Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔМӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНӔМ

Америкӕ

Америкӕ
  • БӔСТӔТӔ 57

  • ЦӔРДЖЫТӔ 970 234 987

  • ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 3 943 337

  • АХУЫРГӔНИНӔГТӔ 4 341 698

Сӕ сыхӕгты суазӕг кодтой

Лас-Вегасы (штат Невадӕ) иу лӕг ӕмӕ усы фӕндыд сабыр ран цӕрын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕдзар ауӕй кодтой ӕмӕ хъуамӕ алыгъдаиккой Доминиканы Республикӕмӕ. Фӕлӕ хъуамӕ сӕ хӕдзар ссӕрибар кодтаиккой, хӕдтӕхӕгмӕ сын билеттӕ цы бонмӕ уыди, уымӕй дӕс боны раздӕр. Сӕ сыхӕгтӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, уый базыдтой ӕмӕ сын загътой, цӕмӕй уыцы рӕстӕг уыдонмӕ ацардаиккой. Уыцы лӕг ӕмӕ ус семӕ ӕмбырдмӕ ацыдысты Паддзахады залмӕ. Уыдон тынг бадис кодтой, 1914 азы тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд, уымӕн ӕмӕ зыдтой, уыцы аз историйы ахсджиаг хабӕрттӕ кӕй ӕрцыд. Доминиканы Республикӕмӕ куы ӕрцыдысты, уӕд фыццаг кӕуыл фембӕлдысты, уыцы Ӕвдисӕнӕн загътой, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаид. Афӕдз ӕмӕ дыууӕ мӕйы фӕстӕ дыууӕйӕ дӕр сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтой ӕмӕ донаргъуыд райстой.

Цы йӕ хъуыди, уый ссардта

Панамӕйы сӕйраг горӕт Панамӕйы уыди 2012 азы чингуыты ӕхсӕнадӕмон ярмаркӕ. Ӕфсымӕртӕ дӕр дзы литературӕимӕ стенд сӕвӕрдтой. Дыууӕ ахуырдзау чызджы уыцы стендмӕ бацыдысты. Стенды цур чи лӕууыд, уыцы хойӕн чызджытӕй иу радзырдта, цӕуыл тыхсти, уый. Чызг ын загъта, йӕ фыд наркоман кӕй у ӕмӕ кӕй нӕ зоны, цы сараза, уый. Нӕ хо чызгӕн равдыста чиныгӕй «Дзуаппытӕ дӕ фарстатӕн» (2 том) 23 сӕр «Мӕ ныййарджытӕ нуазгӕ куы кӕной кӕнӕ наркотиктӕ куы кӕной». Чызг бацин кодта: «Цы мӕ хъуыди, уый ссардтон!» Чызджытӕ нӕ хойӕн ныхъхъӕбыс кодтой, стӕй иу сахаты фӕстӕ ӕрбаздӕхтысты, цӕмӕй ма йын ноджыдӕр иу хатт бузныг загътаиккой. Ярмаркӕ уыди фондз боны. Уыцы рӕстӕг ӕфсымӕртӕ апарахат кодтой 1 046 чиныджы, 1 116 журналы ӕмӕ 449 брошюрӕйы. 56 адӕймаджы та ныууагътой сӕ адристӕ, цӕмӕй сӕм Ӕвдисӕнтӕ бацыдаиккой.

Цыппар азы хъусын кодта йӕхӕдӕг

Фредийӕн йӕ мадӕлон ӕвзаг у кабекар. Цӕры Коста-Рикӕйы хӕхты дард хъӕуы. Иу-цыппар азы размӕ Фреди куыста сӕйраг горӕт Сан-Хосейы. Иубон ын иу хъусынгӕнӕг чиныг ӕмӕ брошюрӕ радта ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй ацӕуа ӕмӕ йӕ адӕмӕн хъусын кӕна. Фреди дӕр сӕ хъӕумӕ ацыд. Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг йӕхӕдӕг сахуыр кодта ӕмӕ йӕ цард фӕивта, зӕгъӕм, йӕ усимӕ сӕ къухтӕ ӕрфыстой. Уый фӕстӕ кабекар ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн рӕстдзинад амыдта, йӕ бон куыд уыди, афтӕ.

