы лӕхъир хыссӕ. Хӕрынц ӕй дзидзаимӕ, окра ӕмӕ туаг соусимӕ.

Климӕт. Былгӕрӕтты у тӕвд ӕмӕ уымӕл, хӕхбӕсты та у уазалдӕр. Хус рӕстӕг бирӕ бонты дӕргъы Сахарӕйӕ фӕдымы хус дымгӕ харматан, уӕлдӕфы температурӕ фӕуазалдӕр вӕййы ӕмӕ бӕстӕ змисы бын фӕвӕййы.

^ 4 абз. Иуӕй-иу адӕмыхӕттытӕн бирӕ нӕмттӕ ис.

 

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ

ГВИНЕЙ

ТЕРРИТОРИ

71 740 км2

245 857 км2

ЦӔРДЖЫТӔ

6 092 000

11 745 000

ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 2013 АЗЫ

2 039

748

ИУ ХЪУСЫНГӔНӔГМӔ ХАУЫ

2 988

15 702

2013 АЗЫ ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРЫ УЫДИ

8 297

3 609