Фреди йӕ ахуыргӕнинӕгты адих кодта 6 къласыл. Цӕмӕй-иу базыдтаид, адӕймаг кӕцы къласы ахуыр кӕндзӕн, уый тыххӕй-иу сын экзамен скодта, ӕмӕ-иу сбӕрӕг кодта, рӕстдзинад цас хорз ӕмбарынц, уый. Фреди ӕмбырды фембӕлдтӕ уадзын райдыдта ӕмӕ ма суанг Ӕрымысӕн изӕр дӕр сбӕрӕг кодтой. Йӕхӕдӕг хуынды гӕххӕттытӕ сарӕзта ӕмӕ сыл ныффыста: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕ хонынц, цӕмӕй семӕ Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнай». Уыдӕттӕ арӕзта цыппар азы дӕргъы, иу Ӕвдисӕныл дӕр нӕ сӕмбӕлд, афтӕмӕй! Фӕлӕ Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йын Ӕвдисӕнты рарвыстаид ӕмӕ йын баххуыс кодтаиккой.

Ӕрӕджы Фреди йӕ куывдӕн дзуапп райста. Цалдӕр Ӕвдисӕны йӕ хъӕумӕ фӕцыдысты зын фӕндӕгтыл ӕмӕ тынг бадис кодтой, цы йын бантыст, уыдӕттыл. Ӕвдисӕнтӕ ныффыстой: «Кӕд Фреди донаргъуыд Ӕвдисӕн нӕу, уӕддӕр иннӕ Ӕвдисӕнты хуызӕн цӕры!» Ӕртӕ мӕйы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг сси. Цӕмӕй донаргъуыд райстаид, уый тыххӕй Фреди хохӕй ӕрцыд йӕ фыццаг конгресмӕ ӕмӕ ма йемӕ ракодта, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдонӕй 19 адӕймаджы. Фреди ма кабекар ӕвзагыл сарӕзта ноджыдӕр 3 къорды, ӕмӕ йӕхи хъӕуӕй сты ноджы дарддӕр.

Коста-Рикӕ: Фреди у ӕххӕстрӕстӕг пионер, адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ фӕцӕуы дард рӕттӕм

Скъолайы йӕ уырнындзинады сӕрыл фидарӕй сдзырдта

Аннӕ цӕры Иугонд Штатты ӕмӕ ахуыр кӕны хистӕр къласы. Иубон ӕй бахъуыд йӕ уырнындзинады сӕрыл сдзурын. Йе ’мкъласонтӕ йӕ бафхӕрдтой, Троицӕйыл кӕй не ’ууӕнды, уый тыххӕй. «Амбырд мыл сты, фӕлӕ ӕз ӕнцад лӕууыдтӕн. Уымӕн ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй нӕ чи федтаид, уыдон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ӕвзӕр исты ахъуыды кодтаиккой»,– ныффыста Аннӕ. Уыцы ӕхсӕв Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй хъӕбатыр уыдаид, стӕй ма Троицӕйы тыххӕй дӕр цыдӕртӕ бацагуырдта. Дыккаг бон Аннӕ скъоламӕ ӕрбахаста Библи. Йе ’мкъласонтӕ йыл амбырд сты, бирӕтӕ йыл худтысты. Фӕлӕ Аннӕ уӕндонӕй цалдӕр стихы бакаст ӕмӕ сын сӕ бамбарын кодта. Ӕппынфӕстаг йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыдон ныхъхъус сты. Йӕ сӕйрагдӕр знаг, сӕ къласы старостӕ, фӕстагмӕ загъта, амӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хорз цӕстӕй кӕй кӕсдзӕн. Уыцы ахуыры аз ма уыцы чызг Аннӕмӕ йӕ дины тыххӕй алыхуызон фарстатӕ лӕвӕрдта.

Йӕ дзабыр хорз афон аскъуыд

Барбадосы иу ӕрыгон сылгоймаг хуыцаубоны райсомӕй аргъуанмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд йӕ дзабыры бос аскъуыд. Ӕввахс ӕм цы хӕдзар уыд, уырдӕм бахоста, цӕмӕй йын йӕ дзабыры бос фӕхӕцын кӕнынӕн исты радтаиккой. Уыцы хӕдзары та цардысты нӕ хо ӕмӕ йӕ чызг. Цалынмӕ сылгоймаг йӕ дзабырыл архайдта, уӕдмӕ йын хо радзырдта, Библийы пехуымпарӕдтӕ абон куыд ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй. Стӕй йӕ нӕ хойы чызг фӕхуыдта, фӕстӕдӕр сын Паддзахады залы цы фембӕлд уыди, уырдӕм. Сылгоймаг куы бамбӕрста, йӕ аргъуанмӕ кӕй байрӕджы кодта, уӕд сразы. Ӕмбырды рӕстӕг йӕхи Библийы алы стих дӕр касти, уыдис ӕм Паддзах Яковы Библи. Программӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Сылгоймаг загъта, сӕ аргъуаны барабанты хъӕлӕба ӕмӕ адӕмы хъӕрӕй кӕй бафӕллад, ӕмӕ йӕ алкӕддӕр кӕй фӕндыд Библи сабыр ран ахуыр кӕнын. Райста, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг ӕмӕ сразы Библи ахуыр кӕныныл. Сылгоймаг ӕмбырдтӕм цӕуы ӕмӕ зӕрдиагӕй дзуапп фӕдӕтты.

Ӕрмӕстдӕр иу кӕйдӕр ныхасмӕ гӕсгӕ нал хъусын кӕндзӕн

Гайанӕйы иу ӕрыгон ӕфсымӕр загъта: «Ӕз уарзын скъолайы ме ’мкъласонтӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын. Фӕлӕ уый иу лӕппуйы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Иубон мӕ къулмӕ балхъывта ӕмӕ мын загъта: „Хуыцауы тыххӕй мауал дзур!“ Ӕз ын загътон, зӕгъгӕ, ӕрмӕстдӕр иу кӕйдӕр ныхасмӕ гӕсгӕ кӕй нал дзурдзынӕн, ӕмӕ уый у Йегъовӕ. Дарддӕр дӕр кӕй хъусын кодтон, уый тыххӕй мын мӕ рюкзак алыг кодта. Стӕй мӕ тымбыл къухӕй ныццавта ӕмӕ мын мӕ был аскъуыдта. Нӕ дыууӕмӕ дӕр директор йӕ кабинетмӕ фӕдзырдта, ӕмӕ мӕ бафарста, зӕгъгӕ, уыцы лӕппуйӕн ахӕмӕй цы сарӕзтай, цӕмӕй дӕ тымбыл къухӕй ныццавтаид. Ӕз ын загътон, мемӕ кӕй хыл кодта, хорз хабар кӕй хъусын кодтон, уый тыххӕй. Уӕд мын директор загъта, зӕгъгӕ йӕм ды ӕнцад цӕмӕн кастӕ, цӕуылнӕ йӕ ныццавтай. Ӕз ын загътон, Библийӕ Ромӕгтӕм 12:17 стихӕй кӕй базыдтон, чырыстӕттӕ ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй кӕй никӕмӕн фидынц. Уый куы фехъуыста, уӕд мӕ ауагъта ӕмӕ загъта, чи мӕ ныццавта, уыцы лӕппуимӕ кӕй аныхас кӕндзӕн».

Катамарка, Аргентинӕ